АМОНДГУН ÆЙ, Æ УОДИКОНДÆЙ НÆ ДЗИЛЛÆН ФАРНÆ КА ХÆССУЙ, ЕЦИ АДÆЙМАГ!..
Лæгигъæдгун адæймагмæ лæгдзийнæдтæй æскъуæлхуни æууæлтæ æ уодиконди æнай-æнойти нæ фæззиннунцæ, уæдта, багъудæнцæ дæ, зæгъгæ, уæд сæ уайтæккæ кæмидæр æма цийфæнди мулкитæй дæр нæ исамал кæндзæнæ. Етæ æ зундирахасти æма уодигъæди, бæласи уедæгти хузæн гъæуама фæффедар уонцæ сауæнгæ хуæрзсабийæй æма еци уедæгтæ талатæ куд исуадзунцæ, уотæ гъомусæй-гъомусдæр кæнонцæ адæймагæн æ цардиуаги.
Уой уомæ гæсгæ зæгъун, æма Тохъайти Хасанбийи фурт абони нæ дзилли ‘хсæн цæмæй зундгонд æма кадгин æй, етæ ин бантæстæнцæ хуæрзæригонæй имæ арфиаг гъуддæгути æскъуæлхуни разæнгарддзийнадæ ке адтæй, хестæрти фæдзæхститæ имæ хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæнцæ, æновудæй архайдта æ равгитæ æма гæнæнтæй æнхæстæй пайда кæнунбæл, еузагъдæй, æ карнæ æхе хъаурæ æма хъазауатæй аразта æма аразуй нерæнгæ дæр ма… Мæ аци загъди фæдбæл æрхæсдзæнæн еу дæнцæ.
Цæветтонгæ, айразмæ зæронд газеттæ кæсгæй, «Социалистон Дигори» (æ рæстæги адтæй уæхæн газет) исæмбалдтæн Хайманонти Мæхæмæти финст уацбæл. Мæнмæ гæсгæ, цæмæдессаг уодзæнæй нæ газеткæсгутæн.
Хайманонти Мæхæмæт æ еци уац исхудта «Нифсхаст фæсевæд», æма си уотæ финста:
«…Авд сахатти нæма иссæй, фал Чиколай астæуккаг скъолай ахурдзаути бригадæ ба æй будури. Бригадæ дуккаг бон рацудæй æ картофи зæнхæ æхсæдунмæ. Дуккаг бон зæгъгæ, æнæ зæгъæн дæр нæййес: нуртæккæ син фадуат ес айдагъдæр фæсуроктæ косунæн.
Аци бон ба уолæфæн бон æй скъолай, фал нифсхаст фæсевæди уолæфунмæ нæ евдæлуй. Ралæудтæй хæмпæлгæрдæги нихмæ тохи рæстæг. Бригади иуонгтæ æхсæдунцæ сæ картофи зæнхæ. Финддæс гектари æхсæй ратъæпгæнгæ нæ ‘нцæ. Фал устур æй фæсевæди нифс æма хъаурæ. Картофи æмвæйнæ æвзарæ зæрдæ æвæруй гъæздуг тиллæги æрзадæн. Айдагъдæр гъæуй тох хæмпæлгæрдæги нихмæ.
Звенотæ æма бригади хецæн иуонгти ‘хсæн урухæй рапарахат æй социалистон ерис. Мæнæ Малити Джабраили звеной иуонг Тохъайти Нох дзоруй е ‘мбал Тауасити Астанмæ:
– Гъæйт-мардзæ, Астан, базмæлун кæнæ дæ синхон кизгутти, Мерон ни раздæр кæнуй.
– Ма Меронети æхсаст мах æхсастæй хуæздæр æй? – æ фарста багæлста бригади æригондæр иуонг Багъданти Хъазбег.
– Уой бригади совет исбæлвурд кæндзæнæй, – зæгъуй Тауасити Анитæ.
