12 декабря 2024

МАДДӔЛОН ӔВЗАГБӔЛ ЗӔРДӔЙЙЕВӔН НӔЙЙЕС!..

26.02.2021 | 17:02

САКЪИТИ Эльбрус, газет «Дигори» сæйраг редактор

Мӕ абони дзубанди бабӕй ӕй нӕ маддӕлон ӕвзаги уавӕри фӕдбӕл. Уой туххӕй ма нӕ газети айразмӕ дӕр мухургонд ӕрцудӕй аллихузон ӕрмӕгутӕ. Уомӕй уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма рагӕйдӕр нин нӕ маддӕлон ӕвзаги карнӕ ӕгӕр иссагъӕссаг ӕй. Ӕма нерӕнгӕ дӕр берӕ цӕмӕйдӕрти тухсун кӕнуй. Нуртӕккӕ нин е ци уавӕри ӕй, ӕма имӕ ци цӕстингас дарӕн, уой гъӕугӕ ‘рдӕмӕ  ӕвӕстеуатӕй ку нӕ раййевӕн, нӕ уодварни хӕзнатӕн сӕ сӕйрагдӕр ке ӕй, уой ӕма зӕрдӕй дӕр ӕма зундирахастӕй дӕр ку нӕ балӕдӕрун кӕнӕн, фиццагидӕр, нӕхецӕн ӕма ’й нӕ дзиллӕ аккаг хузи цитгин кӕнун ку нӕ райдайуонцӕ, уӕд ин, баууӕндетӕ, ӕцӕгӕйдӕр тагъд хуӕрзбон зӕгъдзинан ӕностӕмӕ. Рацӕудзӕнӕй ма цалдӕр фӕлтӕри, уӕдта, ӕвӕдзи, уотӕ дӕр рауайдзӕнӕй, ӕма нӕ исонибони кӕстӕртӕ айдагъдӕр музейти археологон хайӕдти ӕрмӕгутӕй зондзӕнӕнцӕ, кӕддӕр сӕ адӕмӕн уӕхӕн  уодварни хӕзна – дигорон ӕма ирон ӕвзӕгтӕ ке адтӕй, уой. Уомӕн ӕма син, дигорон-ирон адӕми байзайӕггӕгтӕн, сӕ фидтӕлтиккон, сӕ тогӕйхӕстӕг ӕвзаг исӕцӕгӕлон уодзӕнӕй. Уой дӕр мах, абони Иристони зӕнхӕбӕл цӕрӕг дзилли фудӕй. Уомӕн ӕма абониккон мӕнгӕдзийнӕдтӕй нӕхе ерхӕфсгӕй, нӕ расагъӕс кӕнӕн, адӕм цӕмӕй ан ӕма иннӕ адӕмти ‘хсӕн цӕмӕй федауӕн, уобӕл нӕ къох ракъуӕргӕй, нӕ исонибон фӕсмойнаг нӕ кӕнӕн?

Ӕма ӕностӕмӕ фӕндараст уо, нӕ маддӕлон ӕвзаг, зӕгъгӕ, фарста ке ӕвӕрӕн, уомӕй, ка ’й зонуй, кадӕртӕ уотӕ дӕр бакой кӕндзӕнӕнцӕ, гъома, ӕгӕр ӕй нӕ фӕккарз кодтан. Нӕ, ӕгириддӕр си карзӕй неци ес. Уӕхӕн тасдзийнадӕ ма зӕрдити ӕвзурун кӕнуй, мӕнӕ 2018 анзи Паддзахадон Думӕ  Уӕрӕсей Федераций «Ахуради туххӕй», зӕгъгӕ, закъонмӕ маддӕлон ӕвзаг ахур кӕнуни фӕдбӕл ци  ӕййивддзийнӕдтӕ бахаста, етӕ дӕр.

Адтӕй нӕ адтӕй, уӕддӕр Паддзахадон Думӕ  еци ӕййивддзийнӕдтӕ исфедар кодта. Уой дӕр – ӕртиккаг ӕркасти. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Уӕрӕсей  цӕрӕг аллихузон адӕмихӕттити зӕрдӕмӕ берӕ цӕмӕйдӕрти нӕ фӕццудӕнцӕ, хъӕбӕр исдзурдтаг ӕнцӕ. Фал сӕмӕ игъосӕг ба нӕ фӕцӕй, ӕма еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕрракӕнӕ-бакӕни фӕсте  сӕ исфедар кодтонцӕ, ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг фӕткӕвӕрд иссӕнцӕ. Фал уомӕй нӕ банцадӕй, еци закъон   национ ӕвзӕгтӕн – уруссаг ӕвзагӕй уӕлдай – ци  зӕран ӕрхӕсдзӕнӕй, уой фӕдбӕл ӕнаразидзийнади дзубандитӕ.

 

АЛЦӔМӔЙ ДӔР РАСТ ГЪУДДАГ ДЗУРДТАГ НЕКӔД ФӔУУЙ!..

