18 апреля 2024

Уасгергий ӕрвист лӕг (Ӕцӕг цау).

05.08.2021 | 14:57

Е адтӕй Хӕзнидони гъӕуи Устур Фидибӕсти тугъди фӕсте. Нӕ мадӕ мин еци бӕнттӕй еуеми байхӕс кодта, сӕумӕ скъоламӕ цӕугӕй, мӕ курдиади гӕгъӕди, дан, мин колхози сӕрдармӕ бадӕттӕ.

Хецауи уати цудӕй ӕмбурд, дуар ба кӕронмӕ ӕхгӕд н`адтӕй, ӕма ӕндӕмӕ игъустӕй ӕмбурди уӕвӕг, адӕми дзурд. Хезгӕ мин рауадӕй. Дзубанди цудӕй, ци картофи мортӕ адтӕй колхози, уони колхозонтӕн сӕ косгӕбонтӕбӕл раст байуаруни фӕдбӕл. Сӕрдар ӕхе бахатта адӕммӕ:

– Мӕнмӕ ес уӕхӕн фӕндон, ӕма колхозонтӕбӕл, ци картофи муггагӕй нӕмӕ байзадӕй, `уой косгӕ бонӕн кили `рдгутӕ байуарӕн, уӕдта сӕ хӕдзардартӕ тугъди кӕмӕн байзадӕнцӕ, уонӕмӕ дӕр фӕккӕсӕн. Гъеуӕд исбӕрӕг уодзӕнӕй советтон рӕстдзийнадӕ!

Адӕм арази `й унӕр искодтонцӕ, ӕма сӕрдар идарддӕр ӕ дзурд рахаста:

– Кӕдӕй тугъд райдӕдта, уӕдӕй колхозтӕ адӕмӕн нецибал равардтонцӕ сӕ кустбӕл, уомӕн ӕма кодтан Сурх Ӕфсади гъуддаг, немуц дӕрӕн кӕнун гъудӕй. Нур тугъд фӕцӕй, ӕма архайдзинан гъуддӕгтӕ фӕррӕвдзӕ кӕнунбӕл. Ес ма уӕхӕн гъуддаг дӕр, нӕ гъӕуи минкъий нӕ байзадӕй седзӕртӕ, ӕма нӕ нимайгути хӕццӕ бакустан уони номхигъд исаразунбӕл. Нур ба нӕ гъӕуй уӕхӕн адӕймаг исӕвзарун, кӕци ӕнӕ хийнӕй бацӕудзӕнӕй седзӕртӕн сӕ хай байуаруни гъуддагмӕ. Еу загъдӕй, гъӕуй нӕ Уасгерги исӕвзарун. Кӕмӕ уи ци фӕндон ес, уой зӕгъетӕ.

Адӕм базмалдӕнцӕ, `ма ка еу ном зӕгъидӕ, ка иннӕ, фал уайтагъд иронхуати ӕрбайзаиуонцӕ. Уалинмӕ кадӕр исдзурдта – Хъамболти Сарӕбий, зӕгъгӕ, ӕма адӕми арази `й унӕр исигъустӕй. Сӕрдари цӕсгон дӕр барохс ӕй.

– Ӕз уин зӕгъун, адӕм айдӕнӕ ӕнцӕ. Айсомӕй ӕз дӕр сагъӕс кӕнун, ӕма кӕд нӕ гъӕуи берӕ ӕууӕнки агкаг лӕгтӕ ес, уӕддӕр мӕ сӕрмӕ Сарӕбийӕй ӕндӕр неке ном цӕуй.

Сӕрдари еци дзурдти хӕццӕ мин мӕ усхъӕбӕл кадӕр ӕ къох ӕривардта, «А – гъа, къумзел тикис ӕстъӕлфагӕ `й», – зӕгъгӕ, ӕма, мин мӕ сӕр ӕрдаудта. Е адтӕй Хъамболти Налухъи фурт Сарӕбий, е уӕд дуарӕй бахизтӕй, ӕмбурд кӕми цудӕй, уордӕмӕ.

