«ФӔНДАДТӔЙ МӔ ЕУГУРЕМӔН ДӔР ФӔЙЙАГЪАЗ КӔНУН…»
Нӕ уодварни царддӕттӕг хӕзнатӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ци уӕлтӕрхӕг бамбурд ӕнцӕ, уордигӕй нӕмӕ ирдӕй зиннунцӕ нӕ адӕми исфӕлдистади зӕринтӕ, зӕрдиагӕй сӕ бамбурд кодта нӕ рагфидтӕлтӕй нӕмӕ ке фӕрци ӕрбахъӕрдтӕнцӕ, уони рохс нӕмттӕ. Уонӕй нуриуӕнгӕ дӕр нӕ газети кедӕрти туххӕй финстан. Уотӕ нӕмӕ кӕсуй, цума абони дӕр, нӕ газети фӕрстӕбӕл царди ци рохсадон нӕуӕгдзийнадӕ уадзӕн, гъома, «Иристони национ культурӕ», зӕгъгӕ, сӕрмагонд рауагъдадӕ, уоми дӕр син сӕ ном иссерун раст уодзӕнӕй. Бӕлвурдӕй ба нӕ абони дзубанди ӕй игъустгонд рохситауӕг Туккати Алексейи фурт Солӕмани (хеуӕнттӕ ’й Габуди худтонцӕ) туххӕй. Е адтӕй, номдзуд ахургонд, Иристони наукон ахуради бундорӕвӕрӕг Всеволод Миллерӕн ӕ ахурадон архайди хъӕбӕр ка фӕййагъаз ӕй, уонӕй еу.
Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес В. Миллер Иристонӕн цӕйбӕрцӕбӕл берӕ хуӕрзти бацудӕй, уобӕл. Нӕ адӕми истори, фольклор ӕма ӕвзаги фарстатӕ хъӕбӕр ахсгиаг бунат байахӕстонцӕ аци ахургонди берӕвӕрсуг исфӕлдистади. Уомӕ гӕсгӕ си нӕ адӕм ӕностӕмӕ арфиаг уодзӕнӕнцӕ. Ӕхсӕнади фӕндонмӕ гӕсгӕ Дзӕуӕгигъӕуи гъӕунгтӕй еуемӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Миллери ном. Всеволод Миллери цардвӕндаг ӕма ӕмбесондӕн дзоруйнаги фӕллойнӕбӕл беретӕ финстонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ абони уобӕл нӕ дзордзинан, фал ӕримисӕн ӕ куст ӕнӕ еске агъазӕй, ка ’й зонуй, уоййасӕбӕл ӕнтӕстгинӕй нӕ фӕррӕстмӕ адтайдӕ. Уонӕй еу, ку зӕгъӕн адтӕй Туккати Габуди. Абони уой кой сӕрмагондӕй уомӕ гӕсгӕ кӕнӕн, ӕма ин е ’рдзон искурдиадӕ хъӕбӕр лӕмбунӕг ӕрӕстӕфтӕй ӕма ’й ӕ карнӕ уой фӕрци аразунмӕ фӕрразӕнгард кодта В. Миллер, не ’мзӕнхонӕн ӕ цубур царди бонтӕ дӕр е исрохс кодта.
