25 апреля 2024

ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..

15.07.2022 | 17:00

Сæрди кæронмæ Дзæуæгигъæуи гъæуама косун райдайа нæуæг хуйæн фабрикæ. Косгæ ба си кæндзæнæй 700 адæймаги.

***

Дзæуæгигъæуи афицерти Хæдзари фæзуати нисан кæнунцæ къайадæ федар кæнуни Галауан. Нури азгъунсти разуиндæ гъæуайгонд æрцæудзæнæй, æцæг æй уотæ барæвдзитæ кæндзæнæнцæ, цæмæй уа федауцæй-федауцæдæр.

***

Дзæуæгигъæуи Жуковскийи номбæл сувæллæнтти парки цалцæггæнæн куститæ æгæр ке ниддæргъвæтийнæ ‘нцæ, уомæ гæсгæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло сахари разамундæй карзæй байхæс кодта, цæмæй аци фæлладуадзæн æма хеерхæфсæн рауæн цæттæ уа тæккæ цубурдæр рæстæгмæ.

***

Дзæуæгигъæуи бугъгалæнти полигони рекультиваций рæстæг уордæмæ баласдзæнæнцæ гъæздуг мæрæ æма еугур фæзуат дæр зайæгойтæй исфæлгонц кæндзæнæнцæ, ниссадздзæнæнцæ си цуппар минемæй фулдæр бæлæстæ æма къотæртæ.

***

Æнæнхæст бæрнонади æхсæнадæ «Алани-æхсир» ци агрохолдинг исаразуйнаг æнцæ, е æрбунат кæндзæнæй Мæздæги æма Рахесфарси районти. Куд нисангонд цæуй, уотемæй арæзт æрцæудзæнæнцæ, 5760 стори кæми уодзæнæй, уæхæн дууæ æхсиритоварон ферми, уой хæццæ ба ма хуаллаг цæттæгæнæн завод æма хуардарæн бунæттæ.

***

Нæ бæсти Президент Владимир Путин æрæги ци Указ бафинста, уомæ гæсгæ уæрæсейаг уæлдæр ахургæнæндæнтти бюджетон бунæттæн сæ 10 проценти лæвæрд цæуонцæ, Украинæ æма Донбасси нуртæккæ ци сæрмагонд тугъдон операций цæуй, уоми ка фæммард æй, уæдта ма си абони ка архайуй (Укази бæлвурдгонд æнцæ, еци нимæдзæмæ ка хауй, уони номхигъд), уони цæуæтæн. Уой дæр – ка фæммард æй кенæ уæззау цæф ка фæцæй, ка фæссæйгæ ‘й, уони сувæллæнтти бацæуæн фæлварæнтæ дæттун нæ гъæудзæнæй (исфæлдистадон дæсниæдтæмæ цæунæн уæлæнхасæн фæлварæнтæй уæлдай), иннæ тугъдонти сувæллæнтти ба есдзæнæнцæ ахурмæ бацæуæн фæлварæнти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ.

***

Цæгат Иристони Центр «Мæ бизнес» хуæрзауодæн фонд «Хуарздзийнадæн уæн ес»-и хæццæ игъосун кæнунцæ, ахури нæуæг анзи размæ ке райдæдтонцæ мадзал «Сувæллони исрæвдзæ кæнæ скъоламæ цæунмæ», уой. Æ нисан æй – нæхъæртондзийнæдтæ æййафæг бийнонтæн фæййагъаз кæнун сæ сувæллæнтти скъоламæ цæуни агъоммæ гъæугæ дзаумæуттæй исефтонг кæнуни гъуддаги.