19 апреля 2024

«И фарни тунӕ ӕрфелауидӕ, – Уарзондзийнадӕ ӕрфедар уидӕ!..»

11.11.2021 | 17:21

Аййевадон уадзимиси хабар уотӕ ’й, ӕма кадӕриддӕр базонгӕ уй ӕ хӕццӕ, уонӕй алкӕмӕ дӕр исӕвзурун кӕнуй ӕхе гъудитӕ, фӕззиннун имӕ кӕнуй ӕхе ӕнкъарӕнтӕ, алкедӕр си ӕхецӕн искӕнуй ӕхе хатдзӕгтӕ. Уотӕ зӕгъун ӕнгъезуй Малити Геуӕргий уадзимисти туххӕй дӕр. Ӕма мӕн ба абони зӕгъун фӕндуй е ‘мдзӕвгӕ «Тӕходуй, ӕна…»-й туххӕй.

Мӕ радзубандий райдайӕни мӕ фӕндуй Къостай ӕнӕмӕлгӕ «Хъубади»-йӕй уин еуцалдӕр рӕнгъи уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун:

«Кӕйдӕр дзӕгъӕлзад

Лӕппуйӕ баззад

Йӕ сау бындурыл…

Кӕдӕм – иу бафтыд,

Уым-иу фӕкафыд

Кӕрдзыны мурыл…»

КЦОЙТИ Астемур, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

Куд зонӕн, уотемӕй Къостай мӕгур Хъубади ӕностӕмӕ байзадӕй адӕмӕн зундгондӕй – дзиллити рӕнгъӕмӕ куд ӕгудзӕг хузи рафтудӕй, уотемӕй ин финсӕг ӕ фӕлгонц исаразта – ӕ уӕле фусдзарӕй дӕрдгун ходӕ ӕма ӕ къӕредӕ кӕрци гъесин фӕндурӕй цӕгъдуй…

Цӕмӕйдӕртӕй Хъубадимӕ ӕнгӕс тухст сорӕт исаразта Малити Геуӕрги дӕр е ‘нӕмӕлгӕ, алӕмӕттаг ӕмдзӕвгӕ «Тӕходуй, ӕна»-й. Ӕмдзӕвгӕ финст ӕрцудӕй Мостиздӕхи 1934 анзи. Ӕ сӕйраг архайӕг ӕй мӕгурӕг кизгай.

Аци сорӕт исфӕлгонц кӕнгӕй Геуӕрги ци зӕгъуйнаг адтӕй, уобӕл, мӕнмӕ гӕсгӕ, нерӕнги лӕмбунӕг неке ма расагъӕс кодта. Беретӕмӕ, ӕвӕдзи, гъаргӕ дӕр нӕ кӕнуй, ӕма уомӕй ӕй бустӕги мӕгур. Уотемӕй ба аци кизгӕн ӕ сагъӕстӕй ӕ зунди хъаурӕ хъӕртуй дуйней еугур дзиллитӕмӕ дӕр. Гъо, е ӕ царди мӕгурдзийнадӕй кӕрдзини морӕбӕл нӕ кафуй. Уомӕн ӕ тухст ӕндӕр хабӕрттӕбӕл ӕй:

Тӕходуй, ӕна,
Маргъ ку фестинӕ,
Мӕ унгӕг къумӕй
Фӕццӕйтӕхинӕ.
А дуйнетӕбӕл
Ӕрцӕйзелинӕ,
Кӕми ци дессаг, –
Уой басгаринӕ…

Тӕходуй, ӕна,
Ацӕмӕзау дин
Ӕз ку фестинӕ
Дессаг фӕндургин:
Хъазбеги цъонгмӕ
Исцӕйцӕуинӕ,
Дессагон зартӕ
Ӕрцӕйцӕгъдинӕ…

Уӕд еугур дуйне
Ӕримбурд уидӕ,
Мӕ цӕгъдтӕлтӕмӕ
Ӕригъосидӕ.
Кӕми ци седзӕр,
Кӕми ци мӕгур, –
Бауарзионцӕ
Мӕ дессаг фӕндур…

И фарни тунӕ
Ӕрфелауидӕ, –
Уарзондзийнадӕ
Ӕрфедар уидӕ.
Уӕд алли адӕм,
Уӕд алли бӕстӕ
Ӕркалионцӕ
Сӕ тохӕн гӕрзтӕ.

Фал ку не ’ууӕндун
Ӕз, мӕгур кизгай,
Ку нӕ рохс кӕнуй
Мӕ кизгон зӕрдӕ.
И дуйней сӕргъи
И тугъдон мегътӕ
Ӕрцӕйдарунцӕ
Сӕ тогин тегътӕ.

