АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..
ГЪÆУЙ ÆВИ НÆ ГЪÆУЙ?..
Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнгутæ уæрæсейæгтæй, медицинон маскитæ даруни фæткæ бабæй исаразунбæл арази æви æ нихмæ айтæ, зæгъгæ, ке бафарстонцæ, уонæй алли цуппæрæймаг дæр – 23% – уобæл арази ‘нцæ, уомæн æма ‘й уинунцæ тæссаг незæй (COVID-19) сæйгити бæрцæ бабæй ирæзуй. Еци мадзали нихмæ æнцæ 48%. Цæмæй æхсæнадон рауæнти еугурæйдæр маскитæ даронцæ, уой фарс фулдæр æнцæ силгоймæгтæ – 25%, нæлгоймæгтæ ба – 21%. Цæмæй бабæй маскитæ даруни домæн æнхæстгонд цæуа, уой фарс фулдæр æнцæ 34 анзей кари адæймæгутæ – 30%. Мадта 45 анземæй фулдæр кæбæл цæуй, уонæй ба æдеугурæй 19% æнцæ уæхæн гъудий фарс. Еугуремæй минкъийдæр ба уæхæн мадзалмæ цæттæ ‘нцæ, прививкити нихмæ ка ‘й, етæ (14%). Уогæ аци бæрæггæнæнтæ уоййасæбæл æнхæст кæми уодзæнæнцæ? Ка сæ æмбурд кодта, етæ уотæ зæгъунцæ: «Фарæ мартъий уæрæсейæгтæй 29% хъæбæр федарæй дзурдтонцæ, гъома, маскитæ даруни режим ку раййевонцæ, уæддæр сæ дардзинан. Фал мæнæ нур уæрæсейаг цæрæн рауæнти гъæунгти æрзелгæй бæрæг æй, сæ еци соми айдагъдæр ефстæгтæ ке æнхæст кæнунцæ, е…»