АДÆМ ÆЙ ЗÆРДИРАЙÆЙ ИМИСУНЦÆ
Махъоти Хаджумар райгурдæй Пусулмон (Чиколай) гъæуи 1913 анзи – уæди рæстæги куд нимайиуонцæ, «хуасæ кæрдуни афони», уомæ гæсгæ хигъди гæгъæдити æ райгурæн бон амунд æрцудæй 15 августи, зæгъгæ. Биццеубæл цуппар анзи ку исæнхæст æй, уæд рамардæй æ фидæ. Ниййерæг мадæ Лезинка райзадæй седзæргæсæй æ минкъий, æнагъон сабийтæн – Хаджумар, Миймонæт æма Анисæн. Тæккæ кæстæр Хамбий ба райгурдæй фиди рамæлæти фæсте.
ЗИН ЦАРДИ УАВÆРТÆЙ Æ НИФС ТУХГИНДÆР АДТÆЙ
Æнцон кæд адтæй седзæргæс силгоймаги цардиуагæ… Уæлдайдæр уæди æгудзæг рæстæгути… Ахид æй багъæуидæ Хаджумари агъаз, кæд ма æхуæдæг минкъий адтæй, уæддæр сувæллæнтти хестæр адтæй, æма ихæсти уæзæ дæр хъæбæрдæр уобæл ранцайидæ. Сæ фиди æнсувæр дæр æй сабургай, фал лæмбунæг ахур кодта косунбæл, амудта ин цæй хæццæ куд архайгæ ’й, уой. Хумæ æма тауни афони иннети хузæн кодта будуйрон куститæ. Кæстæр биццеу Хамбий дæр ку рагъомбæл æй, уæдта кусти уаргъ еугурæй дæр æрæнцадæй биццеутæн сæхебæл, фиди æнсувæр сæмæ æ цæстæ дардта, ци куд хуæздæр кæнгæ ’й, уой син багъæуаги байамонидæ, фæккæсидæ сæмæ.
Рæстæг куд тагъд уадæй, уотæ ирæзтæнцæ сувæллæнттæ. Хаджумар хицæ дæр куд нæ кодта е ’мгæрттæмæ, етæ сæумæраги скъоламæ ку уадæнцæ, уæд. Хаджумари ба уæд уомæ кæми евдалдæй – цудæй гъæдæмæ сог кæнунмæ, кенæ ба фагус ласта будурмæ. Фал уæддæр æ зæрдæ ба дардта, исон махæн дæр фæззиндзæнæй хуæздæр равгитæ, зæгъгæ. Æма уотæ рауадæй.
Советон хецаудзийнадæ уæд хумæтæги нæ худтонцæ косæг адæми хецаудзийнадæ. Уой фæрци 1923 анзи Хаджумар фиццаг хатт бакъахдзæф кодта скъолай къæсæри сæрти – биццеубæл уæд дæс анзи цудæй. Кæд ахур кæнун райдæдта, уæддæр ин, не ’нтæстæй алли бон урокти бадун, гъудæй будуйрон æма хæдзайрон куститæ æнхæст кæнун. Бийнонти тухст уавæртæмæ гæсгæ ин 1926 анзи рауадæй фиййауæй хæтгæ, æма рæстæгмæ ниууагъта скъола…
Уæдмæ гъæуи фæззиндтæй фæскомцæдесонти къуар æма Хаджумари зæрдæ дзурдта уони ’рдæмæ. Фал æ сæри зунди зелдох кодтонцæ сонт гъудитæ: «Ахур гъæуй, æнæ уомæй зонундзийнæдтæ кутемæй райсдзæнæ. Аци нæуæг царди хæмбохъулати æнæ исахур кæнгæ, æнæ ести гъæугæ хуарз дæсниадæ райсгæ, фæстегæй байзайдзæнæн. Размæ тундзгæ, рохсмæ!..»
Æцæгæйдæр, Советон паддзахади ирæзтæн гъудæй дæсни специалисттæ æма 1929 анзи октябри мæйи фæскомцæдеси унаффæмæ гæсгæ Хаджумар æрвист æрцудæй ахур кæнунмæ Дзæуæгигъæуи устур завод «Кавцинк»-и, («Электроцинк» уæд уотæ хундтæй) ци училище байгон æй, уордæмæ. Уоми ахур кодтонцæ аллихузи кустадон дæсниæдтæбæл. Хаджумар аци хабарбæл куд нæ бацийнæ кодтайдæ – æ еу сонт бæлдæ ке æнхæст кæнуй, уобæл!..
