ЕУ РИСТ ЗÆРДÆН ФЕДАР НИФСДÆТТÆГ – ИННÆ ЗÆРДИ ХУÆРЗАУОДÆН…
Беслæни фудбæлах, еци æртæ боней зæрдæрæдовæг сау хабæрттæ нæ æведуйгæ ристæй ресун кæнунцæ æма кæндзæнæнцæ, нæ дзиллæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ имисдзæнæнцæ…
Фал айдагъ ристæй дæр цæрæн нæййес. Цард æхе домæнтæй ихæсгин кæнуй мах, абони цардиуагæ кæмæй аразгæ ‘й, уони дæр. Еуварс ни гъæуама маке лæууа. Уотæ ка ‘нгъæлуй, æма мæн неци хъор кæнуй, е хъæбæр рæдуйуй, исонибони фæсмойнаг ку фæууа, уомæй гъæуама тæрса… Ирæзунцæ æма нæмæ æнæмæнгæ ирæздзæнæнцæ нæуæг кæстæр фæлтæртæ. Æма нæ абони уобæл архайун гъæуй, цæмæй уæхæн фудбæлах мабал æрцæуа, цæмæй нæ кæстæртæ ирæзонцæ фидбилизтæй гъæуайгонд уавæрти, сæ исонибон æдас куд уа æма цæрунгъонæй æнтæстгин куд уонцæ арфиаг гъуддæгутæй, зæрдæргъæвд æма æгъдаугин куд уонцæ, нæ адæмæн æма нæ Фидибæстæн дæр федар зæрдæдарæн куд уонцæ…
Уой хæццæ ба, нæ бон цидæриддæр æй, уомæй гъæуама ауодæн, еци фудбæлахи ка бастъалдæй, уони хеуæнттæбæл, еци адзал комкоммæ кæбæл рандзæвдæй, уонæбæл.
Беслæни фиццаг скъолай æвддæс анзей размæ ци террористон фудракæндæ ‘рцудæй, æма си гъигæдард ка баййафта, еци адæмæн социалон æма медицинон агъаз кæнуни фæдбæл Уæрæсей Федераций æма нæ республики Хецауадæ ци унаффитæ рахастонцæ, етæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уой туххæй æрæги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ фембæлди радзурдта Цæгат Иристон-Аланий фæллойни æма социалон ирæзти министри хуæдæййевæг Айдарти Алинæ. Æ радзубандий загъта:
– Террористон фудракæнди амæттæгти бийнонтæн социалон агъаз кæнуни фæдбæл фиццаг унаффæ нæ бæсти Хецауадæ рахаста 2005 анзи. Уомæ гæсгæ, аци категорий граждæнтæ цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн, телефони бастдзийнадæн, æхсæнадон транспорти цæунæн фист цæуй компенсаци. Аци фудбæлахи бахауæг скъоладзаутæй æстдæс анзи кæбæл нæма цудæй, уотемæй си ка фæммард æй, еци сабийти ниййергутæн ба фарæй фæстæмæ сæ пенситæмæ бафтудтонцæ æртæ мин соми. Уæхæн хузи агъаз ма есуни барæ ес, фудбæлахи рæстæг æ карæ æстдæс анземæй уæлæмæ кæмæн адтæй, еци зингхуст фæсевæди ниййергутæн дæр. Аци анзæй фæстæмæ ба ма уæхæн агъаз есдзæнæнцæ аци фудбæлахи фудæй седзæрæй байзайæг сабийтæбæл ауодæг хеуæнттæ.
Æ радзубандий ма Айдарти Алинæ куд фæббæрæг кодта, уотемæй аци анзи райдайæнæй ба æнхæстгонд цæуй, теракти гъигæдард баййафгутæн се ‘нæнездзийнадæ федар кæнуни фæдбæл комкоммæ агъаз кæнуни федералон программæ. Уомæ гæсгæ ба аци категорий граждæнтæн медицинон æма реабилитацион агъаз есуни барæ ес нæ бæсти æма фæсарæнти медицинон дзæбæхгæнæндæнтти æма санаторити. Нури уæнгæ бал, райсун æй кæмæн æнгъезуй, уонæй райстан 250 курдиадемæй фулдæр. Теракти гъигæдард баййафгутæй санаторимæ балцæг райсун ке фæндæуа, етæ гъæуама министрадæмæ, кенæ ба Дзæуæгигъæуи æма республики районти комплексон социалон агъази центртæмæ бадæттонцæ курдиадæ. Æ хæццæ ба гъæуама уа, теракти ке бахаудтæй, уой туххæй æвдесæндар æма, ци поликлиникæтæмæ хаунцæ, уони дохтиртæй ист справкæ. Еугур документтæ бацæттæ кæнунæн теракти гъигæдард баййафгутæн агъаз кæндзæнæнцæ комплексон социалон агъази Центри специалисттæ. Санаторон-курортон реабилитацийæн син ци æхцай фæрæзнитæ дехгонд цæуй, етæ ба æрвист цæунцæ теракти гъигæдард баййафгутæй алкæмæн дæр æхе хигъдмæ дæр.
Министри хуæдæййевæг ма куд фæннисан кодта, уотемæй Беслæни фиццаг скъолай террористон фудбæлахи уæззау цæфтæ ка фæцæй, уонæй æхсæз адæймагемæн аци анз лæвæрд æрцæудзæнæй материалон агъаз. Нуртæккæ бал æй райстонцæ Муртазти Дианæ, Æфсæнти Беллæ, Дзгойти Фатимæ æма Кокайти Марианнæ. Ци æхца син радех кодтонцæ, уомæй ба сæхе дзæбæх кæндзæнæнцæ фæсарæйнаг сæйгæдæнтти.
Террористон фудракæнди рæстæг гъигæдард ка баййафта, еци адæмæн сæ бон бауолæфун уодзæнæй, куд нæхе республики, уотæ Цæгат Кавкази иннæ санаторити дæр.
Беслæни фудбæлахи гъигæдард баййафæг адæмæн медицинон, санаторон-курортон реабилитаций программæ æнхæстгонд цæуй, федералон бюджетæй нæ республикæн ци субсидитæ радех кодтонцæ, уони фæрци.