«МÆ ЦИРТИ ДОРБÆЛ МИН НИФФИНСЕТÆ: «КÆУГÆЙ РАЙГУРДÆЙ, УАРЗГÆЙ ФÆЦЦАРДÆЙ, ХОДГÆЙ РАМАРДÆЙ…»
ÆГЪУЗАРТИ Саукуй æ цубур радзурдтæй еуеми («Фæстаг балци») уотæ финста: «Цардæй адзали æхсæн над, ци сагъæсæйдзаг æма æнæбун дæ, ци! Фал ку æрсæумæ уй, фиццаг хори тунæ гъар бауæрбæл ку исæмбæлуй, бæлæстæй мæлгъити æвæлмæцгæ зартæ ку райгъусунцæ, уæд мæ медкатайбæл зæнхон цийнæ фæууæлахез уй, мæ нидæн дзорæ гъæрмæ рахезуй: «Æдзохæй мæлæти кой ци кæнис, мæ фæлмæст зæрдæ?»
Хуæддзойæй дæбæл мæнæ ци алæмæти сæумæ ралæудтæй, уобæл цийнæ, табедзæ кæнæ, сугъзæрийнæ тæбæгъти ин ковæ æма дæмæ е ба цард æ медбилти хода! Мæлæти кой æппундæр мабал кæнæ, ке кой кæнай, е къæсæрбæл – æмбæлагæ, мæ уод мин хуæрунæнгъæл ка ’й, е бал дуармæ æнæдзебæл æнгъæлмæ кæсæд, мæ къæсæрбæл фунæй кæнæд æма æнгъæлдзауæй æ дууæ сау цæсти курмæй лæууæнтæ!
Уæртæ бæлæстæй мæлгъитæ ци дессаги зартæ кæнунцæ! Уæлæ æнæмегъæ арвæй хор æ гъар тунтæ куд æнæвгъауæй лæуаруй! Мæнæ ци хъазар æма уарзон æй, ци! Дæ уоди талингæ, уазал къумтæ си исрохс, исгъар кæнæ, дæхе бафсадæ царди æвæллайгæ дзæбæхтæй, мæнæ лæг!»
Уойбæрцæбæл цардбæллон уогæй, Саукуй уой дæр куд нæ лæдæрдтæй, æма, æ дуйней алцæмæн дæр райдайæн æма кæрон куд ес, уотæ цардвæндагæн дæр ес райдайæн æма кæрон. Æма æ иннæ цубур радзурди («Осиат») финста:
«Аци дуйнемæ, аци мур-мургæнгæ дуйнемæ иуазæгуати рæстæгмæ æрцудтæн. Уæс гал кæми нæ кæнуй, биццеу ба – лæг, еци бæстæмæ мин æнæ фæццæугæ нæййес. Тагъд имæ бæргæ нæ кæнун, фал царди ци не ’рцæуй…
Дуйней фарнæ! Еу осиат мæмæ ес дæумæ.
Ци бон цæуон, еци бон асæст уæд. Уаргæ ма кæнæд, уазал ма гъизæд.
Кæд æгадæй цæуон, уæд мæбæл уæ сæртæ фæххуайетæ, адæм!
Кæд æгъдаубæл уа мæ цуд, уæд мæбæл ма никкæуетæ, адæм!
Хуарз лæгбæл кæун мæнмæ ходуйнаг кæсуй. Мæ цирти дорбæл мин ниффинсетæ: «Кæугæй райгурдæй, уарзгæй фæццардæй, ходгæй рамардæй…»
Æма æ еци фæдзæхстмæ гæсгæ ’й имисæн зæрдресгæй дæр æма зæрдрохсæй дæр – æ уадзимисти рохсдзийнадæ нин нифсдæттæг æнцæ…
Абони ин мухур кæнæн æ финст новеллитæй кæцидæрти, уæдта нæ Дигори номдзуд лæгти туххæй финст æрмæгутæ дууæ.
РАЗАРÆ
Адæмон артисткæ Медойти Светæн
Разарæ мин: æма кæд æригъал уиуонцæ мæ рохс фæндитæ.