Фиццагидӕр ба уомӕ гӕсгӕ, ӕма, еци закъони куд нисангонд ес, уотемӕй Уӕрӕсей еугур регионти дӕр скъоладзаути барӕ ес, ци ӕвзаг сӕ бафӕндӕуа, уой сӕхецӕн маддӕлонӕн равзарун. Ӕма си бӕлвурдӕй бӕрӕггонд ӕй, циуавӕр ӕвзаг гъӕуама равзара – уруссаг, гъома, е Уӕрӕсей паддзахадон ӕвзаг ӕй ӕма паддзахади медӕгӕ цӕрӕг адӕмтӕн дӕр бӕззуй маддӕлон ӕвзагӕн. Гъе дин гъе!.. Ӕма ахурдзаутӕн сӕ зингӕ фулдӕр хай, уой дӕр сӕ ниййергути фӕндӕй, сӕхецӕн ӕцӕгӕйдӕр маддӕлонӕн уруссаг ӕвзаг ке равзардзӕнӕнцӕ, уобӕл ӕгириддӕр нӕ секк кӕнун. Уомӕн ӕма нуртӕккӕ дӕр хъӕбӕр ахид скъоладзаутӕн сӕхецӕй дӕр ӕма сӕ ниййергутӕй дӕр фегъосдзӕнӕ, кӕми, дан, ӕма кӕцирдӕмӕ мӕ гъӕуй дигорон кенӕ ирон ӕвзаг.

Уотӕ ба уомӕ гӕсгӕ фӕззӕгъунцӕ, аци ӕмӕнтъеригӕнӕг ЕГЭ-мӕ гӕсгӕ  ибӕл фӕлварӕнтӕ дӕттун нӕ гъӕуй, уӕд, дан, ибӕл нӕ рӕстӕг цӕмӕн исафӕн. Ӕма ниффинсунцӕ курдиадӕ, цӕмӕй сӕ исуӕгъдӕ кӕнонцӕ сӕ маддӕлон ӕвзаг ахур кӕнунӕй.

Уӕхӕн зундирахастбӕл хуӕст ка ’й, уонӕн нур ба заманай равгӕ фӕззиндтӕй: мӕнӕ ци закъонадон ӕййивддзийнӕдтӕбӕл  цӕуй дзубанди, уомӕ гӕсгӕ ахурдзауӕн ӕ бон ӕй ӕ национ ӕвзагбӕл ӕма уомӕй уроктӕбӕл исидӕун, ӕма уруссаг ӕвзаг ӕ маддӕлон исхонун.

Ци загъдӕуа?.. Уотӕ уайуй, ӕма кӕд дигорон мадӕй райгурдтӕ, ӕма дин нӕ Исфӕлдесӕгӕй дӕ маддӕлон ӕвзагӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй дигорон ӕвзаг, дӕ карни дин кӕрӕй-кӕронмӕ дӕр айдагъдӕр е ӕй тогӕйхӕстӕг, уӕд ибӕл нур ба гадзирахаттӕй рацо?.. Ӕма уотемӕй ӕностӕмӕ хуӕрзбон нӕ зӕгъдзинан нӕ ӕцӕгӕй маддӕлон ӕвзагӕн?.. Ӕма уӕд е дӕ хеуонбӕл, дӕ тогӕйхӕстӕгбӕл гадзирахаттӕй рацӕуни хузӕн нӕ уодзӕнӕй?..

Уӕхӕн фудракӕндӕ хӕссӕг ку нӕ уидӕ аци ӕййивддзийнӕдти «ӕргъудидзийнадӕ», уӕд, ӕвӕдзи, уотӕ карзӕй ӕ нихмӕ нӕ исдзурдтайуонцӕ еугур регионти рӕстмӕгъудигӕнӕг ӕма сӕ национ уодварни хӕзнати карнӕбӕл рӕстзӕрдӕй тухсӕг дзиллӕ. Закъонӕн ӕ проект куддӕр фӕззиндтӕй, уотӕ сауӕнгӕ ӕ исфедар кӕнуни уӕнгӕ ибӕл хъӕбӕр карзӕй цудӕй дзурд: уомӕн ӕма си ци фӕткитӕ ес, уонӕн сӕ мӕлгъӕвзаг хузи фӕсаууон ба риндзи ӕрбадтӕй хъӕбӕр устур тасдзийнадӕ, кӕци хъӕбӕр рӕхги знаггадӕй фӕззиндзӕнӕй национ ӕвзӕгтӕбӕл: уотӕ дӕр рауайдзӕнӕй ӕма бустӕгидӕр сӕ некебал ахур кӕндзӕнӕй, ци адӕмихаттӕй ӕнцӕ, уой фӕлтӕргай иронх кӕнгӕй. Ӕма исонибони нӕ кӕстӕртӕ сӕ маддӕлон ӕвзаг ма уиндзӕнӕнцӕ айдагъдӕр музейти археологон хайӕдти – куд кӕддӕри рӕстӕгути ӕгомуг ӕвдесӕн.

