07 декабря 2024

ӔМА КУ БАГЪУДӔЙ ЦАРД ИСНИВОНД КӔНУН…

29.03.2022 | 14:52

ЦГЪОЙТИ Хазби, финсæг, журналист

Алликъуӕреуон газет «Аргументы и факты» ӕ номертӕй еуеми, Устур Фидибӕстон тугъди уодуӕлдай бӕгъатӕрдзийнадӕ ка равдиста, еци ӕдзард тугъдонти туххӕй новосибирскаг Н. Золотареви фарстӕн дзуапп дӕтгӕй финста: «Абони уӕнгӕ бал зундгонд ӕнцӕ, ӕ реуӕй знаги амбразуритӕ ка нихгӕдта, уонӕй 400 фулдӕрей нӕмттӕ… 500 тӕхӕги сӕ содзгӕ хуӕдтӕхгутӕ исаразтонцӕ знаги фестӕг ӕфсади, танкити, автомобилти колоннитӕмӕ, 607 тугъдон тӕхӕги уӕлдӕфон тохти фӕммард ӕнцӕ знаги хуӕдтӕхгутӕ искъуӕргӕй. Уацари бахауни бӕсти знӕгти хӕццӕ сӕхебӕл ихалӕн ӕрмӕг исрӕмодзун кодтонцӕ 800 бӕгъатӕри. Нӕ тугъдонтӕй беретӕ гранатти бӕстити хӕццӕ сӕхе гӕлстонцӕ танкити бунмӕ, тохӕг знаги ӕхст ‘здахтонцӕ сӕхе ‘рдӕмӕ.

Зӕгъӕн еци бӕгъатӕртӕй цалдӕрей нӕмттӕ: Мӕскуй облӕстӕй Александр Киров, Полтави облӕстӕй Петр Самойленко, Цӕгат Иристонӕй – Калоти Александр сӕ реутӕй исӕхгӕдтонцӕ знаги дзотти амбразуритӕ. Гитлеронти хӕццӕ сӕхебӕл гранаттӕ фехалун кодтонцӕ Калуги облӕстӕй Василий Петров, Мӕскуй облӕстӕй Федор Сафонов ӕма ӕндӕртӕ.

Ранимад бӕгъатӕртӕй еу ӕй ирон. Е, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, сӕрустурдзийнади ӕнкъарӕнтӕ ӕвзурун кӕнуй алли иронмӕ дӕр.

Калоти Александри фурт Александр райгурдӕй ӕма е ‘взонги бонтӕ рарвиста Стъараполи крайи Хетӕгкати Къостай гъӕуи. Ӕригонӕй банкъардта царди уӕзӕ, фал ин тугъди размӕ адӕми разӕнгарддзийнадӕ фӕллойнӕмӕ, еумӕйаг гъуддӕгутӕмӕ ӕ нифс нӕ саста. Ку рагъомбӕл ӕй, уӕд косунмӕ бацудӕй дорӕфтауӕн карьермӕ. Зиндӕр кустӕн  иссерӕн нӕ адтӕй, фал си ӕхсистӕй ӕ хъаурӕ, ӕ уодигъӕдӕ. Ӕ хуарз кусти туххӕй ахид финста газет «Сурх Хъӕрӕсе».

Уой фӕсте адтӕй шахтер Хъӕрӕсей хуӕнхти. Ами ин фадуат фӕцӕй спортӕй архайунӕн. Осовиахимти къуари тугъдон гъуддаг ахур кӕнгӕй, адтӕй раззагдӕртӕй. Адтӕй фӕразон, ӕвзугъд, рӕстдзӕвийнӕ, идард ӕхста гранаттӕ. Ӕма ин лӕвӕрд ӕрцудӕй реубӕлдаргӕ нисан «Ворошиловский стрелок».

Еугур еци арӕхстдзийнӕдтӕ ‘й хъӕбӕр багъудӕнцӕ тохи будури.

Александр тугъдмӕ дӕр рандӕй фиццӕгти хӕццӕ, фӕстӕмӕ тагъд ӕрӕздӕхуни устур нифси хӕццӕ. Уӕдмӕ ӕ ниййергутӕ Цӕгат Иристонмӕ ӕрбалигъдӕнцӕ. Ӕма сӕмӕ ардӕмӕ финста: «Тагъд нӕ Райгурӕн бӕстӕ фашисттӕй ракӕдзос кӕндзинан, ӕма уӕмӕ Берлинӕй ниффинсдзинан финстӕг». Фал фӕссайдта ӕ ниййергути ӕма ӕхе дӕр. Хъисмӕт разиндтӕй ӕгъатир Калой-фуртмӕ – Уӕлахези цийнӕ банкъарунӕн ин фадуат нӕ равардта. Ӕ зинг рахустӕй Хъирими зӕнхӕ знагӕй уӕгъдӕ кӕнгӕй.

