06 декабря 2024

ХОРВÆНДАГБÆЛ ЦÆУГÆЙ

03.06.2023 | 20:16

Цæгат Иристони адæмон финсæг, поэт, прозаик, критик, публицист Хугати Заурбеги фурт Сергейбæл æрæги исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи. Ка ’й зонуй, кæмæдæрти берæ фæккæсдзæнæй аци æнзти бæрцæ, фал аллибон исфæлдистади нæуæг сорæттæ, нæуæг гъудитæ агоргæй ка цæуй царди, уомæн ба цанæбæрæг гъæуама уонцæ!

Сергей ба уæхæн уодигъæди хецау æй æма еу усмæ дæр фæллад ци ’й, уой некæд балæдæрдтæй, еудадзугдæр кодта косгæ æма финсгæ, архайдта æма архайуй æнæ исусгæ сауæдонау, æхе уоди æмбæрцæ ци маддæлон æвзаг æма адæм уарзуй, уонæн ести хуарздзийнæдтæ ниууадзунбæл æма ин æнтæсгæ дæр бакодта. Ирон аййевадон дзурди медæггойнæ фæгъгъæздугдæр кæнунбæл архайуй 1950 анзæй абони уæнгæ. Æ киунугути нимæдзæ кæд е ’нзти бæрцæмæ нæма исхъæрттæй, уæддæр сæ уæзæ ба ахедгун æй.

Сергей æмхузон æнтæстгинæй косуй куд поэзий, уотæ прози æма критики къабази дæр. Æ берæ нимæдзон уацхъудти ахид æрдзоруй ирон æвзаг æма литератури ци берæ лухкæнуйнаг фарстатæ ес, уонæбæл æма ин алкæддæр рауайунцæ цæмæдесаг, медесгун.

Сергей берæ бæрнон бунæтти фæккуста, фал уæддæр æ царди фулдæр æмбес ба баст адтæй рауагъдадæ «Ир»-и хæццæ. Хугай-фурти къохæй ци сæдæгай киунугутæ рацудæй, уонæбæл цæйбæрцæ лæмбунæг куст цудæй, уомæн киунугутæ, сæхуæдтæ æвдесæн. Кæми фæндуй косгæй дæр, Сергей æхе уæлбекъон дард некæд кодта, алкæддæр æхе дардта хумæтæг æма зæрдхæларæй. Е æй Сергейи адæймагон менеугути сæйрагдæртæй еу.

Æ уадзимистæ – нæ доги цардæвдесæг, æ исарæзт сорæттæн сæ архайд комкоммæ нæ доги хæццæ баст æ рахес æма æ галеу гъуддæгути хæццæ. Уотæ æ поэтикон уадзимистæ дæр. Ци ратæдзуй æ зæрди тогдадзинттæй, е æргом, зæрдæмæгъаргæ, æцæг…

Уомæ гæсгæ ба сæ адæймаг кæсуй алкæддæр æхцæуæнæй. Нæ си ес кæнгæ миутæ, тухарæзт æма тухцæвæ ке бакæнуй рæнгъи медæгæ, уæхæн фæззелæнтæ.

Æнзтæ сæ кæнон кæнунцæ, кæд евгъуйгæ тæхгæ бæлæутау цурд кæнунцæ, уæддæр сæ уæзæ ба æхе лæдæрун кæнуй адæймаги усхъитæбæл. Сергей ба ма нерæнги æй, æнгъæлмæ кæсæн кæмæн ес æ нæуæг исфæлдистадон æнтæститæмæ, уæхæн æвзугъд финсæг.

Куд нæ финсгути хестæр æма нæ курухондæртæй еу, уотæ ин нæ зæрдæ зæгъуй берæ æнзти дæргъи ма æнæнез цард æма уæлахезтæ, зин, фал ахсгиаг ка ’й адæмæн, дæ еци исфæлдистади.

Дæ сæдæ анзей сæрти куд ракæсай, еци нивæ æма амонд дæ уæд!

