18 апреля 2024

ӔМБЕСОНДХӔССӔГ – ЗУНДАМОНӔГ

28.02.2022 | 15:25

ТМЕНАТИ Дзерассæ, филологон наукити кандидат

Нӕ адӕм дӕр дуйней иннӕ адӕмихӕттити хузӕн сауӕнгӕ недзамантӕй фӕстӕмӕ сӕ гъудитӕ, сӕ зӕрдиуагон гъудитӕ ӕма монцтӕ ӕвдистонцӕ дзурди фӕрци. Финсуйнадӕ ку нӕма адтӕй, уӕддӕр цъухӕй-цъухмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕвардтонцӕ сӕ зартӕ, кадӕнгитӕ, таурӕхътӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбесӕндтӕ… Уонӕми бӕлвурд зиндтӕнцӕ адӕмӕн сӕ зундирахаст, сӕ зӕрдихатт, сӕ цардиуаги уавӕртӕ, сӕ бӕлдитӕ, сӕ цийнӕ, сӕ маст…

Адӕмон исфӕлдистадӕ цӕйбӕрцӕбӕл берӕкъабазгун ӕй, уой бавдесунӕн агъазиау дзубанди гъӕуй, уомӕн ба багъӕудзӕнӕй еу нӕ, фал цалдӕр хецӕн уаци. Ӕма мӕ абони зӕгъуйнӕгтӕ ‘нцӕ ӕмбесӕндти туххӕй. Уонӕй алкӕцидӕр рантӕстӕй адӕмӕн ӕхе царди ести цауи бундорбӕл ӕма ӕвдесуй адӕймаги рахастдзийнадӕ ӕ алфамбулай царди фӕззиндтитӕмӕ, ӕрдзӕмӕ, ӕхсӕнади исконди менеугутӕмӕ…

Алли ӕмбесонд дӕр, ӕвӕдзи, фӕззиндтӕй бӕлвурд адӕймаги ӕргъудидзийнади фӕрци, фал циргъ ӕма зундгин загъд уайтӕккӕдӕр фӕххӕлеу уй адӕми ‘хсӕн, ӕма е ‘ргъудигӕнӕги ном бӕрӕг дӕр нӕбал фӕууй…

Уой хӕццӕ ба уой дӕр зӕгъун гъӕуй, ӕма ӕмбесӕндтӕй беретӕн сӕ фӕззинди фӕдбӕл ес, адӕми гъудимӕ гӕсгӕ, бӕлвурд хабӕрттӕ. Зӕгъӕн, ес уӕхӕн ӕмбесонд: «Иуазӕг – Хуцауи иуазӕг…» Кутемӕй равзурдӕй, уой фӕдбӕл байзадӕй уӕхӕн хабар. Цӕветтонгӕ, раги дзамани, дан, Хуцау адӕми исхайгин кодта ес-бесӕй, бӕркадӕй ӕма син ниффӕдзахста, цӕмӕй сӕмӕ кайфӕнди ку бацӕуа, уӕддӕр е уодзӕнӕй Хуцауӕй ӕрвист, ӕма син Хуцау ци бӕркад равардта, уомӕй ӕй гъӕуама исбоц кӕнонцӕ.

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Хуцау зӕнхӕмӕ Уасгергий ӕрвиста, цӕмӕй ӕркӕса, адӕм ин ӕ фӕдзӕхст куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уомӕ. Уасгерги, дан, еске хузи рацӕуидӕ ӕма зилдӕй адӕмбӕл. Ка ‘й нӕ исиуазӕг кӕнидӕ, уони Хуцау ӕ ес-бесӕй ӕнӕхай фӕккӕнидӕ. Аци хабар ӕй аргъӕутти дӕр, уӕдта берӕ адӕмон зарти дӕр.