– Хуæрзгъæдæ æхсаст æма цурддæр, рæфти нæ райони фæскомцæдесон фиццаг слетмæ цæун гъæуй, – дзоруй се ‘мбæлттæмæ Баликъоти Лазæр. Чихтисти Мерони звено хуми уæллаг фарс, цума ‘й кæронмæ берæ нæбал гъæуй, уой хузæн, тундзгæ фæццæуй размæ. Сæ фарсмæ сурх туруса пæр-пæр кæнуй æма син сæ къох рæуæг кæнуй. Звеновод звенобæл æрзилдтитæ кæнуй, æстауй сæ кустигъæдæй, ефстаг кæрдæги халæ ку иссеруй, уæд æрлæууй æма кæми хилæ, кæми ба айуан кæнунбæл фæууй.
– Цæбæл тухсис, Мерон, бæх дæр ма æхе кæми равдолуй, уоми æрдо ку райзайуй, – æ дзурд багæлста Мудойти Батраз.
– Е рагон æмбесонд æй, уотемæй нæ гизæйлæгтæмæ фæдздзорун нæ гъудæй, – зæгъуй Гуæздæрти Аллæ.
– Ма ци? Сæ фæдздзурд син райстан, æма син сæхемæ фæдздзурдтан. Цæмæй марддæр ан мах ба уонæй? – фæрсуй Гасанти Явæ.
– Раст зæгъуй Явæ, раст! – еумæ исдзурдтонцæ Цорити Валя æма Симæ Алкашева.
– Мерон, уæд мæнæ премий гъуддаг ба куд уодзæнæй? – фæрсуй Басити Хъазбег.
– Хъазбег нур велосипедмæ æ гъостæ хафуй, – зæгъуй Гуæздæрти Катя.
– Мæнæ гизæйлæгти фæдздзурди фæдбæл ци премитæ конд æрцудæй, уонæй зæгъетæ? – фæрсуй Мерон.
– Уонæй, уонæй! Аллирдигæй исигъустæнцæ гъæлæстæ.
– Фиццаг велосипед мæнæ Фадзайти Зари, дуккаг – Темурти Зелимхани, æртиккаг ба – Зарончинцева Марияй. Патефонæй ба еумæ цæгъддзинан, – ходгæ-ходгæй син дзуапп равардта Мерон.
Уотæ дзубандигæнгæй сæ исæййафта бригади разамонæг Цакъоти Алексей.
– Уæ кустигъæдæ лæгъуз нæ ‘й, фал уи иннетæ дæр берæ фæстагдæр нæ ‘нцæ, мæ хортæ, – загъта син Алексей.
– Алексей Михаили фурт а фæстаг рæстæг «хуарз» ке нæбал зæгъуй, уой нæ зонетæ? – звеной иуонгтæй кадæр исдзурдта.
– Æнæ багæпп кæнгæй, «гъопп!» зæгъун нæ гъæуй. Нурма нур ку райдæдтан косун, – зæгъуй Алексей.
– Нур бал нæ тиллæги æвзæрттæ ‘нцæ хъæбæр хуарз. Гъæуама тиллæг уа! – исдзурта Мерон.
