07 декабря 2024

АХСГИАГ ГЪУДДӔГУТӔ ӔМГУСТАДИ ФӔРЦИ ӔНТӔСУНЦӔ!..

17.02.2021 | 14:23

Мӕскуй косӕг балций уогӕй, Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеславӕн адтӕй цалдӕр фембӕлди федералон хецауади хецӕн къабӕзти разамонгути хӕццӕ.

 

НӔУӔГ КУСТУӔТТИ ФӔРЦИ ФӔФФУЛДӔР УОДЗӔНӔЙ КОСӔН БУНӔТТИ БӔРЦӔ

Уӕрӕсей Федераций энергетики министр Николай Шульгинови хӕццӕ фембӕлди рӕстӕг дзубанди цудӕй региони электроэнергетики инфраструктури райрӕзти хӕццӕ баст фарстатӕбӕл.

Битарти Вячеслав куд баханхӕ кодта, уотемӕй нуртӕккӕ Цӕгат Иристони разамунд компани «РусГидро»-й размӕ фарста исӕвардта, цӕмӕй фӕуурухдӕр уа Зӕрӕмӕги ГЭС-и комплекс. Зӕрдӕбӕл дарун гъӕуй, нуртӕккӕ куст кӕбӕл цӕуй, еци  хуӕнхон-рекреацион комплекс «Мамисон» ку исцӕттӕ уа, уӕд ӕй электрон тухӕй ӕфсадун ке гъӕудзӕнӕй, уой.

Зæрæмæги гидростанцити арæзтадæ

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма фарӕ компани «РусГидро» республики исӕнхӕст кодта ахсгиаг инвестицион проект, Зӕрӕмӕги ГЭС-1 эксплуатацимӕ ратгӕй. Станцӕ косун ке райдӕдта, е ахсгиаг цау иссӕй республики царди – уой фӕрци фӕззиндтӕй косӕн нӕуӕг бунӕттӕ, фӕббӕрзонддӕр кодта республики энергетикон ӕфсесадӕ, фӕххуӕздӕр ӕнцӕ социалон-экономикон уавӕри бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Битари-фурт ма куд радзурдта, уотемӕй Цӕгат Иристони энергетикон гъомусадӕ фӕббӕрзонддӕр кӕнуни нисани хӕццӕ арӕзт цӕудзӕнӕнцӕ минкъий ГЭС-тӕ. Нуртӕккӕ куст цӕуй ӕртӕ уӕхӕн минкъий электростанций проекттӕбӕл.

– Аци инвестицион проекттӕ ӕнхӕстгонд ку ‘рцӕуонцӕ, – загъта нӕ республики разамонӕг, – уӕд хуӕрзӕрдӕмӕ зингӕ исахеддзӕнӕнцӕ, куд республики еумӕйаг экономикон уавӕрбӕл, уотӕ  бюджети ӕфтуйӕггӕгти ирӕзт дӕр. Аци проекттӕ царди рауадзуни гъуддаги мах корӕн федералон министради агъаз.

Дондзæуæнти арæзтадæ гъæути

Зундгонд куд ӕй, уотемӕй федералон Хецауади ӕмвӕзадӕбӕл федаргонд ӕрцудӕй гази артаги станцити арӕзтади федералон программӕ. Ӕма аци фембӕлди рӕстӕг Битари-фурт куд фегъосун кодта, уотемӕй Цӕгат Иристони Хецауадӕ афойнадӕбӕл курдиадӕ балӕвардта федералон центрмӕ, цӕмӕй нин уӕлдӕр программи архайди равгитӕ  райдарддӕр кӕнунӕн ӕма инвестортӕн сӕ хӕрзти еу хай исӕхгӕнуни туххӕй федералон бюджетӕй радех кӕнонцӕ 160 миллион соми. Фал федералон Хецауадӕ республики нӕ бахаста, гази артаги инфраструктурӕ фиццаградон ӕгъдауӕй арӕзт кӕми цӕудзӕнӕй, еци авд ӕма инсӕй регионей номхигъдмӕ.