Цардгъон ирӕзгӕ уод цӕмӕн бӕллуй базургин маргъмӕ? Уомӕн ӕма ’й ӕ рӕстзӕрдӕй фӕндуй уӕхӕн базургинӕй устур разӕнгардӕй уӕлӕрвтӕмӕ ку истӕхидӕ ӕма зӕнхи тумбулӕгбӕл ку ӕрзелидӕ, адӕм кӕмидӕриддӕр цӕрунцӕ, еци рауӕнтӕбӕл – еунӕг къум дӕр си ӕнӕбасгаргӕ нӕбал ниууадзидӕ. Е гъӕуама ӕхе цӕститӕй фӕууина, дзиллӕ куд цӕрунцӕ, цӕмӕй гъӕрзунцӕ, уой.

Ӕма син цӕмӕй фӕййагъаз уидӕ, сӕ хъисмӕт син цӕмӕй фӕххиццагдӕр кӕнидӕ. Цума цӕмӕн бӕллуй Ацӕмӕзи фӕндурмӕ, цӕмӕн гъӕуама исхеза Хъазбеги цъонгмӕ, дессагон зартӕ цӕгъдгӕй? Уомӕн ӕма уӕд ӕ цӕгъдтӕлтӕмӕ еугур дуйне дӕр ӕрӕмбурд уидӕ, еугур дзиллитӕмӕ дӕр игъусиуонцӕ ӕ зӕрдибуни цагъд ӕма зартӕ, зиннидӕ ӕнккӕтемӕ дӕр ӕ табедзӕ зӕрдихатт. Хуӕнхаг дунгӕ ин бӕрзондӕй ниллӕгмӕ фелаун кӕнидӕ ӕ фарни тунӕ ӕма зӕнхон дзиллити ‘хсӕн уарзондзийнадӕ ӕрфедар уидӕ.

Зӕнхи цъарӕбӕл кадӕриддӕр цӕруй, уонӕй еунӕгей дӕр ӕцӕгӕлонбӕл нӕ нимайуй, ӕнцӕ ин хъазар, мадӕй рантӕсгӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хузӕн. Зӕрдибунӕй тухсуй исонибонбӕл, мӕтӕйдзаг ӕй ӕ сӕр. Фӕндуй ӕй, етӕ сабур цардӕй ку цӕриуонцӕ, кӕрӕдземӕ ӕзнаги цӕстӕй ку нӕбал кӕсиуонцӕ, е. Ӕма хумӕтӕги нӕ тухсуй уобӕл, цӕмӕй дуйней дзиллити ‘хсӕн сабурдзийнадӕ ӕма кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ ӕрфедар уа, уобӕл – дуйне нӕма исуӕгъдӕ ‘й ӕ хӕлхъойтӕ ӕма ӕндӕр тасдзийнӕдтӕй – уой кизгай ӕ идардмӕуинагӕ, зӕгъун ӕнгъезуй, ӕ политикон-социалон зундирахастӕй дзиллитӕн рагацау фӕдзӕхсуни хузи кой кӕнуй, дуйнебӕл тогкалӕн тугъди рӕстӕг хӕстӕгӕй–хӕстӕгдӕр ке кӕнуй, уой. Мӕтъӕл сагъӕсти ранигъулгӕй, дзоруй:

Фал ку не ’ууӕндун,
Ӕз, мӕгур кизгай,
Ку нӕ рохс кӕнуй
Мӕ кизгон зӕрдӕ…

Ӕма ӕ кизгон зӕрдӕ ба уомӕ гӕсгӕ нӕ рохс кӕнуй, уой туххӕй ӕй ӕ тарст, ӕма

И дуйней сӕргъи
И тугъдон мегътӕ,
Ӕрцӕйдарунцӕ
Сӕ тогин тегътӕ…

Ӕ еци тарсти ӕцӕгдзийнадӕ ба, гъулӕггагӕн, хъӕбӕр тагъд рабӕрӕг ӕй – ӕмдзӕвги ниффинсти фӕсте ӕдеугурӕй фондз анзи рацудӕй, уотемӕй 1939 анзи 1 сентябри ниггупп кодта дуккаг дуйнеуон тугъд ӕма уой содзгӕ будурти ӕхсӕз анзей дӕргъи миллионгай адӕмти тог никкалдӕй.