КОЛИТИ Витали

 

ДЫУУÆ КЪУХЫ

Дыууæ къухы цы сфæлдыста лæгæн,

Дыууæ цонджы – цы Хуыцауы хæрзиуæг!

Кæмфæнды у, цыфæнды зынгуыст кæн –

Куыд арæхсынц, куыд хорз фидауынц иумæ!

 

Кæд хосгæрдæн – сыгъзæрин феста уас! –

Мæлæг уд дæр йæ зиу-ызмæлдмæ сыстид.

Дæ цæвæг-хъæд дыууæ къухæй нылвас,

Хæлиу ныллæуу, хæрæгдым кæрдæг сыстигъ.

 

Кæд уалдзæг у, хуыммæ цæуын – дæ хæс, –

Зæххыл фæзил æмæ хуыздæр цин бавзар.

Дæ гутоныл дыууæ къухæй ныххæц,

Гуыбыр-гуыбыр дæ галты фæдыл базар.

 

Кæд тохы бон – æрцыд дæ бæстæм хæст, –

Дæ къух нын тæхгæ бæхы рох æвдæрзы,

Уæд де ’ннæ къухæй де ’хсаргард фæхæсс,

Нырриуыгъ дзы дæ фыдгулæн йæ бæрзæй.

 

Дыууæ къухы, кæуылты у сæ тых!

Уæддæр мыл иу æхсызгон хъуыды бафты:

Фæхæсс дæ цæнгтæ, искæуыл ныттыхс, –

Дыууæ къухы нæма сфидыдтой афтæ!

Август, 1985

 

СУСÆГ УАРЗТ

Æз цæуын Хуыцаумæ, зæхмæ здæхын,

Бафтын уыцы хъуыдыйыл ыстæй:

Ацы сабыр дзуарæфтауæн зæххыл

Сусæг уарзтæй адджындæр уарзт нæй.

 

Гъо, фæлæ йæм иу азым æнкъарын, –

Комдзог ныл цæуы цыма – уый циу?!

Цас нæ уарзт нæ риуы ’мбæхстдæр дарæм,

уыйас зæрдæ тынгдæр хойы риу.

 

Нæ, уæддæр цы сусæг цинты судзын,

уыдон мын æнæсхъæр уой цæмæй,

уый тыххæй æртæ цырагъы ссудзын

Алы ’хсæв, куы стулы арвыл мæй.

 

Æмæ цыма уарзтæй дæн хæрз афтид,

Уый хуызæн фæцæйцæуын сындæг,

Искуы кæд дæ зæрин фæдтыл бафтин,

Æмæ сæ йæхи рæвдауид лæг.

 

Æз мæ уарзт дæ сыхбæстæй æмбæхсын, –

Рухсæй а сых иннæтыл тых у:

Скæсы сæм æрвылсæумæ сæуæхсид,

Стæй сæм худы ’рвылбон рæфты хур.

 

Уарзты зынг зындарæн у æмбæхстæй,

Фæлæ уарзæг удыбон цы нæу!

Æмæ кæд нæ рафæлдæха бæстæ –

Дам-дуймаг нæ фæкæндзынæн дæу.

 

Ныр цæуын Хуыцаумæ, зæхмæ здæхын,

Дзуæртты бын балæууын ыстæй:

Ард хæрын Хуыцауæй æмæ зæххæй –

Сусæг уарзтæй адджындæр уарзт нæй.

Сентябрь, 2006

 

* * *

 

Гыццыл цъæх чызг-иу уынджы хъазыд – фистсæр,

Хыл кодта сыхы лæппутимæ ’дзухдæр.

Æрмæст æм сæ ысдзурæд исчи исты,

Æмæ та-иу фæхъил кодта йæ къухтæ.

 

Бæгъæмзæнг чызг кæрæмисæй дон хаста, –

Йæ бедраты-иу дон фæйлаугæ хъазыд.

Лæппу фæзынæд искуы уынджы астæу,

Æмæ та далæ къулрæбынты азылд.

