«АМИРАНИ РОХС» – ÆРИГÆНТТÆН РАЗВÆНДАГ АМОНÆГ
Нæ национ драматургий æма театралон аййевади бундорæвæрæг Бритъиати Елбиздихъой берæ курухон фæдзæхститæй еу адтæй: «Дæ зæрдæй цæуæд уарзондзийнадæ, зунд ба ин – надамонæг!..» Æ еци фæдзæхст æ фæдонтæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæйбæрцæбæл æнхæстгонд цудæй æма нерæнгæ дæр цæуй, уомæн ба ирд æвдесæн æнцæ нæ театралон аййевади æнтæсдзийнæдтæ.
Зæгъун гъæуй уой дæр, æма æнхæстгонд цæуй айдагъ профессионалон сценæбæл нæ, фал хуæдахур театралон къуæртти фæрци дæр. Советон доги уонæн арæзт цудæй сауæнгæ аллихузон сæрмагонд исфæлдистадон æркæститæ дæр. Советон цардарæзти фехæлди фæсте еци ахсгиаг гъуддаг зингæ фæкъкъуæхци æй. Хуарз æма нуртæкки бæлвурд архайд цæуй æ иснæуæг кæнунбæл.
Еци гъуддаги уæлдай æновудæй архайуй нæ республики фæсевæди регионалон æхсæнадон организаци «Амиран». Уой хъæппæресæй фондз анзей размæ æвæрд æрцудæй бундор Цæгат Иристони сабийтæ æма фæсевæди национ театри фестиваль «Амирани рохс»-æн. Аци æргъудидзийнадæ æнтæстгин рауадæй, иссæй аллианзон æма анзæй-анзмæ фулдæр кæнунцæ æ архайгутæ, æ гæнæнтæ æма равгитæ.
«Амиран»-и разамонæг куд зæгъуй, уотемæй аци арфиаг гъуддаг исаразунмæ бавналгæй сæ фæндадтæй, цæмæй Цæгат Иристони ирæзгæ фæлтæртæ æхцулдæр уонцæ аййевадæбæл, æма уой фæрци цæмæй социалон хизти, интернети сæ рæстæг минкъийдæр æрветонцæ æма син етæ сæ уодисконди ирæзтбæл аллихузон нæгъæугæ æма зæранхæссæг хабæрттæй ма ахеда. Культурон æма спортивон царди архайгæй кæстæртæн сæ уодиконд, сæ зундирахасти ба æвзурунцæ рæсугъд æма фæнзуйнаг менеугутæ.
Театралон фестиваль «Амирани рохс» бабæй арæзт æрцудæй æрæги. Æма уой туххæй нæ радзубанди хумæтæги нæ райдæдтан Бритъиати Цопани фурт Елбиздихъой æримисгæй – æрæги, 23 мартъий æ райгурдбæл исæнхæст æй авдинсæй анзи (1881-1923). Æма ин æ рохс ном исцитгин кодтонцæ аци анзи фестивали мадзæлттæй. Уонæй ма бæрæггонд æрцудæй æркастæн æхебæл фондз анзи ке исæнхæст æй, е дæр. Фестивали архайдтонцæ Цæгат Иристони еугур районти скъолати мсфæлдистадон-театралон къуæрттæ, уæдта Хонсар Иристони къуар дæр.
Дзæуæгигъæуи фæсевæди исфæлдистади Галауани сценæй нæ республики скъолати театралон къуæрттæ равдистонцæ миниатюритæ нæ адæми цардиуаги фæдбæл. Арæхстгинæй байархайдтонцæ не ‘гъдæуттæ æма фæткитæ, фольклори хæццæ баст фарстатæмæ сæхе цæстæй ракæсунбæл. Еци гъуддаги ба син арæхстгин разамонгутæ адтæнцæ сæ ахургæнгутæ.
Фестиваль райдæдта нæ фидтæлти нæуæганзон бæрæгбон «Хæдзаронтæ»-й. Игъæлдзæг миниатюрæ бацæттæ кодтонцæ Брути скъолай театралон къуари архайгутæ. Цæликки скъолай ахурдзау Тезиати Дзерассæ ба иронау аййев æма рæсугъд бакастæй аргъау «Хæлеугъæлæс паддзах». Фестивалмæ хаст æрцудæнцæ Бритъиати Елбиздихъой уадзимисти бундорбæл æвæрд скъуддзæгтæ дæр. Сæ еуей, радзурд «Дадолты мæт», сценикон хузи равдистонцæ Елхотти скъолай театралон къуари æригон артисттæ æма си фæууинун кодтонцæ, евгъуд æноси райдайæни æнахургонд адæми куд сайдтонцæ æма сæ æ фæстеугутæ цæмæ æркодтонцæ, уой.
Рагæйдæр Нарти кадæнгити хъайтартæй еу – Сирдон хаст цудæй æма цæуй æмбесондæн. Æ циргъзунд, хийнæйдзаг миутæ ин фестивали сценæй лæмбунæг равдистонцæ Чиколай æригон артисттæ. Уоййасæбæл дæсни æма арæхстгинæй рагъазтонцæ æма сæ адæймаг æцæг профессионалон артисттæ бангъæл адтайдæ.
Хъæбæр цæмæдессаг адтæй Гъæдгæрони скъолай театралон къуари равдист дæр. Скъоладзаутæ бацæттæ кодтонцæ нæ фидтæлти рагон æма кадгин, «Хори кувд»-и бæрæгбон. Кизгуттæ æма биццеутæ равдистонцæ, адæм Хори кувдмæ сæхе куд цæттæ кодтонцæ, уой.
Уомæй уæлдай ма фидтæлти æгъдæуттæй æвдист æрцудæнцæ «Авдæнбæттæнтæ» дæр. Аци спектакли Рассвети гъæуи скъолай артисттæ равдистонцæ, раздæр нæуæгигурдæн авдæнбæттæнтæ куд кодтонцæ æма синхи уоститæ хунти хæццæ куд цудæнцæ, силгоймæгти хестæр, сабийи авдæни бæтгæй, куд кувта, еци мадзæлттæ.
Фестивали спектаклти медес хъæбæр цæмæдессаг адтæй, сæ еугуребæл æрдзорунæн фадуат нæййес. Фиццаг бунæттæ уæлахездзаутæн лæвæрд цудæнцæ номинацитæмæ гæсгæ. Уæхæн къуæрттæ æма си адтæй æма цалдæргай номинацити ка рамулдта.
Республики национ рахастдзийнæдти фæдбæл министр Цуцити Аслан райарфæ кодта фестивали архайгутæн æма кади Дипломтæй исхуарзæнхгин кодта уæлахездзаути. Æ радзубандий баханхæ кодта:
– Фестиваль ка ‘ргъуди кодта, етæ нæ фæррæдудæнцæ. Амирани рохс ка хæссуй, етæ æнцæ мæнæ аци фæсевæд, наци цæрдзæнæй цалинмæ цæра æвзаг. Æма ми æруагæс кæнуй, не ‘взаг ба æносон ке æй, е.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдар Тускъати Тайморази номæй Арфи гæгъæдитæ равардта фестивали архайæг къуæрттæ ци районтæй адтæнцæ, уони бунæттон хеунаффæйади администрацитæн.
Фестивали архайгутæн ма арфитæ ракодтонцæ жюрий иуонгтæ, нæ республики зундгонд артисттæ Дзгойти Аллæ, Хадати Альберт, Секъинати Элитæ, Кокайти Алан, Басити Аслан æма иннетæ.