Еу рӕстӕг, уӕдта ӕмбурд рахӕлеу ӕй, ӕма ӕз дӕр бацудтӕн сӕрдармӕ. Гӕгъӕди бакастӕй, ӕма мӕ фӕрсуй, сог ба уин ка `рласдзӕнӕй, зӕгъгӕ. Нӕ мади хӕццӕ еумӕ, зӕгъгӕ, зӕгъун мӕмӕ ходуйнаг кастӕй, ӕма дзуапп равардтон – мӕхуӕдӕг, зӕгъгӕ. «Дӕхуӕдӕг ледзгӕ дӕ хӕдзарӕмӕ, иннӕ бон ба хезетӕ соги уӕрдун», – зӕгъта мин сӕрдар, ӕма гӕгъӕди е `стъолбӕл ӕривардта.

Скъолай фӕсте нӕхемӕ хӕлӕфӕй уадтӕн мӕ мадӕн хуарз хабӕрттӕ ракӕнунмӕ. Нӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй. Ӕз ба хӕдзардар лӕгау, цидӕртӕ рахуӕргӕй, хуӕздӕр голлагӕ нӕмӕ ка `дтӕй ӕд бӕттӕн, уой раскъафтон, ӕма фӕннӕхстӕр дӕн нӕ картофи хай есунмӕ. Гъӕугӕрон будурмӕ ку рахъӕрдтӕн, уӕд мӕскъуордӕг лӕстити, хӕрди ниууидтон адӕм, кӕцитӕ мӕмӕ изолмӕ мулдзугутӕ фӕккастӕнцӕ. Бахъӕрдтӕн сӕмӕ ӕз дӕр, ӕма мӕ кезумӕ гӕсгӕ ӕрлӕудтӕн рӕнгъӕбӕл. Фиццагидӕр рауидтон сӕрдари бӕхдзорӕг Бӕтуй, ӕнхус кӕнгӕй, Сарӕбийӕн. Хъӕбӕр зӕрдӕй кустонцӕ, архайдтонцӕ, тӕразӕбӕл раст барст куд цӕуа картоф, ӕнӕсайттӕй.

Мӕн кезу ку ӕрхъӕрдтӕй, уӕд Сарӕбий исдзурдта Бӕтумӕ, цӕмӕй мин мӕ голлагӕ байдзаг кӕна:

– Хуарз ӕй ниббӕттӕ ӕма `й цӕфбӕл Гӕзӕни уӕзласӕн бӕхуӕрдуни ниввӕрун кӕнӕ.

Гӕзӕн – гъӕдгӕси ӕртиндӕсанзуд биццеу, хуӕрз-хаст ӕма хъаболгун, скъолай хуарз нӕ ахур кодта, фал зундгонд адтӕй куд кӕстӕртӕ ӕфхуӕрӕг. Картофи идзаг голлагӕбӕл уотӕ ӕнцонтӕй исхуӕцидӕ, цума си гъӕмпӕ уидӕ. Ӕз ба еци анз, ӕнсури мӕйи мӕ фарастӕймаг анзи бацудтӕн, ӕма кӕд ирӕзӕггун адтӕн, уӕддӕр ӕнӕхъаурӕ. Сарӕбийи дзурдтӕ райгъосгӕй, мӕмӕ Гӕзӕн ӕхе ӕрбаласта, ӕма дзоруй:

– Мӕ бӕхуӕрдун мӕскъи ку ниххӕсса, уомӕй, дан, тӕрсун ӕма дӕ голлагӕ мӕскъуордӕг фӕккӕнӕ, надбӕл ба дӕ баййафдзӕн, ӕма `й уӕрдуни ниввӕрдзинан.

Ӕз дӕр ибӕл баууӕндтӕн. Зинтӕй ме `дзаг голлагӕ, мӕскъуордӕг фӕккодтон, ӕма `й ме `нӕхъаурӕ иуӕнгтӕбӕл идарддӕр хӕссун, нур мӕ уӕрдун ӕрбаййафдзӕнӕй, зӕгъгӕ, хизтон. Уалинмӕ бӕхуӕрдуни цӕлхити гъӕр исцудӕй (ӕ цӕлхитӕ ба адтӕнцӕ, немуцӕй ци техникӕ ӕризадӕй, уонӕй ист), ӕма дин мӕнӕ мӕ рӕзти Гӕзӕн бӕхбӕл ӕскъод гӕнгӕ ӕрбаевгъудӕй. Дӕ фудголӕ уотӕ, ниммӕ уагъта. Еу силгоймаг ма имӕ дзурдта:

– Гормон, куд ӕй уадзис итигъд будури, Сарӕбий дин куд фӕдзахста.

