26 апреля 2024

ФӔЗЗӔГ УӔЛЛАГКОМЫ

19.05.2022 | 17:03

Дӕттӕн сӕ дугъуад

                       фӕкъаддӕр,

Сӕппытыл фӕсал фӕбур.

«Бафснайут зад хуымтӕ

                        тагъддӕр» –

Сиды уӕллаг комӕй хур.

 

Атахти зӕрватыкк фатау,

Сырддонцъиу гонмӕ

                      нымдзаст…

Уӕртӕ ӕвзыгъд акробатау

Кауыл ӕрцауындзӕг нас.

 

Фыстӕ ыстыхсынц

                  сӕ фистӕй,

Фыййау сӕ уисӕй «хынцы»…

Мӕлдзыг йӕ уӕззау

                    уаргъ систа,

Узгӕ дӕлдзӕхмӕ тындзы…

Мӕйрухс та луары

                      йӕ тынтӕ,

Кӕмттӕ нӕ кӕнынц

                             фынӕй,

Хъуысы ирон цагъд

                      Къӕмынтӕй,

Хъуысы ирон зард Дымтӕй.

 

Фынг у ирон царды скъола –

Дзыллӕйы кад ӕмӕ рад.

Фысымтӕ кувынц:

                    «Ныккола…»

Чындзхонтӕ курынц:

                         «Бӕркад…»

* * *

Номдзуд ирон поэт, тӕлмацгӕнӕг, драматург ӕма литературон критик Гагити Бариси фурт Геуӕргий райгурдбӕл 20 майи  ӕнхӕст кӕнуй дӕс ӕма цуппаринсӕй анзи. Уой фӕдбӕл ӕрмӕг кӕсетӕ 6-7-аг фӕрстӕбӕл.