– Федералон Хецауадӕй мах корӕн, цӕмӕй Цӕгат Иристон дӕр бахӕссонцӕ еци номхигъдмӕ, – загъта Битарти Вячеслав, –  уомӕн ӕма республики зӕнхӕбӕл цӕунцӕ, Уӕрӕсе Гурдзий, Сомех ӕма Хонсар Иристони хӕццӕ ка бӕттуй, еци федералон нисанеуӕги нӕдтӕ. Ӕма, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еци ахсгиаг автомобилон нӕдти алливарс гъӕуама фулдӕр арӕзт цӕуа гази артаги станцитӕ. Инвесторти хӕццӕ куд бадзубанди кодтан, уотемӕй республики уӕлӕнхасӕн гъӕуама арӕзт ӕрцӕуа гази артаги дӕс станций. Аци проекттӕ царди рауадзунӕн равгӕ уодзӕнӕй айдагъдӕр ӕмӕфсесади уагӕвӕрди бундорбӕл.

Сӕрмагондӕй дзубанди цудӕй биоэтаноли рауагъдадӕ рапарахат кӕнуни фарстамӕ дӕр. Республики разамонӕги дзубандимӕ гӕсгӕ, спъирти продукциуадзӕг дӕс кустуатей (сӕ еумӕйаг хъаурӕ – продукций 72 мин декалитри еу суткӕмӕ) разамунд нуртӕккӕ дӕр цӕттӕ ‘нцӕ биоэтаноли рауагъдмӕ рахезунмӕ. Ес си, уой туххӕй ци технологон ефтонггарз гъӕуй, е ӕнӕгъӕнӕй дӕр.

– Нуртӕккӕ еци заводтӕ ӕгустӕй лӕуунцӕ, – загъта нӕ республики разамонӕг. – Ӕма нӕуӕгӕй продукци уадзун ку райдайуонцӕ, уӕд си уой фӕрци уодзӕнӕй ӕртӕ мин косӕн бунатемӕй фулдӕр. Уомӕй уӕлдай никкидӕр ма фӕззиндзӕнӕй уӕлӕнхасӕн фондз мин косӕн бунати, аци кустади хӕццӕ баст ка ‘й, еци къабӕзти. Ахсгиаг ӕй е дӕр, ӕма еци заводтӕ республики еугур муниципалитетти дӕр ке ӕрбунӕттон ӕнцӕ, ӕма етӕ нӕуӕгӕй ку искосонцӕ, уӕд ахедгӕдӕр хузи лухгонд цӕудзӕнӕнцӕ берӕ социалон фарстатӕ – районти цӕргутӕн фӕззиндзӕнӕй уӕлӕнхасӕн косӕн бунӕттӕ, фулдӕр ӕфтуйӕггӕгтӕ цӕудзӕнӕй федералон ӕма республикон бюджеттӕмӕ.

ИННӔ АНЗ БА ФӔРӔЗНИТӔ РАДЕХ КӔНДЗӔНӔНЦӔ ДОНУАДЗӔНТИ РАЙАРӔЗТӔН

Уӕрӕсей Федераций арӕзтадӕ ӕма цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради министр Ирек Файзуллини хӕццӕ фембӕлди ба сӕрмагонд ӕргом раздахтонцӕ, фиццаградон национ проект «Цӕрӕнуӕттӕ ӕма сахайраг алфамбулай»-и фӕлгӕти ци мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнуй, уомӕ.

Битарти Вячеслав ӕ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемӕй уӕлдӕр амунд национ проекти уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ 2020 анзӕн нисангонд еугур куститӕ дӕр афойнадӕбӕл ӕнхӕстгонд ӕрцудӕнцӕ. Евгъуд анзи республики исаразтонцӕ цӕрӕнуӕтти 239  094 квадратон метри. 2021 анзи ба еци бӕрӕггӕнӕн гъӕуама исхеза 248 мин квадратон метрей бӕрцӕмӕ. Республики профилон ведомствитӕ ӕма подрядон организацитӕ нури уӕнгӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ еугур организацион ӕма арӕзтадон мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй анзи кӕронмӕ еци нисантӕ дӕр къохи бафтуйуонцӕ.

