06 октября 2024

ХОР ТАВУЙ, ХУМӔГӔНӔГ – ТАУЙ!..

14.09.2022 | 17:53

Черчести Хъасболати публицистон уацтæй еуеми бакастæн мæнæ ауæхæн гъуди: «Цард цард æй. Нæййес ин бауорамæн, нæййес ин æ цуд фæттагъддæр кæнун дæр. Некæмæ игъосуй. Хевæндæ, æгоммæгæс æй. Нерæнгæ зæнхæбæл еу уæхæн адæймаг дæр нæма исæвзурдæй, æма царди цалх æ зилдæй æрлæуун кæнун кæмæн бантæстæй…»

Гъо, раст æй Хъасболат æ аци загъдæй. Æцæгæйдæр, адæймаг цийфæнди агъазиау хъаурæгин æма арæхстгин ку уа, уæддæр ин еу гъуддаг ба нецихузи бантæстдзæнæй – царди цалхи размæзилд кенæ бауорамун, кенæ фæстæмæ раздахун, кенæ хе фæндæмæ гæсгæ зелун… Уогæ æ бон ба е æй, æма уобæл исарази уогæй, æ карни хабæрттæ рæстуодæй аразгæй, рæстæгæй-рæстæгмæ æ цардвæндаги евгъудтæмæ фæстæмæ ракæсун: гъæйдæ-уай ци исаразтон, ци си ес уæхæнæй, æма си боз уон, цæмæй ба си арази нæ дæн æма си исонибони ци фæррастдæр кæнунгъон дæ…

Æма мæмæ уотæ кæсуй, цума Черчести Хъасболат дæр абони, æ кари финддæс æма æртинсæй анзей бæрзондæй æ цардвæндаги евгъуд рæстæгутæмæ ку ракæса, уæд ин ес, зæрдрохс цæмæй уа, уæхæн берæ-берæ хабæрттæ.

Райгурдæй Ставд-Дорти, ами каст фæцæй астæуккаг скъола, ардигæй рандæй Советон Æфсади рæнгъитæмæ, уоми уогæй, 1968 анзи ин рауадæй æ интернационалон ихæс æнхæст кæнун Чехословакий зæнхæбæл.

Æфсадæй исæздæхгæй æ царди идарддæри хабæрттæбæл куд нæ расагъæс кодтайдæ, ести дæсниадæ райсун дæр æ зæрди куд нæ адтайдæ. Мадта ци равзурстайдæ, уæхæн дæр ин адтæй – берæ цæмæдæрти дзурдта æ зæрдæ. Фал хъæбæрдæр ба ’й æхемæ æлваста исфæлдистадон тæмæн. Æма уомæ гæсгæ ахур кæнунмæ бацудæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети филологон факультетмæ. Уой æнтæстгинæй каст фæцæй, косун райдæдта ахургæнæгæй æ райгурæн гъæуи.

Хуарзæй æма федауцæй цудæй  куст, уарзгæ дæр æй кодта, уæдта æнтæсгæ дæр ин си берæ кодта. Фал уæддæр зæрдæ ба æ бунати нæ адтæй, æхеуон агурдта, гъома, æхе ивазта исфæлдистадон архайдмæ. Ма еугæр зæрдæ естæбæл тухсуй, цæмæдæр тундзуй, уæд уой нихмæ зин фæллæууæн æй.

Гъе уотемæй Черчести лæхъуæн иссæй республики тæккæ нимаддæр газет «Рæстдзинад»-и косæг æма си абони дæр ма æнтæстгинæй хъиамæт кæнуй. Æнтæстгин æй, зæгъгæ, хумæтæги нæ баханхæ кодта – аци газети фæрстæбæл æрмæгутæй цидæриддæр мухургонд æрцудæй, уонæй еу дæр уæхæн нæ адтæй æма газеткæсгутæй ке зæрдæ нæ байагурдта, редакцимæ сæ арфитæ ке фæдбæл не ’рбарвистайуонцæ. Уогæ уобæл берæ ци дзорæн – айдагъ «Рæстдзинад»-и нæ, фал мах газети кæсгутæ дæр æй сæхуæдтæ æнæ мах байамундæй дæр хуарз зонунцæ, «Дигори» фæрстæбæл дæр ахид фæззиннунцæ æ публицистикон æрмæгутæ.

Черчести Хъасболати исфæлдистади уæлдай табуйагæй зиннуй Мади сорæт. Æма е хумæтæги нæй – æностæмæ имисуйнаг ин æй абони дæр ма æ мадæ Фаризæт (Æчети кизгæ)… Сæрустур си æй – гъæубæсти ‘й абони дæр ма æримисунцæ – уоййасæбæл æгъдаугин æма зундгин силгоймагбæл нимад адтæй. Æ цæуæти дæр еци хузи – æгъдаугин æма рæстуод унбæл – исгъомбæл кодта.

