12 декабря 2024

АЛИБЕГТИ ЭЛЛÆ: «ЕУМÆЙАГ ПАДДЗАХАДОН ФÆЛВАРÆНБÆЛ ИСÆМБАЛДАН ХУÆРЗЦÆТТÆЙ…»

28.05.2022 | 15:48

Нæ республики скъолати æ тæмæни бацудæй паддзахадон хатдзæггæнæн аттестаци. Фиццагидæр си архайун байдæдтонцæ фарæстæймагкъласонтæ – 19 майи. Нур ба ралæудтæй еуæндæсæймагкъласонти кезу – 26 майи етæ дæттун райдæдтонцæ еумæйаг паддзахадон фæлварæн. Еузагъдæй, айдагъ рауагъдонтæн дæр æма педагогон коллективтæн нæ, фал æнæгъæнæй не ’хсæнадæн дæр е æй ахсгиаг гъуддаги рæстæг. Æма ибæл цæйбæрцæбæл хуæрзцæттæй исæмбалдæнцæ Цæгат Иристони, уой фæдбæл æй нæ республики ахурадæ æма науки министр Алибегти Элли дзубанди:

– Паддзахадон хатдзæгтæгæнæн аттестаци нæмæ куд райдæдта æма куд цæуй, уомæ гæсгæ мæ бон æй федарæй уотæ зæгъун æма ибæл исæмбалдан хуæрзцæттæй. Æма нерæнгæ нецима дзорун уой фæдбæл, фал ми æруагæс кæнуй, аци ахсгиаг гъуддаг æнхæстгонд ку ’рцæуа, уæд æ кæронбæттæни бæрæггæнæнтæ дæр уодзæнæнцæ зæрдæмæдзæугæ. Нæ министради специалисттæ æма дæлкъабазон организацити косгутæн еу æма дууæ хатти не ’рцудæй арæзт хецæттæгæнæн мадзæлттæ. Кустонцæ фæлварæн æрмæгути мухури технологибæл, уомæй уæлдай ба ма тестгонд æрцудæнцæ организацион æма технологон процедуритæ, бæрæггонд цудæй ефтонггæрзти, сæ хæццæ компьютерти, принтерти, сканерти æма видео-цæстдарæн системи куст дæр.

Аци анз мах зæрдиаг куст бакодтан Еумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ фулдæр специалисттæ бацæттæ кæнуни фæдбæл. Уонæн арæзт æрцудæй ахур кæнуни берæкъæпхæнон цикл, Мæскуйæй дæр си спикертæ архайдтонцæ, уотемæй. Цалдæр дæсниадемæй эксперттæ ахур кодтонцæ интенсивон къурсити Еумæйаг паддзахадон фæлварæни цæстдарди барæн æрмæгути медеси фарстати туххæй. Цуппарсæдæ ахургæнæги архайдтонцæ «ЕГЭ-федæнмæ над», зæгъгæ, проектти, нæ регионæн сæрмагондæй кустгонд æрцудæй уæлæнхасæн курс «ЕГЭ-2022». Аци анз математики æма уруссаг æвзаги ахургæнгутæ сæхуæдтæ дæр лæвардтонцæ хецæттæгæнæн Еумæйаг паддзахадон фæлварæн, цæмæй ахургæнгути предметон æнхæст цæттæдзийнади комкоммæ бæлвурдгонд æрцæуа рагацау æма, кадавардзийнадæй си ци уа, уони афойнадæбæл райеуварс кæнуни туххæй сæхебæл бакосонцæ. Нæ мадзæлтти нин устур агъаз бакодта Мæскуй ахуради хуæрзгъæдæдзийнади Центр. Уони специалисттæ нин сæ фæлтæрддзийнадæ не ‘вгъау кодтонцæ.

– Еумæйаг паддзахадон фæлварæнти аци анз ести æййивддзийнæдтæ ес?