Фал ин Гӕзӕн дӕр дзуапп февардта:

– Неци ин уодзӕнӕй, нӕ `й уинис цӕй уӕнгӕ `й ӕрбахъӕртун кодта. Идарддӕр дӕр ӕй хӕсдзӕнӕй зӕгъгӕ, ӕма еци загъди хӕццӕ бӕхуӕрдун мӕ рӕзти раевгъудӕй.

Мӕ фӕллад ӕма зӕрдихудтӕй мӕ бон размӕ цӕун нӕбал адтӕй, ӕма голлаги тъӕпп зӕнхӕбӕл фӕццудӕй, уой сӕрбӕл ба мӕхуӕдӕг дӕр ӕрхаудтӕн. Мӕ цӕстисуг бунмӕ ӕрӕгъзалдӕй. Ме `уӕнгти ристӕй ци фӕцайнӕ, уой нӕ лӕдӕрдтӕн, мӕ бон сӕ фезмӕлун кӕнун дӕр нӕбал адтӕй.

Изӕрдалингӕ кодта ӕма ми тас бацудӕй, ӕхсӕвӕ мин ами изайгӕ ку уа, уӕд мӕ гъуддаг куд уодзӕнӕй. Берӕгътӕ си ахид ку фӕууй, уӕдта дзӕгъӕл адӕм, зӕгъгӕ. Равзурстон мӕ голлагӕ мӕ фӕсте хӕрхӕрӕй ласун, фал мин ӕ бунатӕй дӕр не `сӕзмалдӕй. Уалинмӕ кӕрдӕгмӕ фенгас дӕн. Кӕсун, ӕма дин мулдзуг ӕхецӕй дзӕвгарӕ устурдӕр хъӕбуза ӕ рагъи фӕххӕссуй. Гӕр, мӕнӕй ӕнӕхъаурӕдӕр некебал ес, зӕгъгӕ, бабӕй ӕрӕнкъард дӕн.

Дуйне талингӕгӕнгӕ цудӕй, ӕз ба ци кодтайнӕ, уой нӕ лӕдӕрдтӕн. Уӕдмӕ мӕ зӕрдӕбӕл колхозонти ӕмбурд ӕрбалӕудтӕй, Уасгергий кой си куд кодтонцӕ, е. Лӕгти изӕдмӕ исковуни фӕндӕ искодтон, фал куд уой ба нӕ зудтон, уӕддӕр мӕхе арвмӕ исхадтон ӕма дзорун:

– О, Уасгерги, хатир корун, кари нӕма уогӕй дӕмӕ ке ковун, фал мин ӕндӕр гӕнӕн нӕййес. Кадӕ дӕхецӕн, фал ӕз аци будури байзадтӕн ахсӕви. Корун ди ӕма мин мӕ картоф багъӕуай кӕнӕ, гӕнӕн ку уа, уӕдта ма мӕхе дӕр.

Уой фӕсте мӕ къохтӕ ӕруагътон ӕма мӕ голлагӕбӕл ӕнӕнецигъонӕй ӕрхаудтӕн. Берӕ рӕстӕг нӕ рацудӕй, ӕма дин мӕ рази кедӕр къӕхтӕ рауидтон. «Уасгер» зӕгъгӕ, сӕрмӕ искастӕн ӕма мӕ дзурд кӕронмӕ нӕ фӕууогӕй, Хъамболти Сарӕбийи рафӕсмардон.

– Э-гъе, дӕ цӕстисуг мӕскъӕмӕ ку райвулдӕй. И гиаур дӕ ниууагъта, ӕнгъӕлдӕн. Де `уӕнгтӕ кунӕг нӕ фӕрристӕнцӕ, куд ӕнгъезуй дӕу хузӕн биццеуӕн уӕхӕн уаргъ, – батухстӕй мӕбӕл Сарӕбий.

Ра мӕ фарста, мӕ фӕсте цӕун бафӕраздзӕнӕ зӕгъгӕ, ӕма ӕз дӕр мӕ сӕр аразий тилд бакодтон.

– Уӕд «Уасгер» ба ке худтай зӕгъгӕ, мӕ рафарста Сарӕбий мӕстмарӕнгӕнӕгау.

– Уасгергийӕн ӕхе, дзуапп равардтон ӕма мӕ цӕститӕ ӕруагътон.