Куд дæсни журналист, уотæ Хъасболат зундгонд æй, фал ма еу хабарæн дæр æнæ зæгъæн нæййес – «Рæстдзинад»-и косгæй ма ин æ еума ацъагъуæ дæр раргом æй – аййевадон уадзимистæ финсунмæ дессаги арæхстгин разиндтæй. Уогæ æ æригони рæстæги финста æмдзæвгитæ, уой дæр хуарз æмдзæвгитæ. Фæстæдæр ба, æвæдзи, еци фæлгæт ин æ исфæлдистадон гæнæнтæн нæбал фагæ кодта æма райдæдта радзурдтæ, новеллитæ, этюдтæ, публицистон уацтæ финсун. Еудзурдæй, æхе иснивонд кодта прозæн. Æма еци куст кæнуй абони уæнгæ дæр.

Æцæг искурдиадæн нæййес баримæхсæн. Æ рæстæги нæ адæмон финсæг, дзенети  бадæг Цæгæрати Максими ку бафарстайсæ æригон финсгути туххæй, уæд раттидæ уæхæн дзуапп: «Мæнмæ гæсгæ, æрдзæ литературон искурдиадæй æнæвгъауæй фæххайгин кодта прозаик Черчести Хъасболати æма поэт Касати Батрази. Литературон фæсевæди æхсæн берæ сæрæн биццеутæ æма кизгуттæ ес, фал æз мæ зæрдæ уæлдай
хъæбæрдæр дарун аци дууебæл, æма мæ фæндуй цæмæй ма фæффудæнгъæл уон…»

Рæстæг равдиста, Цæгæрай-фурт ке нæ фæффудæнгъæл æй, уой. Хъасболати уадзимистæ алкæддæр иссерунцæ фæндаг адæми зæрдитæмæ. Уомæн æма финст дæр зæрдæй æрцæунцæ. Æ уадзимистæ мухургонд цудæнцæ æма цæунцæ республикон æма æгасуæрæсеуон журналти æма газетти, журнал «Дон»-и дæр. Хецæн киунугутæй ин мухури рацудæй ирон æма уруссаг æвзагбæл документалон уацау «Мæлæтæй тухгиндæр», цалдæр радзурди ин бахастонцæ нæ республики æригон финсгути еумæйаг æмбурдгонд «Содзæ ме ’стъалу»-мæ, цалдæр анзей размæ ба ин рацудæй æ аййевадон уадзимисти хецæн æмбурдгонд «Хорамонд».

Æ прозаикон уадзимистæ уæлдай бæрæг дарунцæ бæлвурд исфæлдистадон хевæрцондзийнæдтæй, финсæг хъæбæрдæр арæхсуй,  адæймаги зæрди арфæй ци римæхст æнкъарæнтæ райгуруй, уони рæсугъд ирон æвзаги агъазиау гæнæнтæй ирдæй равдесунмæ. Уой хæццæ æ гъудитæ фæуунцæ æлвæст æнæ уæлдай дæргъвæтин дзубандитæй.

Уæлдæр куд загътон, уотемæй Черчести Хъасболати исфæлдистади уæлдай бæрæг дарунцæ мади туххæй финст уадзимистæ. Æма уомæй, мæнмæ гæсгæ, е уой нимауйуй æ уоди æма æ исфæлдистадон архайди сæйрагдæр ихæсбæл, уомæй æносон кæнуй ниййерæг мади, фиццагидæр, æхе мадæ, хъиамæтгун Фаризæти ном. Аци силгоймаг фæццардæй куд хумæтæг гъæуккаг силгоймаг, федауцæй царди бавзурста цийнæ дæр æма зин дæр,  фал фæстагмæ ба ибæл зиндзийнæдтæ æгæр æруæзæ ’нцæ – æстдæс анзей дæргъи хуссæни сæйгæ фæцæй. Уони дæргъи е, кæд еске æцæг рæвдуд фæууидта æ хеуæнттæй, уæд æй Фаризæт фæууидта. Æ киндзæ Людæ (Дзилихти кизгæ), æ кизгуттæ Азæ æма Розæ, æ фурт Хъасболат, уони цæуæт уомæн лæггадæ кæнунæй некæд æма нецæмæ базийнадæ кодтонцæ. Уогæ син зин ба куд нæ адтайдæ сæ мади сæйгæ. Хъасболати радзурд «Мадæ» арæзт æй æдеугур цалдæр гъудиадемæй, фал си æ ниффинсæги зæрди рист ба куд бæрæг æй: «Ехх, мæ мадæ, мæ мадæ!.. Цал хатти рахаудтæн аци зæнхæбæл, цал… Кæддæриддæр мæ, цит, исистай, фал мин ду нур еунæг хатт рахаудтæ, æма дæу исесун ку нæ бацæй мæ бон…»