ЦÆМÆ БÆЛДТÆЙ, Е ИН ÆНТÆСТÆЙ Æ УОДФЕДАРИ ФÆРЦИ
Бийнонти тухст уавæртæ лæдæргæй æй æ къах бæргæ нæ хаста æ мадæ æма кæстæрти разæй, куд син зæгъа хуæрзбон. Фал, уæддæр ранæхстæр æй сахармæ. Гъæуæй ку фæййеуварс æй, уæд æ мади къохтæй худ дзабуртæ раласта æ къæхтæй, гъома, ма бафехсуйуонцæ, зæгъгæ, ниввардта сæ æ фæндаггон хурдзини æма бæгъæнвадæй, æ къахдзæфтæ нимайгæй, ниййагайдта устур ампъезтæ кæнун.
Кæмидæр еске бæхуæрдун ку баййафидæ, уæд æй рабадун кæниуонцæ æма уой фæрци æ над фæццубур уидæ, иссæуидæ æ къæхти фæллад. Хуцау æма хуарз адæми фæрци æнæ фидбилизæй исæмбалдæй æ бунатбæл.
Училищей син цуппар сахаттей дæргъи амудтонцæ уроктæ, уæдта иннæ цуппар сахатти ба заводти цехти косгæй бæлвурддæр кодтонцæ сæ зонундзийнæдтæ. Æнцон кæми адтæй æригон уодæн – еудадзуг æрхун кодта æ бийнонтæбæл, уой хæццæ ба ма кæми фæллад æма æстонг, берæ цидæр гъæуагитæ æвзурста. Фал æ нифс нæ састæй æхсист гъæуккаг биццеуæн. Заводи ахурти фæсте ма ирдта равгитæ æма хъаурæ æндæр скъоламæ уайунмæ, цæмæй фулдæр кодтайуонцæ æ зонундзийнæдтæ. Уомæ гæсгæ ба еци-еу рæстæги бафтудæнцæ æ къохи дууæ æнтæстдзийнади – иссæй 5-аг разряди электромонтер, уæдта райста гæгъæди авданзон скъола фæуунбæл. Уой фæсте дууæ анзей дæргъи бакуста заводи электрон цехи монтерæй. Æ зæрдæ рохс кодта, уæлдайдæр ба уомæй, æма æ бон ке иссæй æ бийнонтæн цæмæйдæрти агъаз кæнун.
Ци æхца иста, уой æмбес æрвиста хæдзарæмæ, уæдта си еуæй-еу хатт ба æ къапеккитæй цидæртæ дæр бафæстауæрцæ кæнидæ, ести киунугæ ралхæнунмæ. Уотемæй æхецæн ба айдагъ цай æма дзоли карст, еуминкъий цæхгун кæсалгæй райевгъуйиуонцæ æ рæфтад кенæ æхсæвæр. Хъæбæр æй фæндадтæй идарддæр ахур кæнун, æма уой туххæй бухстæй нæхъæртондзийнæдтæн дæр. Лæдæрдтæй, æнæ зинтæй неци ес, бухсун гъæуй еу рæстæг.
Уæдмæ, 1934 анзи Пятигорски электромеханикон техникум Дзæуæгигъæумæ æрбаййивтонцæ, зæгъгæ, уой ку фегъуста Хаджумар, уæд æ цийнæн кæрон нæбал адтæй. Федарæй исфæндæ кодта: «Идарддæр ахур кæндзæнæн уоми!..» Райдайæни си адтæй уотид хебарæигъосæг. Фал цубур рæстæги фæсте зæрдерис биццеу иссæй æцæг студент. Уæдмæ æркуста Гизæлдони ГЭС æма Хаджумари практикæмæ уордæмæ рарвистонцæ. Техникум 1937 анзи каст фæцæй, æма куд дæсни специалист, уотæ ’й кустмæ дæр ардæмæ байагурдтонцæ. Уæдæй фæстæмæ æ карнæ баст æрцудæй гидроэнергетики хæццæ, кæцимæн берæ æнзти дæргъци фæллæвардта æ хъауритæ æма зонундзийнæдтæ, фæсевæдæй берети исахур кодта æ дæсниадæбæл. Гизæлдони ГЭС-и райдæдта косун техник-лаборантæй, цуппар мæйей фæсте иссæй цехи сæргълæууæг.
