ӔБУАЛГЪ МИУӔ ГЪӔДИ ТӔРФИ ДӔР НӔ ФЕДАУЙ…
Нӕ цитгин Хуцау а Зӕнхӕбӕл адӕймаги хӕццӕ ма исфӕлдиста хъӕбӕр берӕ аллихузон цӕрӕгойтӕ, ӕрдзон ирӕзуйнӕгтӕ. Исфӕлдиста сӕ, еци еумӕйаг нисанеуӕги хӕццӕ – цӕмӕй ӕмбарӕ цӕронцӕ. Фал еци фӕткӕ ӕгириддӕр ӕнхӕстгонд некӕд цудӕй, уӕлдайдӕр ба нӕ цӕуй нуртӕкки ӕдзӕллаг рӕстӕгути. Уӕлдайдӕр ба, Хуцау кедӕриддӕр исфӕлдиста, уонӕн сӕ тӕккӕ «зундгиндӕр» – адӕймаг. Ӕ фурзудӕ ӕма ӕдзӕсгондзийнадӕй маруй ӕма цӕгъдуй ӕвуд сирдти, мӕргъти, кунӕг кӕнуй ӕрдзи дессагдзийнӕдтӕ… Цума дуйней исконд адӕймаги еу царди ӕмгъудӕй фӕууодзӕнӕй ӕма исонибони ба ӕгириддӕр неци гъӕудзӕнӕй.
Еци ӕверхъаудзийнади нихмӕ карзӕй бӕргӕ дзурдтонцӕ алли адӕмихӕттити рӕстзӕрдӕ адӕймӕгутӕ, фал… Уони хӕццӕ – нӕ номдзуд финсӕг Гӕдиати Секъа (1855-1915) дӕр. Ӕ рӕстӕги е ниффинста, мӕнӕ абони ке мухур кӕнӕн, еци цубур новеллӕ дӕр. Махмӕ гӕсгӕ, дзубанди цӕбӕл цӕуй, е аккаг ӕй махӕн дӕр абони расагъӕс кӕнунӕн.
Лӕг ӕви сирд
Уалдзигон рӕсугъд бон, хор арви астӕу тӕбар-тубур кодта, ӕ гъар тунтӕ зӕнхӕмӕ калдта. Алли цӕрӕг уодгоймаги, мади хузӕн, рӕвдудта. Цъӕх сгӕлладау зӕлдаги хузӕн кӕрдӕг змалдӕй. Зумаргъти уасун айнӕгӕй-айнӕгмӕ сау кӕмтти хаста. Гӕзӕмӕ думгӕ фагӕ уолӕфтӕй ӕма ин бӕлӕстӕ фӕлмӕн фӕрсаг кодтонцӕ. Мӕргъти зарун игъустӕй. Цард алли къубуртӕй ӕ медбилти худтӕй. Еу дзурдӕй, бӕстӕ бӕрӕгбон кодта.
Уорс фонси дзогӕн сӕгъти къуар сӕ разӕй – Федӕртти хонхбӕл ниххӕлеу ӕнцӕ. Лӕпполӕг фиййау Ахмӕт, нимӕт ӕ уӕле, топп ӕ гъӕбеси, уотемӕй къӕдзӕхи фарсбӕл хустӕй, кӕрдӕггин хезнӕ, уомӕл ревӕддонӕ, нард фонси дзогӕй ӕ зӕрдӕ рохс адтӕй.
Уалинмӕ тегъӕй сикъе сирдти къуар ӕрбазиндтӕнцӕ, сӕ цӕу сӕ разӕй, сӕгтӕ ӕ фӕсте, къӕдзӕхи фарсбӕл рамбурд ӕнцӕ. Кӕмӕн ӕ дӕркъӕ ӕ хӕццӕ, ка ба ӕнӕ дӕркъӕй. Цӕу сӕ разӕй къубурбӕл лӕудтӕй. Бӕгъатӕри бӕрӕгӕн ӕ раззаг къахӕй зӕнхи цъарӕ цавта. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, хуцау рӕсугъдӕн ке исфӕлдиста, зӕнхигъӕдӕ урухӕй ке барӕвдудта, еци рӕсугъд цӕргути уиндӕ ӕхцӕуӕн кӕмӕн нӕ уодзӕнӕй, берӕ сӕмӕ фӕккастӕн.
Уалинмӕ сӕмӕ сӕ сӕгътӕ дӕр бахӕстӕг ӕнцӕ.
