05 ноября 2024

АЛÆМÆТТАГ – Æ ЛÆГДЗИЙНАДÆ, ÆНОСОН – Æ НАМУС…

10.12.2022 | 16:17

Нæ Фидибæсти Бæгъатæрти Бон Уæрæсей 2007 анзæй фæстæмæ бæрæггонд цæуй 9 декабри. Иристони дзиллæн дæр е ахсгиаг бæрæгбон æй, уомæн æма не ’мзæнхонтæй беретæн æ рæстæги аккаггонд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Нур ба ма уонæбæл бафтудæнцæ Уæрæсей Бæгъатæри ном иристойнæгтæй ка хæссуй, етæ дæр. Хуæрзæрæги еци ном аккаггонд æрцудæй ЕСЕНАТИ Æхсарбеги фурт Таймуразæн. Æма абони нæ дзубанди æй уой туххæй.

 

Не ’мзæнхон тугъдон Есенати Æхсарбеги фурт Таймурази уодигъæди алæмæти федардзийнадæ, æхсарæ æма æгæрон бæгъатæрдзийнади кой уайтæккæ райгъустæй æнæгъæнæ Уæрæсебæл, нæ бæсти разамунд ба ин исаккаг кодта Уæрæсей Бæгъатæри кадгин ном. Уой туххæй мах дæр нæ газети финстан, фал уæддæр æй нæхецæн æнæмæнгæ исæнхæсткæнуйнаг ихæсбæл банимадтан, не ’мзæнхон бæгъатæри туххæй бæлвурддæрæй радзорун. Еци гъуддаги ба нин агъазгæнæг фæцæй журналист Касати Батрадз Есени-фурти туххæй æрæги ци очерк бацæттæ кодта, уомæй.

* * *

Уодфедар, æхсарæ æма бæгъатæрдзийнади хецау, Уæрæсей Бæгъатæр Есенати Таймураз райгурдæй æма исгъомбæл æй Беслæни берæсувæллонгин,  æнгон, цардуарзагæ бийнонти ’хсæн. Есенати бийнонтæй фембалдан кизгутти хестæр Фатимæ, Светланæ, Ларисæ æма сæ кæстæр æнсувæр Заурбеги хæццæ.

Фатимæ нин куд радзурдта, уотемæй æнцæ авд хуæри æма цуппар æнсувæри. Сæ ниййергутæ Æхсарбег æма Тамарæ фæллойнæ кодтонцæ Беслæни маисон комбинати. Уоми базонгæ ’нцæ æма сæ цард байеу кодтонцæ. Æхсарбег адтæй электромонтер, цалцæг кодта мотортæ, фарнигъæуккаг Æлборти Тамарæ ба куста хом крахмали цехи.

Фæццардæнцæ кæрæдзей уарзгæй, кæрæдзей лæдæргæй. Ци еуæндæс сувæллони син исæнтæстæй, уонæн се ’хсæн ес дугай, æртигай æнзтæ. Еци рæстæг уойбæрцæ бийнонтæн бустæги гъæздугæй цæруни равгитæ кæми адтайдæ, фал бийнонтæ адтæнцæ æнгон æма кæрæдзей нифсæй гъомбæл кодтонцæ. Кæрæдземæ кастæнцæ, кæрæдзебæл хуæстæнцæ, ниййергутæ ба бийнонтæн пайда æрбахæссунбæл архайдтонцæ.

Мæнæ мин Фатимæ куд радзурдта:

– Кæд берæ адтан, уæддæр гъæуагæ нецæмæй æййафтан. Кæрæдзебæл адтан æновуд. Нæ еуемæ ни еске ку исдзоридæ, уæд уайтæкки æ фарс рахуæцианæ æма нæмæ неке æндиудта. Уæдта, нæ фидæ хуæрзæригонæй рахецæн æй æ  уæлзæнхон цардæй, æхсæрдæс æма ибæл дууинсæй анземæй æндæр нæ цудæй, æ зæрди нез æй нæбал бауагъта цæрун. Мæ хестæр æнсувæр адтæй Советон Æфсади служби æма уордигæй ку ’рцудæй, уæд иснæйанздзудæй æхе иснивонд кодта æ кæстæрти гъомбæл кæнунæн. Адтæй нин нæ фиди хузæн, æма абони уæнгæ дæр Марат ци зæгъа, уомæ игъосæн, æма ’й æнхæст кæнæн, кæд нæ еугуремæн дæр хе бийнонтæ ес, уæддæр, æнæ дзоргæй. Мадта кæстæртæ дæр уотæ, игъосунцæ сæ хестæртæмæ, аргъ син кæнунцæ сæ гъуддæгутæ, сæ загъдæн.

