08 майя 2024

ФИДИБÆСТÆ ЛÆГБÆЛ ЛÆГИ ИХÆС ÆВÆРУЙ!..

10.06.2023 | 20:55

Уæрæсе уæ циуавæрæй фæууинун фæндуй, зæгъгæ, дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Левада-центр (Уæрæсей юстици æй бахаста фæсарæйнаг агентти хигъдмæ) уæрæсейæгти ’хсæн еууæхæни ци æрфарст исаразта, уоми архайгутæн сæ дууæ æртиккаг хайемæй фулдæр (66%) бæллунцæ, цæмæй Уæрæсе ,фиццаги-фиццагидæр, исуа адæми цардиуаги æмвæзадæ бæрзонд кæми æй, уæхæн бæстæ, уæдта, еугуремæй тухгиндæр ку нæ уа, уæддæр тухгиндæрти нимæдзи ун ин куд æнтæса. Уотæ ка гъуди кæнуй, уони нимæдзæ – 2015 анзæй фæстæмæ анзæй-анзмæ фулдæр кæнуй æма нуртæккæ иссæй, берæ рæстæгути дæргъи ци æртæститæ арæзт цудæй, уони бæрæггæнæнтæн сæ тæккæ бæрзонддæр. Бафарст адæмæн се ’ртиккаг хай (32%) куд нимайунцæ, уотемæй Уæрæсе гъæуама уа, иннæ паддзахæдтæ дæр цитæ кæмæн кæнонцæ æма уой хæццæ ба тæрсгæ дæр кæмæй кæнонцæ, уæхæн бæстæ. Мадта æрфарст адæмæй ба алли дуккаг дæр (49%) хуæздæрбæл нимайуй советон политикон системæ, уой хæццæ 18% ба арази ’нцæ нуриккон цардарæзтæй (уотæ ка гъуди кæнуй, уони нимæдзæ æхсæз анзей дæргъи фæмминкъийдæр æй еу æма æрдæг хатти), 16% ба бæллунцæ нигулæйнаг бæстити дæнцæмæ гæсгæ арæзт демократимæ.

Æруагæс ни кæнуй, аци нимæдзтæ еуцæйбæрцæдæр фендæрхузон æнцæ, фæстаг рæстæг дуйней дæр æма Уæрæсей дæр ци цаутæ æма хабæрттæ ’рцудæй æма цæуй, уонæмæ гæсгæ. Фал еци æййивддзийнæдтæ нæ бедуйунцæ еумæйаг хатдзæгбæл – рæстзæрдæй нæ Фидибæстæ ка уарзуй æма ин æ хуарзмæ ка бæллуй, еци уæрæсейаг дзилли фæндуй, цæмæй нæ Уæрæсе уа тухгин æма фæрнæйдзаг, адæми цардиуагæ си анзæй-анзмæ зæрдæмæдзæугæдæр куд кæна.