Разарæ, æма кæд феронх уидæ мæ рист зæрди катай.
Разарæ мин, разарæ!
Дæхе зæрдæ дæр рист æй. Дæхе зæрдæ дæр – мæнонау гъæрзуй.
Æма дæ лæдæрун, æма дæ æнкъарун.
Мæ бон неци æй. Æрмæст дæмæ сæркъолæй игъосдзæнæн, æрмæст дæ зæрдæй лæдæрдзæнæн.
Уомæн æма ду ке ахæсти бахаудтæ, е æндæр æй. Æз ке туххæй дæн мæтъæл, е дæр æндæр æй. Æндæртæ ’нцæ, фал уарзт ба – еу æй. Уарзт æгасæйдæр зæрдæй конд æй. Æма кæрæдземæн еске нæ ан, хеуонтæ ан.
Æма мин зарæ.
Зарæ мин, зарæ!
МÆ ИСОН
Имисæн бонтæ – æнкъард бонтæ.
Ци тæхсал биццеу адтæн, куд æгæрон уарзтæй уарзтон, фал, ехх, куд фæттолуй мæ хор! Нигулæнмæ. Æма циуавæр хор? Зæлдагæ, фæлмæн, рæвдаугæ.
Гъудитæ, сагъæстæ… Сæдæ мини бацæнцæ. Зæйæ дæр сæ нæ фæлласдзæнæй. Фиццæгти бæргæ нæ адтæнцæ, гъæмпи уæзæ дæр нæ кодтонцæ, нур ба æвецуг æнцайунцæ, сæрихъанзбæл, æзгелунцæ уоди рæбуйнаг римæхсæнтæ, деголæ кæнунцæ зæрди фæххуæцæнтæ.
Мæ исон…
Фæннигулдæй мæ зæлдаг хори тунæ, мæ фæстаг хори тунæ.
Ка загъта уотæ?..
ХОНÆГ ÆВИ ГЪÆРГÆНÆГ
Арв – сарсийнæ.
Зæнхæ – амæнтæн.
Уотæ мæмæ фæккæсуй, цума нин арв нæ царди бонтæ лæдæруй, зæнхæ ба алке æ бунатбæл исæмбæлун кæнуй.
Гъей, уæлæ арв, æвæдзи, мæлæт – зæйæ æгæр ахид æгъзалис!
Гъей, мæнæ зæнхæ, мæ лимæнтæй мин нур цал рарвистай дæ губунмæ!
Цæрунгъæуагæй. Æвеппайди. Карз нези фæрци!
Горæти кæрон цæрæн хæдзæртти нимæдзæбæл куд æфтуйуй, дууæ хатти фулдæр ба уæлмæрдти ниллæг, «къæстæ» ирæзунцæ!
Æма катай кæнун, тухсун хенимæри. Тухсун: ци цæрæнбонтæ мин байзадæй, уоми мæмæ фагæ цæстисуг ку нæбал разинна… Гъе, уойбæрцæ фæккудтæн.
Кадæр бабæй дуар хуайуй.
Гъæргæнæг æй æви хонæг?
Хонæг æви гъæргæнæг?
ДАЦЦИ
Мæн аци дуйнемæ ка рауагъта – айфонмæ бабæй мин гъæуæй горæтмæ мæ къахдзæфтæ нимайис, мæ фæууиндмæ дæ билицъæрттæ хуæрис.
Мæн дуйней рохсбæл ка ниббаста – ахид дæмæ нæ ниццæун, мин-мин сагъæси мæ царди тумугъи багæлстонцæ.
Ахид нæ цæун, фал уæддæр ескæд еу æхсгæ уад никкæнун.
О, мæ бон, сау сикъитмæ куд фæххæстæг дæ, æма дин мæ бон куд неци æй!
Дæубæл сау тогтæ ка фелгъиста æма рæстуодæй ка байзадæй.
Дацци…
Дæ цæуæти цæуæт рæвдауни бæсти куййи бæдæлттæ ка рæвдауй.