1943 анзи фӕззӕги не ‘фсӕдтӕн фашистти хӕццӕ карз тох байеудагъ ӕй Хъирими зӕнхӕбӕл. Знаг федар ниццӕфстӕй, нӕ Райгурӕн бӕстӕй ӕ къохи ци гъӕутӕ ӕма сахартӕ бафтудӕй, уонӕбӕл, сирдау си ӕ дзӕмбутӕ ниссагъта, ратонун нӕ кумдта. Ӕ фӕссорунӕн гъудӕй хъаурӕ ӕма ӕхсарӕ. Фиццаг ноябри ӕхсӕвӕ 36-аг бӕхгин полкки ӕфсад ӕма 19-аг танкити корпуси танкисттӕ ӕнӕнгъӕлӕги нимпурсти фӕрци тагъд рахизтӕнцӕ Перекопбӕл ӕма бахъӕрттӕнцӕ сахар Армянскмӕ бацӕуӕнмӕ. Уӕдмӕ знаг ӕ хъауритӕ ӕрӕмбурд кодта ӕма цӕттӕ адтӕй не ‘фсӕддонти размӕмпурст бауорамунмӕ, нихкъуӕрд раттунмӕ. Махуӕнттӕн размӕ идард рампурсун сӕ къохи ке бафтудӕй, уомӕ гӕсгӕ куддӕр хебарӕй райзадӕнцӕ. Сӕ рази, сӕ фӕрсти – немуцӕгтӕ. Размӕ ӕмпурсунӕн нӕ, фал тӕссаг адтӕй ӕртухсти бахаунӕй. Фашисттӕ фӕппайда кодтонцӕ уавӕрӕй. Ӕхст исамадтонцӕ сахар Армянскӕй, бомбитӕ калдтонцӕ хуӕдтӕхгутӕй. Нимпурстмӕ сӕхе ке цӕттӕ кӕнунцӕ, е бӕрӕг адтӕй. Гъудӕй фӕстӕмӕ цӕун, цалинмӕ ӕртухсти цӕг не ‘рбахгӕдта, уӕдмӕ. Фал къохи нӕбал бафтудӕй. Знаг ӕрфедар ӕй Перекопи, фӕстӕмӕ цӕуӕн надбӕл. Хуӕздӕр бӕнттӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн нӕбал адтӕй. Бӕхгин ӕфсӕддонтӕ ӕма танкисттӕ исфӕндӕ кодтонцӕ ӕртухсти цӕг ратонун. Е ба ӕнцон гъуддаг нӕ адтӕй. Мӕлӕтхӕссӕг знаги нӕмуг ехуарӕгау кодта.

Сӕ надбӕл уӕлдай устурдӕр цӕлхдортӕ адтӕй бӕхгинтӕн. Игон арви бунмӕ син фидбилиз ракӕнун ӕнцондӕр адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ зинтӕй цудӕнцӕ фӕстӕмӕ. Александр мӕлӕт кӕми иссирдта, еци ӕнамонд бунати дӕр знаг цӕттӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй нӕ бӕхгинтӕмӕ. Уой бафеппайгӕй, раздӕр рарвистонцӕ сгаргутӕ лейтенант Руденко, рӕнгъонтӕ Сидоров, Голубь, Топилин ӕма Калой-фурти. Сосӕггай, аууӕнтти кӕми сӕ уӕргутӕбӕл цӕугӕй, кӕми фӕзӕбӕл бургӕй, бахъӕрттӕнцӕ Перекопи бӕрзондмӕ ӕма искунӕг кодтонцӕ, ка си ӕрбунат кодта, еци фашистти. Фал дзотмӕ, гранат ибӕл фехсуни бӕрцӕ идӕрддзӕфмӕ бацӕунӕн фадут нӕ адтӕй. Пулемет нӕмгутӕ ехуарӕгау кодта.