Æма кæрæдзебæл уотæ æновуд ке ан, е нæ аци уæззау рæстæг дæр никки æрбангон кодта. Абони ни алкæмæн дæр ес бийнонтæ, ес нин кæстæртæ. Марати фæсте хестæр дæн æз, дæн Цхурбати къохи, æртæ сувæллони гъомбæл кæнун, дууемей си рацудæнцæ адæми рæнгъæмæ, кæстæр ба нерæнгæ ма скъолай ахур кæнуй.

Мæ кæстæр хуæрæ Светланæ ’й Токати Хъазбеги къохи, ес ин æртæ кæстæри, Жаннæ – Шариновти къохи, Ларисæ – Джабити къохи, уомæн дæр ес æртæ кæстæри, Заурбег æ цард исбаста Фидарати Алини хæццæ, Анжелæ – Хуадонти Сослани хæццæ, сæ еугуремæн дæр ес дугай-æртигай сувæллæнттæ, Зæрини цардæмбал ба ’й Украини. Уæззау цæф фæцæй, туххæйти ма фæййервазтæй. Хуæрзæрæги байеу кодтонцæ сæ цард, уонæн сувæллæнттæ нæма ес.

– Таймуразæн Бæгъатæри ном равардтонцæ, уой кæд фегъустайтæ?

– Таймураз æфсæддон службæй ку ’рцудæй, уæд берæ рæстæг дæр нæма рацудæй, уотемæй нæуæгæй æхе исбаста æфсæддон служби хæццæ. Æ рæстæги архайдта Цæцæни тугъдтити, æй тугъдон архайди ветеран, фал уой туххæй гъæугæ гæгъæдитæбæл не ’рзилдæй. Уой фæсте цубур рæстæгмæ рацудæй службæй æма бийнонти гъуддаг бакодта. Æ цард байеу кодта Хъазити Фатими хæццæ. Æртæ кизги син ес.  Æ зæрдæ æндæр кустæй нæ рохс кодта, æма рандæй Хонсар Иристонмæ, 58-аг æфсадæн ци хæйттæ лæууй, уордæмæ. Уоми службæ кодта танки командирæй. Хъæбæр уарзта æ куст æма æ зиндзийнæдтæ дæр нецæмæ дардта. Хъæбæр патриот адтæй… Уогæ, «адтæй», зæгъгæ, нæ зæгъæн, уомæн æма ни æруагæс кæнуй, Таймураз нæмæ ке ’рцæудзæнæй æма æ Бæгъатæри ном идарддæр кади хæццæ ке хæсдзæнæй, е.

Æ райгурдæй фæстæмæ дæр адтæй сæрæн, æзмæлагæ, фурсæрæнæй бæстæ иннердæмæ фæлдахта, зæгъгæ, кæмæй фæззæгъунцæ, уæхæн. Æфсæддон цардиуагæ змалдæй æ тогдадзинтти. Æма Украинæмæ цæуни рæстæг ку ’рцудæй, уæд хуæрти, хестæр æнсувæри домæнтæ æма курдиæттæмæ дæр нæ байгъуста, цæмæй ма рандæуа, уой туххæй. Æз, дан, ку нæ рандæ уон, уæд мæхе бахуæрдзæнæн, ме ’мбæлттæ уоми мæлгæ кæндзæнæнцæ, æз ба мæхе мæ мади фæсте баримæхсдзæнæн?! Нур игъосæн æ бæгъатæрдзийнади хабæрттæ  æма еци менеугутæ ку нæ равдистайдæ, уæд е мах Таймураз дæр нæ адтайдæ.

Таймуразæн æ кæстæр æнсувæр Азæмæт дæр контрактмæ гæсгæ службæ кодта, Хонсар Иристони 58-аг æфсадæн ци хæйттæ ес, уоми. Ци хайади службæ кодта, уой разамонгутæ сæ фæндон фегъосун кодтонцæ, Азæмæти Украинæмæ ке ’рветунцæ, уой туххæй. Уæд сæмæ Таймураз бацудæй  æма си курдта, цæмæй Азæмæти бæсти уой рарветонцæ, уомæн æма имæ ес финддæсанзон æфсæддон фæлтæрддзийнадæ. Æма уæд хецауадæ сæ дууей дæр рарвистонцæ. Украинæмæ ку бацудæнцæ, уæд сæ танктæбæл финст адтæй «Ходуйнаги бæсти – мæлæт». Таймураз нифситæ лæвардта æ кæстæрæн, разæнгард æй кодта бæгъатæр тохмæ. Тугъдон цаути рæстæг  фæххецæн æнцæ.