ЦАРДИ АМОНДБӔЛ АРХАЙГӔЙ ӔХУӔДӔГ БА СИ ФЕНӔХАЙ ӔЙ…
Туккати Солӕман (хӕдзари номӕй Габуди) Алексейи фурт райгурдӕй 1857 анзи 16 декабри Киристонгъӕуи. Кӕд ӕ мадӕ ӕма ӕ фидӕ хумӕтӕги гъӕуккаг цӕргутӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕ уодӕй арт цагътонцӕ, цӕмӕй сӕ цӕуӕти ахури надбӕл ӕрӕвӕронцӕ. Хӕдзари хецау дардта биндзитӕ, ӕ бон куд адтӕй, уотӕ агъаз кодта ӕ цӕуӕтӕн. (Биндздаруни гъуддагмӕ фӕстӕдӕр Габуди е ’ргом раздахта, уомӕн ӕма ӕ сабийбонтӕй фӕстӕмӕ лӕдӕрдтӕй уомӕн ӕ пайда). Габуди каст фӕцӕй райдайӕн скъола ӕма ’й идарддӕр ахур кӕнунмӕ рарвистонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи реалон скъоламӕ. Уой каст ку фӕцӕй, уӕдта рандӕй Петербурги Гъӕди институтмӕ ахур кӕнунмӕ. Фал зӕрдӕргъӕвд биццеуӕн е ’нӕнездзийнадӕ фӕккиудтӕй ӕма ин уоми цӕрӕн нӕбал адтӕй. Раййивта Мӕскуй гъӕууонхӕдзарадон ӕма гъӕди академимӕ. Е адтӕй 1880 анзи. Фиццаг ахур кодта гъӕдикустгӕнӕн хайади, уӕдта ’й ӕхе курдиадӕмӕ гӕсгӕ раййивтонцӕ гъӕууон хӕдзаради хайадӕмӕ. Академи каст фӕцӕй 1885 анзи ӕма идарддӕр ба косун райдӕдта ӕ дипломон кустбӕл. Еци дзамани уӕхӕн фӕткӕ адтӕй: теоретикон къурси фӕсте студент гъӕуама рандӕ адтайдӕ практикӕмӕ ӕма ӕ зонундзийнӕдтӕй бӕлвурд кусти пайда кӕнгӕй гъӕуама финстайдӕ дипломон куст.
Устур зиндзийнӕдтӕ бавзурста Габуди практики рӕстӕги. Ӕ нез дӕр ӕй уӕлӕмӕ искӕсун нӕбал уагъта, фал уӕддӕр ӕ гъуддаг кӕронмӕ рахъӕртун кодта ӕма ин 1886 анзи равардтонцӕ куст Мӕскумӕ хӕстӕг рауӕни. Косгӕ кодта инспекторӕй. Минкъий фӕстӕдӕр ӕй раййивтонцӕ косунмӕ Мӕскумӕ. Уӕдмӕ ибӕл ӕ рӕугути нез карздӕр кодта, лӕхъуӕн ахидӕй-ахиддӕр сӕйгитӕ кодта. Ӕма ӕхе исдзӕбӕх кӕнуни туххӕй Габуди 1887 анзи иссудӕй Кисловодскмӕ. Ами дохтиртӕ исбӕрӕг кодтонцӕ, Габудий рӕугутӕ хъӕбӕр сахъат ке адтӕнцӕ, уой. Уой туххӕй финста ӕхуӕдӕг дӕр Всеволод Миллермӕ. Дохтиртӕ ин бӕргӕ дзурдтонцӕ, денгизи билӕмӕ ескумӕ фӕццо, дӕ нез хъӕбӕр тӕссаг ӕй, зӕгъгӕ, фал уомӕн ба устур ӕхцатӕ гъудӕй ӕма ин ӕхемӕ фӕккӕсунӕн фадуат нӕбал адтӕй. Уотемӕй дӕр еудадзуг хуӕрдӕгъӕуагӕ ӕййафта ӕма бустӕги исӕнӕхъаурӕ ‘й. Ӕхуӕдӕг Всеволод Миллермӕ куд финста, уотемӕй ӕй думгӕ ӕ еунӕг уотид ӕрбадумдӕй дӕр рахъан кодтайдӕ.
Габудий бӕргӕ фӕндадтӕй Дзӕуӕгигъӕуи косун (уӕддӕр ӕ райгурӕн бӕстӕ), фал ӕй ӕ разамунд цӕмӕдӕр гӕсгӕ Армавирмӕ рарвиста. Ӕма уобӕл дӕр цийнӕ кодта: фадуат ин фӕцӕй сӕхемӕ ахиддӕр цӕун.