Иуазӕг айдагъ хеуӕнттӕ-хӕстӕгутӕмӕ нӕ цудӕй, фал ин бустӕги ӕнӕзонгӕ ка уидӕ, уӕхӕн адӕммӕ дӕр ӕма уони ихӕс дӕр адтӕй уой исбоц кӕнун. Ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ фӕззиндтӕнцӕ мӕнӕ ауӕхӕн ӕмбесӕндтӕ дӕр: «Иуазӕг зин дарӕн ӕй…», «Иуазӕг боц кӕнуйнаг ӕй…», «Иуазӕг кадӕбӕл даруйнаг ӕй…»

Иуазӕг исбоц кӕнун, кадӕ ин искӕнун хуарз менеуӕгбӕл нимад адтӕй нӕ адӕммӕ. Фал уой хӕццӕ ба иуазӕг дӕр берӕ цӕмӕйдӕрти ихӕсгин адтӕй, гъӕуама зудтайдӕ уагӕ, ӕгъдау, ӕфсармӕ, афонӕ… Уой туххӕй фӕззиндтӕнцӕ ӕмбесӕндтӕ: «Ӕнафони иуазӕг фидбилиз хӕссуй…», «Иуазӕг ӕхецӕн фингитӕ нӕ февӕруй…»

Туалгоми Поти гъӕуи, дан, цардӕнцӕ Козатӕ. Сӕ цӕлгӕнӕни сӕмӕ ӕртӕ дуарей медӕгӕ адтӕй уӕллӕй есгӕ ӕма бунӕй ахуадгӕ, дууинсӕй къӕртай кӕми цудайдӕ, уӕхӕн цӕхгӕр – бӕгӕнийӕй цъоппидзаг. Еу тӕвдӕ бони сӕмӕ фӕззиндтӕй сӕ сиахс Гагий-фурт е ‘мбали хӕццӕ. Ӕфсийнӕ син фингӕ райвардта, бауадӕй къӕбецмӕ ӕма син бӕгӕни рахаста хъалаци дзаг. Къӕбец исӕхгӕдта ӕма дӕгъӕлтӕ рагъӕнбӕл ӕрауигъта, уотемӕй хатир ракурдта: ӕндегӕй имӕ куройнӕдзаутӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, ӕма ӕ инсуйнӕгти хӕццӕ фӕннӕхстӕр ӕй.

БИТИТИ Вадими конд хузæ.

Иуазгутӕн бӕгӕни сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй ӕма ма сӕ гъудӕй. Сиахс бӕргӕ зудта, къӕбецмӕ ӕфсийнӕй уӕлдай цӕун некӕмӕн федауй. Фал уӕддӕр ниуӕзтгун лӕг рагъӕнӕй райста дӕгъӕлтӕ, ӕртӕ дуари дӕр байгон кодта ӕма бацудӕй. Къӕбеци талингӕ адтӕй, фал лӕгӕн бӕгӕний сир-сир ӕ гъостӕбӕл уадӕй, къохтӕй ӕсгаргӕй иссирдта цӕхгӕр ӕма ин ӕ сӕр исиста. Бӕгӕни никки хъӕбӕрдӕр иссир-сир кодта ӕма… цидӕр ӕрбацӕй.

Ӕфсийнӕ куройнӕй фездахтӕй. Базудта хабар, къӕбецмӕ фӕммедӕг ӕй, сиахси къохтӕй хъалац раскъафта, цӕхгӕри ӕй рацавта, фал хъалац цӕхгӕри бунбӕл исӕмбалдӕй. Ӕфсийнӕ нигъгъӕрзтӕй, ниддодой кодта, ӕ сӕр хуаста… Сиахс ледзунмӕ фӕцӕй. Уоси ӕрдеуагӕмӕ синхӕгтӕ ӕрбамбурд ӕнцӕ. Хабар ку балӕдӕрдтӕнцӕ (бӕгӕний цӕхгӕр ӕнӕгъӕнӕ Потий гъӕу ӕфсаста), уӕд фӕффӕдеси ‘нцӕ, баййафтонцӕ сиахси ӕма ‘й фурнадӕй рамардтонцӕ.

Ка ‘й зонуй, кадӕртӕ уотӕ дӕр бауайдзӕф кӕндзӕнӕцӕ, гъома, гъӕубӕстӕ ӕгӕр ӕверхъаудзийнадӕ исаразтонцӕ сӕ бӕгӕний фесӕвди фӕдбӕл. Фал аци цау уотӕ лӕдӕрун гъӕуй, ӕма дӕ адӕми ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ тобӕгонд ци ‘й, уой ка нецӕмӕ даруй, ӕверхъаудзийнадӕ е аразуй ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнгӕ карз ӕфхуӕрд баййафдзӕнӕй.