Ӕз ӕгириддӕр уой нихмӕ нӕ дӕн, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ хъӕбӕр хуарз зононцӕ уруссаг ӕвзаг, пайдахӕссӕг син уа сӕ цардарӕзти гъуддӕгути. Мӕ дзубанди  уобӕл ӕй, ӕма еци хуарздзийнадӕй хайгин уни туххӕй сӕхе ма ӕнӕ хай кӕнонцӕ, нӕ адӕммӕ уоди хъаурӕ тухгингӕнӕгӕй цидӕриддӕр исӕнтӕстӕй ӕности дӕргъи, уонӕй. Сӕ еу – нӕ маддӕлон ӕвзаг.

Ӕз мӕхуӕдӕг райдайӕн кълӕсти еугур предметтӕ дӕр ахур кодтон дигорон ӕвзагбӕл, сӕ бундорон медес син уотемӕй хуӕздӕр балӕдӕрдтӕн. Ахур кодтон ирон ӕвзаг дӕр. Е мӕ  ӕгириддӕр нӕ бахъор кодта уруссаг ӕвзаг дӕр ӕма фӕсарӕйнаг ӕвзаг ӕнтӕстгинӕй исахур кӕнунмӕ. Скъолай фӕсте ахур кодтон Ростови паддзахадон университети – Советон Цӕдеси тӕккӕ хуӕздӕр цуппар уӕлдӕр ахургӕнӕндонемӕй  еуеми. Уой каст фӕууогӕй ба берӕ ӕнзти дӕргъи фӕккустон, уруссаг ӕвзагбӕл уагъд ка цудӕй, уӕхӕн газетти. Ӕма, баууӕндетӕ, ӕ рӕстӕги дигорон ӕвзаг дӕр ӕма ирон ӕвзаг дӕр ахур кӕнунбӕл берӕ рӕстӕг ке «фесафтон», е мин пайдайӕй уӕлдай зӕран ба ӕгириддӕр не ’рхаста. Уӕд нури ниййергутӕ цӕмӕй тӕрсунцӕ, цӕмӕн уотӕ ниффӕрскъӕ унцӕ, нӕ национ ӕвзаг нӕ нецӕмӕн гъӕуй, зӕгъгӕ?

 

ӔВЗАГ ӔЙ АДӔМӔН Ӕ УОДИ ЦӔСТУИНГӔ ФӔЛГОНЦ!..

Уӕ зӕрдӕбӕл уин ӕрлӕуун кӕндзӕнӕн нӕ Иристони разагъди лӕгтӕй еу, литератор, тӕлмацгӕнӕг, этнограф Темирханти Сослани мӕнӕ ауӕхӕн загъд:

«Рагӕй-ӕрӕгӕмӕ еумӕ цӕргӕ ци адӕм ӕрцудӕнцӕ, сӕ цийнӕ дӕр, сӕ гъигӕ дӕр еумӕ ка ӕрвиста, етӕ царди уавӕр ӕмхузон лӕдӕрунцӕ, алцӕмӕ дӕр еу цӕстӕй кӕсунцӕ, алцидӕр еу барӕнӕй барунцӕ, ӕма сӕ куд лӕдӕрунцӕ, уомӕ гӕсгӕ арӕзт ӕй се ’взаг, ӕма се ’взагбӕл дзоргӕй, хебарӕй сӕхе зундӕй гъуди кӕнунцӕ.

Фал ӕцӕгӕлон ӕвзагбӕл ка райдайуй дзорун, е, ке ’взагбӕл дзоруй, уони цӕстӕй кӕсуй алцӕмӕ дӕр, ӕма хебӕраги ӕхе зундӕй гъуди кӕнун ӕ бон нӕй. Фал е ’уӕнгти ке тог зелдох кӕнуй, уони ’рдӕмӕ ӕ уод тундзуй ӕма дузӕрдуг кӕнуй, ӕ уоди хъауритӕ фӕйнердӕмӕ хуӕцунцӕ ӕма имӕ нӕ игуруй уӕхӕн фӕндон, лӕги ӕдӕрсгӕй кӕци архайун кӕнуй, ӕхсарӕ си ке фӕрци ӕвзуруй.

Уадзæ æма догæй – догæмæ, фæлтæрæй – фæлтæрмæ, цæрæд нæ маддæлон æвзаги гъомусадæ!

Уӕхӕн лӕг ӕхецӕн дӕр, ӕ адӕмӕн дӕр ном искӕнунгъон нӕй, цалинмӕ ӕ райгурӕн ӕвзагбӕл нӕ райдайа дзорун, цалинмӕ адӕми зунди сауӕдонӕй нӕ бафсада ӕхе…»

Гъе уотӕ финста Темирхани-фурт 1922 анзи ӕ уац «Зунд ӕма бархи»-й. Ӕма цӕбӕл расагъӕс кӕнӕн мах, абони Иристони цӕрӕг дзиллӕ, е си, мӕнмӕ гӕсгӕ, ес. Ӕ еци уаци Темирхани-фурт уотӕ дӕр ма финста:

