КОЦОЙТИ Арсен. ХИЗАНТИ ТУХХӔЙ
Куд зонетӕ, уотемӕй аци анз 30 декабри ӕнхӕст кӕнуй сӕдӕ анзи Советон Социалистон Республикити Цӕдеси исарӕзтбӕл. Ӕма айразмӕ куд фегъосун кодтан, уотемӕй нӕ зӕрди ес нӕ паддзахади еци ахсгиаг цауи фӕдбӕл сӕрмагонд ӕрмӕгутӕ мухур кӕнун. Мӕнӕ абони ци уац мухур кӕнӕн, уой КОЦОЙТИ Арсен ниффинста Цитгин Октябри революций размӕ (мухургонд ӕрцудӕй 1910 анзи журнал «Ӕфсир»-и 12-аг номери) ӕма, лӕдӕрд ӕй, комкоммӕ неци барӕ даруй ССР Цӕдеси исарӕзтмӕ. Фал ӕй бакӕсетӕ бал, уӕдта уин зӕгъдзинан, еци цауи хӕццӕ ‘й цӕмӕн бӕттӕн, уой.
«Ӕфсир»-и номерти финст адтӕй Дзауи комӕй, дан, еу къуар хизантемӕн сӕ зӕнхӕ ӕлдар цъунайраг бонгин лӕгтӕн рауӕйӕ кодта. Нӕ финсӕг ӕмбал Гулити Ефим гъенцъун кӕнуй аци хабарбӕл, дес кӕнуй, нӕуӕг закъон, дан, рацудӕй ӕви ци?! Дзӕгъӕли дес кӕнуй нӕ финсӕг ӕмбал…
Кӕд адтӕй раст закъонтӕ Уӕрӕсей? Кенӕ си ци закъонтӕ ес, уони ӕнхӕстгӕнӕг кӕми ‘й?
Рагӕй нурмӕ хизантӕ уодхар кӕнгӕй цӕрунцӕ. Уони царди ӕгъдӕуттӕй зиндӕр ма кӕми уа, фал сӕ ка уадзуй уотемӕй дӕр цӕрун! Уӕд еуӕрдигӕй ӕригъусуй, уӕд иннердигӕй: мӕнӕ бабӕй ӕлдар уӕлдай феддон исӕвардта, мӕнӕ бабӕй ӕнӕгъдауӕй ӕфхуӕруй.
Еци ӕфхуӕрдтӕн, ӕнӕвгъау феддонтӕн кӕрон нӕ уодзӕнӕй, цалинмӕ, хизантӕ ӕлдӕрттӕй еугур хецӕн нӕ рауонцӕ. Фарӕ Кавкази наместник бӕргӕ фӕндӕ кодта, цӕмӕй хизантӕн, ци зӕнхитӕбӕл цӕрунцӕ, етӕ лӕвар байзайуонцӕ, ӕлдӕрттӕн ба къазнай фист куд ӕрцудайдӕ сӕ зӕнхити аргъ – фал еци надбӕл Петербурги устур хецӕуттӕ не ‘сарази ‘нцӕ…
Ӕма хизантӕ сӕ фудӕвзарӕни цард кӕдмӕ ӕрветдзӕнӕнцӕ, бӕрӕг нӕй…
Ка ‘нцӕ хизантӕ, куд финст адтӕнцӕ, куд ӕндӕрхузи кодтонцӕ хизанти закъонтӕ, уой сӕхецӕй дӕр беретӕ нӕ зонунцӕ.
Ӕз уотӕ ӕнгъӕл дӕн, ӕма ами уони туххӕй еу-дууӕ загъди зӕгъун гъӕуй.
