11 октября 2024

ЕЦИ БÆНТТÆН ФЕРОНХГÆНÆН НÆЙЙЕС

06.09.2022 | 15:08

ФИДАРАТИ Æхсарæ, (1919-2020) ахургæнæг, фæллойни ветеран

Адтæй 1941 анзи сæрди фиццаг мæйæ. Будури Дæргъæвси гъæуи кустгъон адæм нæлгоймагæй-силгоймагæй адтæнцæ  будури æхсæдуни кусти. Косунгъон ка нæ адтæй, етæ æма сувæллæнттæ ба – гъæуи.

Гъе уотемæй нæмæ, хуарз ма й гъуди кæнун, хуцаубони, 22 июни гъæумæ æрцудæй Ирæфи райæнхæсткоми сæрдар, будуридæргъæвсаг Фидарати Максим. Уогæ гъæумæ цæугæ дæр нæ бакодта, æрхизтæй гъæугæрон будури æма  рарвиста  гъæумæ дæр, будурмæ дæр, митингмæ рацотæ, зæгъгæ.

Адæм уайтæккæ æрбамбурд æнцæ. Максими алливарс æртумбул æнцæ, æнгъæлмæ кастæнцæ ци хабар фегъосун кæндзæнæй, уомæ. Уалинмæ Максим райдæдта æ дзубанди:

– Фашистон Германий æфсæдтæ гадзирахаттæй æрбалæбурдтонцæ нæ бæстæмæ, советон сахартæ æма гъæутæбæл бомбитæ калунцæ… Райдæдта тогкалæн тугъд гитлерон фашистти хæццæ… Фал тæрсгæ ма кæнетæ, федарæй уи баруагæс уæд, уæлахез уодзæнæй мах, знаг дæрæнгонд æрцæудзæнæй нæ намусгин Сурх Æфсади къохæй…

Аци хабар æримисгæй, мæ цæститæбæл рауайуй, силгоймæгтæ  ставд цæстисугæй кæун куд фæййагайдтонцæ, е. Кудтæнцæ етæ, кæцитæн се ‘нсувæртæ, сæ цардæмбæлттæ кенæ сæ бæдæлттæ æфсади служби адтæнцæ. Уотемæй кæугæй фæстæмæ кустмæ рандæнцæ, будурæй ка ‘рбацудæй, етæ, иннетæ – сæргубурæй – гъæумæ, ка ба ма Максиммæ æхе байста æма ‘й фарста: «Ци уодзинан, куд уодзинан?»

Е син зæрдитæ æвардта: «Сталини хæццæ махæн тæссаг нæй, ма тæрсетæ».

Цудæнцæ бæнттæ, цудæй тугъд Балтики денгизæй Сау денгизи уæнгæ. Уæхæн тугъд историй нæма адтæй. Гитлери фашистон æфсæдтæ нецæбæл аурстонцæ, дæрæн кодтонцæ гъæутæ, сахартæ, цагътонцæ адæми. Æрбагæлстонцæ берæ тухтæ æнæнгъæлæги: авиаци, танктæ, дзармадзантæ æма берæ æндæр техникæ. Æ бадзурд фехалгæй ин æнтæстæй, тагъд цудæй размæ, фиццаг бæнтти кæд нихкъуæрд дæр иста, уæддæр.

Будури Дæргъæвси тугъдонтæй Устур Фидибæстон тугъди Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка фæммард æй, уонæн гъæуи бæрæгастæу æвæрд ес циртдзæвæн.

Знагæн нихкъуæрд раттунмæ гъудæй берæ хъаурæ, берæ адæм, æфсад. Æрвист æрцудæнцæ тугъдмæ, цидæриддæр хуæцунгъон адæм адтæй, етæ, бæстæ багъæуай кæнунмæ. Гъæути æма сахарти ма байзадæй силгоймæгтæ æма хестæртæ, уæдта сæйгитæ, сувæллæнттæ æма сахъат адæм. Зæнхитæ, уæдта заводти косун æрхаудтæй уонæмæ, æма кустонцæ, кæмæн куд æ бон адтæй, уотæ. Дзуапп лæвардтонцæ партий фæдздзурдæн – «Все для фронта, все для победы».

