11 ноября 2024

ХУАРЗÆЙ ХУАРЗ ЗÆГЪУН ГЪÆУЙ!..

30.12.2021 | 10:15

Нæуæг анзи хуæдразмæ нæ республики социалон-экономикон æма культурон царди æрцудæй берæ зæрдрохсгæнæн хабæрттæ æма цаутæ. Сæ еугурей ранимайунæн нин равгæ нæййес, фал си кæцидæрти кой ба уæддæр æнæ ракæнæн нæййес.

***

Нæ бæсти минкъий, рæстæмбес амалгъонадæн агъаз æма инвестицион архайд гъомусгиндæр кæнуни туххæй программи федаргонд мадзæлттæ æнхæст кæнунæн Цæгат Иристони 2022-2024 æнзти дехгонд æрцæудзæнæй 405,2 миллион сомемæй фулдæр (уонæй 136,4 миллиони – федералон бюджетæй).

***

Гъæууон территорити комплексон райрæзти паддзахадон программæ æнхæст кæнунæн Цæгат Иристони дехгонд æрцудæй 792 миллион соми. Еци фæрæзнити фæрци арæзт æрцудæй берæ ахсгиаг куститæ. Зæгъæн, æхсæз гъæуеми Уæллаг æма Дæллаг Санибай, Гизæли, Ногири, Гъæдгæрони æма Майрæмадаги) реконструкцигонд æрцудæнцæ донуадзæнтæ. Еци куст æнхæстгонд цæуй Елхотти дæр. Дур-Дури ба исцалцæг кодтонцæ бунæттон скъола æма амбулаторий азгъунститæ.

***

Цæгат Иристони фæффулдæр æй æхсир æма фид цæттæ кæнуни бæрцæ. Фари хæццæ рабаргæй æхсир дугъд æрцудæй 2700 тонни фулдæр, нæхемæ цæттæгонд фид ба – 11 тонни фулдæр. Е æй, сторвонс нæмæ ке фæффулдæр æй, уой фæрци – аци анзи еуæндæс мæйемæ фæффулдæр æй 1589 сæрей бæрцæ.

***

Уæрæсей Пенсион фонд куд игъосун кæнуй, уотемæй гъæути цæрæг пенсиесгутæн сæ пенситæ фæффулдæр уодзæнæнцæ 25% бæрцæ. Æцæг си гъæуи еудадзуг ка цæруй æма косгæ ка нæ кæнуй, еци пенсиесгутæн. Уæдта еума зонуйнаг – еци адæймæгутæй 2022 анзи кенæ фæстæдæр æ цæрæнбунат сахармæ ка раййева, уомæн дæр еци æфтауæн фист цæудзæнæй.

***

Нæ республики муниципалон искондти ‘хсæн конкурс нæмæ арæзт цæуй æртиккаг анз. Бунæттон хеунаффæйади оргæнти архайдæн аргъгæнæг къамис, Хецауади Сæрдар Дзанайти Бариси разамундæй æрæги æркастæй фари кусти бæрæггæнæнтæмæ. Æма еумæйаг унаффæй фиццаг бунат исаккаг кодтонцæ Мæздæги районæн, дуккаг Ирæфи æма æртиккаг Алагири районтæн. Конкурси уæлахездзаутæ хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ финансон æгъдауæй: Мæздæги районæн – дæс миллион соми, Ирæфи районæн – фондз миллион соми, Алагири районæн – æртæ миллион соми.