Раги, нӕ хуӕнхбӕсти адӕмти ‘хсӕн ӕзмӕнститӕ ку цудӕй, кӕрӕдзей цӕрун ку нӕ уагътонцӕ, хъӕбӕрдӕр ба Цӕгат Кавкази ‘рдигӕй, уӕд ирон адӕмӕй беретӕ, сабур царди фадуат агоргӕй, лигъдӕнцӕ Хонсар Кавказмӕ, Гурдзимӕ. Гурдзиаг ӕлдӕрттӕ син лӕвардтонцӕ цӕрунӕн сӕ лӕгъуздӕр зӕнхитӕ. Етӕ адтӕнцӕ фулдӕр доргин, пихсгун, цъифдзаст зӕнхитӕ ӕма нӕдӕр хумӕн нӕ бӕзтӕнцӕ, нӕдӕр игуӕрдӕнӕн. Фал ӕрцӕуӕггӕгтӕн кӕми адтӕй хуарзӕй ӕвзарӕн – ӕрцардӕнцӕ еци лӕгъуз зӕнхитӕбӕл. Дууетӕ дӕр бадзубанди кодтонцӕ: ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕлдарӕн ести пайда куд лӕвардтайуонцӕ кенӕ хуарӕй, кенӕ ӕндӕр естӕмӕй, уӕд ӕлдар ба еци зӕнхитӕбӕл цӕруни барӕ уонӕй ӕндӕр некӕмӕн лӕвардтайдӕ.
Устур фудӕбӕнтти хӕццӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ (хизантӕ) еци лӕгъуз зӕнхитӕй хуарз хумтӕ, хуарз игуӕрдӕнтӕ искодтонцӕ ӕма уотемӕй ӕлдӕрттӕн устур пайда лӕвардтонцӕ. Етӕ ма никки уомӕй пайда адтӕнцӕ ӕлдӕрттӕн, ӕма ести тасдзийнадӕ рӕстӕги син сӕ ес, сӕ бон гъӕуай кодтонцӕ. Дууетӕмӕ дӕр пайда кастӕнцӕ уӕхӕн царди ӕгъдӕуттӕ ӕма федауцӕй цардӕнцӕ.
Фал 60-аг ӕнзти, косгутӕ паддзахи манифести фӕрци ку иссӕребарӕ ‘нцӕ, уӕд сӕхецӕн цӕрӕн зӕнхитӕ ӕрагурдтонцӕ ӕма уотемӕй зӕнхи аргъ ӕнай-ӕнойти фулдӕр кӕнун байдӕдта.
Зӕнхагоргутӕ ку исахид ӕнцӕ, уӕд ӕлдӕрттӕ феронх кодтонцӕ, хизанти хӕццӕ рагӕй дӕр ци ӕгъдӕуттӕбӕл цардӕнцӕ, уони, ӕма сӕбӕл фулдӕрӕй-фулдӕр феддонтӕ ӕвардтонцӕ, кенӕ ба сӕ еудадзугдӕр сӕ бунӕттӕй истун кодтонцӕ. Фӕстагмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрцӕуӕггӕгти уотӕ ӕфхуӕрун байдӕдтонцӕ, уотӕ берӕ хъаугъатӕ цудӕй сӕ астӕу, ӕма сӕмӕ хецӕуттӕн дӕр нӕбал адтӕй ӕнӕ ‘ркӕсӕн.
1891 анзи рацудӕй «хизанти закъон». Фал еци закъон уотӕ финст адтӕй, ӕма бабӕй е дӕр нӕ бафӕразта хизанти ӕма ӕлдӕртти сӕ хъаугъайӕй бауорамун. Хъӕбӕр галеуӕрдӕмитӕ финст ӕрцудӕй еци закъон – кӕцирдӕмӕ дзоруй, циуавӕр ӕй, неке ин неци балӕдӕрдзӕнӕй.
Закъони 2-аг статья уотӕ зӕгъуй: «Хӕдзаруатӕй, хумгӕндӕй, игуӕрдӕнӕй, рӕзӕдонӕй цидӕриддӕр хизанти къохи адтӕй, аци закъон цалинмӕ рабӕрӕг ӕй уӕди уӕнгӕ, етӕ нурӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ къохи куд уонцӕ нури уӕнгӕ аргъбӕл, нури уӕнгӕ феддонтӕбӕл».
Аци статья бакӕсгӕй, хизан загътайдӕ:
– Уӕ цӕрӕнбон берӕ уа, махӕн нӕ бартӕ закъонӕй ка ниффедар кодта!.. Нур нин тас нӕбал ӕй, ӕлдӕрттӕ нӕмӕ уӕлдай ӕвнӕлд нӕбал ӕрбакӕндзӕнӕнцӕ.