Сгаргутӕ алли рауӕнти нихъхъӕнттӕ ‘нцӕ зӕнхӕбӕл ӕма сагъӕстӕ кодтонцӕ, ци хузи ‘й ниссабур киндӕуа. Е къохи ку нӕ бафтуйа, уӕд цӕйбӕрцӕ фӕххаудзӕнӕй нӕ полккӕй… Ӕвеппайди тугъдонтӕ рауидтонцӕ, се ‘мбӕлттӕй кадӕр  ӕхе фӕлевгӕй дзоти ‘рдӕмӕ ке исгӕлста, уой. Е адтӕй  Калоти нифсхаст лӕхъуӕн.

Знаг бафеппайдта Калой-фурти. Ӕхст исамадта уой ӕрдӕмӕ, фал ин уӕдмӕ бантӕстӕй гранатти баст фехсун. Нӕ бахаудтӕй. Еци рӕмугъд еу усмӕ фӕгъгъос кодта пулемети ӕхст. Еци рӕстӕг Александр фӕггӕпп кодта, размӕ ралигъдӕй, ӕвӕдзи, дзоти къилдунмӕ байервӕзун адтӕй ӕ фӕндӕ ӕма пулеметӕйӕхсӕг знӕгти сӕ никкӕнди ниццӕгъдун. Ӕвеппайди раккиудтӕй, фал не ‘рхаудтӕй. Еу, фӕстаг гӕлст ма ракодта ӕхе размӕ, дзоти мӕлӕтхӕссӕг цъухмӕ ӕма ибӕл бахаудтӕй. Сгаргутӕ еци-еуӕй ӕмпурстонцӕ размӕ, се ‘мбали тог есунмӕ ӕма байстонцӕ дзот.

Фӕммард ӕй, ӕ бӕгъатӕрдзийнадӕ ӕнӕгъӕнӕ Цӕдесбӕл кӕмӕн райгъустӕй, ӕ мӕлӕтӕй дӕр Иристонӕн кадӕ ка искодта, е – Калоти Александр. Райгурӕн бӕсти сӕребарӕдзийнади сӕрбӕлтау, адӕми амондбӕл тохи. Ӕ уодӕй фулдӕр ци Фидибӕстӕ уарзта, уой сӕрбӕлтау нӕ бавгъау кодта ӕ цард. Уӕд ибӕл цудӕй ӕдеугурӕй 25 анзи, ӕма ‘й бавдистонцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном ин раттунмӕ.

Ӕфсӕддон газет «Казак-гвардеец» Калой-фурти туххӕй уотӕ финста: «Карз тугъд нурма нур фӕцӕй. Нурма бӕрӕг дарунцӕ хъуӕцӕкалӕг тугъди фӕдтӕ. Фахсбӕл бӕрзондӕй зиннуй дзот. Ами адтӕнцӕ немуцаг фашисттӕ. Амбразурӕбӕл зиннунцӕ, ка ниссор ӕй, уӕхӕн тоги фӕдтӕ. Е ӕй фӕскомцӕдесон-автоматӕйӕхсӕг Калоти Александри тог. Ами ‘й никкалдта, агъазиау бӕгъатӕрдзийнадӕ равдесгӕй». Ӕ тугъдон ӕмбӕлттӕ ибӕл искодтонцӕ кадӕгӕнӕг зар. Фӕстӕдӕр ин исаккаг кодтонцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри кадгин ном.