Еууӕхӕни Габуди гъуддаги фӕдбӕл балций рандӕй, ӕхе нӕ багъӕуай кодта, исуазал ӕй, ӕма ’й рӕугути нез уой фӕсте нӕбал исуагъта. Профессор Кокити Геуӕрги сӕрмагондӕй ӕрдзубанди кодта Габудий цардвӕндаг ӕма исфӕлдистадӕбӕл. (Ӕ финститӕй ин ӕз дӕр испайда кодтон.) Габуди уоййасӕбӕл ку ӕрсӕйгӕ ‘й, уӕд имӕ ӕ хуӕрӕ Аннӕ ӕма ӕ сиахс Уруймӕгти Сандир рандӕнцӕ, уодӕгасӕй ма ’й сӕхемӕ бӕргӕ исластонцӕ, фал… Нӕ Иристони разагъди лӕг 1890 анзи 29 мартъий ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй.
ИССӔЙ УСТУР АХУРГОНДӔН Ӕ ХУӔЗДӔР АГЪАЗГӔНГУТӔЙ ЕУ…
Рагон ӕгъдӕуттӕ ӕма таурӕхътӕ… Адӕмӕй еуӕй-еу хатт феронх унцӕ, абони бонмӕ рагон таурӕхътӕ ӕма ӕгъдӕуттӕ ке фӕрци ӕрхъӕрдтӕнцӕ, ка сӕ багъӕуай кодта, ка сӕ ниффинста, ка са рауагъта, уони нӕмттӕ. Аци гъуддаги архайдтонцӕ ахургӕндтӕ дӕр. Уонӕй еуӕй-еуетӕ ӕнцойнӕ кӕнунцӕ, зӕгъӕн, В.Миллери куститӕбӕл, фал Миллерӕн ӕрмӕг ка равардта, етӕ ба иронхуати райзайунцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба гъӕуама еуетӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр аккаг бунат уа ӕма аккаг аргъгонд цӕуа. Уой равдесуни туххӕй ӕрхӕсдзӕнӕн цалдӕр дӕнцӕни.
…Бӕхфӕлдесуни ӕгъдау ӕма уой хӕццӕ баст кӕндитӕ недзаманти берӕ адӕмтӕмӕ адтӕнцӕ. Фал, еци рагон ӕгъдау нӕ фидтӕлтӕ куд багъӕуай кодтонцӕ, уотӕ ’й неке багъӕуай кодта. Иннӕ адӕмтӕ ’й ӕригъосгӕй зудтонцӕ, мах адӕми царди ба хуӕрзӕрӕги уӕнгӕ дӕр ма адтӕй ӕ тухи. Зингӕ ахургонд профессор Виденгрен цӕмӕдесӕй финста уой туххӕй. Мадта дуйней тӕккӕ нимаддӕр фольклористтӕй еу, номдзуд французаг ахургонд Дюмезиль дӕр ӕ наукон кустити еу ӕма дууӕ хатти нӕ испайда кодта рагон ирон бӕхфӕлдесуни ӕгъдауӕй.
Ахургӕндти хъӕбӕр устур деси бафтудта еу гъуддаг: куд багъӕуай кодтонцӕ ирон адӕм бӕхфӕлдесуни фӕткӕ недзамантӕй нурмӕ? Раздӕр куд загътон, уотемӕй еци ӕгъдау индоевропаг ӕма ӕндӕр адӕмтӕмӕ дӕр адтӕй, фал ӕй етӕ феронх кодтонцӕ. Нӕ рагон фидтӕлтӕ аци гъуддаги консервативондӕр уомӕн разиндтӕнцӕ, ӕма сӕ царди зингӕ фулдӕр ӕууӕлтӕ байзадӕнцӕ, сауӕнгӕ скифти дзамани куд адтӕнцӕ, уотемӕй. Нӕ адӕм сӕ сӕ цардиуаги фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ гъӕуай кодтонцӕ, бундорон ӕййивддзийнӕдтӕ си нӕ цудӕй, уотемӕй.