Фал минкъий ӕндӕдӕр 5-аг статья 2-ги дзӕбӕх фӕндитӕ нецӕмӕ ӕртардта. 5-аг статья уотӕ зӕгъуй: «Ӕлдари бон ӕй хизани ӕ зӕнхӕй исистун кӕнун, ӕцӕг ин гъӕуама анз раздӕр ӕ фӕндӕ базонун кӕна».
Ӕлдари бон е ку уа, уӕд ӕй ци фӕндӕуа, уой кӕндзӕнӕй. Ӕ зӕнхи аргъ фӕффулдӕр кӕнун ӕй ку фӕндӕуа, уӕд зӕгъдзӕнӕй хизанӕн:
– Бафедӕ мин уойбӕрцӕ! Кӕд нӕ федис, уӕд дӕхе ледзунмӕ цӕттӕ кӕнӕ, анзмӕ гъӕуама рахецӕн кӕнай дӕхе.
Кенӕ ӕлдарӕн ӕндӕр еске фулдӕр аргъ ку феда ӕ зӕнхӕн, уӕд зӕгъдзӕнӕй:
– Мӕ зӕнхӕ мӕхе гъӕуй, анзи уӕнгӕ дӕхе исесӕ ардигӕй.
Бӕргӕ ма си адтӕй еци закъони еу статья – 7-аг, кӕци минкъий хуӕцуй хизанти фарс, уотӕ зӕгъуй: «Ӕлдар хизани ӕ зӕнхӕй ку сора, уӕд ин гъӕуама ӕ хӕдзӕрттӕн, ӕ бакуст рӕзӕдӕнттӕн дууӕ аргъи бафеда».
Фал 7-аг статья дӕр неци ‘й, ӕлдарӕн берӕ фулдӕр ӕхца ку цӕуа лӕвӕрд, уӕд дууӕ аргъи дӕр ӕнцонӕй бафеддзӕнӕй. Еци хузӕнӕй 7-аг статья дӕр неци бӕрӕг фӕййагъаз адтайдӕ хизантӕн…Уӕддӕр ӕлдӕрттӕ еци 7-аг статьяй туххӕй еугурӕйдӕр сӕ гӕрзтӕ рабастонцӕ. Гъаст гъасти фӕдбӕл хӕссун байдӕдтонцӕ Петербургмӕ, фӕййервӕзун, дан, нӕ кӕнетӕ аци дууӕ аргъи федунӕй, кенӕ ба исӕфӕн.
Ци зӕгъун ӕй гъӕуй, Петербурги устур хецӕуттӕ дӕр бабӕй ӕлдӕртти фарс фӕцӕнцӕ: 1819 анзи рауагътонцӕ нӕуӕг закъон, кӕци фехалдта дууӕ аргъи феддон хизанти хӕдзӕрттӕн, ӕнӕуой куститӕн ба ӕгириддӕр неци исаккаг кодта.
Уотемӕй фӕййервазтӕнцӕ ӕлдӕрттӕ 7-аг статьяйӕй ӕма фиццагӕй ӕндиуддӕрӕй бавналдтонцӕ хизантӕбӕл нӕуӕг феддонтӕ ӕвӕрунмӕ ӕма сӕ сӕ зӕнхитӕй сорунмӕ.
Ци ма гъӕуй ӕлдари, цӕйбӕрцӕ ‘й фӕндӕуа, уойбӕрцӕ феддон исӕвӕруй ӕрцӕуӕггӕгтӕбӕл, ку нӕ феда, уӕдта ‘й соргӕ кӕнуй.
Еци хузӕнӕй 1900-аг анзӕй фӕстӕмӕ хизанти фудӕвзарӕнтӕ искарз ӕнцӕ: ӕлдӕрттӕ син сӕ тог баниуазтонцӕ ӕма син «ма кӕнӕ», зӕгъӕг нӕбал ес – закъон уони фарс фӕцӕй…
Фӕстаг рӕстӕги Кавкази дӕр ӕма Петербурги дӕр дзорун райдӕдтонцӕ хизанти цардӕн ести ӕгъдау исаразуни туххӕй, фал нурма неци бӕрӕг ес.