Æ кустæй зæрдрохс адтæй, берæ хиццаг фæндитæ баста исонибони хæццæ. 1940 анзи сæрди Махъой-фуртмæ фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ æма еу рæстæги фæсте ин архайгæ рауадæй финти нихмæ тугъди. Уазал, уæззау уавæрти фæссæйгæ ’й рæугути тарнезæй, æ ахсæни язвæ фæззиндтæй, кæцитæй тухсун кодтонцæ. Æфсæддони ихæстæ æнхæст кæнуни аккаг ке нæбал адтæй Хаджумар, уомæ гæсгæ æрвист æрцудæй сæхемæ 1941 анзи феврали мæйи, мартъий ба нæуæгæй æрлæудтæй æ раздæри кусти уæлгъос.
БИЙНОНТИ РÆВДУД – ЕУГУР ХУАСТÆЙ ДÆР ХУÆЗДÆР АГЪАЗГÆНÆГ
Уæдмæ райдæдта Устур Фидибæстон тугъд. Уæззау рæстæгутæ никкодта. 1941 анзи фæззæги немуцаг фашистон æфсæдтæ æрбахæстæг æнцæ Иристони арæнтæмæ. Тæссаг уавæртæмæ гæсгæ Хецауадæ рахаста унаффæ: Гизæлдони ГЭС-ий сæйрагдæр техникон дзаумæуттæ æрветун гъæуй Астæуккаг Азимæ. Еци гъуддаг фæдзæхст æрцудæй Хаджумарæн æма ’й æнтæстгинæй исæнхæст кодта. 1943 анзи тæккæ райдайæни, Иристони зæнхитæ знагæй куддæр исуæгъдæ ’нцæ, уотæ Хаджумари рарвистонцæ Астæуккаг Азимæ, цæмæй фæстæмæ сæ бунатбæл исæмбæлун кæна еци ахсгиаг агрегаттæ. Æнæгъæнæ мæйи дæргъци, устур зин уавæрти багъудæй еци гъуддаг исаразунæн. Фал уæддæр Махъой-фурт æ ихæслæвæрд æнтæстгинæй исæнхæст кодта æма ин уой фæдбæл Советон Цæдеси Адæмон Комиссариат исаккаг кодта Кади гæгъæди.
Электрон тухæ еци рæстæгути куд æхсицгæ гъудæй, уой алкедæр лæдæруй. Хъæбæр разæнгардæй архайдта Хаджумар е ’мкосгути хæццæ, цæмæй ГЭС тагъддæр æркоса, æма 1944 анзи сæрди е сæ къохи бафтудæй. Хецауади ’рдигæй син адтæй зæрдæбæл æмбæлгæ æхсицгон арфитæ, Кади гæгъæдитæ.
Гъо, етæ дæр хуарз æнцæ, фал æхсæвæй-бонæй тухкуст, æнæхуссæг, кæми ба æстонгæй дæр ке райзайидæ, еугур еци хабæрттæ фудæрдæмæ бæрæг кодтонцæ Хаджумари æнæнездзийнадæбæл. Хъауритæ фæлмаст кодтонцæ, кæд ма æригон адтæй, уæддæр. Фал æй Хуцауи дзурдæй фæцæй устур нивæ æма æ бийнойнаг Хекъилати Хъамболати кизгæ Таиси (Тæйбæт дæр æй худтонцæ) хæццæ æмвæндæ æма æмунаффæ адтæнцæ, кæрæдзей лæдæргæй æма нимайгæй дех кодтонцæ еугур зинтæ дæр, Таисæ имæ уæлдай лæмбунæг зилдæй. Хæдзари æфсийнæ, силгоймагбæл ци уаргъ ес, уой уæлæнхасæн ма е амал кодта аллихузи мадзæлттæ, цæмæй Хаджумар маци гъæуагæ уа, уæдта сæ дууæ сабийи дæр. Уæд еу ести, уæд иннæ ести баййевидæ цауæйнонтæн арси сойнæбæл æма Хаджумарæн ниуазун кодта, уой ин Хъобани гъæуи дæсни зæрæндтæ байамудтонцæ. Хуæнхаг кæдзос уæлдæф дæр æ агъази хай лæвардта. Цардиуагæ анзæй-анзмæ ке хуæздæр кодта, е дæр устур нифс уагъта адæми зæрдити.