«Алли адӕм дӕр цард куд лӕдӕрунцӕ, уой раргом кӕнунцӕ се ’взаги фӕрци сӕ аргъӕутти, таурӕхъти,  кадӕнгити, сӕ зарти, ӕмбесӕндти ӕма етӕ ‘нцӕ сӕхе зунди сауӕдонӕ. Етӕ цӕйбӕрцӕ гъӕздугдӕр ӕнцӕ, цӕйбӕрцӕ хуӕздӕр ӕвдесунцӕ цард ӕ алли хузти, цӕйбӕрцӕ хуӕздӕр ӕртасунцӕ сау ӕма уорс, уойбӕрцӕ хуӕздӕр лӕдӕрун кӕнунцӕ царди адӕмӕн, уойбӕрцӕ ба адӕм хъаурӕгиндӕр кӕнунцӕ. Адӕми ӕведуйгӕ зунди сауӕдонӕй кӕци адӕми фӕсевӕд ниуазунцӕ сӕ фагӕ, етӕ сахъ ӕма ездон фӕуунцӕ, ӕдӕрсгӕй архайунцӕ, сӕ уодӕн нӕ тӕрсунцӕ, ӕма сӕ фӕллойнӕй, ӕхсарӕй искӕнунцӕ сӕ адӕмӕн ном.

Фал зундамонӕг ӕма нифсдӕттӕг таурӕхътӕ ӕма кадӕнгитӕ кӕци адӕмӕн ниууагътонцӕ сӕ фидтӕлтӕ, етӕ еци зунди сауӕдонӕй ку не ‘фсадонцӕ сӕ цӕуӕти, уӕд се ’сӕфт ӕрцудӕй. Е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ӕй, е бӕлвурд раргом ӕй рагон Грекъи гъуддӕгутӕй.

Етӕ таурӕхътӕ ӕма кадӕнгитӕй гъӕздуг адтӕнцӕ, зундамонӕг ӕма нифсдӕттӕг, фӕсевӕди рохсмӕ разӕнгардгӕнгӕй, ӕма цалинмӕ Грекъ сӕ еци зунди сауӕдонӕй сӕ цӕуӕти ӕфсастонцӕ, уӕдмӕ сӕ хъаурӕ ирӕзтӕй, ӕнтӕстӕй син берӕ. Сӕ фӕллойнӕй исбӕрзонд кодтонцӕ сӕ культурӕ ӕма сӕмӕ исӕвзурдӕй устур ахурадӕ, исӕвзурдӕй сӕмӕ Бӕрзонд «аййевдзийнадӕ» (искусство), гъома, уой ӕргъуди кӕнуни ӕма уой искӕнуни дӕсниадӕ, цӕстӕ кӕсунӕй цӕмӕ не ’фсӕдуй, гъос – игъосунӕй, ӕма зӕрдӕ цӕмӕй рохс кӕнуй, рӕсугъддзийнадӕ ци уарзун кӕнуй. Сӕребарӕй цӕргӕй, иурстонцӕ сӕ федауцӕ цардиуагӕ райгурӕн бӕстӕн, ӕма сӕ бартӕ гъӕуай кӕнгӕй сӕ дӕс мини знӕгти сӕдӕ мини ӕмпурстонцӕ, ӕма сӕ еци фӕлтӕри устур гъуддӕгутӕ устур дессагӕн байзадӕнцӕ, еугур адӕмтӕн нури уӕнгӕ дӕр ма. Фа, се ’намондӕн, сӕ ахургӕндти астӕу фӕззиндтӕй уӕхӕнттӕ, фидтӕлти таурӕхътӕ ӕма кадӕнгитӕ ходӕг ӕма нецӕййаг кӕмӕ кастӕнцӕ, уонӕмӕ игъосгӕй адӕм дӕр еци цӕстӕй райдӕдтонцӕ кӕсун сӕ таурӕхътӕмӕ, сӕ кадӕнгитӕмӕ, ниууагътонцӕ сӕ иронхуати, сӕ еци зунди сауӕдонӕй ӕнӕ хай фӕккодтонцӕ сӕ цӕуӕти.

Ӕма гъе уӕд Грекъ ӕрлӕмӕгъ ӕнцӕ, сӕ хъаурӕ басастӕй ӕма ӕдзӕллаггӕнгӕй се ’знӕгти къӕхти буни бафтудӕнцӕ, сӕ бӕрзонд культурӕ фесавдӕй».

Хуцау нӕ уӕхӕн бӕлахӕй багъӕуай кӕнӕд, фал си, цума, бустӕги ӕдас нӕ ан, уотӕ уӕмӕ нӕ кӕсуй? Уомӕ гӕсгӕ ба нӕ нӕ исонибонбӕл расагъӕс кӕнун гъӕуй – уотид рӕсугъд дзубандитӕй нӕ, фал гъӕугӕ гъуддӕгутӕ аразгӕй! Мӕскуйӕй нин цитӕ амонунцӕ, етӕ ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕстгӕнгӕ ’нцӕ, фал уодварни хабӕртти туххӕй ба гъӕуама мах дзурд ӕма фӕндӕмӕ дӕр, цит, ӕригъосӕнтӕ. Еугӕр нӕмӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Конституций нӕ маддӕлон ӕвзаг ирон ӕма дигорон диалектти хузи нисангонд ӕй куд паддзахадон, уӕд ин ӕ еци номмӕ гӕсгӕ ӕ бартӕ къаппӕ-саппӕ маке кӕнӕд, нӕ адӕми ӕвӕндонӕй.

