ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..
«Росмолодежь. Гранты 1 сезон» – уæхæн конкурси архайдтонцæ Цæгат Иристони минæвæрттæ æма си фондземæй гранттæ рамулдтонцæ: Гулити Вадим (1,35 млн соми), Дзагойти Зæринæ (1 млн соми), Кудзойти Руслан (1,5 млн соми), Тъурити Владислав (1,2 млн соми), Цопанти Алан (1,4 млн соми).
***
Авиакомпани «Аэрофлот» иснæуæг кодта рейстæ Мæскуйæй Дзæуæгигъæумæ. Æнхæст ба сæ кæндзæнæнцæ хуæдтæхгутæ Airbus A 320. Дзæуæгигъæуæй мæскуйаг аэропорт Шерементьевой уæнгæ тæхуни рæстæг уодзæнæй 2 сахатти æма 50 минутти.
***
Цæгат Иристони туризми Комитети сæрдари ихæстæ æнхæстгæнæг Тебиати Мæдинæ куд игъосун кæнуй, уотемæй «Мамисон»-и фиццаг канатон нади арæзтадæ фæууодзæнæй 2024 анзи.
***
Тамаку думунбæл æхцул уæрæсейæгти нимæдзæ 2020-2021 æнзти фæмминкъийдæр æй 13% бæрцæ (3,63 миллион адæймаги). Тамакудумæг адæми бæрцæ еугуремæй минкъийдæр æй Цæцæни (1,8%), Мæхъæли (5,5%), Дагестани (9,2%) æма Цæгат Иристони (9,4%).
***
Куд иннæ æнзти, уотæ нур дæр бабæй 28 майи Уæрæсей еугур рауæнти дæр арæзт æрцæудзæнæй рохситауæн-культурон дзиллон акци «Библиотекити æхсæвæ». Уой фæдбæл мадзæлттæ арæзт æрцæудзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи Национ киунугæдони бæстихаййи дæр. Райдайдзæнæнцæ бони 12 сахаттебæл æма рахæсдзæнæнцæ изæри 21 сахаттей уæнгæ.
***
Цæгат Иристони 2015 анзæй фæстæмæ капиталон цалцæггонд æрцудæнцæ 235 берæфатерон хæдзари (харзгонд æрцудæй 1 миллиард 20 миллион соми). Аци анз ба уæхæн хæдзæрттæй гъæуама цалцæггонд æрцæуонцæ 47, уæдта 80 лифти баййевонцæ. Дæс хæдзареми куститæ фæцæнцæ, дууадæсеми ба ма цæунцæ, иннетæн ба цæттæгонд цæуй гъæугæ гæгъæдитæ.
***
Славайнаг финсунадæ æма культури Бони кадæн культури Хæдзарæ «Металлург»-и рацудæй æмзаруни аййевади 17-аг республикон фестиваль, Евгений Вахтангови номбæл уруссаг Академион театри ба – бæрæгбони концерт.
***
Уæрæсей æфсади рæнгъити е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнунмæ Цæгат Иристонæй аци анз æрвист ка цæудзæнæй, еци лæхъуæнти фиццаг къуар æрæги рафæндараст кодтонцæ сæ балций. Æфсæддон комиссаради хигъди ка ’й, еци 16 мин лæхъуæнемæй алли æртиккагмæ дæр ес уæлдæр ахурадæ, беретæ ба си исахур кодтонцæ ДОСААФ-и ахургæнæндæнтти.