27 июля 2024

АГЪАЗГЪÆУАГÆН АГЪАЗ КÆНУН – УОДИ РАДÆ

22.07.2022 | 11:55

Нæуæг ахури анзи райдайæни кадæн цæгатиристойнаг центр «Мæ бизнес» хуæрзауодæн фонд «Хуарздзийнадæ уодзæнæй»-и хæццæ раседтæй акци «Скъоламæ сувæллони бацæттæ кæнæ».

Аци акций ихæс æй скъоламæ сувæллæнтти бацæттæ кæнунæн цубуркъох бийнонтæн фæййагъаз кæнун. Центри бундорбæл ке байгон кодтонцæ, еци æмбурдгæнæн бунати ке райсунцæ, еци дзаумæуттæ – скъоладзауи уæледарæс, портфельтæ æма къæнцилярон товартæ – фæстæдæр комкоммæ уагæй ратдзæнæнцæ агъазгъæуагæ адæмæн.

– Змæлд «Мæ бизнес агъаз кæнуй»-и фæткæмæ гæсгæ хуæрзауодæн куст кæнæн, сахъат сувæллæнттæ æма фæккæсуйнаг бийнонтæн агъаз кæнæн. Зин уавæри бахауæг адæмæн фæййагъаз кæнун ке фæндуй, уони нимæдзæ ирæзуй. Фарæ фонд «Хуарздзийнадæ уодзæнæй»-и хæццæ ке исаразтан, еци акцити фæрци дууæ мин бийнонтемæй фулдæрæн фæййагъаз кодтан. Хуæрзауодæн гъуддаги архайæг цæгатиристойнæгтæн – устур арфæ кæнæн, – зæгъуй центр «Мæ бизнес»-и директор Гаджити Батрадз.

Фарæ Уæрæсей Экономикон ирæзти министрадæ, æма регионалон центртæ «Мæ бизнес» ке раседтæнцæ, еци змæлд «Мæ бизнес агъаз кæнуй»-и ихæс æй фæккæсуйнаг адæмæн фæййагъаз кæнунмæ амалеуæггæнгути, сæ хъауритæ син байеу кæнгæй, исразæнгард кæнун. Цæгатиристойнаг центр «Мæ бизнес» акций разæнгардæй ке архайуй, уой туххæй ин фарæ амунд министради хуæрзеуæг равардтонцæ.

Агъаз æмбурд кæнунцæ мæнæ ауæхæн адресмæ гæсгæ: Дзæуæгигъæу, Шмулевичи гъæунгæ, 8-б. Телефон 8-999-833-00-70.

 

ГУРДЗИБЕТИ Зæринæ