06 декабря 2024

МӔ АХУРГӔНӔГ – МӔ НИФСДӔТТӔГ

03.12.2020 | 17:20

________________________________

СКЪОДТАТИ Эльбрус,

журнал «Ирӕф»-и сӕйраг редактор,

Национ преми «Нарти фӕткъу»-й лауреат

________________________________

Хуадонти Зураби базудтон 1978-аг анзи, Цӕгат Кавкази хуӕнхон-металлургон институти арӕзтадон факультети фиццаг къурси ку ахур кодтон, уӕд. Зураб еци рӕстӕги адтӕй арӕзтадон кустади технологий кафедри сӕргълӕууӕг.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕбӕл царди нӕдтӕбӕл ка исӕмбалдӕй, уонӕн Хуадони-фурт адтӕй сӕ тӕккӕ хуӕздӕрти-хуӕздӕртӕй еу: арф зунди хецау, курухон, ездон, хӕларзӕрдӕ, еци-еу рӕстӕги ба – дессаги хумӕтӕг лӕг, алкӕмӕдӕр байгъустайдӕ, балӕдӕрдтайдӕ ’й ӕма имӕ ӕ усхъӕ бадардтайдӕ, гъазӕн-ходӕн дзубандитӕ дӕр ракодтайдӕ, ӕма ин ӕ гъуддаг дӕр исаразтайдӕ.

Уӕхӕн лӕгтӕ айдагъ сӕ бийнонти нӕбал фӕуунцӕ, фал исунцӕ еугур адӕми лӕгтӕ, сӕ устурдзийнадӕ син ӕхемӕ райсун кӕнуй устур ихӕстӕ, ӕма, барӕ-ӕнӕбари дӕр, дзилли сӕ фӕсте ракӕнунцӕ финдздзӕуӕг, кенӕ уолий хузӕн, хонунцӕ сӕ размӕ, рохс царди бӕрзӕндтӕмӕ. Хуадонти Зурабӕн ӕ алли дзурди дӕр ес гъуди, ӕ алли къахдзӕфи дӕр уӕзӕ, ӕ алли фезмӕлди дӕр хъаурӕ ӕвӕрд адтӕй. Техникон наукити доктор ке адтӕй, айдагъ е дӕр цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау ацъагъуӕ ’й, фал Хуадони-фурт уобӕл не ’рлӕудтӕй ӕма ӕхемӕ райста берӕ ӕхсӕнадон ихӕстӕ дӕр, куд ӕ уарзон адӕми, куд ӕ республики ӕма еугур Уӕрӕсей ӕвӕллайгӕ ӕма ӕнӕдауӕ патриот, уотӕ.

Хуадонти Зураби финст наукон-ахурадон киунугутӕбӕл ӕ рӕстӕги дӕр ахур кодтонцӕ ӕма си нерӕнгӕ дӕр ма парахаттӕй пайда кӕнунцӕ Уӕрӕсей берӕ уӕлдӕр ахурадон ахургӕнӕндӕнтти. Уобӕл, гъай-гъайдӕр, хецӕнӕй бундоронӕй ӕрдзубанди кӕнун гъӕуй. Зураб царди медӕгӕ цӕхуӕн лӕг адтӕй, уобӕл хъӕбӕр аййевӕй дзорунцӕ, ахургӕнӕг мин ку адтӕй институти, уӕд мӕхуӕдӕг ӕвдесӕн кӕмӕн адтӕн, уӕхӕн цаутӕ ӕма хабӕрттӕ. Дӕнцӕн си ӕрхӕсдзӕнӕн, уӕд имӕ фӕлварӕн дӕтгӕй мӕхебӕл ци цау ӕрцудӕй, уой. Цалдӕремӕй бацудан студенттӕ ӕма нӕ фӕйнӕ рауӕнеми ӕрбадун кодта, уӕдта нин билеттӕ раиурста фӕлварӕнти фарстати хӕццӕ, ӕрфинсетӕ, зӕгъгӕ, ци зонетӕ, уой. Мӕн кезу ку ӕрхъӕрттӕй дзуапп дӕттунмӕ, уӕд мӕмӕ къохӕй райамудта, рауай, зӕгъгӕ, кӕд цӕттӕ дӕ, уӕд. Ӕ размӕ ӕрбадтӕн ӕма мӕ гӕгъӕди стъолбӕл ӕрӕвардтон, уотемӕй фарстатӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, дзуапп кӕнун ӕрвонгӕй. Фал мин Зураб мӕ финстити хӕццӕ тъаффӕ еуварс ӕрӕвардта ӕма ӕ папкӕй Ирӕфи райони газет «Ленинец» исиста, райгон ӕй кодта ӕма мӕ дигоронау фӕрсуй:

– Скъодтатӕмӕ ма Эльбрус дӕуӕй уӕлдай еске ес?

