25 апреля 2024

ÆРДЗÆ – НÆ КОВÆНДОНÆ, ХУÆРЗÆГЪДАУÆЙ СИ НÆХЕ ДАРУНБÆЛ ГЪÆУАМА АРХАЙÆН…

08.04.2021 | 20:43

Нæ нуриккон доги гузавæйагдæр фарстатæй, æвæдзи, еу æй, нæ алфамбулай æрдзæмæ æгæр æбæрнон цæстингас дард ке цæуй, е. Раст цума ни феронх æй, æрдзæ нæ цардарæзти цæйбæрцæбæл агъазиау бунат ахæссуй, уой фæрци нин ке ес равгитæ нæ фарнæ федауцæй исфæлдесунæн.

Уогæ уавæр, исрастгæнæн ин нæбал ес, зæгъгæ, уоййасæбæл æдзæллаг нæй. Хуарз æма паддзахади фæрци дæр æма æхсæнади ‘рдигæй дæр берæ ахсгиаг мадзæлттæ арæзт цæуй æрдзæбæл ауодундзийнади туххæй. Уæлдай æхцæуæн ба е æй, æма уони æхсæн фур берæ ке ‘нцæ фæсевæд. Етæ барвæндонæй аразунцæ берæ аллихузон мадзæлттæ æрдзон адæймаги фудмиуæ архайди фæстеугутæ райеуварс кæнунбæл, æрдзæн æ цæмæдесдзийнадæ багъæуай кæнуни сæрбæлтау. Сæ еци хъæппæрес цæйбæрцæбæл арфиаг æй, е ба бæрæг æй уомæй дæр, æма си нæ республики æрдзон фæрæзнити æма алфамбулай фалдзостæ гъæуайкæнуйнади министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Хидирти Батраз куд боз æй, уомæй дæр. Сæ хъæппæресæй арæзт мадзæлтти е æхуæдæг дæр е ‘мкосгути хæццæ зæрдиагæй фæййархайуй. Сæрмагонд арфи хуæрзеугутæй райарфæ кæнун æрдзæбæл æригон ауодунгæнгутæй сæ æновуддæртæн. Уонæй еу æй  Цæллати Мирабеллæ дæр.

Æрдзæ гъæуай кæнуни фæдбæл фарстати туххæй æрмæг кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.