Колхозти трактортæбæл исбадтæнцæ зæронд лæгтæ æма силгоймæгтæ – Будури Дæргъæвси хестæртæ Дрети Сæлæмурзæ, Мамсурати Малсæг æма ма кизгуттæй Хабæти Афинæт, Мамсурати Саня, Хъантемурати Саня, Бердиати Нинишкæ. Мæ цæститæбæл уайуй, фæскуст кизгуттæ нæ гъæунгти ‘рцæйцудæнцæ, фæллад дæр цума нæ адтæнцæ, уотæ игъæлдзæгæй, ходгæй, сæ уæле ба – голлаги хъумацæй пъолцитæ, сæ къохти деденгутæ кенæ цъæх æхсинцъий къалеу, мæнæн дæр си февæриуонцæ.

Уотæ ку зæгъон, æма уæди рæстæг дессаг адтæй, уæд, ка *й зонуй, еске уотæ дæр зæгъдзæнæй, гъома уанæбæрæг цæмæй дессаг адтæй еци рæстæг, кæд æма тугъд цудæй, уой фудæй ба адæм гъезæмæрттæ æвзурстонцæ. Гъо, адæм хъæбæр берæ зинтæ æма гъезæмæрттæ æвзурстонцæ тугъдон уавæрти фудæй. Фал уæддæр син бухстæнцæ, агъазиау фæразондзийнадæ æма еузæрдиуондзийнадæ æвдистонцæ.    Хъазауатонæй кустонцæ, ка си кæми багъæуидæ, уоми. Фæллайгæ дæр куд нæ кодтайуонцæ еци тухгустæй, фал си еумæйаг гъуддæгутæй хе ратилеф кæнун æ сæрмæ неке хаста. Лæдæрдтæнцæ уой, æма  фронти ка ‘й, уони, цæмæй знаги æнтæстгиндæрæй дæрæн кæнонцæ, уой туххæй  берæ цидæртæ, уæлдайдæр ба хуæруйнаг ке гъудæй. Æнæ хуæруйнагæй хуæцæнгарз дæр гæрах ке нæ кæнуй, танк дæр, машинæ дæр ке нæ цæуй, хуæдтæхæг  дæр ке нæ тæхуй, дзармадзан дæр ке нæ æхсуй. Æма архайдтонцæ, цæмæй алцидæр уа фронтæн.

Заводти, фабрикти сауæнгæ æнагъон сувæллæнттæ дæр ма ‘слæудтæнцæ станокти уæлгъос æма кустонцæ. Нæ ми иронх кæнуй 5-6-аг къласи ахурдзау биццеу станокмæ хъæртгæ дæр нæ кодта, уотемæй æ къæхти буни асикк исæвардта æма æфсæйнаг зурнæйзелæн станокбæл дзармадзани нæмгути къудуртæ куд зилдта, е.

Уотæ лæдæрдтæнцæ, тугъди фæскъилдунмæ ци адæм байзадæй, етæ сæ ихæс æма æнæ етæ, фронти ка ‘й уомæн æ бон ке неци бауодзæнæй, уой. Ка æрвиста фронтмæ танктæ, хуæдтæхгутæ, машинттæ, дзармадзантæ, минометтæ, топпитæ, пулеметтæ, берæ æндæр хуæцæнгарз, уæледарæс, къахидарæс, хуæруйнаг. Зæгъæн ес, æма не ‘стур Советон бæстæ адтæй еумæйаг фронт, æма фронти къилдуни ка адтæй, уони дæр исхонун æнгъезуй фронтовиктæ.