ÆРДЗОН ЗУНДÆЙ ПАЙДА КÆНУНÆН ИСКУРДИАДÆ ДÆР МА ГЪÆУЙ
Тугъди фæсте Иристони райдæдтонцæ аразун Дзæуæгигъæуи ГЭС. Гъудæй си фæлтæрдгун дæсни специалисттæ æма 1947 анзи ноябри мæйи Махъоти Хаджумар иссæй ДзæуГЭС-и директор. Цубур рæстæгмæ арæзтадæ фæцæй, фал идарддæр дæр кусти медæгæ æнæ дæсни косгутæй фезмæлæн кæми адтайдæ. Æма Хаджумарæн бантæстæй æхемæ æрбакæнун раздæр фæрсæй-фарсмæ æгудзæг уавæрти ке хæццæ куста, уони: Хугати Граф, Къусрати Тасо, Челæхсати Гаврил, Дзампати Бибо, Сергей Второв, Дзуццати Оханæ, Хъанухъти Тазрет – æцæг лæгтæ, зæгъгæ, кæмæй фæззæгъунцæ, уæхæн лæгтæ адтæнцæ, некæд некæци гъуддаги æй фæффудевгед кодтайуонцæ, æ зæрдæ сæбæл дардта. Уотæ зæгъун æнгъезуй æма Хаджумар «хурфæмæ» уидта адæймаги, некæд неке туххæй фæррæдудæй. Хъанухъти Тазрет уой фæсте берæ æнзти дæргъи æнтæстгинæй фæккуста ДзæуГЭС-и сæргълæууæгæй.
Хаджумари фæллойни надбæл адтæй еу уæхæн æздæхæн. 1953 анзи сентябри мæйи Хецауади унаффæй æвæрд æрцудæй Цæгат Кавкази электрон тухи управлений сæргълæууæги хуæдæййевæгæй. Кæмæдæрти уотæ фæккастайдæ, гъома, е дин устур бунат, кадæ, косунмæ берæ æнцондæр, айдагъдæр унаффæ кæнæ… Фал кæми!.. Хаджумар бæлвурд кустбæл ахур адтæй, æгириддæр аци бунат æ зæрдæмæ нæ цудæй, катай кодта, зæрдæ ивазта æ уарзон агрегаттæ æма турбинити гур-гурмæ, кæций æхуæдæг хумæтæги нæ худта «симфони», зæгъгæ. Еунæг анз тухтæ-фудтæй бафæразта управлений, уæдта иссæй ЭзминГЭС-и арæзтади директори хуæдæййевæг. Ахсгиагдæр къабази вазуггин фарстатæбæл дзуапп лæвардта Хаджумар, æма уони æнхæст кодта æнтæстгинæй, некæд неци къулумпи æрцудæй уой фудæй. Уæдмæ æркуста æма электрон тухæ дæттун райдæдта еци еума нæуæг ГЭС. Ами дæр бабæй фæббæрæг æнцæ Махъой-фурти дæсниадæ, зонундзийнæдтæ, хъаурæ. Рохси хай – адæмæн!.. Æ итаугутæй сæ еу ба уæддæр катаййи бацæуй… Нæ, фагæ нæй, гъæуй косун, никкидæр ма ГЭС-тæ аразун, цæмæй Иристони еугурей хæдзæртти дæр, хонхи алли къумти дæр содза «Ленини цирагъ».
1960 анзи фæззиндтæй Цæгат Иристони еугур гидроэлектростанцитæ еугонд кæми ’рцудæнцæ, уæхæн дирекци «Севкавказэнерго» æма æ сæргълæууæгæй федаргонд æрцудæй Махъоти Хаджумар.
Хъæбæр æнтæстгинæй разамунд фæллæвардта устур кустадон къуарæн сауæнгæ 1975 анзи уæнгæ, цалинмæ пенсимæ нæ рацудæй, уæдмæ. Берæ косгутæн бахай кодта æ зонундзийнæдтæй, уой фæрци цал æма цал адæймаги æрлæудтæнцæ сæ къæхтæбæл, иссæнцæ дæсни специалисттæ, инженертæ, разамонгутæ.