Дацци… Ци дин кæнон.
Горæти бæрзонд хæдзари еу æхсæвæ ка нæ бухсуй.
Ци дин кæнон? Гъæуæй ка фертæстæй, æма гъæумæ над ка нæбал зонуй. Ци дин кæнон. Горæтæй гъæуи æхсæн ка фæдздзæгъæл æй.
Дацци… Фæрсис бабæй:
– Уæ хæдзарæ никкæлунæй тас нæй?
Корис ми:
– Минкъийти æндæмæ ма уадзæ: æвзеутæ исберæ æнцæ.
Дацци… Дæ нецæййаг фурт дæ горæти æ гъар авари æримиста. Де ’хсири хъуртт ин хæлар уæд!
МЕ ’ЗНÆГТÆН
Знаг мин нæййес, фал мæ знагæн дарунцæ. Æма мæ кæд кадæртæ сæхецæн знагбæл нимайунцæ, уæд мин куд нæййес знæгтæ.
Ес мин, ес знæгтæ. Æма уæнтæ, æнæ знаг дуйне, дан, федаугæ дæр нæ кæнуй.
Мæ уодлæууæн знæгтæ!
Уотæ, цæретæ, змæнтетæ, дæрæн кæнетæ. Æрмæст уи корун: ескæд бон мæбæл мæгури бон ку æркæна, мæ бони рохс ку æрхусса, уæд мæ уæлгъос æрбалæууетæ, гормонтæ.
Æз ку нæбал уон, уæд уин уæ царди цидæр нæбал фагæ кæндзæнæй.
Хецмæрез æма гъомурун фестдзæнæй уæ алли сахат, гузавæ кæндзинайтæ:
– Уойбæсти ку цардайдæ, æнæ уомæй нæ цард зиндонæ ку фестадæй.
БАЙЗАЙÆ!
Кæмæ бæллун æма кæмæй тæрсун – ма рандæ уо.
Ке уарзун æма мæн ка нæ уарзуй –
а-дуйнебæл байзайæ.
Ма мæ уарзæ, ма мæмæ бæллæ, ма дзорæ, фал макæд рандæ уо.
Бафхуæрæ мæ, фесафæ мæ, фал байзайæ.
Ку байзайай, уæд мæнæн дæр æнцондæр уодзæнæй.
Ка ’й зонуй, æз ку нæбал уон, уæд уæлæбæл дуйней ду имисдзæнæ мæн. Æма дæмæ кæд уæд багъаридæ, дæуæн æгасемæй хъазардæр æз ке адтæн.
Макæд фæццо аци дуйнейæй.
Байзайæ цæргæ!
ЗÆНХИ ДЗУАПП
Мæ арв!
Мæ зæнхæ!
Æз сумах дæн æма уæ зæрдæ ма сæййеветæ мæнбæл. Ма мæбæл рацотæ гадзирахаттæй.
Арв загъта:
– Ду, рæстæгон дæ мæ бунмæ.
Зæнхæ ба загъта:
– Нур дæр мæн дæ, ку нæбал уай, уæддæр – мæн. Еу тог, еу æстæг ан. Кæрæдземæй нин фæххецæн нæййес.
ÆНАМОНД
Дæ гъæлæс:
– Кæми дæ?
Мæ гъæлæс:
– Дæ зæрди
Дæ гъæлæс:
– Ку нæ дæ æстæфун мадтæ?
Мæ гъæлæс:
– Æнамонд дæр уомæн дæн…
ЗОНÆ…
Ду гъæрæй ку ходай, уæд кадæр ба кæугæ кæндзæнæй.
Æма ’й дæ зæрдæбæл дарæ.
Дæ цийнæ реуи фæйнæг æндæмæ ку хуайа, уæд æндæр кадæр ба мæстæй мæлдзæнæй.
Æма ’й дæ зæрдæбæл дарæ.
Абони ди ку неци реса, уæддæр, æвæдзи, исон дæумæ æрфестæг уодзæнæй рист дæр, маст дæр.