Къилдуни адæм æмбурд кодтонцæ æфсадæн уæледарæс, къахидарæс, гъар цъиндатæ, медæггæгтæ, хуйгæ дæр син кодтонцæ æма æрвистонцæ, е дæр уой бæрæггæнæн æй, æма адæм уарзтонцæ сæ бæстæ, се ‘фсад, сæ хецауади æма архайдтонцæ, цæмæй алцидæр æрвист цæуа фронтæн.

Иристони адæм нæ адтæнцæ фæстаг еци гъуддаги, неци æвгъау кодтонцæ уæлахезæн, æмбурд кодтонцæ æхца Иристони номбæл фронтæн танкти колоннæ, хуæдтæхгути эскадрили исаразунмæ. Мæхуæдæг адтæн Будури Дæргъæвси еци кусти лæуд. Токати Бимболати хæццæ æхца райони банкмæ фæлластон æма сæ равардтон танкти колоннæ аразунмæ фондмæ – 5658 соми уæди æхцайæй. Уæхæн минкъий гъæуæн е минкъий нæ адтæй. Еци гæгъæди ма мин абони дæр æгас æй.

Айдагъ уæхæн гъуддæгутæй фæстæмæ фронти къилдуни ‘рдигæй цæрæг адæм багъæуаги рæстæг не ‘фсадæн агъаз кодтонцæ æндæр гъуддæгути дæр. Нæдтæ рæвдзæ кæнун ку багъудайдæ, кенæ къанау къахун танкти нихмæ, уæд уонæмæ дæр зийнадæ нæ кодтонцæ.

Будури Дæргъæвс Кæсæгæн æ тæккæ арæнбæл æй. Не ‘фсæдтæн гъæуæй еу-дууæ километри дæлдæр Кæсæги зæнхæбæл багъудæй знаги танкти нихмæ къанау къахун Ирæфи билæй рагъи гъæдрæбуни уæнгæ еу-æртæ километри бæрцæ. Къахæн техникæ сæмæ нæ адтæй, сæхе хъаурæй ба тагъд нæ адтайуонцæ. Нальчикки ‘рдигæй фронт æрбатонунæй тæссаг адтæй æма ‘й фæттагъд кæнун гъудæй. Фæдздзурдтонцæ агъазмæ Дæргъæвси цæрæг адæммæ.

Кадæриддæр адтæй, етæ нæ базийнадæ кодтонцæ сæ гъæуайгæнæг уарзон Сурх Æфсади курдиадæ исæнхæст кæнунмæ. Рандæнцæ æд белтæ, æд къахæнтæ. Куст цудæй хъæбæр тагъд, фал еу рауæн разиндтæй къæдзæх æма ‘й белæй къахæн нæбал адтæй. Уæд æфсæддонти разамонæг  фервиста рæмодзæн æрмæгмæ. Æрбаластонцæ дууæ асикки дзаг тол. Байвардтонцæ ‘й къæдзæхи буни, адæми рарвистонцæ идарддæр æма сæ зæнхæбæл дæлгоммæ æрхуссун кодтонцæ. Исрæмугътонцæ æрмæг æма арвигъæри хузæн нигъгъæр кодта. Æ хъаурæ, адæм ци ‘рдигæй адтæнцæ, ецирдæмæ фæцæй. Дортæ уæлæрвтæмæ фæттахтæнцæ æма бунмæ скъотгæнгæ хаудтæнцæ. Хуцау хуарз, æма си некæмæн неци адтæй, минкъий цъæрæмухститæй уæлдай.

Гъæумæ еци исрæмугъди гъæр куд нæ фегъустайдæ æма ма си ка адтæй, етæ фæдеси уадæнцæ: ка фестæгæй, ка  уæрдуни кенæ бричкæй, æллæх нæ адæмбæл бомбæ æргæлстонцæ, зæгъгæ, цæфтæ æма мæрдтæ ласун гъæуй, зæгъгæ. Фал ку ‘ркастæнцæ, æма си ку некæмæн неци адтæй, уæд сæ зæрдæ фæффедар æй æма изæрæй адæми раластонцæ. Нæййес уæхæн цаутæн иронхгæнæн.