Куддӕр, студент куд фӕууй, уотӕ фӕкъкъех дӕн ӕма ин загътон еци катайхузӕй:

– Магъа, кӕд некебал…

Уӕд мин мӕ рази ӕривардта, ӕнхӕст бӕрӕг ка нӕ адтӕй, уӕхӕн хузӕ ӕма еуцалдӕр ӕмдзӕвги ӕма бабӕй мӕ фӕрсуй:

– Мадта мӕнӕ аци хузӕ дӕу ӕй?

Мӕ сорхед ракалдӕй ӕма, ӕвӕдзи, сурх дӕр ниддӕн, уотемӕй ин цубурӕй «гъо», зӕгъгӕ, загътон. Ӕма бабӕй мӕмӕ дзоруй:

– Ӕрбадӕдтай дӕ зачеткӕ!

Ӕ рази ин ӕй стъолбӕл ӕрӕвардтон ӕма мӕ фӕрсуй:

– Ци дӕ гъӕуй, «фондз», ӕви «цуппар»?

– Цуппар дӕр мӕ фагӕ ’й,–  еци нидӕнӕй исдзурдтон.

– Мадта дин «фондз» ӕвӕрун. Уӕдта ма мӕмӕ мӕ нӕхстӕрбӕл ба исдзурдта:

– Дигорон ӕвзагбӕл ке финсис, е хъӕбӕр хуарз ӕй ӕма ’й макӕд ниууадзӕ!..

ХУАДОНТИ Зураб Цӕгат Кавкази технологон университети ахургӕндтӕ ӕма ахурдзаути хӕццӕ.

Еци цаубӕл уотӕ лӕмбунӕг уомӕн ӕрлӕудтӕн, ӕма е, еуӕрдигӕй, ӕвдесуй Хуадонти Зураби, куд парахат зӕрди хецау, уӕхӕн лӕгӕй, иннердигӕй ба – куд берӕ уарзта нӕ маддӕлон дигорон ӕвзаг, ӕма ма сауӕнгӕ, е студенти цидӕр финститӕ дӕр ӕ хӕццӕ рахаста.

Зураби хузӕн хуарз лӕгтӕ ахид нӕ игуруй, фал уӕлӕбӕл сӕ хъаурӕ уойбӕрцӕбӕл устур фӕууй, ӕма ма сӕ фӕсмӕрдӕ дӕр, сӕ хуарз гъуддӕгутӕ адӕмӕн пайда хӕссунцӕ, царди зунд амонунцӕ. Гъулӕггагӕн, ӕхуӕдӕг абони нӕ астӕу нӕбал ӕй, ӕгӕр раги рандӕй е ’носон бунатмӕ, мадта ибӕл уотӕ берӕ дӕр нӕ рацудайдӕ, цанӕбӕрӕг ӕй цуппаринсӕй анзи уӕхӕн цардбӕллон ӕма цардаразӕг лӕгӕн! Адӕм ин ӕ рохс ном ӕноси дӕр имисдзӕнӕнцӕ, мах, е студенттӕ ба – бустӕгидӕр. Зонӕн ӕй, ӕнӕмӕлгӕ дуйней нӕййес, фал уой дӕр зонӕн, ӕма Хуадонти Зураби хузӕн ӕ фӕсте хуарз гъуддӕгутӕ ка ниууагъта дзиллӕн, етӕ ӕнӕмӕлгӕ ӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ рохс нӕмттӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ адӕми зӕрдити цӕрунцӕ зӕрдтагон имисуйнӕгтӕй. Уотӕ ӕнӕмӕлгӕ нин ӕй ӕма уодзӕнӕй Зураб дӕр. Е ‘носон дуйней ба ин нӕ Исфӕлдесӕг дзенети уодӕнцойнӕдӕр рауӕн исаккаг кӕнӕд, уоми ин зӕнхӕ фӕлмӕн уӕд…