Дзæвгарæ рæстæгути уæхæн уавæр адтæй, æма агрегаттæй ескæци хай ку басæттидæ, уæд æй ласун гъудæй ескумæ, цæмæй рæвдзæгонд æрцудайдæ. Хаджумар æркастæй еугур равгитæмæ дæр æма иссирдта мадзæлттæ, исаразта æнæгъæнæ комплекс, кæцими сæхуæдтæ цалцæг кодтонцæ агрегаттæ, уой дæр раст цума сæрмагонд заводти, гъе уотæ. Кæд институт нæ фæцæй каст, уæддæр некæци ахургонд инженерæй минкъийдæр зудта æ куст, уайтæккæ райахæссидæ нæуæг гъуддæгутæ, еузагъдæй, æрдзон зундæй адтæй хъаурæгин.
ЦАРДИ НИВÆЙ, БИЙНОНТИ ФАРНÆЙ ХАЙГИН – ХУАРЗ АМОНДÆН МА ÆНДÆР ЦИ ГЪÆУЙ!..
Хаджумари еухатт е ’мкосгутæй кадæр хинцфæрсæ ракодта:
– Партий иуонг дæ æви нæ?
– Æз коммунист дæн, партий иуонг нæ дæн!.. – еци федарæй ин загъта Хаджумар.
Гъо, æцæгæй коммунист адтæй, еци устур ном хаста кадгинæй, æхе ба ихæсгин кодта æ еци ном кæдзос æма раст, арфиаг гъуддæгутæй цитгин кæнунæй. Абони ма уæхæнттæ кæми ес!.. Кæдзос æма раст уоди хецау, кустуарзон, хуæрзæгъдау, адæмуарзон адæймаг, куд Дзæуæгигъæуи сахари фæллойнæгæнгути Совети депутат, уотæ, кæддæриддæр агъаз кодта адæмæн кусти æма цæрæнбунæтти фарстати фæдбæл. Æвæдзи си нæ иронх кодта, æ рæстæги сæхе бийнонти тухст уавæртæ дæр. Е ’нсувæр Хамбийи хæццæ сæхе хъаури фæрци хизтæнцæ уæлæмæ царди зин исхезæн асийни къæпхæнтæбæл. Æма, æвæдзи, хъæбæрдæр уомæ гæсгæ устур æргом æздахта косгути цард æма фæлладуадзæн уавæртæмæ. Кæд æ бæрнон ихæстæ уотемæй дæр хъæрдтæнцæ, уæддæр Хаджумарæн ку бафæдзахстонцæ уолæфæн базæ исаразун, уæд еци гъуддагмæ бавналдта хъæбæр разæнгардæй. 1974 анзи уалдзæги фæлладуадзæн базæ «Энергетик» арæзт æрцудæй коллективи хъауритæй. Фæззиндтæй хуарз уавæртæ, куд уолæфунæн, уотæ бæрæгбæнтти бабадт аразунмæ дæр. Фал Советон Цæдеси ниппурхи фæсте базæ кедæр къохи бафтудæй… Хуарз æма Хаджумар нури фудмиутæ нæ фæууидта, æндæр æ зæрдæ ратудтайдæ фурзинæй. Косæг адæми фæллæнттæ бахаудтæнцæ еугай цæстфæлдахгутæ æма адæми еумæйаг есбойнадæ хæлæттаггæнгути къохтæмæ, косæг лæг исæгадæ æй, давгутæ æма æдзæсгæнттæ ба искадгин æнцæ…
Хаджумар ескæми æгъдауи фæдбæл уогæй, кенæ ести бæрæгбони, уæддæр куд устур хецау, уотæ хецæн фингæ кæнун некæд уагъта, карзæй фæззæгъидæ, æз мæнæ мæ адæми хæццæ бадун, зæгъгæ.