Калоти Александр

Республики бӕстӕзонӕн музейи Калоти Александри туххӕй сӕрмагонд папкӕ нӕййес. Цӕрун ин берӕ нӕ бантӕстӕй, ӕ амонд тугъди будури басугъдӕй хуӕрзӕригонӕй. Кӕми, уӕдта куд фӕммард ӕй, уой дзӕвгарӕ рӕстӕг ӕ бийнонтӕ дӕр нӕ зудтонцӕ. Айдагъдӕр исбӕрӕг ӕй Симферополи 18-аг астӕуккаг скъолай Сурх фӕдагоргути фӕрци, сӕ разамонӕг Л.М. Ишина. Етӕ иссирдтонцӕ бӕгъатӕри ингӕн, уӕдта ин байагурдтонцӕ ӕ бийнонти дӕр. Уони фӕрци бастдзийнӕдтӕ рапарахат ӕнцӕ республики бӕстӕзонӕн музейи раздӕри директор Лазарти Хӕсанӕ ӕма Александри хуӕрӕ Зарети хӕццӕ. Ӕдзард тугъдони хуӕри финстӕгутӕ е ‘нсувӕри туххӕй ӕма цалдӕр къари ес музейи еумӕйаг папки. Къартӕ ист ӕнцӕ сахар Армянски. Сӕ еуеми бӕгъатӕри мадӕ зӕронд Аминӕт рартасун нӕбал комуй ӕ хъӕболи ингӕнӕй. «Хӕрдмӕ ибӕл исхуӕцӕ-исхуӕцӕ кӕнуй, фурт кӕмӕй загъта, е – абхазаг Ю.Г. Когония», – финст ес къари къилдунбӕл. Иннӕ къари – Аминӕт сахар Армянски дуккаг скъолай ахурдзау Сергей Марушани хӕццӕ. Ӕвзонг сомехаг биццеу ӕхемӕ райста зӕронд уоси фурти ингӕмӕ зелуни ихӕс. Уой туххӕй имӕ хъӕболи зӕрдӕ дардта Аминӕт, ӕма ӕ хӕццӕ исиста ӕ къари. Не ‘ронх кӕнунцӕ Калоти Александри, ӕ тугъдон ӕмбӕлттӕй ма ӕгас ка ‘й, етӕ. Алли анз дӕр 9 майи – Уӕлахези бони ӕрӕмбурд унцӕ Перекопи зӕнхӕй арӕзт горенгонди рази, не ‘мзӕнхон ӕ реуӕй амбразурӕ кӕми нихгӕдта, уоми. Ӕримисунцӕ Калой-фурти ӕма иннӕ ӕдзард тугъдонти нӕмттӕ. Къартӕй еуеми дӕлболкъон С.Т. Черкурдта, капитан И.Я. Бойко ӕма иннетӕ хъазахъаг уӕледарӕси. Къарӕ ист ӕрцудӕй Уӕлахези бони сахар Армянски.

Калой-фуртӕн ӕ номбӕл гъӕунгӕ ес ӕ райгурӕн Хетӕгкати Къостай гъӕуи. Хъирими Красноперекопи райони Суворови гъӕуи, сахар Симферополи, ӕ бюст ес сахар Черкесски Уӕлахези парки Бӕгъатӕрти Аллейи. Ӕ ном хаста Абхази АССР-и Меркулай гъӕуи фиццаг скъолай нӕуӕгдзаути дружинӕ. Ардӕмӕ ӕрбалигъдӕнцӕ ӕ бийнонтӕ. Ӕ хуӕрӕ Заретӕ лӕгмӕ ӕрцудӕй абхазаг лӕхъуӕн Хаджибаймӕ. Ардӕмӕ сӕмӕ бӕсти алли рауӕнтӕй цӕунцӕ финстӕгутӕ. Заретӕ куста Очамчири маргъдарӕн фабрики. Ю.Г. Когоня ба си адтӕй директор. Ӕнсувӕри ихӕс федгӕй, е ӕмцег кодта бӕгъатӕри номхӕсӕг нӕуӕгдзаути дружинӕбӕл, фабрики коллективӕн ахид уидӕ фембӕлдтитӕ Калой-фурти тугъдон ӕмбӕлтти хӕццӕ. Заретӕ си финсуй еу фембӕлди туххӕй: «Уордӕмӕ Мӕскуйӕй ӕрхудтонцӕ Александри ӕмполкон финсӕг А. Русини. Е фабрики косгутӕн лӕмбунӕг радзурдта бӕгъатӕри тугъдон нӕдти, е ‘хсардзийнади туххӕй».

Калоти Александрӕн ӕ фӕммарди фӕсте 1943 анзи Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри номи бӕсти исаккаг кодтонцӕ Фидибӕсти тугъди I къӕпхӕни орден, фӕстӕдӕр ба – Ленини орден, 1991 анзи ба – Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном дӕр. Ӕ хуӕрзеугутӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ Мӕскуй Кремли ӕ хуӕрӕ Заретӕн.

Бӕгъатӕртӕ адӕмӕн нӕ мӕлунцӕ. Уони намус син сӕ уодигъӕдӕ еудадзуг кӕнуй кӕдзосдӕр. Адӕми зӕрди байзадӕй Калоти Александри рохс ном дӕр, бӕттуй сӕ кӕрӕдзебӕл, разӕнгард сӕ кӕнуй рӕсугъддӕр гъуддӕгутӕмӕ, тугъди нихмӕ тохмӕ, лимӕндзийнадӕ парахат кӕнунмӕ.