26 апреля 2024

БИЙНОНТИ ЕУДЗИЙНАДÆ – ГЪÆУБÆСТÆН ДÆНЦÆ!..

08.07.2022 | 16:58

Номдзуд Расул Гамзатов æ публицистикон уацтæй еуеми уотæ финста: «Фидиуæзæг, бийнонтæ – етæ ‘нцæ, адæймаги ка ‘фсадуй, ка ин байлæгъ кæнуй æ сæри зунд, æ сæрустурдзийнадæ, фæллойнæ кæнунмæ арæхстдзийнадæ, уæхæн уедæгтæ. Бийнонтæ – е æй гъудæг, æгъдæуттæ, еу инней нимайундзийнадæ, кæрæдземæн агъаз кæнуни агъазиаудæр равгæ. Гъулæггаг æй, адæймаг æ бийнонти кадæ ку нæ гъæуай кæна, е фиргъæундзийнадæ ‘й…»

Аци гъудитæ, махмæ гæсгæ, зæгъунгъон æй алли адæми минæвар дæр, уомæн æма си алкæмæ дæр бæрзонд æвæрд æнцæ, тæккæ цитгийнагдæр æнцæ бийнонтæ, уони фарнæбæл архайун. Уомæ гæсгæ ба нæмæ æнæгъæнæ Уæрæсей дæр æцæгæй еугурадæмон иссæй бийнонти, уарзондзийнади æма еузæрдиуондзийнади Бон.

Бæрæгбони фæдбæл нæ республики дзиллæн зæрдиагæй райарфæ кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло:

«Федар, хæлар бийнонтæ алкæддæр адтæй æма  æй сæйрагдæр хæзна адæймаги царди, æ гъæуайгæнæг æма æ фæххуæцæг уæззау уавæрти. Е æй нæ нифс национ æма культурон æгъдæуттæ æма фæткитæ багъæуай кæнун æма райрæзти, фæлтæрти  ‘хсæн бастдзийнæдтæ кæнуни, еумæйагæй нæ Фидибæстæн ба – æхсæнади медæгæ еугæндзондзийнадæ æма райрæзтбæл архайуни тухæ…»

Бийнонти уарзондзийнади æма еузæрдиуондзийнади Бон алли анз дæр бæрæггонд цæуй 8 июли. Аци бони  Киристон къæлиндармæ гæсгæ бæрæггонд цæуй цитгийнаг Муромскийти Петр æма Февронийи бон.

Етæ нимад æнцæ бийнонти æма къайади киристон ауодгутæбæл, уруссаг культури æнцæ æмкъайади уарзондзийнадæ æма еузæрдиуондзийнади фæлгонц.

Аци бæрæгбонæн æ рацæуæн кæд киристон динæй æй, уæддæр иннæ конфесситæ дæр исарази ‘нцæ, цæмæй исуа Еугуруæрæсеуон – уомæн алли дини дæр ес къайади ауодæнгæнгутæ, кæцитæ ‘нцæ бийнонти цардæвæрди æма æмкъайади фæнзуйнæгтæ, еузæрдиуондзийнадæ æма æмзæрдиуагон уарзти дæнцæнтæ. Нæкæси, 8 июль æй тæккæ хуæрзæнтæстгин бонбæл нимад къайадæ исаразунæн, кæци, дан, гъæуама рауайа дæргъвæтийнæ æма амондгун.

Куд еугуруæрæсеуон, уотæ аци бæрæгбон нисангонд ку не ‘рцудайдæ, уæддæр æй, æвæдзи, ести хузи исфæткон кодтайуонцæ махмæ Иристони. Уомæн æма нæ адæми цардарæзти алкæддæр ахсгиагæй-ахсгиагдæр адтæнцæ бийнонти цардарæзти гъуддæгутæ. Бийнонти еудзийнадæ æма æнгомдзийнадæ федар кæнуни сæ амонд æма фарнæ агъазиаудæр кæнуни фæдбæл нæмæ нæ рагфидтæлтæй æрбахъæрттæнцæ дессаги рæсугъд æма тухгин æгъдæуттæ. Етæ абони дæр, кæд нæ нуриккон цардарæзти берæ цидæртæ исæндæрхузон æнцæ, уæддæр ахсгиаг æма æнæмæнгæ гъæугæ ‘нцæ. Гъулæггагæн, кæцидæртæбæл си бустæги исустурзæрдæ ан æма нин е ба, зæранæй уæлдай, хиццагæй неци хæссуй…

Мах алкæддæр сæрбæрзондæй ранимайæн, берæ æнзти амондгунæй ка фæццардæй, хуарз кæстæртæ ка исгъомбæл кодта æма абони сæ кæстæрти кæстæртæбæл ка цийнæ кæнуй, уони.