 

Чындздзон чызг никуы ракафыди хъазты –

Фæзон æмæ та искæй фæстæ ’мбæхсгæ…

Кæд-иу, мыййаг, йæ мидзæрдæйы тарсти –

Куы йæ бауарза ’ндæр исчи мæ бæсты.

 

ЦÆР, МÆ ИР!

Цæр, мæ Ир! Дæ фыдгулты фыддæрадæн

Фест æвдудон. Аныхъуыр дæ цæссыг.

Сис дæ саутæ – бафæраз, æндæра дæ,

Зонын æй, дæ рыст зæрдæ нæ хæссы.

 

Де знæгтимæ уæд йæ дзырддаг де знагæн,

Уæдæ ’нæ знаг дуне дæр нæма уыд.

Фæлæ знагыл æлгъ куы кæнай йе ’лгъагæй –

Де знагæн дæр ахæм знаг ма уæд!

 

Тонынц дын фæйнæрдыгæй дæ арæнтæ –

Кæд фæуиккой, афтæ нæу, фæрстæ тынд –

Чи дын арц ныццарæзта дæ артæнтæм,

Чи дæм хъавы гадзайау фæстæты.

 

Ма æрхау дæ тыхст удæй дæ уæрджытыл,

Ма у де стырзæрдæйæ æдзæттæ –

Иу хæрæг дыл хилдзæни йæ хæрджыты,

Иу куыдз дыл скæндзæни куыдздæттæ…

 

Оххай, цард хæдзархастау фæхастæуы, –

Ацы сылваз демократи, ацы! –

Зылын чи у, уыцы лæджы раст кæны,

Раст лæджы рæстæй цæрын нæ уадзы.

 

Ды цы зынтæн фæразыс, цы рыстытæн! –

Фæстагæттæ дæ хæсдзысты дисæн.

Дæу сыгъдæгуд скæндзысты Чырыстийау,

Де знæгтыл та бакæндзысты ’вдисæн.

 

Дунейыл мын иунæг дзуарау иунæг дæ, –

Уæд дæ сахъ цæдисонтæ кæм сты?!

Тугхъæдгæмттæй чи фæцыди ингæнмæ,

Уыдон дыл хæрзаудæн кæндзысты.

 

Æма д ’арт куы сгуыпп кæна дæ артдзæсты,

Й ’алыварс дæ фæлмæст цот куы сиу уой,

Уæд мæныл æрзайдзæни цыппар цæсты, –

Хъуамæ дын дæ цинтæ фенон иууыл.

Ноябрь, 1991

 

АДÆМ

Райсом рабадын

Æмæ

Æрхъæцмæ нал фæхъæцын –

Тагъддæр ку ’аирвæзин æддæмæ,

Цы хабæрттæ ис адæммæ,

Куыд ысты? –

Мæ зæрдæ сæм мæ уатæй дæр

Куы ’хсайдта!

Æмæ рацæуын,

Мемæ – мæ цинтæ ’мæ мæ тыхстытæ.

Мæ цинтæ ’мæ мæ тыхстытæ

Зæрдæйы дыууæ дзæкъулæгау –

Мæ удыл.

Мæ тыхстытæ бæрæг уæзгæ вæййынц.

Нæ дуарæй нæма райсын

Мæ къах.

Æмæ мæ райдайынц

Фæйнæрдыгæй фæрсынтæ:

Куыдтæ цæрын –

Æнæниз дæн?

Æнæмаст?

Æмæ сын райдайын æз дæр мæ цъус цинтæ

Дæрдтыл нымайын,

Гъе!

Афтæ дæр цæрын,

Фæзæгъын.

Уфтæ дæр цæрын,

Мæ тыхстытæн сын не скæнын

Сæ кой дæр –

Цæмæн с ’айса йæ зæрдæмæ

Сæ исчи!

Æмæ сын цалынмæ

Мæ цинты кой фæкæнын,

Уæдмæ

Мæ тыхстытæй

Ницыуал аззайы

Мæ мидæг.

Февраль, 1995