Мӕ аци загъди хецмӕрездзийнадӕй, баууӕндетӕ, ӕгириддӕр неци ес. Ӕз уомӕй ӕвдесун мӕ аразидзийнадӕ нӕ дзилли рӕстмӕдзорӕг адӕймӕгути хӕццӕ. Зӕгъӕн, рохсаггаг Малити Васой хӕццӕ, е кӕддӕр (2003 анзи) уотӕ загъта:

«Нӕхе ӕвзаг, нӕхе ӕгъдӕуттӕ ӕма фарнӕ мах гъӕуама макӕд мацӕбӕл баййевӕн. Е уотӕ нӕ амонуй, ӕма иннӕ адӕми ӕвзӕгтӕ ӕма фарни хӕзнатӕбӕл устурзӕрдӕ уӕн, зӕгъгӕ. Нӕ. Фал ӕхе ка нӕ уарзуй, е еске дӕр нӕ бауарздзӕнӕй. Дуйнебӕл нин нӕ фидтӕлтӕ хуӕздӕрӕн ци ниууагътонцӕ, е ӕй не ’взаг. Уой фӕрци нӕмӕ ӕрхъӕрдтӕнцӕ нӕ сугъзӕрийнӕ кадӕнгитӕ, аргъӕуттӕ, зартӕ, гъарӕнгитӕ, ӕгъдӕуттӕ.

Зӕнхӕбӕл берӕ адӕмтӕ фесавдӕй. Агъазиау сахартӕ ӕма галауантӕ ка исаразта, уӕхӕн адӕмтӕй дӕр абони берети нӕбал зонӕн. Исӕфгӕ ба фӕккодтонцӕ, се ’взаг ке фесавдӕй, уой устур бӕлахӕй. Алцидӕр иссерӕн ес цӕрӕг уодӕн, фал ӕвзаг ку нӕбал уа, уӕд е ба ӕноси исӕфт ӕй. Не ’взаг ӕй нӕ царди уедагӕ ӕма ’й ма бауадзӕн исӕскъунун…»

Нӕ маддӕлон ӕвзаги абони уавӕр ӕма ӕ идарддӕри карни фӕдбӕл кӕдӕй ӕма кӕдӕй ардӕмӕ еци тухстхузӕй, еци дзорӕги дзоруй ӕ сӕрбӕлтау хъазауатонӕй архайӕг Хъодзати Ӕхсарӕ дӕр. Ӕ уацтӕй еуеми (1993 анзи) уотӕ финсуй:

«Не ’взаг цӕмӕ ‘рцудӕй, уомӕн зӕгъӕн ес еу дзурдӕй: къурцдзӕвӕнмӕ, бӕлахи уавӕрмӕ. Ервӕзунӕн зонун еунӕг хуасӕ: ирон ӕвзаг Иристони гъӕуама исуа паддзахадон ӕвзаг. Нуртӕккӕ ци ӕрдӕг мадзӕлттӕ аразӕн, етӕ устур агъаз фӕууонцӕ, е ми не ’руагӕс кӕнуй. Конституцимӕ гӕсгӕ Цӕгат Иристон нимад ӕй социалистон паддзахадӕбӕл. Ирӕнттӕ ба иннӕ адӕмтӕй, фиццаги-фиццагдӕр, се ’взагӕй хецӕн кӕнунцӕ. Ӕма еци ’взагӕн ӕхе бӕсти ӕ бартӕ ӕлхъивд ку уонцӕ, уӕд е цӕй паддзахадӕ ‘й! Зунд кӕстӕрӕй хестӕри сӕрбӕл куд нӕй, уотӕ адӕмтӕ дӕр сӕ бӕрцӕмӕ гӕсгӕ нӕ фӕййахедунцӕ, фал сӕ хуарз менеугутӕй. Мадта цума раст ӕй, зӕгъӕн, автономон ӕма цӕдесон республикитӕн ӕмхузон бартӕ ке нӕййес, е? Ӕрдзи рази нӕ еугурдӕр ӕмсӕр ан. Минкъий киндзӕн устур киндзӕй минкъийдӕр ӕгъдӕуттӕ нӕ гъӕуй. Уомӕ гӕсгӕ ми федарӕй ӕруагӕс кӕнуй: еугур республикитӕ, национ облӕсттӕ ӕма хӕйттӕ дӕр гъӕуама цӕронцӕ еухузон уавӕрти ӕма син уа еу разамонӕг центр. Ӕма уӕд цӕйбӕрцӕ гъӕздугдӕр, ӕнгондӕр уайанӕ! Еуемӕй, кӕрӕдзей ӕвзӕгтӕ хуӕздӕр зонианӕ, иннемӕй ба культуритӕ хъӕбӕрдӕр исирӕзиуонцӕ, исахедиуонцӕ».