Æма ’й дæ зæрдæбæл дарæ.
Зонæ: авдæнæ кæми уа, кирæ дæр уоми æй.
Иронх ди ма уæд: зар æма гъарæнгæй конд æй нæ цард…
ЛÆГИ ЦАРД
Æнгæртти æхсæн, кусти уæлгъос, адæми дæрæгъдзæгаймæ мæ имисуйнæгтæ сæхе кæми баримæхсунцæ, еунæгæй ку байзайун, уæдта рампурсунцæ, рампурсунцæ…
Сæ тумугъи бахаун æма мин æнцойнадæ нæбал фæддæттунцæ.
Мæ кæддæри рист, дæ гъæдгон фæййагайдта!
Мæ кæддæри уарзт, æригъал дæ нæуæгæй!
Ме ’сæфт бæлдæ, дæ кæрон мæмæ идард кæцæйдæр фæззиндтæй!
Ферттивта!
Мæ евгъуд цард, имисун дæ, имисун!
Фæсмон цæбæл кæнон, е – фагæй фулдæр.
Ходгæ цæбæл кæнон – е дæр.
Кæугæ цæбæл кæнон – е дæр.
Цийнæ дæр, маст дæр – фагæ.
Имисуйнæгтæ, имисуйнæгтæ! Уæ разæй бабæй мæ ци искодтайтæ?
Æви мæбæл уæ зæрдæ ходуй?
Æма уæбæл мæ зæрдæ ку нецæмæй ходуй, æз уи ку нецæмæй гъаст кæнун.
Æппундæр, нецæмæй.
Сумах цæрайæй цæрун…
КÆМИ ЦÆРИС, ЗÆРБАТУГ?
Адæймаг хæларзæрдæ ’й æви нæ? Æвеппайди зин базонæн æй. Æз ба ’й базонун æнцонтæй!
Кæд уалдзæги зæрбатгутæ дæ хæдзари æрцæронцæ, уæд дæ зæрдæ харакетæй. Зæрбатуг хæларзæрдæ адæймаги хæдзари аразуй астъонæ.
ЗАГЪТА ЗÆНХÆ…
Фæрсетæ мæ: цæхгун цæмæн дæн?
Дзуапп уин дæттун: Адæми хедæй, адæми тогæй.
БÆЛАСИ ГЪАСТ
Дуйне – цæргæ-мæлгæ æй. Æма æз дæр зудтон еу бон мах кезу дæр æрцæудзæнæй…
Æрцудæй, цæрунгъæуагæй фæрæти комбæл бахаудтæн. Бундзарæй мæ ракалдтонцæ.
Хæдзари хецау мæ еуæрдигæй замманай авдæнæ искодта, иннердигæй ба – кирæ.
Мæ цард-цæрæнбонти мулдзуги зæрдихудти дæр ку некæд бацудтæн, уæд мæ уотæ хъæбæр цæмæн бафхуардтонцæ?
Мардæй дæр мæ уæлæбæл байзайун фæндæ адтæй, уæлæбæл басодзун. Мæнæн ба ме ’мбес дуккаг хатт рамардтонцæ æма зæнхи буни фæцæй.
Кæмæн ци кодтон?..
ИЗÆР
Хор æ нивæрзæнбæл æркъолæ ’й.
Фæххуссуй бони рохс.
Цæун сахари устур гъæунгти æма цæбæлдæр тухсун. Нæ, изæр уотæ нæ райгуруй, изæр уотемæй нæ фæззиннуй дуйнемæ. Æз æй æндæр хузи бадардтон мæ зæрдæбæл, æндæр хузи ’й ниввардтон мæ уоди…
Изæр… Хор æ нивæрзæнмæ фæттолуй.
Бони рохс нуртæккæ æрхусдзæнæй.
Фал изæр нæма ’й. Изæр гъæуама гъоцитæ сæ сиутæбæл æрбахæссонцæ ругæйдзаг гъæунгти. Изæр гъæуама сиутæбæл резгæ æрбацæуа, æмбохула кæна æхсири хуæрзтæф æма алæмæти музыки изæлтæмæ.