Нæ ми иронх кæнуй, куд адтæй уæд скъолати цард, е дæр. Финсгæ цæбæл кодтонцæ скъоладзаутæ, е адтæй продукттæ тохæн бор гæгъæди, чернилæ ба кодтонцæ бæрæзей гагати лæмарæнтæй. Уотæ адтæй немуци рацуди фæсте, фал се ‘ссуди размæ ба скъола адтæй мæ бæрни, æма мæмæ еу бон къæбинетмæ фæззиндтæнцæ æфсæддон дарæси æртæ лæги æма загътонцæ, скъола гъæуй мах, госпитæл си аразæн, зæгъгæ. Ци гæнæн адтæй, тугъд тугъд æй, аци гъуддаги нихмæ дзорæнтæ нæййес. Равардтонцæ скъола нæхеуонтæн. Дууæ бонемæ фестадæй госпитæл, кæбæлти имæ бацудайнæ, уой мæхуæдæг дæр нæбал зудтон. Æнæуой ба сæ рабæрæг кæнинæ, киномæ дæр сæмæ бауайинæ. Дзæбæх си кодтонцæ, фронтæй цæфтæй ке ластонцæ, уони, æма си ке фæстæмæ фронтмæ здахтонцæ, ке æ хæдзарæмæ ‘рвистонцæ.

Нæхе æфсæдтæ гъæуи  фæцæнцæ 1942 анзи 25 октябри мæйи уæнгæ, уæдта Нальчикки ‘рдигæй фронт æрбатудтонцæ немуц, зæгъгæ, еци хабар сæбæл исæмбалдæй, æма уæд æхсæви гъæуама рандæ адтайуонцæ гъæуæй. Еци хабар игъосун нæ кодтонцæ, фал се штаби финсæгæй ци кизгæ куста, Верæ, зæгъгæ, е еци изæр æрбауадæй махмæ, æнæдзоргæй мæ хæццæ ралæудтæй  дууæ-æртæ минутти, уæдта мин загъта:

– Ахсар, проводи меня…

Рахъæртун æй кодтон гъæунгæмæ æма мин уоми ба уотæ ракой кодта:

– Æхсар, знаешь что, меня ждет за это трибунал – я открываю военную тайну… Но все же хочу сказат тебе: мы уходим этой ночью, немцы прорвали фронт в районе Нальчика, и поберегите себя. Я иду сейчас по нашим отделениям с пакетами, вот они…

Æма мæмæ къонверттæ равдиста.

Кизгæ рандæй. Мæнæй раздæр аци хабар неке зудта гъæуи. Æз уæд разилдтæн синхбæл, хеуæнттæбæл æма син хабар фегъосун кодтон, уод хъазар æй. Æма уæд гъæдæмæ ниххæррæт кодтонцæ адæм – ка еци æхсæвæ, ка ба дуккаг бон. Фæлластонцæ сувæллæнтти, ци сæмæ адтæй хъазарæй, уой, уæдта фæттардтонцæ сæ фонс дæр, хуар сæхецæн.

Уæд дин еу сæумæ, 28 октябри, рагъбæл бадæн æма кæсæн гъæуи ‘рдæмæ. Æма фæууидтан: немуцаг æфсæдтæ цæун байдæдтонцæ гъæумæ. Се ‘фсæйнаг ходтæ æма топпитæбæл никелæй æмбæрзт рæхуайæн кæрдтæ куд æрттивтонцæ, е ма мæ цæститæбæл  уайуй нур дæр.

