АЛЛИ АХСГИАГ ГЪУДДАГ ДӔР ГЪӔУАМА ӔНӔГЪӔНӔЙ ӔНХӔСТГОНД ЦӔУА
Евгъуд къуӕрей электрон тухӕй гъӕуагӕ баййафтонцӕ нӕ республики цалдӕр рауӕнеми – зӕгъӕн, электрон рохс нӕ адтӕй Дзӕуӕгигъӕуи. Аци цауи фӕдбӕл Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ӕрӕги алликъуӕреуон аппаратон ӕмбурди архайгути ӕргом раздахта, фӕстауӕрцон фӕрӕзнитӕ ке нӕййес, е цӕйбӕрцӕбӕл нӕхъӕртондзийнадӕ ‘й, уомӕ. Ӕ радзубандий загъта:
– Районти разамонгути хӕццӕ гъӕуама зонайтӕ, электрон тухӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми цӕйбӕрцӕ адӕм цӕруй, уонӕн ӕрдзон газӕй пайда кӕнунӕн сӕ гӕнӕнтӕ циуавӕр ӕнцӕ, уой. Еугур социалон объекттӕ гъӕуама ӕнхӕст уонцӕ фӕстауӕрцон фӕрӕзнитӕ дӕтгутӕй. Банимайетӕ, цӕугӕ электростанцитӕн цӕйбӕрцӕ багъӕудзӕнӕй, уой.
Нӕ республики сӕйраг санитарон дохтир Тибилти Алан аци бӕнтти эпидемиологон уавӕри туххӕй дзоргӕй куд фегъосун кодта, уотемӕй евгъуд къуӕрей, раздӕри ӕмгъуди хӕццӕ рабаргӕй, сӕйгитӕ дууӕ проценти фӕффулдӕр ӕнцӕ. Ковидон госпитӕлтӕмӕ баластонцӕ 15,4 проценти фулдӕр сӕйгити.
***
Аци ӕмбурди уӕлдай парахатдӕр дзубанди рауадӕй культури къабази идарддӕри райрӕзти фӕдбӕл. Культури министради разамундӕн ихӕсгонд ӕрцудӕй, цӕмӕй нӕ республики ахсгиагӕй ка гъӕуй, еци берӕфадуатгун концертон зали арӕзтади программӕбӕл бундоронӕй бакосонцӕ. Сергей Меняйлой гъудимӕ гӕсгӕ еугур культурон объекттӕ дӕр байеу кӕнун гъӕуй ӕма уой фӕрци сӕ архайд еугӕндзонӕй ӕнтӕстгиндӕр уа. Уой фӕдбӕл уотӕ загъта:
– Гъӕуама нӕмӕ уа культури объектти ирӕзти хеуинунадӕ. Мӕ бон ӕй берӕфадуатгун концертон зали арӕзтади туххӕй бӕлвурддӕрӕй ӕрдзорун, фал нерӕнгӕ нӕмӕ нӕ фагӕ кӕнуй министради бундорон хатдзӕгтӕ ӕма уони исбӕлвурд кӕнунбӕл ӕвӕстеуатӕй бакосун гъӕуй.
Уой хӕццӕ ба ма Сергей Меняйло республики разамонӕг министради разамундӕн бафӕдзахста нӕ паддзахадон ансамбль «Алан»-и идарддӕри райрӕзти программӕ цубур ӕмгъудмӕ бацӕттӕ кӕнун. Уой фӕдбӕл уотӕ баханхӕ кодта:
– Ансамбль ӕй нӕ республики культурӕ агъазиаудзийнади ӕма цӕмӕдессаги ӕвдесгутӕй еу, аци фарстай уӕ равналӕнтӕ фӕппарахатдӕр кӕнетӕ.
***
Ӕмбурди ма дзубанди рауадӕй, аукционмӕ нӕ рахӕсгӕй, инвестицион проекттӕ исӕнхӕст кӕнуни нисани хӕццӕ ци зӕнхитӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ, уобӕл. Раздӕр Сӕргълӕууӕг зӕнхитӕ фӕстӕмӕ райсун байхӕс кодта. Амалгъонадон архайд зӕнхитӕбӕл кӕми нӕ цӕуй, уой туххӕй радзурдта паддзахадон есбойнадӕ ӕма зӕнхи рахастдзийнӕдти министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тедети Руслан:
– Ӕдеугурӕй 35 инвесторӕн радех кодтан 54 зӕнхи хаййи, нур инвестортӕ сӕ проекттӕ царди уадзунцӕ. Абони сӕ куст кӕнунцӕ «Метро Кэш Керри», «Промстройконструкци», «Леруа Мерлен».
Ӕнӕмӕнгӕ гъӕуама ци проекттӕ арӕзт ӕрцудайуонцӕ, уотемӕй ба ӕвнӕлд дӕр кӕмӕ не ‘рцудӕй, уони хецӕутти хӕццӕ бадзурдтӕ ихӕлд ӕрцудӕнцӕ. Уой фӕдбӕл Сергей Меняйло уотӕ загъта:
– Гъӕуама алкедӕр раст балӕдӕра, циуавӕр системӕмӕ гӕсгӕ косӕн, уой. Ес нӕмӕ инвестицон проектти совет, уоми исарази унцӕ республикӕн ахсгиаг проекттӕбӕл. Бадзурдти бӕрӕг фӕуунцӕ республикӕ ӕма инвестори ихӕстӕ. Сӕйрагдӕр ӕнцӕ байвӕрд ӕхца, нӕуӕг кусти бунӕттӕ ӕма мизд.
Мах нӕхе ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнӕн, инвестор ба ӕхе ихӕстӕ. Кӕд нӕуӕг кусти бунӕттӕ фулдӕр кӕнуни ихӕс ӕхемӕ райста, уӕд ӕй ӕнхӕст кӕнӕд, мах ба имӕ нӕ цӕстӕ дардзинан. Кӕд ин не ‘нтӕсуй, уӕд бадзурд фехалдзинан.
Ӕмбурди ма Сергей Меняйло фегъосун кодта цалдӕр фӕдзӕхсти: ахуради ӕма науки министрӕн, цӕмӕй бавдеса ахургӕнгути мизд федуни системи фӕдбӕл фӕндӕнттӕ; районти разамонгутӕ ба гъӕуама бацӕттӕ кӕнонцӕ ӕхсӕнадон бунӕттӕмӕ базелуни фӕндӕнттӕ. Хъалонтӕ федуни цӕгатиристойнаг управлени гъӕуама паддзахадон есбойнадӕ ӕма зӕнхи рахастдзийнӕдти министради хӕццӕ бацӕттӕ кӕнонцӕ, хъалонтӕ куд ӕфтуйунцӕ, уой туххӕй бӕлвурд игъосункӕнуйнаг. Ӕнӕзмӕлгӕ есбойнадӕ ӕма зӕнхи хӕйттӕ инвентаризацигонд куд цӕунцӕ, уомӕ гӕсгӕ.