Цӕбӕл расагъӕс кодта Сарӕбий ӕма дин уотӕ:

– Нӕ фӕррӕдудтӕ, биццеу. Мӕнӕн Уасгерги загъта, дӕ бидаркӕ Бӕтуйӕй изол лигъз надбӕл гъӕумӕ рарветӕ, дӕхуӕдӕг ба, уартӕ мӕскъуордӕг ци дзӕбӕх биццеу байзадӕй, уомӕ бакӕсӕ, ӕма дӕмӕ мӕнӕ фӕззиндтӕн. Мӕнӕ дин мӕ лӕдзӕг, ӕма уобӕл ӕнцойнӕ кӕнгӕй, мӕ фӕсте уайӕ.

Мӕ голлагӕ мин фергъувта Сарӕбий, ӕма фӕннӕхстӕр ӕй размӕ. Ӕййафгӕ дӕр ӕй нӕбал кодтон, уотемӕй уайтагъд гъӕуи балӕудтан. Сарӕбий мин мӕ голлагӕ нӕ колдуари размӕ ӕривардта. Нур ба уӕхемӕ бадзорӕ, зӕгъгӕ, ӕма будури мӕ рази куд ӕнӕнгъӕлти февзурстӕй, уоййау ӕрбайсавдӕй. Нӕбал ӕй рауидта мӕ цӕстӕ. Ци зонун ма `й гъудӕй – Сарӕбийи мӕмӕ Уасгерги рарвиста.

Еци изӕр мӕ реуи бацудӕй цидӕр ӕрттевгӕ ӕнкъарӕнтӕ. Берӕ ӕнзтӕ рацудӕй уӕдӕй нурмӕ. Исбайлӕгъ дӕн, мӕ гъудитӕ сӕ бунӕтти раст исбадтӕнцӕ, фал еци цау ба некӕд иронх кӕнун.

 

Ды райгуырдтӕ хурӕй

Нӕ райгуырдтӕ тарӕй
Хӕйрӕджы хуызӕн, –
Ды райгуырдтӕ хурӕй
Йӕ тохы `ххуысӕн.

Ды райгуырдтӕ хурӕй
Ныййарӕг зӕххӕн
Дӕ рухсы ирд мурӕй
Йын вӕййы тӕхӕн.

Дӕу тармӕ фӕцудын –
Йӕ цинты мӕлӕт,
Дӕлимонты худын,
Цагъары къӕлӕт.

Ды райгуырдтӕ хурӕй
Йӕ куысты `ххуысӕн.
Нӕ райгуырдтӕ тарӕй
Хӕйрӕджы хуызӕн.

Уалдзыгон фыстӕг

Аргъ куыд нӕй ӕвзаджы рӕзтӕн
Ахӕм бахъуаджы рӕстӕг,
Курын, ма фӕуӕд дын мастӕн
Ме `ргом уалдзыгон фыстӕг.

Федтон дӕ ӕмӕ дӕ рухсӕй
Зӕрдӕ `рбаци ирд тӕмӕн,
Ныр сӕхимӕ `фсӕн рӕхысӕй
Ласынц сау цӕстытӕ мӕн.

Фӕлӕ гагуыты ӕрттывдӕй
Цавддур фестын кӕныс мӕн.
Нал вӕйы мӕ бон ӕлхъывдӕй
Сдзурын, нӕдӕр фезмӕлӕн!

Асхой мӕ нӕ комы рындзӕй
Е мӕ басудз иу уысмӕн.
Ды мӕ де `рфгуыты ӕлхынцъӕй
Цавддур акӕныс, – цӕмӕн?

Дунеты фӕтк – уарзондзинад

Къогъо `хсӕвы рухсы мурыл
Зилдухӕй куыд сисы дывд,
Афтӕ кӕд нӕ худгӕ Хурыл,
У нӕ Зӕххӕн дӕр йӕ зылд.

Кӕд кӕрӕдзиуыл дунетӕ
Сты ӕнувыд баст уымӕй,
Ӕмӕ `стъалытӕ, планеттӕ
Уой ӕнӕмӕлӕт цӕмӕй.

О тӕхуды, ныр дзыллӕтӕн
Ахӕм уарзты зынг ӕрхӕсс,
Уӕд ӕппындӕр цард мӕлӕтӕн
Тугӕй нал бафидид хӕс.

Аргъ куыд нӕй лӕгӕн уӕд уастӕн,
Царды чи `рхӕссы нывонд
Адӕмты кӕрӕдзи уарзтӕн
Е`ппӕт хъарутӕ, йӕ зонд.

08. 2002 аз