Всеволод Миллер финста, зӕгъгӕ, бӕхфӕлдесуни фӕззелӕнтӕ ӕма ин уой бӕлвурддзийнӕдтӕ радзурдта Туккати Солӕман, зӕгъгӕ.
Ирон мифологий ахсгиаг бунат байахӕста Руймони таурӕхъ. Уой дӕр мах абони бони зонӕн Габудий фӕрци. Зин зӕгъӕн ӕй, Габуди ку нӕ ниффинстайдӕ аци таурӕхъ, уӕд ма ’й еске гъуди кӕнидӕ ӕви нӕ. Никкидӕр ма еу фольклорон уадзимиси кой искӕнӕн. Е ӕй, Габуди ке ниффинста, еци рӕсугъд таурӕхъ – «Биндзитӕ куд рантӕстӕнцӕ Дигори».
В. Миллер лӕмбунӕгӕй равдиста, нӕ рагфидтӕлтӕ уӕларвон дуйней арӕзт куд лӕдӕрдтӕнцӕ, уой. Аци лӕмбунӕг ӕрмӕг дӕр исирӕзтӕй Туккати Габудий фӕрци. Ниффинста фондз адӕмон аргъауи, цуппар кадӕнги, къуар таурӕхъи, ӕндӕр фольклорон ӕрмӕг… Аци дӕнцӕнтӕй бӕрӕг ӕй, номдзуд ахургондӕн Габуди устур агъаз ке бакодта, е. Амондгун адтӕй Габуди, В. Миллери хӕццӕ ӕ хъисмӕт ке исбаста, уомӕй. Амондгун адтӕй В. Миллер дӕр, Туккати Габудий хузӕн агъазгӕнӕг ин ке адтӕй.
Габуди ниммухур кодта къуар уадзимиси аллихузон фарстатӕбӕл. Уонӕй еу адтӕй, абони ахургӕндтӕ се ’ртасӕн кусти кӕмӕй пайда кӕнунцӕ, еци историон-этнографион уадзимис.
Раздӕр дзубанди рацудӕй, Габудий фидӕ муддар адтӕй, зӕгъгӕ. Мадта Габуди ӕхуӕдӕг дӕр муддаруни кустмӕ ӕ гъос ке дардта, е ӕ финститӕй бӕрӕг ӕй. Мах адӕммӕ цӕрунӕй-хуӕрунмӕ мудибиндзитӕ даруни куст кадгин гъуддагбӕл нимад адтӕй.
Туккати Валодя ӕма мин Лидӕ кӕддӕр куд радзурдтонцӕ, уотемӕй Габудий фӕстаг зӕгъдтитӕ адтӕнцӕ ӕ адӕми карни хӕццӕ баст. Тухамӕлтти ма исдзорун бафӕразта:
– Бӕргӕ мӕ фӕндадтӕй фӕййагъаз кӕнун… айдагъ сумахӕн нӕ, фал нӕ адӕмӕн, мӕ уарзон Иристонӕн…
ХУАРЗИ КОЙ НӔ ИСӔФУЙ
Хъибизти (Туккати) Лидӕ мин кӕддӕр ракодта мӕнӕ ауӕхӕн хабар. Цӕветтонгӕ, Габудий ӕнсувӕри фурт Сергей Устур Фидибӕстон тугъди фӕсте ахур кодта Мӕскуй энергетикон институти. Цардӕй ӕмдзӕрӕни. Еууӕхӕни клуби е ’мбӕлтти хӕццӕ гъазта ӕма еци дзамани уордӕмӕ бацудӕнцӕ ӕртӕ лӕги. Ӕрбацӕугутӕй еу уотӕ исдзурдта:
– Ма мин ӕй зӕгъетӕ, ами Туккатӕй ка ес, уой: ӕз ӕй мӕхуӕдӕг базондзӕнӕн…
Лӕг ӕ цӕстингас лӕхъуӕнти къуарбӕл рахаста ӕма комкоммӕ Сергеймӕ бацудӕй:
– Мӕнӕ айӕ ӕй Туккатӕй!..