Черчеси-фурти публицистикон æма аййевадон уадзимистæ адæм сæ зæрдитæмæ хъæбæр хæстæг райсунцæ, ахид ин фæййарфитæ кæнунцæ уони туххæй. Мадта æ хестæр исфæлдистадон æмархайгутæ дæр ин устур аргъ искæнунцæ. Зæгъæн, æ радзурд «Цæй зин æй мади цæститæбæл æрхуæцун»  рохсаггаг Тедети Геуæрги, зундгонд финсæг  исхудта æцæг шедевр: «Ирон литератури æз рагæй нæбал бакастæн уæхæн агъазиау, зæрдæмæгъаргæ уадзимис… Е æй дæ устур æнтæст, æма дин арфæ кæнун…»

Черчести Хъасболатæн æ киунугæ «Хорамонд» ку  рацудæй, уæд уобæл хъæбæр, æвæдзи, авторæн æхецæй фулдæр ка бацийнæ кодта, уонæй адтæй нæ курухон хестæр, тугъди ветеран, адæмон финсæг Хъайтухъти Азæмæт дæр: «Киунугæ Уасгергий ковæн бæнтти рæстæг рацудæй, гъема æ автор Уасгергий фæдзæхст уæд!..»

Æмбесонд уотæ зæгъуй, сæдæ хатти фегъосунæй, дан, еу хатт фæууинун хуæздæр æй. Уотæ – киунуги хабар дæр. Мах ин цæйбæрцæдæр ма фæккæнæн æ хуарзи кой, уæддæр аргъгæнæг киунугæкæсгутæ уодзæнæнцæ.

… Мæнæ уæлдæр куд загътан, уотемæй Черчести Хъасболат æ аййевадон уадзимисти еу æмбурдгонд исхудта «Хорамонд». Цæмæн уотæ исхудта? Аци фарстайæн æхуæдæг уæхæн дзуапп равардта:

– Киунугæ фæууй уацау «Хор мегъти аууонæй дæр тавуй»-æй, æма уой кæронбæттæни ес уæхæн рæнгъитæ: «Царди медæгæ алцидæр æрцæуй. Хатгай уотæ дæр фæууй, æмæ хорбони арв дæр ниннæруй, фал уæддæр хор хор æй… Е нæ мегъти аууонæй дæр фæттавуй… Уомæ гæсгæ мæ бафæндадтæй мæ уадзимисти æмбурдгондæн уæхæн сæргонд раттун».

Гъе æма, Хъасболат, абони дин дæ 75-анзон юбилейи фæдбæл арфитæ кæнгæй нæ зæрдæ дин зæгъуй, цæмæй дæ царди, уæлдайдæр ба дæ кæстæрти, уони цæуæти царди аллибон дæр хорамондæй рæвдуд куд уонцæ. Æнæ мегъæбон дæр царди кæми рауайуй, фал сæ нæ Исфæлдесæг гъæуай кæнæд, издин ехуарæн ма расайæд еци мегъæ æма ’й хори тунæ куд еуварс кæна, уæхæн амонд сæ уæд.

Хъасболат, нæ фидтæлтæй уæхæн зундгин загъд байзадæй: «Хор тавуй, хумæгæнæг ба – тауй!..» Ду хумæгæнæг дæ æма дæ хумгæнди ци итауай, е дессаги тиллæгæй куд райрæза æма си хумгæрдæнти адæмæн зæрдирохсгæнæг бæркад куд æмбурд кæнай, уæхæн хуарздзийнадæ дæ уæд!..  Берæ зæрдæмæгъаргæ уадзимистæ ниффинсун ма дин куд бантæса, уæхæн фарнæ дæ хай уæд!..

… Æмбесонд куд зæгъуй, уотемæй сæдæ хатти фегъосунæй, дан, еу хатт фæууинун хуæздæр æй. Уотæ – аййевадон уадзимисти хабар дæр. Мах син цæйбæрцæдæр ку фæккæнæн сæ хуарзи кой, уæддæр аргъгæнæг ба киунугæкæсгутæ уодзæнæнцæ. Уомæ гæсгæ ба уæ абони зонгæ кæнæн Черчести Хъасболати цалдæр радзурдей хæццæ. (Кæсетæ
6-7-аг фæрстæбæл.)

САКЪИТИ Эльбрус