– Неци уоййасæбæл æййивддзийнадæ си æрцудæй, айдагъдæр æййевуй цæстдарди барæн æрмæгути медес. Аци анзи Еумæйаг паддзахадон фæлварæни кампаний еугур менеугутæ дæр зундгонд адтæнцæ рагацау, уомæ мах цæттæ кодтан дæргъвæтийнæ рæстæг. Фиццагидæр, е баст æй уой хæццæ, æма аци анз рауагъдонтæ фиццаг къласæй фæстæмæ ахур кодтонцæ астæуккаг ахуради Федералон паддзахадон ахурадон стандартмæ гæсгæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма еугур нæуæгдзийнæдтæ дæр æнхæстгонд цæудзæнæнцæ къæпхæнгай, цалдæр анзей дæргъи. Фæлварæнти ихæслæвæрдти фулдæр хай рауагъдонæй бадомдзæнæнцæ логикон гъудикæнуйнадæмæ гъосдард, ци æрмæг имæ ес, уомæй архайунмæ арæхсун, цубурдзурдæй, еуæндæс анзей дæргъи сувæллæнттæ цæбæл ахур кодтонцæ, уомæй пайда кæнун зонун. Æййивд æрцудæй ихæслæвæрдти нимæдзæ, уæдта фæлварæнти рæстæги дæргъвæтийнадæ.

– Эллæ, аци анз пандемий фудæй ахурадон уагæдæнттæ цубур рæстæгмæ рахизтæнцæ идæрддзæфмæ технологитæй ахур кæнунмæ. Æма уæхæн уавæрти куд цæттæгонд цудæнцæ рауагъдонтæ, фагæ равгитæ æма фæрæзнитæ син адтæй?

– Æцæгæйдæр, аци анз эпидемиологон уавæр лæгъузæрдæмæ фæззиндтæй ахурадон процессбæл. Фал нæмæ ес зингæ фæлтæрддзийнадæ, æма скъолати хæццæ нивæбæл æмархайди фæрци ахуради управленитæ ахури процесс нæ бауорæдтонцæ. Æма е, фиццагидæр, нæ ахургæнгути фæрци æй. Мах лæдæрæн, уæззау уаргъ сæбæл ке æрæнцадæй, уой, фал ин бафæразтонцæ, исхъаурæ кодтонцæ æма исарæхстæнцæ, цæмæй ахури фæткитæ къулумпигонд ма æрцудайуонцæ. Уой хæццæ ба ма син агъаз кæнунмæ сæмæ цудæнцæ республики уæлдæр ахургæнæндæнтти педагогон здæхти хестæр къурсити студенттæ. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой фæдзæхстмæ гæсгæ министрадæ бацæттæ кодта проект «Учитель на замену». Уой агъазæй ахурадон уагæдæнттæн пандемий рæстæг агъаз кодтонцæ Цæгат Иристони паддзахадон университети æма пединститути студенттæ. Уомæй уæлдай ма, региони разамонæги фæдзæхстмæ гæсгæ, скъолати рауагъдонтæн 2021 анзи ноябрæй 2022 анзи маймæ арæзт æрцудæнцæ лæвар онлайн-къурситæ, Еумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнгæй. Республики хуæздæр ахургæнгутæ лæдæрун кодтонцæ, кæци предметмæ куд хуæздæр бацæттæгæнæн ес, уой. Фæууинæн адтæй видеоуроктæ дæр. Уомæй уæлдай ма, ес федералон фæрæзнитæ, кæцитæ хуарз агъаз æнцæ, фæлварæнмæ цæттæ кæнгæй. Зæгъæн, педагогон барæнти Федералон институт æ сайти ниммухур кодта цæстдарæн æрмæгути хузтæ 15 предметемæй.

– Еумæйаг паддзахадон фæлварæни процедури æгъдауихæлдтитæ, ке фæууй, еци фарста дæр ахсгиаг æй. Ци зæгъæн ес уой туххæй ба?

– Еугур ахурадон уагæдæнтти дæр косæн, цæмæй рауагъдонтæн лæдæрд уа, фæлварæнти æгъдауихæлдтитæ цæмæ æркæнунцæ, уой. Етæ гъæуама балæдæронцæ, бастдзийнадæ кенæ æндæр фæрæзнитæй пайдагæнгæй, фæлварæнæй цохгонд ке цæудзæнæнцæ, æма син аци анз фадуат ке нæбал уодзæнæй фæлварæн нæуæгæй раттунæн. Еугур аудиторити дæр IT-камеритæ æвæрд ке уодзæнæй, уомæ гæсгæ мобилон телефон уордæмæ бахæссæн нæййес, медæмæ бацæуæнти ба æвæрд уодзæнæнцæ детектортæ.

