26 апреля 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..

13.07.2021 | 11:26

Паддзахмӕ, дан, еу уосӕ агъазагор бацудӕй. Паддзах имӕ байгъуста, уӕдта  ‘й бафарста:

– Хуарз уосӕ, ӕма дин неке ес, мӕнӕй ӕндӕр дин ка фӕййагъаз кӕна, уӕхӕн? Цӕуӕт, хӕстӕгутӕ?

– Куд нӕ, куд нӕ! Авд фурти мин ес, фал сӕ фадуат нӕ амонуй.

– Ӕма дӕ авд фурти цӕмӕн багъудӕй? Мӕнӕ еу мӕн хузӕн фурт исӕнтӕсун кодтайсӕ, ӕма дӕ мӕгургор цӕун нӕ гъудайдӕ…

– Дӕу хузӕн фурт паддзахӕй рантӕстӕй! Мадта ду дӕр дӕ лӕгдзийнадӕй паддзах нӕ дӕ, фал дӕ мадӕн паддзахӕй райгурдтӕ. Дӕ амонд уӕхӕн адтӕй, ӕндӕр мӕ фурттӕ дӕуӕй фуддӕр нӕ  ‘нцӕ! Фал сӕ фидӕ зӕнхкосӕг адтӕй. Сӕ амонд уӕхӕн ӕй…

Паддзах уоси ӕргом уайдзӕфтӕбӕл ниссагъӕси  ‘й, ӕ хӕццӕ исарази ӕй ӕма ин фӕййагъаз кодта…


Аци таурӕхъ бакӕсгӕй, адӕймаг ӕй куд нӕ рабара нӕ абони цардарӕзти уавӕрти хӕццӕ?!. Ӕ бийнонти зин цардӕй исгъигӕ уогӕй, паддзахмӕ агъазгор ка бацудӕй, еци уоси хузӕн цалдӕр кустгъон фурти кӕмӕн ес, фал син аккаг кусти равгитӕ ба нӕййес, еци бийнонтӕ гъӕуама ци кӕнонцӕ?  Уогӕ тухамӕлттӕй кустбӕл уӕддӕр ка фӕххуӕст уй, уони уавӕр дӕр бустӕги зӕрдирай ку нӕ фӕууй – мизд дӕр син цанӕбӕрӕг фӕууй: дууадӕс-финддӕс мин соми. Бийнонтӕн сӕ ӕнӕмӕнгӕ бакӕнуйнаг хӕрзти фагӕ дӕр нӕ исунцӕ сӕ еумӕйаг ӕфтуйӕгтӕ. Никки – абони нӕ национ есбонадӕн ӕ фулдӕрӕй-фулдӕр бӕрцӕ сӕхеуон бакодтонцӕ миллиардерти нимад къуар. Уой фӕрци ба сӕ цӕуӕт дӕр цалдӕр фӕлтӕремӕй уӕлгенӕг цард кӕндзӕнӕнцӕ. Миллионгай мӕгуйраг бийнонтӕ ба тухамӕлттӕй сӕ бӕнттӕ ӕрветунцӕ, сӕ карнӕй зӕрдрохс нӕ уогӕй…

Джеймс БРАУН (1933-2006), америкаг зартӕгӕнӕг: «Нӕлгоймӕгтӕй берети бон ӕй, агъазиау мулкитӕ исамал кӕнун, фал си ефстаги бон исуй бийнонтӕ исаразун…»

Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке  ‘й, уомӕн хуӕрзӕвдесӕн ӕхе цард – цалдӕр хатти багъавта бийнонтӕ исаразунмӕ, фал нӕ фӕррӕстмӕ уидӕ. Мадта  ‘й дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕй зонӕн, абони дӕр нӕ  бонгинтӕй цал ӕма цал еухузӕнон бийнонтӕ исаразунгъон нӕ разиннунцӕ, сӕ мулкитӕ ба сӕ берӕ уостити фудӕй хӕлхъойаг исунцӕ…

 

Василий СУХОМЛИНСКИЙ (1918-1970), советон доги номдзуд ахургӕнӕг: «Бийнонтӕ  ‘нцӕ уӕхӕн райдайӕн ӕхсӕнадӕ, кӕцими адӕймаг гъӕуама ахур кӕна хуарздзийнадӕ аразунбӕл…»

Уотӕ бӕргӕ  ‘й, фал, цума, уанӕбӕрӕг циуавӕр ӕй нӕ нуриккон бонгинти бийнонти медӕгӕ ӕхсӕнадӕ? Уомӕн ӕма етӕ – хестӕрӕй ба кӕстӕрти уӕнгӕ – хуарздзийнадӕ айдагъдӕр сӕхе пайдайӕн лӕдӕрунцӕ. Сауӕнгӕ пандемий тухст рӕстӕги, адӕм берӕ аллихузон гъӕуагӕдзийнӕдтӕ ку ӕвзурстонцӕ, уӕд етӕ ба гъӕздугӕй-гъӕздугдӕр кодтонцӕ. Зӕгъӕн, миллиардер Геннадий Тимченко, ӕ нихмӕ Хорнигулӕни санкцитӕ кӕд адтӕй, уӕддӕр ӕ есбон фӕффулдӕр ӕй 43,8% ӕма имӕ ес 22 миллиард доллӕри… Уотӕ иннӕ бонгинтӕ дӕр…

Мигель де Сервантес СААВЕДРА (1547-1616), испайнаг финсӕг: «Хӕларзӕрдӕ цардӕмбалемӕн фӕууй дууӕ уоди, фал еумӕйаг фӕндӕ…»

Бӕргӕ уотӕ  ‘й, фал фулдӕр хӕттити сӕ хӕлардзийнадӕ рафагӕ уй, цалинмӕ си алке ӕхе фӕндӕ сӕйрагдӕр кӕнун нӕ байдайуй. Ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ не  ‘сберӕ  ‘нцӕ, раздӕр нӕ адӕми  ‘хсӕн ӕведауцӕбӕл нимад ка адтӕй, уӕхӕн хабӕрттӕй: бийнонти медастӕу хӕлхъойтӕ, кӕрӕдзей ӕфхуӕрунтӕ, кӕрӕдземӕй хецӕнтӕ кӕнун, мулкитӕ тӕрхӕндӕнтти дехтӕ кӕнун… Бӕлах ба е ӕй, ӕма етӕ цардӕмбӕлттӕн сӕхемӕ дӕр ӕма дзиллӕмӕ дӕр ходуйнаг ӕма аллайаг нӕбал кӕсунцӕ…