Азæмæтæн æ контракт ку фæцæй, уæд æрæздахтæй сæхемæ. Таймуразæй хабар нæ адтæй æма ’й æ бийнонтæ агорун райдæдтонцæ. Финстонцæ æма телефонтæй дзурдтонцæ æфсæддон хæйтти разамонгутæмæ, æфсæддонти мадтæлти Комитетмæ, адæймаги бартæ гъæуайгæнæг оргæнтæмæ… Фал хузæнон дзуапп некæмæй истонцæ. 24 мартъий райстонцæ, ци æфсæддон хайадæ сæ рарвистонцæ, уой минæвари цубур дзуапп: «Есенати Таймураз нимад æй æбæрæгæй исæфтбæл…» Бийнонтæ æма æ хуæртæ никки хъæбæрдæр искарз кодтонцæ агорæн мадзæлттæ. Æ хуæртæ фембалдæнцæ, Таймурази хæццæ Украини сæрмагонд тугъдон операций ка архайдта, хуарз æй ка зудта, уони хæццæ. Уацари ка бахаудтæй, фал украинаг уацайрæгтæбæл æййивд ка ’рцудæй, æ экипажи еци дууæ æфсæддони, Анатолий Зарянов æма Иван Мильников бæлвурд æма бæстонæй Фатимæн радзурдтонцæ:

– Е ’мбæлттæ куд дзорунцæ, уотемæй хестæр сержант Есени-фурт командæ ци экипажæн кодта, уой батальони тактикон къуари хæццæ карз тохи бацудæнцæ æфсæддони æгъдауæй ахсгиаг гъæу байсунбæл. Знæгтæн сæ тухтæ адтæнцæ зингæ фулдæр. Есени-фурти арæхстгин командæн сæ бон бацæй цалдæр бронемашини исрæмодзун æма 30 украинаг националисттæй фулдæрей бабун кæнун. Фал, танкти нихмæ ракетон комплексæй Таймурази танк исрæмугътонцæ. Танк ку иссугъдæй, уæд Таймураз æ экипажи иуонгтæн бардзурд равардта, цæмæй танк ниууадзонцæ æма рахезонцæ æдас бунатмæ. Æхуæдæг рахизтæй еугурей фæсте æма æ экипажи иуонгти гъæдрæбун байаууон кодта. Æнгъæлмæ кастæнцæ фестæг æфсади агъазмæ, фал етæ бафæстеуат æнцæ, æма сæбæл уæдмæ знæгтæ æркъолæ ’нцæ. Райстонцæ сæ уацари. Уацари уогæй дæр, Таймураз нифс æвардта  е ’мбæлттæн. Дзуардта син, цæмæй æгириддæр ма тæрсонцæ, маци дзоронцæ, алли гъуддæгутæ дæр æхемæ ке райсдзæнæй, уой. Æма кæнгæ дæр уотæ бакодта.

Неци загъта знæгтæн, неци син исгъæр кодта, сауæнгæ ка ’й æма ци архайæг æй, уой дæр. Слести архайд ку цудæй, уæд  ин знæгтæ туххæй дæр, «Кадæ Украинæн», зæгъгæ, ку гъæр кæнун кодтонцæ, уæд е ба еци нифсфедарæй нигъгъæр кодта: «Кадæ Уæрæсейæн!..» Æвзиста сæмæ, ку райервæзон, уæд бабæй æрбаздæхдзæнæн сумах, националистти нихмæ тохунмæ!..»

Анатолий Зарянов ма дзурдта, цæргæбонти ке некæд феронх кæндзæнæй Таймурази, уомæн æма е ку нæ адтайдæ, уæд  цардæгасæй  нæ байзадайдæ, уотæ арфиаг æма сæрустур си адтæй æ адæймагдзийнадæ æма æ бæгъатæрдзийнадæй Иван Мильников дæр. Аци хабæрттæ Фатимæ ниффинста, еци æфсæддонтæ  ма Севастополи ку адтæнцæ, уæд, æма сæ барвиста æфсæддон прокуратурæмæ. Лæхъуæнти ма уацари фæсте фарстонцæ æфсæддон прокуратури дæр, Æдасдзийнади федералон иуонгтæ, фал Таймурази сæрæндзийнадæ, бæгъатæрдзийнадæ æма ауодунæй идарддæр сæ дзубандитæбæл нецибал бафтудтонцæ. Сæ контрактти æмгъудтæ фæцæнцæ æма сæ хæдзæрттæмæ рандæнцæ.