Уӕдта Сергеймӕ дзоруй:
– Ду Солӕмани хузӕн дӕ.
Еци ӕнӕзонгӕ лӕг разиндтӕй Всеволод Миллери фурт Барис… Уой фӕсте Барис ӕма Сергей цалдӕр хатти фембалдӕнцӕ. Бариси хъӕбӕр фӕндадтӕй, Сергей идарддӕр ку ахур кодтайдӕ, аспирантурӕмӕ ку бацудайдӕ, фал е ӕндӕр над равзурста.
Ӕз мӕхуӕдӕг дӕр бустӕги ӕнӕнгъӕлӕги базонгӕ дӕн Всеволоди фурт Бариси хӕццӕ. Уӕд ӕз ахур кодтон Мӕскуй паддзахадон университети аспирантури. Еу бон гардероби размӕ еу ӕнӕзонгӕ лӕг ӕрбацудӕй ӕма ин ӕ уӕледарӕс ласунмӕ фӕййагъаз кодтон. Кӕстӕрӕн куд федауй, уотӕ. Лӕг мин райарфӕ кодта ӕма ранӕхстӕр ӕй. Уӕдта фӕстӕмӕ фӕззилдӕй ӕма мӕ бафарста, ка дӕн, уомӕй. Ӕз мӕхе байамудтон. Ирон дӕн, уой ку базудта, уӕд хъӕбӕр бацийнӕ кодта. Ӕма мӕ ӕ хӕццӕ рахудта. Еу аудиторимӕ бацудан. Адтайдӕ си ӕхсӕз-авд студенти. Салам син равардта, уӕдта дзорун райдӕдта, мах адӕми туххӕй. Ирон адӕми уотӕ бӕрзонд исиста, ӕма си ӕз мӕхуӕдӕг хъӕбӕр фефсӕрми дӕн… Деси бацудтӕн, мадта, зӕгъун, цума аци ездон лӕг ка уодзӕнӕй. Ӕ радзубандий кӕронбӕттӕни лӕг, мӕнмӕ райамонгӕй, загъта:
– Мӕнӕ уин еци адӕмӕй еу!..
Аци ӕнӕзонгӕ лӕг адтӕй Всеволод Миллери фурт Барис, зингӕ ахургонд. Мах ма уой фӕсте дӕр къуар хатти фембалдан ӕма мӕбӕл алли хатт дӕр хъӕбӕр бацийнӕ уидӕ.
Ци дууӕ имисуйнаги ӕрхастон, уонӕй бӕрӕг ӕй, Барис ӕ курухон фиди фарнӕ ке багъӕуай кодта. Всеволод Миллер ирон адӕммӕ ци зӕрдӕ дардта, е байзадӕй ӕ фурти уодигъӕди дӕр.
Сауӕнгӕ ӕ сабийбонтӕй фӕстӕмӕ Барис ӕмбалдӕй, ӕ фидӕн агъаз ка кодта, лимӕнӕй ке хӕццӕ цардӕй, уони хӕццӕ ӕма уони хузӕн ирон лӕгти хӕццӕ, сӕ адӕмбӕл ка тухстӕй, ӕ исонибони нӕдтӕбӕл ин си ка сагъӕс кодта, дзилли хуарздзийнадӕн ка цардӕй.
Уони рохсӕй махӕй алкедӕр хайгин ӕй. Ӕма уомӕ гӕсгӕ ба ихӕсгин ан, ци гӕнӕн ӕма амал ес, уомӕй архайун, цӕмӕй сӕ зононцӕ нӕ адӕми нури, уӕдта ма нӕ фӕсте ка исӕнтӕстдзӕнӕй, еци фӕлтӕртӕ дӕр. Уадзӕ ӕма сӕ нӕмттӕ цӕронцӕ ӕностӕмӕ!..