Аци мӕгурӕг кизги фӕлгонцбӕл ку фӕссагъӕс кӕнун, уӕд мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуунцӕ ӕмбӕрцӕгӕй берӕ сӕрӕн силгоймӕгтӕ – Нарти Сатана, Задӕлески сугъзӕрийнӕ Нана, Долорес Ибаррури, Кларӕ Цеткин, Дударати Вероникӕ, Адирхати Светланӕ, нӕ мадтӕлтӕ, нӕ хуӕртӕ, нӕ киндзитӕ, нӕ кизгуттӕ… Етӕ дӕр кӕмӕн си ӕ равгӕ куд адтӕй, сӕ рӕстуодӕй лӕггадӕ кодтонцӕ дзиллитӕн, сӕ уодӕй уод кодтонцӕ, цӕмӕй аци дуйней ӕрфедар уонцӕ сабурдзийнадӕ ӕма рӕсугъддзийнадӕ, сӕ ахили, сӕ бийнонти фарнӕ ӕма амонди сӕрбӕлтау.

Мӕнмӕ гӕсгӕ, аци мӕгур кизги усхъитӕбӕл ӕнгом бадтӕй бадунцӕ еу поэти дзурдтӕ: «Землю всю охватывая разом, видел то, что временем закрыто». «Ӕна»-й кизгӕ дӕр ӕй идардмӕ ӕма алци уинагӕ. Нарти кадӕнгитӕй райдайӕ ӕма абони уӕнгӕ нӕ адӕмон исфӕлдистади ӕма национ аййевадон литератури ци бӕгъатӕр силгоймӕгти кой ес, уони хӕццӕ ӕмвӕрстӕ ӕнӕфӕккеугӕ федауй аци кизги фӕлгонц дӕр, кӕций нин иснивӕ кодта ӕ зӕрдӕ ӕма зундӕй нӕ алӕмӕттаг поэт Малити Геуӕрги.

Ами мин ӕнӕ зӕгъӕн нӕййес еу хабар. Ӕмдзӕвгӕ ниффинсуни фӕсте ӕртӕ анзи дӕр нӕма рацудӕй ӕнхӕстӕй, уотӕ Малий-фурти ниййахӕстонцӕ адӕми знаг дӕ, зӕгъгӕ. Сибири къӕйти амӕттаг ӕй фӕккодтонцӕ. Ӕ уадзимистӕ ин уадзуни кой уогӕ дӕр нӕбал адтӕй, е нӕ, фал ин ӕхе кой кӕнун дӕр нӕ уагътонцӕ. Уӕдмӕ рӕстӕгутӕ фендӕрхузӕн ӕнцӕ, рӕстдзийнадӕ ӕ бартӕ есун райдӕдта ӕма Малити Геуӕргий ӕвуддзийнадӕ дӕр исбӕрӕг ӕй. Ӕ ном ин бӕрзонд кӕнун райдӕдтонцӕ.

Еци гъуддаг ӕхцӕуӕн куд нӕ адтайдӕ нӕ дзиллӕн, кӕцитӕ ибӕл зӕрдиагӕй бацийнӕ кодтонцӕ. Фал…

Мӕ дзубандий ма аци «фал» цӕмӕ гӕсгӕ фездӕх кодтон, е лӕдӕрд уа, уомӕ гӕсгӕ уин уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕнӕнӕн, Хетӕгкати Къостай хуӕрӕ Ольгӕ кӕддӕр раги ке загъта ӕма нур дӕр ма сагъӕссаг ка ‘й, ӕ еци гъудитӕ (мухургонд ӕрцудӕнцӕ журнал «Мах дуг»-и 2011 анзи 3-аг номери). Е финста:

– Мах ирон адӕм ан, – зӕгъгӕ, дзубанди ӕй, цийфӕнди ирон дӕр, нимӕти тохӕгау, ӕхе кӕми ӕрбатохуй, уӕхӕн ӕнӕсӕрфат ӕсхъӕлдзийнадӕ. Фал нимӕтбӕл фӕйнердӕмӕ рахуӕцӕ ӕма дӕхе цӕститӕй фӕууиндзӕнӕ, а дуйнебӕл сахъатти муггагӕй цидӕриддӕр ес, уони нӕмӕ еугурӕй дӕр, уӕдта ма сӕбӕл бафтауӕ, Ир сӕхуӕдтӕ ке ӕргъуди кодтонцӕ, уӕхӕнттӕ дӕр. Ирӕнттӕ ци ‘нцӕ, уомӕй ӕнцӕ мӕнгӕттӕ дзорага… Иннӕ аййеппитӕ банимайӕн дӕр нӕййес: ӕнцӕ соцъагӕнагӕ, ӕдзӕстуарзон, хӕстмаст, налат, мӕнгард, цӕлӕнбуд, зудӕ, ӕнӕууӕнкӕ ӕма къӕрнихтӕ. Алли ирони тоги дӕр разиндзӕнӕнцӕ еци сахъатдзийнӕдтӕ! Нур куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй цъуххӕсгутӕ дӕр ма ‘нцӕ, цӕветтонгӕ, ӕнаккӕгтӕ ци фӕууй, е! (…)