Дзубандий архайгутӕ ӕркастӕнцӕ, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий идарддӕри социалон-экономикон райрӕзти фӕдбӕл ци сӕрмагонд мадзӕлтти пълан исфедар кодта, уой уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддагмӕ дӕр. Зундгонд куд ӕй, уотемӕй еци пълани бундорбӕл Цӕгат Иристони арӕзт ӕма цалцӕггонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ ахсгиаг социалон объекттӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба фембӕлди рӕстӕг сӕрмагонд ӕргом раздахтонцӕ скъолатӕ ӕма рӕвдауӕндӕнтти арӕзтадӕмӕ, уӕдта сахар Беслӕни социалон ӕма коммуналон инфраструктури объектти райарӕзтмӕ. Фембӕлди архайгутӕ фӕббӕстондӕр кодтонцӕ, аци мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнунӕн финансон фӕрӕзнитӕ куд дехгонд цӕудзӕнӕнцӕ, уой фӕткӕ.

Фембӕлди иннӕ ахсгиаг фарста адтӕй республики донӕфсесади системи райарӕзт дӕр. Битарти Вячеслав федералон министри ӕргом комкоммӕ раздахта Алагири райони донуадзӕн хӕтӕлтӕ ӕма донӕфсесади системи цалцӕги фарстамӕ. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, райони донуадзӕн хӕтӕлтӕ хъӕбӕр ке бафехсудӕнцӕ, уой фудӕй бунӕттон цӕргутӕ ахид гъӕуагӕдзийнадӕ баййафунцӕ ниуазуни донӕй. Нур аци фарста лухгонд цӕудзӕнӕй федералон центри харзӕй. Донуадзӕнти райарӕзтӕн гъӕугӕ фӕрӕзнитӕ радех кӕндзӕнӕнцӕ 2022 анзи.

«МАМИСОН» ИСУОДЗӔНӔЙ ЦӔГАТ КАВКАЗИ АГЪАЗИАУДӔР КУРОРТ

Битарти Вячеславӕн ма ци косӕг фембӕлд адтӕй Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти министри хуӕдӕййевӕг Сергей Назарови хӕццӕ, уой рӕстӕг ба сӕрмагонд ӕргом раздахтонцӕ туристон-рекреацион комплекс «Мамисон»-и арӕзтадӕмӕ, уӕдта ма Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий идарддӕри социалон-экономикон райрӕзти ӕндӕр фарстатӕмӕ.

– Махӕн уӕлдай ахсгиаг ӕй федералон хецауади еугур къабӕзти ‘рдигӕй дӕр нӕ  региони идарддӕри социалон-экономикон райрӕзти гъуддаги нин цӕйбӕрцӕбӕл агъазгонд цӕуй, е, – ӕ радзубандий баханхӕ кодта Битарти Вячеслав. – Уӕлдай берӕвӕрсуг ӕй Федераций экономикон ирӕзти министради лӕмбунӕг ауодундзийнадӕ. Нуртӕккӕ республикӕ ӕ экономикон архайди ӕвдесуй ирӕзти бӕрӕггӕнӕнтӕ, ӕма еци ӕууӕл, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ахедуй региони еумӕйаг уавӕрбӕл.

«Мамисон»-и комплекси арæзтадæ

Цӕгат Иристони разамонӕг идарддӕр ӕ дзубандий куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй региони ахсгиагдӕр проекттӕй еу ӕй «Мамисон». Е исонибони исуодзӕнӕй Цӕгат Кавкази туристон кластери агъазиаудӕр курорт. Зундгонд куд ӕй, уотемӕй 2021-2023 ӕнзти федералон бюджет уой арӕзтадӕн радех кӕндзӕнӕй 6,4 миллиард сомей бӕрцӕ.

«Мамисон»-и арӕзтади фӕдбӕл организацион фарстатӕбӕл раздӕр бӕрнон адтӕй экономикон ирӕзти министри раздӕри фиццаг хуӕдӕййевӕг Михаил Бабич. Нур ба еци фарста ӕй министри иннӕ хуӕдӕййевӕг Сергей Назарови бӕрнӕхсти.