 

ӔВЗАГИ карнӕ – ДЗИЛЛИ КАРНӔ

Хъодзати Ӕхсарӕ еудадзугдӕр еци тухстӕй дзоруй нӕ маддӕлон ӕвзаги абони уавӕри ӕма ӕ идарддӕри карни фӕдбӕл. Уогӕ айдагъ е нӕ, фал ма нӕ иннӕ исфӕлдистадон косгутӕ дӕр сӕ фулдӕр, уӕлдайдӕр ба – финсгутӕ. Уомӕн ӕма, сӕ царди сӕ исфӕлдистадон архайдӕн сӕйраг фӕзуат ӕнӕгъӕнӕй дӕр маддӕлон ӕвзаг кӕмӕн ӕй, етӕ ’й хуӕздӕр уинунцӕ ӕма лӕдӕрунцӕ, нӕ кӕстӕртӕн не ’взаг уодварнӕ ку нӕ уа ӕма ’й зӕрдиагӕй ку нӕ уарзонцӕ, уӕд исонибони не ’взагбӕл ка финса, нӕ национ газеттӕ ӕма журналти ка коса, уӕхӕн нӕмӕ нӕбал уодзӕнӕй, нӕбал нӕмӕ уодзӕнӕй национ публицистикӕ ӕма литературӕ, аййевадӕ… Нур дӕр еци уавӕр хъӕбӕр зӕрдӕдзоргӕ ку ӕй, уӕд исонибони ба куд уодзӕнӕй.

Уой фӕдбӕл цал ӕма цал хатти райгъустӕй нӕ интеллигенций рӕстзӕрдӕдӕр минӕвӕртти фӕдеси гъӕр. Зӕгъӕн, 1966 анзи ноябри мухури фӕрӕзнити фӕззиндтӕй фӕдздзурд республики Президентмӕ (уӕд республики разамонӕг уотӕ хундтӕй), Парламентмӕ, Хецауадӕмӕ, нӕ еугур адӕммӕ дӕр. Уоми уотӕ загъд адтӕй:

«Нӕ фидтӕлтӕ ӕности дӕргъи сӕ еу къохи косӕндзаумау хастонцӕ, иннеми – тохӕндзаумау, уотемӕй берӕ фӕлтӕртӕн багъӕуай кодтонцӕ ирон фарни хӕзнатӕ, аййев ӕвзаг, цъухӕйдзоргӕ гъӕздуг исфӕлдистадӕ, уодварни хӕрзтӕ, кӕдзос цӕсгон ӕма ӕфсарӕ. Уӕди дзаманти нӕдӕр финсун зудтонцӕ, нӕдӕр киунуги кӕсун. Исӕфти, цагъди кодтонцӕ хӕтгӕ-хуӕцгӕнезтӕй, знаги карди ӕма фати цӕфтӕй, ӕма уоййадӕбӕл Ири дзиллитӕ цӕйбӕрцӕ кунӕгдӕрмӕ цудӕнцӕ, уойбӕрцӕ зӕрдиагдӕрӕй ауодудтонцӕ нӕ адӕми хӕзнатӕбӕл, уойбӕрцӕ кӕдзосдӕрӕй игъустӕй ирон дзурд.

Абони ирӕнттӕ ахури уагӕй цӕйбӕрцӕ ӕнхӕстдӕр ӕнцӕ сӕ рагфидтӕлтӕй, уойбӕрцӕ минкъийдӕр ауодунцӕ фидтӕлти бунтӕбӕл – хӕзнатӕбӕл, ӕма уой фудӕй цӕмӕти ӕрцудан, уони уинӕн. Ирон адӕми нимӕдзӕ нуртӕккӕ ӕй миллиони ӕмбесӕй берӕ фулдӕр. Уонӕй дзӕвгарӕ цӕруй Уӕрӕсей алли кӕрӕнтти ӕма фӕсарӕнти, ӕма син, ка ’й зонуй, ести рӕуонӕ ес маддӕлон ӕвзаг нӕ зонунӕн. Фал Иристони цӕрӕг ирӕнттӕн ба ци рӕуонӕ иссерӕн?

Ахургӕндти нимадмӕ гӕсгӕ, нуртӕккӕ Иристони цӕрӕг ирон адӕмӕн айдагъ сӕ аст проценти зонунцӕ ирон ӕвзаг. Дзоргӕ ибӕл, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, фулдӕр адӕм кӕнунцӕ, фал ахуради домӕнтӕмӕ гӕсгӕ, ӕвзаг зонгутӕ нимад ӕнцӕ, кӕсгӕ ӕма финсгӕ ибӕл ка кӕнуй, айдагъ етӕ. Уӕдта ’й фулдӕр адӕм зонгӕ дӕр куд гъӕуама кӕнонцӕ, кӕд ӕма ирӕзгӕ сабийти хӕццӕ дзубанди иронау нӕдӕр бийнонти астӕу фӕууй, нӕдӕр сувӕллӕнтти рӕвдауӕндӕнтти ӕма скъолати. Сауӕнгӕ ирон ӕвзаг ӕма литератури урокти дӕр ахургӕнгутӕ архайунцӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ уруссагау дзорунбӕл!