Уæд Уртатæй Лизæ, зæгъгæ, нæ киндзи хуæрæ лæф-лæфгæнгæ, сувæллон æ гъæбеси, æ хед кæлуй, уотемæй нæ рази æрбадтæй æма тухуолæфтгæнгæй загъта:

– Немуц æрбацудæнцæ, – æ бон дзорун дæр нæбал адтæй, – æрæнцадæнцæ гъæуи, æ еу æрдæги румынæгтæ æма венгрийæгтæ, иннæ æрдæги – немуц…

Гъæуи хæдзæрттæй еуеми æрбунат кодта сæ штабгонд, пъæлици къæнцилар. Нæхецæй дæр син хъозæнттæ фæцæй æма ахæссун райдæдтонцæ партионти, фæскомцæдесонти æма сæ рарвистонцæ Прохладныймæ. Еу-инсæййемæй фулдæрей рарвистонцæ. Æртей ба си маргæ ракодтонцæ партион æма æхсæнадон косгутæй: Баймæтати Агубекир – рагон партион, колхози фиццаг сæрдар, Æлборати Гафет – гъæуихецау, Туати Мишка – гъæусовети секретарь æма ахургæнæг.

Немуци ку фæссурдтонцæ Сурх Æфсад, уæд син сæ хеуæнттæ исластонцæ сæ мæрдтæ. Сæ дарæсæй ма сæ базудтонцæ, æндæр бæрæг дæр нæбал адтæй, ка си кæци æй, е, еумæйаг цирти нигæд уогæй. Гъæу син бафснайдтонцæ сæ мæрдтæ сæхе райгурæн зæнхæбæл.

Еу хатт ма скъолай туххæй. Нæхеуæнттæ скъолай кæд госпитæл исаразтонцæ, уæд си немуц ба райаразтонцæ бойнæ, къалбасгæнæн цех. Уой фæсте берæ рæстæги дæргъи, фонс кæми æвгарстонцæ, еци къласæн æ тоги тæф нæбал цудæй.

Еци цехи сæмæ кустонцæ гурдзиаг уацайрæгтæ. Æртей нæмттæ ма си гъуди кæнун: Шалва, Акъо, Сосо. Цардæнцæ махмæ. Сæ советон æфсæддон дарæс нæ фесафтонцæ. Мæ киндзæмæ сæ равардтонцæ, нихснæ, дан, нин сæ æма сæ бампъозæ, куддæр нин гæнæн фæууа, уотæ ледзгæ кæндзинан нæхеуæнттæмæ. Æнæбари ка бахаудтæй уацари, уæхæнттæ адтæнцæ.

Немуц ку фæлледзæги æнцæ, уæд,  нæхецæй син хъозон ка фæллæудтæй – куд пъæлицайаг кенæ старостæ, – етæ дæр сæ хæццæ рафардæг æнцæ, æма уоййадæбæл сæ кой, сæ гъæр дæр нæбал райгъустæй.

Немуц ледзунвæндæ ку искодтонцæ, уæд,  хъæбæрдæр си кæмæ æндиудтон уой рафарстон:

– Еци тæвдхæлæфæй кумæ цæуетæ?..

Немуц мæнгард адтæнцæ, сæ лигъди туххæй æргомæй нæ басастæнцæ, уотæ рарæуонæ кодтонцæ:

– Фронт никъкъæдзтæ ‘й æма ‘й рараст кæнæн…

Румынæгтæ ба æргомдæр адтæнцæ :

– Ла Румыния, ла касса, – гъома, нæхемæ Румынимæ, нæ хæдзæрттæмæ цæуæн.

Еу румынаг афицер, Коля, зæгъгæ, нæмæ цардæй æма æ хæццæ радзубандитæ кæнинæ. Уæд æй еууæхæни рафарстон:

– Цæмæн æрбацудайтæ ардæмæ?..

Е мин æрдæгцъæрæмухститæй, колхозтæ, дан, ихалæн, уæдта, дан, уæмæ цивилизаци нæййес æма уæмæ уой хæссæн. Æхуæдæг ба æмбурд кодта, Гитлербæл цидæриддæр карикатуритæ уагъд цудæй махмæ, уони, цалдæр тухтони имæ си адтæй.