Битари-фурт ӕ радзубандий баханхӕ кодта:

– Президент Владимир Путин проекти арӕзтадӕмӕ бавналуни фӕдбӕл ци сӕрмагонд амунддзийнӕдтӕ равардта, уони царди рауадзунбӕл косӕн. Нури уӕнгӕ аразгутӕ бавналдтонцӕ Мамисони коммӕ надбӕл тъунели райарӕзтмӕ.

Куд ма загъта, уотемӕй рагацау федаргонд пълани бундорбӕл арӕзт цӕудзӕнӕнцӕ еугур иннӕ куститӕ дӕр.

Фембӕлди архайгутӕ куд фӕннисан кодтонцӕ, уотемӕй Цӕгат Иристонӕн уӕлдай ахсгиаг ӕй, Уӕрӕсей Федераций Президенти амунддзийнӕдтӕ ӕнхӕст кӕнгӕй, республики идарддӕри социалон-экономикон райрӕзтӕн агъаз кӕнуни нисани хӕццӕ федералон Хецауадӕ 2018-2025 ӕнзтӕн ци сӕрмагонд мадзӕлтти пълан исфедар кодта, уой ӕнӕгъӕнӕй афойнадӕбӕл ӕнхӕст кӕнун дӕр. Ӕма цӕмӕй уотӕ уа, уобӕл ба нури уӕнгӕ ахедгӕ куст цӕуй. 2020 анзи ноябри еци пъланмӕ бахастонцӕ еуӕй-еу ӕййивддзийнӕдтӕ.

Етӕ баст ӕнцӕ, сахар Беслӕни ирӕзти генералон пъланмӕ ци ахсгиаг объекттӕ бахастонцӕ, уони арӕзтади хӕццӕ. Еци нӕуӕгдзийнӕдтӕ хуарзбӕл банимайгӕй, дзубандий архайгутӕ фӕббӕлвурд кодтонцӕ, профилон федералон ведомствитӕ ӕма республики Хецауадӕ еци нисантӕбӕл куд косдзӕнӕнцӕ, уой фӕткӕ.


Аци хабӕрттӕмӕ гӕсгӕ ма уой дӕр зӕгъун гъӕуй, ӕма «Мамисон»-и арӕзтади фарстатӕмӕ Цӕгат Иристони разамунди ‘рдигӕй хъӕбӕр лӕмбунӕг цӕстдард цӕуй. Зӕгъӕн, нӕ республики Хецауади Сӕрдар Тускъати Тайморази разамундӕй ӕрӕги арӕзт ӕрцудӕй сӕрмагонд ӕмбурд, кӕцими бӕлвурдӕй ӕрдзубанди кодтонцӕ аци хуӕнхон-рекреацион комплекси идарддӕри райрӕзти фарстатӕбӕл.

Архайдтонцӕ ма си Сӕрдари хуӕдӕййевгутӕ Сӕбӕтхъуати Ӕхсарбег, Кӕсӕбити Игорь, Фадзайти Ӕхсарӕ ӕма ӕндӕр бӕрнон адӕймӕгутӕ.

Ӕмбурди ӕркастӕнцӕ федӕни курорти донӕфсесади канализаций объекттӕ аразуни инженерон инфраструктурӕ бӕлвурд кӕнуни, еци бунӕтти ци культурон бунтӕ ес, уони багъӕуай кӕнуни ӕма ӕндӕр фарстати фӕдбӕл бӕлвурдӕй ци куст цӕуй, уомӕ. Еугур гъуддӕгути туххӕй ведомствити разамонгутӕн ӕмбӕлгӕ амунддзийнӕдтӕ искодтонцӕ.

– Мамисон-и арӕзтадӕмӕ гъӕуама лӕмбунӕгӕй бавналӕн, е ӕй нӕ республики ахедгӕдӕр проект, – байхӕс кодта косӕг къуарӕн Хецауади Сӕрдар.