Етæ, ке зæгъун æй гъæуй, æнцæ нæ боц хестæртæ – сæ фæлтæрддзийнадæ æма курухондзийнадæбæл гъæуама ахур кæнонцæ æригон фæлтæр. Уони фæрци базонæн æма балæдæрæн ес, нæ адæми уодиконди сæйрагдæр, цардаразæг менеугутæ.

Етæ ба ‘нцæ – бийнонти цард нивæбæл аразун æма ‘й еудадзуг гъæуай кæнун, кæрæдзебæл æновуд ун, æууæнкæ æма еузæрдиуондзийнадæй алке ни æ бийнонти царди тæккæ хуæздæр уагæбæл хъиамæт кæнгæй, еумæйагæй æхсæнади размæцудæн дæр равгитæ æма фадуæттæ аразун, æма ма берæ æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæ исфæлдесунмæ разæнгард ун.

Бийнонтæ амондгун ку уонцæ, сæ сувæллæнттæ æнæнезæй æма цардбæллонæй ку ирæзонцæ, уæд сæ еугуремæн дæр сæ цард æнтæстгин уодзæнæй – е ба комкоммæ ахеддзæнæй республики фæрнугдæр æма хуæздæр исонибонбæл.

Махмæ гæсгæ, ауæхæн гъудибæл ни гъæуама алкедæр хуæст уа, уомæн æма æ фидиуæзæги исонибонбæл рæстзæрдæй ка тухсуй, æ адæми идарддæри карнæ сагъæссаг кæмæн æй, е гъæуама цийфæнди цæстæй ма кæса нæ цардарæзти тæккæ федардæр æма æууæнкæдæр бундори уавæрмæ, гъома, бийнонти кадæ æма æнæфæккеугæдзийнадæ нæмæ цæйбæрцæбæл цитгингонд цæунцæ, уомæ.

Мах адæммæ алли рæстæгути дæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг хузи æнхæстгонд цудæнцæ нæ рагфидтæлти фæдзæхститæ бийнонти цардиуаги, бæлвурддæрæй æ еудзийнади туххæй, уой фехалун устур æгадæдзийнадæбæл нимад цудæй. Уотæ амудта нæ адæмæй ка ци дин райста, е дæр. Зæгъæн, газет «Терские ведомости» 1895 анзи номертæй еуеми уой фæдбæл ниммухур кодта уац, кæцими загъд адтæй: «Киристон аргъауæн куд амонуй, уомæ гæсгæ сæ цард ка бабаста, еци киристæнттæ, зæгъæн ес, æма хецæн нæ кодтонцæ».

Аци уацмæ гæсгæ нæ зундгонд финсæг Бицъоти Гриш, «Ставд-Дортæ», зæгъгæ, æ документалон уацауи æримиста мæнæ ауæхæн хабар: «Æрæги уæнгæ дæр ма еци фæткæ федар адтæй Иристони. Гъуди ма кæнун: 60-аг æнзти кæрони Дзæуæгигъæуæй бафтудтæн Ставд-Дортæмæ. Зилдтæн хеуæнттæбæл.

Еууæхæни мæ хæстæгутæй еуети хæдзарæй тургъæмæ куд рацудтæн, уотæ гъæунгæй мæ гъостæбæл рауадæй нæлгоймаги гъæрæй дзубанди. Игъосунбæл имæ фæдтæн. Дзурдта, дæлæрдигæй дæр æй куд игъустайуонцæ, уæлæрдигæй дæр, уотæ гъæрæй. Уайтæккæ дæр балæдæрдтæн: зæронд лæг кедæр æфхуæруй, кæбæлдæр æнæвгъауæй калуй æ уайдзæфтæ.

Æмбесæндтæ хаста. Уæд, загъта, цæрунмæ цудæнцæ, нур ба дууæ бони кæрæдземæн нæбал бухсунцæ. Цæветтонгæ, мæ фусунти синхæгти лæхъуæн хуæрзæрæги æ нæуæгкурд уосæй рахецæн æй æма æ уайдзæфи дзурдтæ уони ‘рдæмæ гæлста, уæззау дорти хузæн, зæронд лæг…»

Еци зæронд лæги æ мастæй балæдæрун æнгъизтæй – уæди рæстæгути ма хъæбæр æверхъау хабарбæл нимад уидæ бийнонти фехæлд, уæлдайдæр ба æригон бийнонтæ сæ цард æнхæст нæма райдайгæй кæрæдземæй ку фæлледзæги уиуонцæ, уæд.

Нур, гъулæггагæн, уæхæн хабæрттæ фæстаг цалдæр анзей дæргъи уоййасæбæл исахид æнцæ, æма сæбæл дес дæр некебал кæнуй.

Аци фарста уоййасæбæл ахсгиаг æма сагъæссаг æй, æма ибæл хецæнæй бундорондæрæй дзорун гъæуй. Æма уомæн дæр æнæмæнгæ иссердзинан равгæ. Нур ба нæ идарддæри дзубанди æй, зингæ ахедундзийнадæ кæмæн ес, еци хабæртти туххæй.