Сувæллони игон губунбæл нæуæг дугъд уорсаги æртæхтæ æрфæд кæнунцæ, кадæр бæгæни фица, кæцæйдæр фæрæти къупп-къупп игъуса, кедæр кæрдзин фунук-цæхæри басодза…
Цæун устур сахари гъæунги æма цæбæлдæр тухсун…
ГЪÆДГИН ГАДЗИРАХАТ
Мæ гъæдгин æрфæлмæн æй, æрбадтæй.
Мæ гъæдгон æхсæвигæнтти уотæ ахид нæбал рæхуайуй, нæбал ресуй.
Зæрдæ, дан, фиди морæ, рæстæг ба алцидæр дзæбæх кæнуй.
Фал рæстæг алци нæ дзæбæх кæнуй.
Лимæни – комидзаг, æрдхуарди гадзирахат цæрæнбонти носæй байзайуй. Еци нос, еци рист иннетæй берæ уæззаудæр, берæ арфдæр, берæ æнæхатирдæр æй.
Æрдхуарди гадзирахат тар гъæди толдзи бæласæ æд къала хъан кæнуй. Нæ ин ес хуасæ. Нæдæр рæстæгæй, нæдæр дзæм-дзæми донæй, нæдæр уоди хуасæй.
…Уæддæр мæ зæрдæ æрфæлмæстæй, æртадæй. Нæ, мæхе сайун! Ресуй, додуй, гъæрзуй… Уотæ арæх нæбал, уотæ бундзарæй нæбал… Гъæрзуй уæддæр.
Лимæни гадзирахаттæн нæййес дзæбæх кæнæн.
Абони уæнгæ ин зæрдæ неци ма хуасæ иссирдта.
ДÆ КЪÆРАЗГÆ
Цард стъалуйау мæмæ æрттивта дæ къæразгæ. Скъафта мæ, сайдта мæ, худта мæ æхемæ.
Æрмæст æз некæд фæууидтон дæу къæразгæй кæсгæй.
Æвæдзи мæмæ не ’нгъæлмæ кастæ.
Дæ къæразгæ…
Æхсæви мин мæ над рохс кодта, бонæй мæ зæрди талингæ къумтæ.
Уæддæр дæ некæд фæууидтон къæразгæй кæсгæ. Нæ мæмæ кастæ æнгъæлмæ.
Базудтон æй нур.
Дæ къæразгæй нур æндæр цæппо-лæппо фæккæсуй алли сæумæ.
Мæ зунди ба байзадæй:
Гъар уарун. Дæ къæразгæ. Æртæхтæ авгæбæл цæстисугтæй лæдæрсунцæ.
Фæлгæти – дæ сорæт. Æндæмæ æнкъардæй кæсис. Дæ цæститæ агорунцæ, æз ба кæмидæр бадзебæл дæн. Уарун мæ ниййахæста. Уарзагæ зæрди хъал фунтæ!..
Дæ къарæзгæ…
ГЪУДИ
Цъæх-цъæхид æнгозæ бæласæй бор сифæ ратахтæй, æма æвзонг кæрдæги цæстихаутæбæл æрхустæй.
Цума иннæ сифтæрти разæй цæмæн базæронд æй? Сæ мастæй? Сæ уарзтæй? Ка ин ци зонуй…
Æвæдзи, адæм еумæ куд нæ зæронд кæнунцæ, сифтæртæ дæр уотæ.
Ка ’й-цъæхæй рæгъæд, ка ба зæри бонмæ цъæхæй рæгъæдæй байзайуй.
Абони сæумæраги цъæх æнгозæй еу бор сифæ фæгъгъудæй.
КÆРДЗИН
Гъæуæй горæтмæ кæрдзин исластонцæ. Нартихуари кæрдзин кæстæрти зæрдæмæ нæ фæццудæй. Хъæбæр, дан, æй, уæдта æнадæ.
