19 апреля 2024

ФÆЛЛАД УАДЗУНÆН РАВГИТÆ – ХÆРХÆ!..

15.07.2022 | 17:05

Уæрæсей фæллойни æма социалон райарæзти министрадæ исбæлвурд кодта бæрæгбæнттæмæ гæсгæ æнæкосгæ бæнттæ. Нæуæганзон каникултæ рахæсдзæнæнцæ 2022 анзи 31 декабрæй (еци бон еугур Уæрæсей дæр уодзæнæй æнæкосгæ) ба 2023 анзи 8 январи уæнгæ. Кустмæ рацæуни бон – 9 январь. Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бони фæдбæл кæци хауй цуппæрæнмæ, нæ бæсти цæргутæ сæ фæллад уадздзæнæнцæ майрæнбони, 24 феврали дæр ма – æма уотемæй косгæ къуæре ба рахæсдзæнæй æртæ бони. Силгоймæгти Æхсæндуйнеуон бон хауй æртиккæгмæ æма къуæрей астæу уодзæнæй фæлладуадзæн бон. Иннæ анзи майи мæйи æнæкосгæ уодзæнæй æ фиццаг бон, кæци хауй авдисæрмæ, уæдта 8-аг æма 9-аг майи (авдисæр æма геуæргибони) – рауайдзæнæй дууæ минкъий каникултæ, æртæ æма цуппар боней дæргъи, Уæрæсей Бон дæр 2023 анзи (12 июни) уодзæнæй æнæкосгæ авдисæр. Еума æнæкосгæ авдисæр ба уæрæсейæгтæн балæвар кæндзæнæй адæмон еудзийнади Бон: е бæрæггонд фæццæуй 4 ноябри æма 2023 анзи е хауй сабатмæ, уомæ гæсгæ ба фæлладуадзæн бон хаст æрцæудзæнæй иннæ къуæрей райдайæнмæ, гъома, авдисæрмæ.

Аци хабæрттæ, ка ‘й зонуй, беретæн æхцæуæн уодзæнæнцæ. Фал ибæл лæмбунæг ку рагъуди кæнæн, уæдта сагъæсгъон адæймаг куд нæ бафæрсдзæнæй: «Нæ абони берæ цæмæйдæрти нæхъæртон рæстæгути нæ уалгай бæнттæ нæ косунмæ куд евдæлуй?..»