Фал ӕй хуарз зонун: аци аййеппитӕ хулмагӕй уӕлдай нӕ ‘нцӕ. Нез фесафӕ ӕма фӕууиндзӕнӕ ӕнӕсахъат бауӕр ӕнӕнез уоди хӕццӕ. Еци уод раргом уй сабийи уоди хузӕн, уарзӕгой кӕдзос уозӕлд ку балӕдӕруй, уӕд. Фал ирӕнттӕ уӕхӕн уозӕлд сӕ цӕсти кӕронӕй дӕр некӕд фӕууидтонцӕ! Е нӕ, фал ма, кӕд цийфӕнди фудфӕлевӕнтӕ ӕма хийнӕ миутӕ фӕккӕнунцӕ, уӕддӕр сӕбӕл уайсахат сайд ӕрцӕуй. Ка сӕ расайуй? Нӕхеуӕнттӕ. Ирӕнттӕн сӕ бунӕй ласгитӕ! Ӕнӕфӕууиндӕй, ӕрдӕгахургондӕй ка байзадӕй, уруссаг хецӕутти цӕлгӕнӕнти борщи гъӕстӕ ка фӕцӕй, лӕггадӕгӕнӕг ка адтӕй, фал, службӕ кодтан, зӕгъгӕ, уотӕ ка сайуй, еци илгъаг некетӕ – гъӕуихецӕуттӕ, пъисӕртӕ, тукангӕстӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕнттӕ, цубурдзурдӕй, алли хъилматӕ, хуӕцгӕнезтӕ…»

Кӕд Ольги аци гъудитӕ раст нӕ ’нцӕ, уӕд ацал-ауал анзи Малити Геуӕргийӕн ци кадӕ ӕнгъезуй кӕнун, уой цӕмӕннӕ кӕнӕн? Уой хӕццӕ ба, еугӕр ӕмдзӕвгӕ «Тӕходуй»-и кой ракодтан, уӕд цӕмӕннӕ ӕнгъезуй Мостиздӕхи клуби ӕма скъолай азгъунстити фӕрстӕбӕл журнал аци кизгайи хузӕ, тексти хӕццӕ исфӕлгонц кӕнун? Зӕран не ’рхӕссидӕ иннӕ дигорон гъӕути рохсади уагӕдӕнттӕн дӕр.

Уогӕ никки хуӕздӕр ба уидӕ еци культурон артдзӕстити ӕма ахургӕнӕндӕнтти Геуӕргийӕн ӕхе фӕлгонц исхузӕ кӕнун, циртдзӕвӕнтӕ ин ниввӕрун. Уадзӕ ӕма ’й ирӕзгӕ фӕлтӕртӕ зононцӕ ӕхе дӕр ӕма ӕ фӕдзхӕститӕ дӕр, кӕцитӕ син дессаг зундамонӕн уиуонцӕ.

Мӕ радзубандий кӕронбӕттӕни ба мӕ фӕндуй уӕхӕн хабар дӕр ма ӕримисун. Цӕветтонгӕ, 1966 анзи ӕз адтӕн Ирӕфи райпой бӕрӕггӕнӕг – уӕд кустон «Цӕгирфӕлхасцӕдеси». Райпой инструктор Махъоти Хушини хӕццӕ нӕ кусти фӕдбӕл балций адтан Дигоргоми дӕр. Дӕс бони си фӕцан, бабӕрӕг кодтан медкоми еугур тукӕнттӕ дӕр. Адтан Донифарси дӕр. Хорбон адтӕй, ӕма ести искомидзаг кӕнӕн, зӕгъгӕ, гъӕуи хестӕр Бетрозти Рамазани унаффӕмӕ гӕсгӕ гъӕунги рафингӕ кодтонцӕ. Бадти рӕстӕги райгъустӕй зарун дӕр. Зардтонцӕ «Дигори партизанти», «Арсӕгти Горгай» ӕма «Тӕходуй, ӕна»-й зартӕ дӕр. Махмӕ дӕр фӕдздзурдтонцӕ. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин адтӕй аци кизгайи зар ке кодтонцӕ, е. Хушин дӕр ӕй разардта. Мӕнмӕ дӕр сӕхе бакъолӕ кодтонцӕ ӕма ’й ӕз дӕр разардтон. Нӕ адӕмон зартӕ зарун уӕд фӕткӕбӕл ӕвӕрд адтӕй ӕнӕгъӕнӕ Иристони гъӕути дӕр. Фал нур ба цард ӕхе раййивта ӕма берӕ хуарз гъуддӕгутӕ иронхуати райзадӕнцӕ. Хъӕбӕр гъулӕг мин ӕй е, ӕма, ибӕл ма дзорон, уой ба мӕ сӕрмӕ куд гъӕуама ӕрхӕссон?