11 октября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

27.08.2022 | 17:16

Еу гъæуккаг лæхъуæн, дан, еци къумæлдзæфæй цидæр тугъди хабар райгъуста æма иселлæг æй уордæмæ цæунвæндæй. Рабадтæй æ саргъи бæхбæл æма уордигæй æхе уæд æ хъæболæмæ æривазуй, уæд æ бийнойнагмæ. Уæдмæ æ мадæ æма æ фидæ дæр рацудæнцæ тургъæмæ. Хабар ку балæдæрдтæнцæ, уæд мадæн æ цæстисугтæ е ‘нцъулдтæ ростæбæл æргæр-гæр кодтонцæ.

– Кумæ цæуис?.. Кæмæн нæ уадзис?..

Лæхъуæн бæхи фæрстæ æрбатъæпп ласта, кæдимайди ба тургъæй тагъддæр фендæдуар уинæ, зæгъгæ. Бæх дæр гъæунги ‘рдæмæ расæррæт кодта. Æма… Бæласи бунти бауайгæй, бæхбадæги сæр исæмбалдæй уой къалеутæй еуебæл… Лæхъуæн зæнхæбæл радаргъ æй. Фидæ гъæунгæмæ рацудæй æма æ фуртмæ æркастæй, уæдта синхи лæхъуæнтæмæ дзоруй:

– Уæ хуарзæнхæй, аци тохмондаги æ хуссæни æрæвæретæ… Æ бунат ма нерæнгæ уоми ‘й…

***

Æма нæмæ уæхæн «тугъдонтæ» минкъий ес? Сæ бон неци уогæй, нецæмæ арæхсгæй, сæхе ралæг кæнунцæ æма, æцæгæй лæгигъæдгун кæми гъæуй, уæхæн гъуддæгути сæхе фæтътъунсунцæ. Æма хуарзæй неци исаразунгъонæй, сæ зæранæй сæ исæмæнтъери кæнунцæ…

 

Эдуард Бояков, режиссер: «Æндæр бæстити уогæй, хъæбæр си æрхицæ кæнун уонæми цæрæг адæмтæмæ, бийнонти ‘хсæн куд арæхсунцæ сæ бæрæгбæнттæ, сæ культурæ гъæуай кæнунмæ, уомæй…»

Æма абони махмæ, уæрæсейаг бийнонти ‘хсæн хе уодварнон хæзнатæбæл æновуддзийнадæ уоййасæбæл хиццаг уомæн нæбал æй, æма культури бодзотæ, фæсарæйнаг «хæзнатæмæ» æрхицæ кæнгæй, туххæйти дæр сæ нæ цардиуаги кæмити ба нæ тъунстонцæ. Æма? Еци фæсарæйнæгтæ дæр нин нæ ниттадæнцæ, æма нæхе хуæрзтæй дæр нæхе, уæлдайдæр ба нæ кæстæрти фенæхай кодтан…

 

Александр Сокуров, кинорежиссер: «Абони хумæтæг адæммæ ци берæ сагъæстæ ес, уонæн сæ фулдæр æнцæ сæхе цард, сæ бийнонти, сæхе цардарæзт фæййервæзуни фæдбæл, æма сæ нæ евдæлуй политиктæн сæ гъостæбæл æрхуæцун æма сæ хуарз æрдæрæн кæнунмæ сæ мæнгæтти туххæй…»

Айдагъ политикти цæмæн? Нæ Фидибæсти евгъуд рæстæгути хабæрттæ аллихузон уогъурсуз цауæнгæнгутæ – уæлдайдæр культури æма аййевади къабæзти – сæ мæнгæ дзубандитæй рæстдзийнадæ ке усхъуммитæ кæнунцæ, тогтæ сæбæл ке имисунцæ, уой туххæй ба минкъийдæр дæрæнгæнуйнаг æнцæ? Паддзахадон цензурæ дæр сæ зæрдæмæ хумæтæги нæ цæуй… Уогæ цензурæ ци ‘й – уæхæнтти зундирахасти памперсти хузæн ести уорамæнтæ ку ‘ргъуди кæнунцæ, уæд нæ алфамбулай уæлдæф кæдзосдæр уидæ…

Антон Силуанов, Уæрæсей Федераций финансти министр: «Экономики уотид неци фæууй. Абони æхца æнцонтæй ку радех кæнай, финансон æвæрд ку фæффæлмастдæр кæнай, уæд уой фæсте ба федунтæ багъæудзæнæй. Ка феддзæнæй? Хумæтæг адæм…»

Уæрæсейаг экономики æнæлæдæрд дессаг: финансти министрадæ æхцатæ радех кæнуй кæмæндæрти, федгæ ба сæ хумæтæг фæллойнæгæнгутæ кæнунцæ. Паддзахади къазнайæй кадæртæ хæлæфæй æхцатæ давунцæ, нæуæгæй ба ‘й гъæуама мах, хумæтæг адæм, идзаг кæнæн нæ мæгурдæйраг фæрæзнитæй.