Фиццаг дууæ бон æхсæдуни куститæ куд бавдистонцæ, уотемæй бригадæ æй æгъдаугин кустуарзон, нифсхаст. Бригади иуонгтæ сæ бони нормитæ æнхæст кæнунцæ 150-200 процентемæй. Растауйнаг æй сæ кустигъæдæ. Картоф фиццаг æхсаст фæууогæй, æрцæудзæнæй культивацигонд. Уой фæсте ба – дуккаг æхсаст…»
Нур уи баруагæс æй, Тохъайти Нох сауæнгæ хуæрзæригонæй хайгин ке адтæй арфиаг гъуддæгутæй æскъуæлхунмæ…
Æз абони сæрустур дæн, æгайтима мин ес уæхæн разагъди æмзæнхон, цитгийнаг хестæр. Æз æй рагæй куд нæ зудтон – куд ме ‘мгъæуккаг, фал комкоммæ ба аци адæймаги хæццæ лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн 1995 анзи Цæгат Иристони паддзахадон университети тургъи. Базонгæ нæ кодта рохсаггаг Малити Нох. Æхцæуæн мин адтæй, куд кæстæр уотæ, мæнæ бабæй нæ зундгонд ахургонд лæгтæй еуей бафæсмардтон. Раст зæгъгæй, фæсаууонмæ æй адæми, хеуæнтти дзубандитæй рагæй зудтон. Фал нуртæккæ ба турæй-турмæ исеу ан. Хъæбæр зæрдиагæй мæбæл бацийнæ кодта, айдагъ ме ’мкосæг нæ дæ, фал тогæй хæстæг ан, зæгъгæ. Ци бон базонгæ ан, уæдæй фæстæмæ ми агурдта еунæг гъуддаг – архайæ идарддæр науки дæ ном ниууадзунбæл, ма ‘рлæууæ æмбес надбæл. Æ хуæст мæбæл нæ исуагъта æма си боз дæн. Айдагъ æхе æнтæстдзийнæдтæ фагæбæл некæд нимайуй, фал æ хъауритæбæл нæ ауæрдгæй, æ зонундзийнæдтæ не ’вгъау кæнгæй, æновудæй архайуй иннети ирæзтбæл ахури æма науки надбæл. Æ фæсте ке рацæун кодта, уой фæрци науки æ бунат ка иссирдта, етæ ‘нцæ финддæс æма æртинсæйемæй фулдæр – экономикон наукити кандидаттæ æма доктортæ. Цал студенттемæн иссæй лæмбунæг зундамонæг æма гъомбæлгæнæг, уони нимæдзæ ба, æвæдзи, æхуæдæг дæр нæбал зæгъдзæнæй. Цал æма цал диссертаций фæдбæл адтæй оппонент, цæйбæрцæ лекцитæ бакастæй айдагъ Уæрæсей нæ, фал фæсарæйнаг паддзахæдти уæлдæр скъолати дæр, цал конференций кусти архайдта докладти хæццæ.
Æрæги, æртхъерæни мæйи 28-аг бони Тохъайти Нохæн æ цардвæндаги къæсæрбæл æрбалæудтæнцæ æ цуппаринсæй анзи æрбалæудтæнцæ… Берæ ‘нцæ етæ æви минкъий, уæззау æви рæуæг уаргъ, фæсмойнаг æви цийнаг, мæгури æви гъæздуги æвдесæн?.. Цæйбæрцæбæл зонун Нохи, уомæ гæсгæ еци фарстайæн уæхæн дзуапп ратдзæнæн: лигъстæмæ гæсгæ миутæ некæд уарзта æма нерæнгæ дæр нæ уарзуй, еске хораууæнтти некæд цудæй æма нерæнгæ дæр нæ цæуй, алкæддæр æвдиста æма нерæнгæ дæр æвдесуй лæгдзийнадæ, еудадзуг цæуй цардиуагæ фæххуæздæр кæнунбæл хъазауатонæй архайгути фиццаг рæнгъити. Алкæддæр фæнзта хуæздæрти: биццеу уогæй, фæллойни– æ хъиамæтгун фидæ Хасанбийи, ахури – æ хестæр æнсувæр Марклени, æгъдауи – кадгин хестæрти. Абони ба æхуæдæг æ лæгдзийнæдтæй æй фæнзуйнаг иннетæн.