Республики фӕсевӕди комитет исаразта, дӕс ӕма инсӕй анзей уӕнгӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн ӕригон финсгути конкурс. Архайдтонцӕ си дууинсӕй авторемӕй фулдӕр. Дзӕвгарӕ си разиндтӕй журналти рауадзуни ӕма киунугутӕмӕ бахӕссуни аккаг радзурдтӕ ӕма ӕмдзӕвгитӕ. Айдагъдӕр си еунӕг дӕр иронау финст нӕй, уотемӕй ба автортӕн сӕ фулдӕр ирӕнттӕ ’нцӕ. Аци хабар бӕлвурдӕй дзорӕг ӕй, нӕ фӕсевӕд искурдиадӕ гъӕуагӕ ке нӕ ’нцӕ, уобӕл нӕ, фал ӕвзаги кӕуйнаг уавӕрбӕл.

Ӕ алли къахдзӕф дӕр хе уоди пайдайӕн ка кӕнуй, уӕхӕнттӕ дзӕвгарӕ ес абони ирӕнттӕй, ӕма сӕ коййи аргъ дӕр нӕ ’нцӕ, уомӕн ӕма некӕд лӕдӕрдтӕнцӕ ирон адӕми уодигъӕдӕ, нӕдӕр ӕй балӕдӕрдзӕнӕнцӕ. Етӕ ӕргомӕй фӕззӕгъунцӕ: «Некебал раздахдзӕнӕй адӕми сӕ абони нӕдтӕй. Ке ма гъӕуй ирон ӕвзаг ба?!.»

Ӕ тоги ма ирон гъомус кӕмӕн фицуй, уонӕн ба цӕрӕн нӕййес ӕнӕ федӕнбӕл гъуди кӕнгӕй. Етӕ гъӕуама балӕдӕрун кӕнонцӕ сӕ еузӕрдиуон адӕмӕн абони катайаг уавӕр.

«Ескӕци ӕвзаг ку рамӕла, уӕд адӕмӕн сӕхецӕн дӕр ӕнӕ рамӕлӕн нӕййес», – финсуй Ири пахампар Абайти Васо.

Нуртӕккӕ дуйней адӕмтӕ дзорунцӕ ӕхсӕз мин ӕвзагебӕл. Уонӕй XXI ӕноси кӕронмӕ, ахургӕндти нимадмӕ гӕсгӕ, байзайдзӕнӕй айдагъ ӕхсӕзсӕдӕ, иннетӕ ратайдзӕнӕнцӕ, фесӕфдзӕнӕнцӕ. Ӕвӕдӕй ка фесӕфдзӕнӕй, еци ӕвзӕгти халӕ цӕмӕй ма рахуӕрӕн, уой туххӕй ӕвӕстеуатӕй бакӕнун гъӕуй цалдӕр гъуддаги…»

Нӕ финсгутӕ сӕ еци фӕдздзурди ци ӕнӕмӕнгӕ исаразуйнаг гъуддӕгути кой кӕнунцӕ, уонӕбӕл фӕстӕдӕр бӕлвурддӕрӕй дзордзинан, абони ба мӕ фӕндуй, маддӕлон ӕвзаг аккаг хузи нӕ цитгин кӕнун ӕма ’й дӕхецӕй еуварс кӕнун ци фӕсмойнаг фӕстеугутӕ расайуй, уомӕн ма еу ӕвдесӕн ӕрхӕссун. Дӕс ӕма инсӕй анзей размӕ цӕгатиристойнаг мухури фӕрӕзнити фӕззиндтӕй не ’мбӕстон Турки цӕрӕг ирон лӕг Сӕбӕтхъуати Рамазани уац, кӕцими зӕгъуй, абони дӕр нин расагъӕс кӕнун кӕбӕл ӕнгъезуй, уӕхӕн гъудитӕ. Е финста:

«Ӕз дӕн Турки ирӕнттӕй, нӕ бӕстӕй бафтуйӕг фидтӕлтӕн сӕ фӕндзӕймаг фӕлтӕрӕй. Нур ма зонӕн нӕ маддӕлон ӕвзаг, уомӕн ӕма мах, ирон адӕм, нӕ мадтӕлти берӕ уарзӕн. «Цӕмӕн уотӕ зӕгъис, ӕ мади ка нӕ уарзуй?» – ку бафӕрсайтӕ, уӕд дзуапп ратдзӕнӕн: берӕ бӕститӕбӕл фӕззилдтӕн ӕма фӕууидтон, ӕ ниййерӕги ка нӕ уарзуй, ӕ мади хӕдзарӕмӕ ка нӕ уадзуй, уӕхӕн адӕймӕгути. Фал ӕз нӕма фӕууидтон ӕма нӕ фегъустон – «Мӕнӕ аци ирон ӕ мади ӕ хӕдзарӕй ратардта!» – кенӕ ба – «Ӕ мадӕмӕ нӕ дзоруй!» Уой туххӕй ӕма махӕн нӕ мадтӕлтӕ хъазар ӕнцӕ. Ци нин байамонунцӕ, уомӕй нӕ фулдӕртӕ нӕ рахезунцӕ, сӕ дзурд син сӕ къӕхти буни нӕ фӕккӕнунцӕ.