Сикъетӕ ӕмбурдӕй ӕрбауадӕнцӕ ӕма сӕгъти хӕццӕ исхӕлӕмулӕ ‘нцӕ. Ӕз ӕй нӕ фӕразун, куд ӕй радзорон: уони игъӕлдзӕгдзийнадӕ, уони цийнӕдзийнадӕ, ӕносон хӕстӕг хецонтӕ, лӕги ӕхсарӕй ка фӕххецӕн ӕй. Бӕрзонд ӕдзӕрӕг хуӕнхтӕ, ӕгӕрон сау гъӕдтӕ сӕребарӕ цардӕн ка байагурдта, етӕ нур сӕ уарзон ӕнсувӕрти хӕццӕ байеу ӕнцӕ. Кӕд дзоргӕ, дзубанди нӕ кодтонцӕ, уӕддӕр уарзондзийнадӕй кӕрӕдзебӕл уозӕлдӕнцӕ, кӕрӕдзей билтӕ стардтонцӕ. Сӕ фӕстаг къӕхтӕбӕл фӕллӕууиуонцӕ ӕма сӕ сикъатӕй кӕрӕдземӕн хъуритӕ кодтонцӕ, ӕхсӕрхуз устур сикъе цӕу къӕдзӕхи кӕронбӕл лӕудтӕй ӕма бӕрзӕндти кастӕй, ӕ уарзон ӕмбӕлтти знагӕй гъӕуай кодта.
– Ехх, тӕходуй, – загътон, – адӕм дӕр уотӕ ку уарзиуонцӕ кӕрӕдзей уиндӕ, уотӕ ку гъӕуай кӕниуонцӕ кӕрӕдзей.
Уалинмӕ иннердигӕй топпи гӕрах фӕццудӕй ӕма цӕу расхъиудтӕй, сау коми нарӕги зӕйи сӕр рабадтӕй. Сикъетӕ ӕмбурдӕй тегъи сӕрмӕ исгӕпп кодтонцӕ. Дуккаг гӕрахӕн дуккаг расхъиудтӕй, фиццаги фарсмӕ зӕйи сӕр радаргъ ӕй, ӕндаг къулдумӕй цауӕйнон низзардта: «Равардтай, Ӕфсати, никкидӕр ма радтӕ!» Хӕлин ходӕ ӕ сӕрбӕл, цъӕх пӕлӕз, ӕркъетӕ, фӕрдугцъух хъримагӕн ӕ астӕубӕл хуӕстӕй. Тегъӕбӕл фӕццӕуй. Тоггини зӕрдӕ имӕ бадардтон, тоггин мин фестадӕй. «Ма сӕ бахуӕрай, – загътон, – ма дин батайуонцӕ, ци ди хъор кодтонцӕ? Цӕмӕн сӕ рамардтай? Хонхи риндзитӕ, кӕрдӕги мортӕ син цӕмӕн бавгъау кодтай?»
Ка мӕ си райервазтӕй, еци сикъетӕ цӕгатфарсӕрдӕмӕ Сурхити хонхи сӕрмӕ ислигъдӕнцӕ. Фонс ӕрӕздахтон. Риндзӕбӕл бабӕй бадун. Сагъӕссаг гъудитӕ зӕрдӕмӕ калун. Уалинмӕ бабӕй Сурхити хонхӕй топпи гӕрӕхтӕ, арвигъӕри хузӕн, кӕмттӕ исарудтонцӕ. Зорати Дзоццӕ цагъди уӕлдай еци сикъетӕй ӕртӕ рамардта. Фӕггузавӕ бабӕй кодтон, ма уин бантӕсӕд, муггаг ма си ку ниууадзайтӕ, уӕд. Кӕд син хуасӕ нӕ карстайтӕ, цӕнхӕ син нӕ дардтайтӕ, хонхи бӕрзӕндти, ци уӕ хъор кодтонцӕ?
Хор дӕр ӕрнигулдӕй. Фастаг хатт ма ӕ сугъзӕрийнӕ тунтӕй хонхи циргъитӕн салам лӕвардта. Гӕзӕмӕ дудзи хор уорссӕр къӕдзӕхтӕ ӕрттевун кодта. Фонс ӕрӕздахтон, гъӕумӕ сӕ ӕрбатардтон. Ӕхсӕвӕй-бонмӕ дӕр нӕ бафунӕй дӕн – еци сирдти цагъд мӕ зӕрдӕбӕл лӕудтӕй. Цӕй, нур мин ӕй зӕгъай, еци сирдтӕй сирддӕр кӕци ‘й? Лӕг ӕви сирдтӕ?
Гӕдиати Секъай финст новеллӕ «Лӕг ӕви сирд» цӕмӕ гӕсгӕ ӕримистан, уой фӕдбӕл ӕрмӕг ба кӕсетӕ 6-7-аг фӕрстӕбӕл.