Есенати бийнонтæ ба идарддæр агурдтонцæ сæхе Таймурази. 27 июни ба син фегъосун кодтонцæ, Есенати Æхсарбеги фурт Таймуразæн лæвæрд ке ’рцудæй Уæрæсей Бæгъатæри кадгин ном.

6 сентябри Уæрæсей Федераций Президенти Указмæ гæсгæ танки командир, хестæр сержант Есенати Таймуразæн, æ лæгдзийнадæ, æхсарæ æма бæгъатæрдзийнади туххæй лæвæрд æрцудæй Уæрæсей Бæгъатæри ном.

16 сентябри Уæрæсей Федераций Гъæуайкæнуйнади министри фиццаг хуæдæййевæг Цæликкати Руслан Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади хæдзари Есенати Таймурази бийнонтæ æма хæстæгутæн кадгин уавæри равардта Уæрæсей Бæгъатæри «Сугъзæрийнæ Стъалу».

– Уæ фурт, дæ цардæмбал, уе ’нсувæр равдиста бæгъатæрдзийнадæ. Æ тугъдон ихæстæ æнхæст кæнуни фадуат ин ку нæбал адтæй, уæддæр уæхæн уодфедар равдиста æма знæгтæ неци бафæразтонцæ еци хъаурæ басæттунæн. Райсетæ нæ арф зæрдибун арфитæ, уæхæн игурд ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй, – загъта хæстæгутæн, хуæрзеуæг дæтгæй, министри фиццаг хуæдæййевæг.

Æхцæуæн куд нæ адтæй аци хабар бийнонтæн, æнсувæртæ æма хуæртæн, æ ниййерæг мадæн, фал æ хуæрæ Ларисæ куд зæгъуй, тугъд тугъд æй, лæдæрæн æй, алцидæр æрцæуй.

– Уæддæр мах нæ зæрдæ дарæн, не ’нсувæри уодæгасæй фæууинунбæл.

Таймурази хуæртæ хъæбæр боз æнцæ сæ киндзæй:

– Хъæбæр ездон силгоймаг Хъазити Фатими хæццæ исбаста æ цард Таймураз. Дæс анземæ син исæнтæстæй æртæ хори хузæн кизги. Киндзæ хъæбæр æновуд æй бийнонтæбæл, хуарз кæстæр æй, цийфæнди ин ку зæгъай, уайтæкки æй исæнхæст кæндзæнæй, мæнæ цума дæ сувæллон æй.

Хуæртæ æма æнсувæртæ арфæ кæнунцæ сæ киндзæ Фатими хестæр æнсувæр, медгъуддæгути раздæри косæг, Хъазити Асланæн. Таймуразæн æ рандæунæй абони уæнгæ е нæдæр е ’хцай фæрæзнитæ не ’вгъау кæнуй, нæдæр æ фудæбон. Кæци къæсæрæй нæ бакастæй, кæци хецауи дуар нæ бахуаста, уæхæн нæбал байзадæй.

– Ке зæгъун æй гъæуй, махæн не ’нсувæр æй, нæ кæстæр æма ’й мах агордзинан, абони уа, исон уа, фал кæд е уæхæн зундбæл хуæст æй, уæд ин мах дæр нæ сæртæй ниллæг ковæн æма ковдзинан, нимайдзинан æй не ’нсувæри хузæн, – æмцъухæй зæгъунцæ Есенати бийнонтæ.

Бæгъатæр тугъдон, патриот, уодварнæ æма æхсари хецау Есенати Таймуразæн Уæрæсей Бæгъатæри «Сугъзæрийнæ Стъалу» æхецæй раздæр æрхъæрттæй æ бийнонтæмæ, Иристонмæ. Æхуæдæг ба æбæрæг рауæн ниффæстеуат æй. Фал æ берæ хуæртæ æма æнсувæртæ, æ бийнойнаг, æ минкъий æртæ хори туни имæ кæсунцæ æнгъæлмæ. Ковунцæ Хуцау æма е ’сконд изæдтæмæ, цæмæй сæмæ еу бон сæрæгасæй фæззинна. Сæ кувдтитæ фегъусæнтæ Хуцаумæ! Мах дæр уомæ ковæг ан…