Мæнæн ба хъурмæ мæ уолæфæнтæ рахгæдта. Дзорун нæбал зудтон. Цæстисугтæ мегъæбастæй æрæнцадæнцæ зæрди уедæгтæбæл.
Кæрдзин… Куд некебал гъæуй, уотемæй ба куд адгин æй адæймагæн. Кæрдзин æма пурусай æууæрцъæ. Кæрдзин æма къæпуй месин. Гъар кæрдзин æма нæуæгдугъд æхсир.
Кæрдзин… Мах Ири къæсæй дуйней цæстæмæ ка рауагъта.
Кæрдзин… Кæд дæу ке нæбал хуæрæн, нæ ирон тог дæр уомæн ислæмæгъ æй?
Кæрдзин… Кæд дæу ке нæбал хуæрæн, кæрæдзей дæр уомæн нæбал лæдæрæн?
Кæрдзин… Гъар нартихуари кæрдзин…
ИРИ ЗÆНХÆ
Нæма бастадтæн. Мæ бауæри мæ æхседгæ хъаурæ мæмæ ес нурма. Нифс дæр. Ци рацардтæн, еу уоййасæ ма цæрун фæндæ кæнун.
Фал мæ мабал хонетæ, даргъ нæдтæ, уæ балци! Кенæ ба и даргъ балцийæй ку æриздæхун, æма мæ хуарз æмгæрттæй еске ку нæбал исæййафун, уæд мæмæ уотæ фæккæсуй, цума æ цори ке нæ адтæн, е ин фæттагъд кодта æ мæлæт. Цума фурæрхунæй раскъудæй æ зæрдæ.
Мабал мæ хонетæ, даргъ нæдтæ, мабал.
Кенæ ба ескæми ку фæуун, уæд мæхе зæрдæ дæр фæцæйирайуй. Мæ Ири зæнхæ, мæхе еунæг къурфæ Иристон уотæ хъæбæр фæимисун, æма мæ цард нæбал фендавуй. Æгас дуйнети арв мæмæ цъеуи цæстæй фæккæуй.
Æма æгæстæй дæр, мæрдтæй дæр нæбал фæуун.
Мабал мæ хонетæ, даргъ нæдтæ, мабал…
МÆ НАДАМОНÆГ
Цæудзæнæн бабæй идардмæ.
Надихарз мæ берæ нæ гъæуй.
Хæссунæн рæуæг – Иристони арв.
Хуæрунæн адгин – Иристони уæлдæф.
Ме ’донуг сæттæг уорс бæрцæ æхсæрдзæн.
Мæ уодбæл хуæцæг Сæнай хонх.
Мæ надамонæг – ири къурфæ.
Цæудзæнæн бабæй идардмæ.
ХУАРЗ МА РАКÆНÆ…
Хуарз ма ракæнæ æма фуд ма иссерай…
Æргъæй нæ – айнæг дорæй амад æмбесонд.
Кæддæр ба мæмæ куд æнæраст кастæй. Е ’ргъудигæнæги хæццæ æппундæр нæ арази кодтон. Кастæй мæмæ хæранзæрдæ æма æнæхатир.
Нур мæ кари бацудтæн æма зæгъун:
– Макæд фесæфæ, игурд æмбесонд!
– Цæмæннæ зæгъун уотæ?
– Хуарз ракодтон æма фуд иссирдтон.
Еу хатт нæ – берæ хæттити.
ЗÆНХÆ ÆМА АДÆЙМАГ
Куд æвæрцуг æма ниллæг дæ, зæнхæ! Гали цæсти асæ – дæ цæуæнтæ, дæ хæтæнтæ.
Куд устур æма æнæкæрон, адæймаг!
Дæ зæрди къумтæ – æведуйгæ, мин анзи дæр сæ нæ фæууодзæнæ агурд.
Зæнхæ æма адæймаг, адæймаг æма зæнхæ!
Уарзетæ кæрæдзей æма уæ рази дуйнети дуйне æ уæргутæбæл лæудзæнæй.
Æностæмæ!