Мадтӕлти амонуйнӕгтӕй еу ӕй нӕ маддӕлон ӕвзаг, ӕма ’й цӕмӕн кӕнӕн нӕ къӕхти буни? Цӕмӕннӕ ибӕл дзорӕн? «Культурни» ан, ӕма уомӕн. Мӕнмӕ гӕсгӕ, маддӕлон ӕвзаг ка зонуй, ка ибӕл дзоруй, культурон етӕ ’нцӕ.

Кӕмифӕнди ку цӕрӕн, уӕддӕр махӕн, ирӕнттӕн, нӕ хъисмӕт ӕй дууӕ ӕвзагебӕл дзорун: нӕхе ӕвзаг ӕма, ци адӕми ’хсӕн цӕрӕн, еци адӕми ӕвзаг зонун, ӕма ма никки – ӕндӕр ӕвзӕгтӕ дӕр. Иронау хуарз зонӕ, инней – лӕгъуз, кенӕ иннӕ ӕвзаг – хуарз зонӕ, иронау – лӕгъуз… Е – нӕ! Кӕд ӕма мах еци дууӕ ӕвзагебӕл кенӕ фулдӕр ӕвзӕгтӕбӕл хуарз базонӕн, уӕд ӕз зӕгъдзӕнӕн, культурон ан, зӕгъгӕ.

Уӕхӕн ӕмбесонд уин радзорон. Мӕнӕ нӕ фидтӕлтӕ Туркмӕ ку цудӕнцӕ, уӕд, куд зонетӕ, уотемӕй кӕсӕг ӕма берӕ ӕндӕр кавказаг адӕмихӕттитӕ дӕр рафтудӕнцӕ уордӕмӕ. Уонӕй адтӕнцӕ убыхты («убик»-тӕ) дӕр. Некебал си байзадӕй Кавкази зӕнхӕбӕл, уомӕн ӕма сӕ паддзах Никъала тӕргӕ кодта, Турки султан ба сӕ – хонгӕ. Турки ку ӕрцардӕнцӕ, уӕд загътонцӕ: «Мах талингӕ адӕм ан. Исуӕн культурон адӕм». Фал – куд? Рагъуди кодтонцӕ, ӕма сӕмӕ хуӕздӕр фӕккастӕй турккагау дзорун, сӕхе маддӕлон ӕвзагбӕл ба нӕбал дзорун. Цӕруй си беретӕ, фал хе ӕвзагбӕл дзорӕг ба  нӕбал байзадӕй.

Мӕнӕн мӕ бон нӕй сумахӕн зунд амонун, ӕз дӕн ӕцӕгӕлон бӕстаг. Мӕнӕ – мӕ гъуди, мӕнӕ – ме ’мбесонд. Барӕ – уӕхе.

Мӕ маддӕлон ӕвзаг базудтон, фиццагидӕр, мӕ мадӕй. Гъӕуама ’й игъосгӕ рацӕуӕн ниййерӕгӕй…»


Уоййадӕбӕл бал фӕууйнаг дӕн нӕ маддӕлон ӕвзаги туххӕй мӕ абони дзубанди ӕма ’й идарддӕр ба ма ракӕнуйнаг дӕн нӕ газети хӕстӕгдӕр номерти. Уотӕ мӕмӕ кӕсуй, ӕма уӕхӕн дзубанди ӕнӕмӕнгӕ гъӕуй, уомӕн ӕма маддӕлон ӕвзаги фӕдбӕл гъуддӕгутӕ ӕзмӕнтгутӕ ӕма хилкъахгутӕ ӕгӕр усхъӕз кӕнун байдӕдтонцӕ, ӕма гъӕуама лӕдӕрд уа, етӕ сӕ еци миутӕй цӕйбӕрцӕбӕл знаггадӕ хӕссунцӕ, е, уомӕ гӕсгӕ ба син афойнадӕбӕл карз нихкъуӕрд лӕвӕрд ӕрцӕуа, цӕмӕй нӕхе багъӕуай кӕнӕн нӕ медастӕу  ӕнӕгъӕугӕ, ӕведауцӕ хабӕрттӕй. Кӕронбӕттӕни ба ма уой дӕр зӕгъуйнаг ан, ӕма нӕмӕ сумах дӕр, нӕ газеткӕсгутӕ, финсетӕ уӕ зӕгъуйнӕгтӕ. Гъӕугӕ гъуддаг ӕмунаффӕй арӕзт цӕуй…