Немуц Иристони берæ нæ бафæстеуат æнцæ. 1942 анзи октябри кæрони æрбацудæнцæ, декабри кæрони ба сурд æрцудæнцæ Цæгат Иристонæй.

Гъæуи адæм æздæхун райдæдтонцæ гъæдæй. Сæ амонд адтæй æма цалинмæ гъæди адтæнцæ, уæдмæ бонигъæдæ нæдæр уарунтæ рахаста, нæдæр мет не ‘руардта, æма уомæ гæсгæ бустæги тухстдзийнадæ нæ баййафтонцæ. Мет æруардта айдагъдæр 1943 анзи 3 январи, уой дæр уоййасæбæл берæ нæ, айдагъдæр зæнхæ бауорс æй.

Тугъд ку райдæдта, уæд ахургæнгутæй дæр берети фронтмæ ракодтонцæ. Байзадæнцæ ма, е ‘нæнездзийнадæмæ гæсгæ ракæнуни аккаг ка нæ адтæй, етæ, уæдта силгоймæгтæ. Ахургæнгутæ нæбал фагæ кодта æма ахургæнæн предметтæ иуаргæ рауадæнцæ, ка ма нæмæ адтæй, уонæбæл. Кæд сæ дæсниадæбæл нæ адтæнцæ,  уæддæр сæ хастан, ка куд арæхстæй уотæ. Мæнæн бабарæ кодтонцæ   уруссаг æвзаги, ирон æвзаги, хузæкæнуни, ханхæкæнуни (черчение), сауæнгæ заруни уроктæ дæр, кæд раздæр физикæ æма математикæ адтæнцæ мæ уроктæ, уæддæр.

Уæд еу бон бацудтæн заруни урокмæ 6-аг къласмæ. Балæдæрун син кодтон уроки нисан. Ниффинстон зари дзурдтæ фæйнæгбæл, рафинсетæ ‘й, зæгъгæ. Рафинстонцæ зар. Æз син æ мотив байамудтон, уæдта син загътон: «Цæй, нур æй еумæ разарæн». Æз райдæдтон зарун, етæ бадунцæ, сæ гъæлæстæ нæ хæлеу кæнунцæ, нæ зарунцæ. Дзорун сæмæ:

– Цæмæннæ заретæ?

Етæ бадунцæ. Уотæ сæ бафарстон еу-æртæ хатти. Уæд си еу кизгæ исистадæй æма мин уотæ ку зæгъидæ:

– Нæ фидтæлтæ, не ‘нсувæртæ сæ реутæ знаги топпи цъухмæ дарунцæ æма мæлæти къахбæл æнцæ, мах ба ами заргæ кæнæн?!.

Неци адтæй мæ бон зæгъун еци дзурдти нихмæ. Заруни урок сæмæ некæдбал искодтон, цалинмæ тугъд цудæй, уæдмæ, уой бæсти син æндæр урок искæнинæ.

Гъе е ба дин сувæллон!.. Æ загъди рæстдзийнадæ мæмæ уоййасæбæл багъардта, æма мæ бон æй нæдæр бафхуæрун, нæдæр æ нихмæ ести зæгъун адтæй…

Берæ ‘нцæ имисуйнæгтæ, фал си æз, хъæбæрдæр мæ  зæрдæбæл ка лæууй, уони ниффинстон.

* * *

РЕДАКЦИЙÆЙ: Фидарати Боцай фурт Æхсарæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг фронтмæ æрвист не ‘рцудæй е ‘нæнездзийнадæмæ гæсгæ. Фал уæддæр, æ  бон ци адтæй, уомæй фæхъхъиамæт кодта уодуæлдайæй нæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау. Æма нæ зæрди æй уой туххæй бæлвурддæр æрмæг нæ газети ниммухур кæнун.