Мадта æ зонундзийнæдтæй дæр берети бафтауидæ деси. Уой туххæй уин уæхæн дæнцæн æрхæсдзæнæн. Сталингради аспирантури ахур кодтон гъæууонхæдзарадон институти. Æма еу хатт уордигæй мæ хæццæ исхудтон еу профессори. Куд мæ хæстæгутæ, уотæ иуазæггади бацудан Хаджумаретæмæ. Мæ сталинградаг иуазæги ести дессæгтæй барæвдауон, зæгъгæ, фæндæй æз Хаджумари биццеу, минкъий Олеги радзорун кодтон æмдзæвгæ. Минкъий биццеу уруссагау куд кæдзос дзоруй, уой профессор ку фегъуста, уæд деси бацудæй. Е нæ, фал ма уой ку базудта, биццеу дæр, Хаджумар дæр славянтæ нæ ’нцæ, фал кæдзос дигорæнттæ, уæдта дзурдгъон нæбал иссæй. Никки хъæбæрдæр деси бацудæй, Хаджумар æ хæццæ аллихузи фарстатæбæл дзубанди кæнгæй, арф зонундзийнæдтæ ку бавдиста, уæд. Нæ ’й æруагæс кодта, Хаджумар айдагъ инженер ке ’й, е.
Царди нивæй хайгин адтæй Хаджумар. Æ амонд дæр иссирдта афонæбæл, 1937 анзи æ минæвæрттæ бахуастонцæ Хекъилати Хъамболати хæдзари дуар, сæ хори тунæ Таиси (Тæйбæти) къохагор. Байеу кодтонцæ дууæ æригон уоди сæ цард, берæ æнзти дæргъи фæразтонцæ сæ хъисмæти еумæйаг уаргъ федарæй хæссун, цийнагбæл цийнæ кодтонцæ.
1938 анзи уалдзæги сæмæ фæззиндтæй цъæхцæстæ кизгæ, равардтонцæ ин ном Земфирæ. 1940 анзи кæрони ба райгурдæй Олег. Фæндон гъуддæгутæ кæми адтæнцæ царди уавæртæ уæди доги, фал уæддæр бийнонтæн сабургай бантæстæй хе хæдзарæ исаразун, æрбундор æнцæ тумугъ бийнонтæй.
Æ НОМ ÆНОСОН ÆЙ Æ АРФИАГ ГЪУДДÆГУТИ, Æ БУНДАРТИ КАРНИ
Махъоти Хаджумар æнзтæй берæ нæ бакайдта – æдеугурæй 64 анзи фæццардæй. Фал ин бантæстæй хъæбæр хуарз гъуддæгутæ исаразун. Дзиллитæ си алкæддæр боз адтæнцæ, адтæй æцæг лæг, кусти дæр æма адæми ’хсæн дæр. Кæстæртæй æ зæрдæ рохс кодта, ирæзтæнцæ æнæнезæй, хуæздæр цардиуаги.
Фал æ еци амондæй фæццийнæ кæнунæн рæстæг ин æгæр рацубуртæ æй – 1977 анзи 11 сентябри цардгъæуагæй Хаджумар рацох æй уæлзæнхон дуйней рохсæй. Фал æ карнæ уоййадæбæл нæ фæцæй – æ фæсте ниууагъта дзæбæх бийнонтæ æма устур кадæ.
Æ бийнойнаг Таисæн хеуæнттæ, бийнонтæ рохсаг загътонцæ 1995 анзи. Хаджумари фæсмæрдæ берæ арф гъудити ранигъулидæ Таисæ, æ зæрди æрæфтуйионцæ сæ царди хабæрттæ, кæд си берæ адтæй уæззау уавæртæ, æгудзæг рæстæгутæ, уæддæр си фулдæр ба зæрдрохсдзийнадæ адтæй. Уой Таисæ æ зæрдæбæл хъæбæрдæр дардта, уомæ гæсгæ ин æ кæстæртæ æ мæтъæл цæстингас некæд фæууидтонцæ.
– Нæ, цийфæнди ку уа, уæддæр цард цард æй, нæ фæсте заманай кæстæртæ ес, уæд син игъæлдзæг цард, – зæгъидæ Таисæ.
Уой туххæй хъазауат кодта Хаджумар дæр. Æма абони сæ сугъзæрийнæ кæстæртæ, сæ ниййергутæбæл цийфæнди гъенцъун кæнгæй дæр зæрдрохсæй сæ имисунцæ, уомæн æма син дессаги мадæ æма фидæ адтæнцæ, адæми ’хсæн нимад. Æма сæ кæстæртæ дæр архайунцæ сæ ном, сæ кадæ син бæрзонд хæссунбæл.
ХЕКЪИЛАТИ Цæрай, (1933–2021), гъæууонхæдзарадон наукти кандидат