– Сувæллæнттæй хъæбæрдæр, æвæдзи, фæттухсунцæ сæ ниййергутæ, æма еци тухстдзийнадæ ба лæгъузæрдæмæ зиннуй рауагъдонтæбæл дæр. Уони хæццæ ести куст кæнетæ?

– Ниййерæги сæйрагдæр ихæс æй сувæллони фæлварæни размæ фæннифсгун æма фæрразæнгард кæнун, цæмæй æй æнтæстгинæй радта. Фал си домун ба неци гъæуй. Гъæуама сувæллæнттæ лæдæронцæ, фæлварæн кудфæнди ку раттонцæ, уæддæр сæ ниййергутæ берæ ке уарздзæнæнцæ, сæ карни гъуддæгутæбæл æновуд ке уодзæнæнцæ, уой.

– Æма ма еу,  рауагъдонтæ æма ниййергути базонун ке фæндуй, уæхæн фарста – сæрмагонд хузи аттестатти туххæй. Аци анз си ести æййивддзийнæдтæ ес?

– Нæййес. Фæткæ федаргонд æрцудæй Уæрæсей Федераций рохсади Министради бардзурдæй. Хъæбæр хуарз аттестат æма майдан «За особые успехи в учении» райсдзæнæнцæ, еугур предметтæй дæр хъæбæр хуарз бæрæггæнæнтæ ка райста, еци еуæндæсæймагкъласонтæ. Сæрмагонд хузи аттестаттæ райсунвæндæ ка кæнуй, етæ дæр уруссаг æвзаг æма математикæй фæлварæнтæ ратгæй гъæуама 70 баллæй минкъийдæр ма райсонцæ.

– Ци ес дæ зæрди зæгъун, аци анз Еумæйаг паддзахадон фæлварæн ка дæтдзæнæй, еци рауагъдонтæн?

– Сæйрагдæр – хе раст æма æнхæстæй бацæттæ кæнун. Хъор уæ ци лæгъуз гъудитæ кæнунцæ, уони феронх кæнетæ, уæ хъауритæ æма зонундзийнæдтæбæл дузæрдуг ма кæнетæ, – етæ уин исуодзæнæнцæ уæ хуæздæр агъазгæнгутæ. Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнтæстдзийнæдтæ!

*  *  *

Министр Алибегти Элли дзубандимæ æфтауæнæн ма ракæнуйнаг ан еуцалдæр хабарей кой. Нæ республики ахурадæ æма науки министрадæй нин куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй аци анз Еумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттуни туххæй курдиадæ балæвардтонцæ 3739 ахурдзауи, (107 адæймаги си се ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ цубуртæгонд равгити хæццæ). Уонæй 3030 – аци анзи рауагъдонтæ; 201 – астæуккаг профессионалон ахургæнæндæнтти ахурдзаутæ; 454 – раздæри æнзти рауагъдонтæ; 41 – Хонсар Иристони минæвæрттæ.

Аци анзи рауагъдонтæй 2081 равзурстонцæ математикæ. Тæккæ дзиллондæр фæлварæнмæ – уруссаг æвзагбæл – сæхе ниффинстонцæ 3419 адæймаги. Хевæндонæй равзурст предметтæй тæккæ нимаддæр æй æхсæнадæзонунадæ – уой равзурстонцæ 1984 адæймаги. Æнæмæнгæ дæттуйнаг æнцæ уруссаг æма математикæбæл фæлварæнтæ – уони æнтæстгинæй раттун ахедуй аттестат райсунбæл.

Еумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттуни фæдбæл фарстатæ кæмæ фæззинна, уони бон æй нæ республики ахурадæ æма науки министрадæмæ бадзорун мæнæ ауæхæн телефонмæ: 8(8672) 53-49-40.

РЕДАКЦИЙÆЙ: Еугæр нæ абони дзубанди ахуради туххæй æй, уæд æнæмæнгæ æримисун гъæуй еу ахсгиаг цау. Цæветтонгæ, астинсæй анзей размæ Дзæуæгигъæуи байгон æй силгоймæгти фиццаг скъола. Уой туххæй уотæ финстонцæ: «… 10 числа мая месяца 1862 года священник Владикавказского осетинского прихода Алексей Колиев при молебствии Господу Богу с водоосвящением открыл в собственном доме школу для девиц-осетинок, в которую на первый раз поступило 18 учениц».

Аци цауи фæдбæл æрмæг кæсетæ 5-аг фарсбæл.