Советон Æфсади рæнгъити æ ихæс рæстуодæй исæнхæст кæнгæй, 1965 анзи исæздахтæй æ райгурæн гъæу Чиколамæ. Æхе æнхæст нæма æрлæдæрдтæй, уотемæй æй исæвзурстонцæ фæскомцæдеси райкоми дуккаг секретарæй. Гъæйттæй бавналдта еци кустмæ, æма ин æнтæсгæ дæр берæ кодта. Фал уæддæр æ зæрди ба адтæй æндæр гъудитæ. Æма Нох æнæфæстæмæ фæккæсгæй исмедæг æй Мæскуй паддзахадон университети экономикон факультети. Скъолай фæсте æхсæз анзи рацудæй, фал ин уæддæр æ зонундзийнæдтæбæл дес кодтонцæ ахургæнгутæ. Иссæй студент, Марклен си адтæй сæрбæрзонд. Лæмбунæг хабæрттæ нæ кæнун. Нохмæ арф экономикон гъудитæ ке адтæй, уомæн устур аргъ искодтонцæ факультети раззагдæр ахургæндтæ æма ист æрцудæй аспирантурæмæ. Афойнадæбæл багъæуай кодта экономикон наукити кандидати диссертаци. Еу рæстæг ракуста нæхемæ Хуæнхон-металлургон институти, уæдта æ бийнойнаг Татьяни (студенттæ уогæй байеу кодтонцæ сæ цард) хæццæ рандæнцæ Украинæмæ. Æрбундор æнцæ горæт Николаеви. Идарддæр цудæй æнтæстгинæй æ наукон ирæзт. Цубур рæстæгмæ иссæй хуæздæр ахургæнгутæй еу, ниффинста æма рауагъта мухури цалдæр киунуги. 1985 анзи Мæскуй университети æнтæстгинæй багъæуай кодта экономикон наукити доктори диссертаци, райста профессори ном дæр. Æрлæудтæй зундгонд ахургæндти рæнгъи, фал тог тог æй, нæхердæмæ томар кодта зæрдæ. 1988 анзæй абони уæнгæ Нох косуй нæхе университети, разамунд лæвардта экономикон факультетæн, уой фæрци игонгонд æрцудæнцæ цалдæр нæуæг дæсниади æма кафедри. Æхуæдæг æй финанстæ æма кредитти кафедри сæргълæууæг. Устур кадæ ин ес е ’мкосгутæ æма студентти, университети, республики хецауади ’хсæн. Е хумæтæги нæй.
– Сауæдонæй рæсогдæр уод.
Лæгигъæдгун, хуæрзæгъдау.
Æ фæллæнтти берекетæй –
Кæддæриддæр хуæрзæгъдау.
Æма еци дзурдти аккаг æнцæ æ цардæмбал Татьянæ, уæдта сæ дууæ кизги. Татьянæ дæр æй экономикон наукити доктор, профессор, кизгуттæ наукити кандидаттæ, тумугъ, цардгъон, æгъдаугин, адæмуарзон бийнонтæ. Кизгуттæ бунæтти, нивæ – амондæй хайгин. Куд баба, уотæ Нох зæрдтагон цийнæ æма хабæрттæ фæккæнуй минкъийти хæццæ, æ уод æ цæстæ уони хæццæ ун.
Æ берæ наукон æма ахургæнæги уаргъи хæццæ ма Нох фæстаг рæстæг æй нæ республики Парламенти депутат. Е æй адæми æууæнки бæрæггæнæн… Гъо, ес берæ зæгъуйнæгтæ, фал кæрон кæнун. Афойнадæбæл нæ бафтудæй нæ къохи, фал хæстæгдæр номертæй еуеми мухур кæндзинан лæмбунæг, бæлвурддæр сæрмагонд æрмæг Нохи туххæй.
Æгайтима зæрдрохс, æнæнез, хъаурæгин æма кустгъонæй исæмбалдæй æ цуппаринсæй анзебæл.
Æцæг лæг, зундикъубус ахургонд, рохситауæг æма райдзастмæ хонæг. Æнзти хæццæ арф гъудитæ ирæзунцæ сæримагъзи. Берæ æнзти ма федар къох уогæй, дæ финсæн сес гæгъæдибæл догъи уайæд. Дзæбæх нин уо, Нох!