Ӕнгъӕл ан, ӕма нур ци закъонтӕ финст ӕрцӕуонцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ хизантӕн, ци зӕнхитӕбӕл цӕрунцӕ, уони балхӕнуни барӕ къазнай фӕрци уӕддӕр ратдзӕнӕнцӕ.
Фӕстагмӕ, Дзауи ком нӕ цӕмӕй фӕрсунцӕ, уомӕн дзуапп дӕттӕн:
Ӕлдар хизанӕн анз раздӕр ку базонун кӕна ӕ фӕндӕ ӕма ин ӕ ледзӕн бон ӕ хӕдзӕртти ӕма ӕндӕрти аргъ ку феда, уӕд нури закъонтӕй ӕ бон ӕй уой расорун, кенӕ ба нӕ ‘й, ӕма ӕфхуӕрдтитӕ уӕд сӕ гъаст хъӕртун кӕнӕнтӕ Калакмӕ.
Нур ба уин зӕгъӕн, аци уац цӕмӕн бӕттӕн ССР Цӕдеси исарӕзти хӕццӕ. Фиццагидӕр, ӕвӕдзи, байамонун гъӕуй хизантӕ ка ӕма ци адтӕнцӕ, уой. Цӕветтонгӕ, «хизан» ӕй гурдзиаг дзурд ӕма ӕ медес ӕй «сосӕггаг», уотӕ хониуонцӕ, ӕхе ка римӕхсидӕ, уӕхӕн адӕймӕгути. Ӕма Коцой-фурти уацӕй лӕдӕрд ӕй, уӕхӕнттӕн сӕ цард циуавӕр адтӕй, е. Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма хизантӕ исуиуонцӕ айдагъ ирӕнттӕ нӕ, фал гурдзиӕгтӕ дӕр.
Дуккагӕй ба, зӕнхитӕй ӕнӕхай ке адтӕнцӕ, уой фудӕй хизантӕ ци ӕгудзӕгдзийнӕдтӕ ӕййафтонцӕ, уомӕй сӕ фӕййервӕзун кодта Октябри революци. Советон хецаудзийнади фӕрци зӕнхити хецӕуттӕ иссӕнцӕ хумӕтӕг зӕнхкосгутӕ.
Фал уӕдмӕ Советон Цӕдес фехалдӕй. Нӕ паддзахади нӕуӕг хецауеуӕггӕнӕг ка иссӕй, етӕ фестадӕнцӕ нӕуӕг ӕлдӕрттӕ, советон доги адӕм еумӕйагӕй кӕмӕй пайда кодтонцӕ, еци зӕнхитӕбӕл фӕххӕлӕф кодтонцӕ, еугурӕй дӕр сӕ сӕхердигӕй фӕккодтонцӕ, мулкдзӕстӕй си айдагъдӕр сӕхе хуарзӕн пайда кӕнунцӕ, уой дӕр, мӕнӕн си абони пайда уӕд, исонибони ба цийфӕнди дӕр уӕд, зӕгъгӕ, тӕккӕ гъӕддагдӕр хузи. Агротехники ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг домӕнтӕ нецӕмӕ даргӕй, ӕгъатирӕй сӕ гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, анзӕй-анзмӕ еци-еу рауӕнти таунцӕ, фулдӕр ӕхца ци тиллӕгӕй райсдзӕнӕнцӕ, уӕхӕн культуритӕ. Цӕмӕй тиллӕг ба, минкъийдӕр хӕрзтӕ бакӕнгӕй, фулдӕр райсонцӕ, уой зӕрдтӕй будуртӕ ӕгъатирӕй гъӕцунцӕ аллихузон минералон гъӕцӕнтӕй. Цанӕбӕрӕг рӕстӕг ма рацӕудзӕнӕй, ӕма еци зӕнхитӕ басодздзӕнӕнцӕ еци химикаттӕ, ӕма си хуарз тиллӕг нӕ, фал хъамилӕй уӕлдай нецибал зайдзӕнӕй… Уой фудӕй хумӕтӕг зӕнхкосгутӕ ба равзурстӕнцӕ еци мӕгурдӕйраг хизанти уавӕри.
Уогӕ е хецӕн, бӕлвурддӕр дзубандий фарста ӕй, ӕма ибӕл ӕнӕмӕнгӕ ӕрдзордзинан.