Бийнонти, уарзондзийнади ӕма еузӕрдиуондзийнади Еугуруӕрӕсеуон бони фӕдбӕл нӕ газети абониккон номери ци дзубанди цӕуй, уомӕн ма, махмӕ гӕсгӕ, хуарз ӕфтауӕн уодзӕнӕй мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕрмӕг бакӕсдзинайтӕ, е дӕр. Кӕддӕр дӕр ма ‘й мухур кодтан, фал ӕй, ӕвӕдзи, беретӕ нӕ бакастӕнцӕ: ахид нӕмӕ редакцимӕ ӕрбадзорунцӕ нӕ газеткӕсгутӕй кадӕртӕ ӕма нӕ бафӕрсунцӕ, хеуӕнттӕ, кӕрӕдземӕн хӕстӕг ка ӕййафуй, уонӕй дигоронау ка куд хуннуй, зӕгъгӕ.
Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, абони ӕмӕнтъери рӕстӕги нӕ уодварни хӕзнатӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, дони ке калӕн ӕма уой фудӕй нӕ цардиуагӕ ӕхе цидӕр ӕнахуртӕ ке ӕййевуй, уомӕ гӕсгӕ фӕлорс кӕнунцӕ адӕми ‘хсӕн хӕстӕгдзийнади ахсгиагдзийнадӕ лӕдӕрун ӕма кӕрӕдзебӕл рӕстзӕрдӕй ӕновуддзийнадӕ.
Еуӕй-еуети мулкӕй ӕндӕр некебал ӕма нецибал фӕгъгъӕуй, адӕймаги уодиконд алкӕддӕр цӕмӕй федудта ӕма федаудзӕнӕй, еци уодварни хӕзнатӕй сӕ неци фӕттавуй. Уӕхӕн уагӕн хиццаг исонибон нӕййес ӕма си нӕ кӕстӕрти гъӕуай кӕнун гъӕуй.
Уобӕл гъуди кӕнгӕй, мухургонд цӕуй аци цубур дзурдуат дӕр. Уадзӕ ӕма кӕстӕртӕ зононцӕ, сӕ хӕстӕгутӕй син ка ци бауй, уӕдта дигоронау ӕма уруссагау куд хуннунцӕ, уой.
Фидтӕлтӕ – предки
Ӕрвадтӕлтӕ – однофамильцы
Хӕдзарвӕндаг – родословная
Ниййергутӕ – родители
Фидӕ – отец, папа
Мадӕ, ниййерӕг – мать, мама
Устур фидӕ – дедушка; отец отца или отец матери
Устур мадӕ – бабушка, мать отца или мать матери
Фиди фидӕ – дедушка, дед; отец отца
Фиди мадӕ – бабушка, бабуля, мать отца
Мади фидӕ – дедушка, дед, отец матери
Мади мадӕ – бабушка, бабуля; мать матери
Лӕг, мой, цардӕмбал, ӕмкъай – муж, супруг, мужчина по отношению к женщине, с которой он состоит в браке
Уосӕ, цардӕмбал, ӕмкъай – жена, супруга, замужняя женщина (по отношению к своему мужу)
Фурт, биццеу – сын, отрок
Кизгӕ – дочь
Ӕнсувӕр – брат; сын по отношению к другим детям одних родителей
Хуӕрӕ – сестра; дочь по отношению к другим детям одних родителей
Фиди ӕнсувӕр – дядя, брат отца
Мади ӕнсувӕр – дядя, брат матери
Фиди хуӕрӕ – тетя; сестра отца
Мади хуӕрӕ – тетя, сестра матери
Хецау – свекор, отец мужа
Ӕфсийнӕ – свекровь, мать мужа
Сиахс – зять, муж дочери или сестры
Киндзӕ, ностӕ, ӕмкъай – невеста
Киндздзон кизгӕ – девушка на выданье
Киндзӕ – невестка, жена брата или жена сына, сноха, жена сына по отношению к его отцу
Каййес, уоси фидӕ – тесть, отец жена
Каййес, уоси мадӕ – теща, мать жена
Къаййаг – жених невесты
Уоси ӕнсувӕр – шурин, брат жены
Уоси хуӕрӕ – свояченица, сестра жены
Ӕмсиахс, уоси хуӕри лӕг – свояк, муж свояченицы
Лӕги ӕнсувӕр – деверь, брат мужа
Ходугъд, лӕги хуӕрӕ – золовка, сестра мужа
Файностӕ – невестка; жена одного брата по отношению к жене другого брата
Цӕуӕти цӕуӕт – внуки, внучата; сыновья и дочери сына или дочери
Фурти фурт – внук, сын сына
Фурти кизгӕ – внучка, дочь сына
Кизги фурт – внук, сын дочери
Кизги кизгӕ – внучка, дочь дочери
Хуӕрифурт – племянник или племянница, сын или дочь сестры или женщины одной фамилии
Цардхуӕрифурт – племянник или племянница родословной
Ӕнсувӕри биццеу – племянник, сын брата
Хуӕри биццеу – племянник, сын сестры
Ӕнсувӕри кизгӕ – племянница, дочь брата
Хуӕри кизгӕ – племянница, дочь сестры
Номӕвӕрӕг – кум, кума, крестный отец или крестная мать по отношению к действительным родителям
Седзӕр – сирота, мальчик или девочка без матери и отца
Мадӕй седзӕр – сирота, мальчик или девочка без матери
Фидӕй седзӕр – сирота, мальчик или девочка без отца
Бустӕги седзӕр – круглая сирота, мальчик или девочка без матери и отца
Седзӕргӕс – вдова, мать сирот
Седзӕрти хецау – вдовец, отец сирот
Фиди уосӕ – мачеха, неродная мать детям, жена их отца
Мади лӕг – отчим, неродной отец детям, муж их матери
Лӕги кизгӕ – падчерица, дочь мужа
Лӕги биццеу – пасынок, сын мужа
Уоси кизгӕ – падчерица, дочь жены
Уоси фурт – пасынок, сын жены