«ХОР ТАВУЙ, ХУМÆГÆНÆГ – ТАУЙ!..»
Æцæгæйдæр, цæйбæрцæбæл зæрдтагон æй, хор ку тава, хумæгæнæг ба уодциренæй æ тауни хабæрттæ ку кæна, е!.. Уотемæй ирæзуй нæ царди фарнæ, разæнгарддæрæй аразæн нæ карни райдзастдæр исонибон.
Аци загъд ма уотæ дæр лæдæрун æнгъезуй, æма нин хор кæд нæ еугуремæн дæр еумæйаг æй, хумæгæнæг ба ни алкедæр кæд хецæнæй æй, уæддæр хумгæндæ ба нин еумæйаг æй, еумæйагæй си хъиамæт кæнæн, уомæ гæсгæ ба ни алкедæр гъæуама тундза æзхуæздæронæй архайунмæ.
Зундгонд журналист æма финсæг Черчести Хъайтухъи фурт Хъасболатæн æ хумгæндæ исфæлдистадæ ‘й, æма ин æнтæсуй бæркадгинæй си фæллойнæ кæнун. «Æнзтæ… Уогæ ба куд тагъд фæттæхунцæ, куд!» – уотæ райдайуй æ радзурдтæй еуей. Æма, цума, раст æхебæл финсуй, уотæ сæ æнгъæлун æнгъезуй. Лæдæргæ дæр æй, æвæдзи, нæ бакодта, уотемæй æ финддæс æма æртинсæй анзи æхердигæй фæцæнцæ – уал анзи ибæл æнхæст кæнуй 16 сентябри. Уогæ ци ‘й æнзтæн уотид сæ бæрцæ!.. Сæйрагдæр æй, фæззигон хуарæфснайæнти хузæн си ци тиллæг æрæмбурд кæна адæймаг, æ зæрдæ си цæмæй рохс кæна, е. Æма уæхæнæй ба Хъасболати æнзтæ æнхæст æнцæ æнæгъæнæй дæр.
Зæрдиагæй ин арфæ кæнæн æ бæрæгбони кадæн, æма уой фæдбæл æрмæгутæ ба кæсетæ 5-7-аг фæрстæбæл.