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр къӕбеци хецау ӕфсийнӕ ӕй бийнонти хестӕр силгоймаг. Зӕронд Бӕтӕхъойгъӕуи Тменати Дзамболати хӕдзари уӕхӕн ӕфсийнӕ адтӕй Фирди. Бӕркадкъох, идзагармӕ уосӕ. Фал ӕ къӕбецмӕ ба неке уагъта: къӕбецӕн цалдӕр ӕфсийни ку фӕууй, уӕд ӕ бӕркад исӕфуй.

Еууӕхӕни Зӕронд Бӕтӕхъойгъӕумӕ иуазӕгуати ӕрцудӕй еу лӕг, ӕма Тменати гъӕздуг къӕбеци кой ӕ гъостӕбӕл ӕрцудӕй. Лӕг уоййасӕбӕл ниддестӕ ‘й, ӕма ӕхецӕн загъта: гъӕуама Фирдий къӕбец фӕууинон. Бацудӕй Тменатӕмӕ. Бакодтонцӕ ‘й медӕмӕ. Фингӕ ӕ рази уайтӕккӕдӕр райдзаг ӕй хуӕрдӕ-ниуӕзтӕй. Иуазӕг адтӕй Слонатӕй ӕма ӕфсийнӕн ӕ цуди сӕр балӕдӕрун кодта:

– Мӕ ефтонг бӕх дин мӕ хуӕцӕнгӕрзти хӕццӕ лӕвар кӕнун, ӕцӕг мӕ дӕ къӕбецмӕ дуаргӕронӕй бакӕсун бауадзӕ!..

Ӕма ин уӕд уосӕ ку раттидӕ уӕхӕн дзуапп:

– Дӕ хуӕцӕнгарз дӕр дӕхе уӕд, дӕ бӕх дӕр уотӕ, мӕ къӕбец ба мӕ бӕркади хӕццӕ – мӕн. Иуазӕг дӕ, фал дин уӕддӕр дӕ курдиадӕ ба не ‘сӕнхӕст кӕндзӕнӕн, ӕма дӕ зӕрдӕ ма фӕхходӕд…

Слонати бӕхгин ӕнӕ нецӕмӕй раздахтӕй… Фал уӕдӕй нури уӕнгӕ байзадӕй уӕхӕн загъд: «Кӕд дин Тменати Фирдий къӕбец нӕй!..»

Нӕ адӕми ӕмбесӕндтӕй беретӕми зингӕ бунат ахӕссуй силгоймаг – ӕвдист си цӕунцӕ куд ӕ кадӕ, ӕ хуӕрзуагӕ, ӕ зундгиндзийнадӕ ӕма ма ӕ берӕ ӕндӕр растауйнаг менеугутӕ, уотӕ, адӕм рафауйнагбӕл ке нимайунцӕ, ӕ уӕхӕн гъуддӕгутӕ. Зӕгъӕн: «Хуарз уосӕ – лӕггӕнӕг, лӕгъуз уосӕ – лӕгисафӕг…»

Кизгӕ ӕма лӕхъуӕн кӕрӕдзей хъӕбӕр уарзтонцӕ. Ахид ӕмбалдӕнцӕ. Алли хабӕрттӕ кодтонцӕ, кӕрӕдзей лӕдӕрдтӕнцӕ. Фал дин еухатт ба уотӕ рауадӕй, ӕма рабуцӕутӕ ‘нцӕ. Кизгӕ загъта:

– Силгоймаги бон берӕ ‘й. Лӕгъузӕй хуарз искӕндзӕнӕй, хуарзӕй ба – лӕгъуз…

Лӕхъуӕн кизги хӕццӕ не ‘сарази ӕй:

– Уӕллӕгъи, нециуавӕр силгоймаг исараздзӕнӕй хуарзӕй лӕгъуз!..

Дзубанди син райеудагъ ӕй, ӕма ӕрӕгиау ӕрцудӕнцӕ уӕхӕн фӕндӕмӕ: кизгӕ лӕгмӕ ӕрцӕудзӕнӕй, амӕй нецӕййагдӕр нӕййес, зӕгъгӕ, уӕхӕн уосгормӕ, лӕхъуӕн ба ракордзӕнӕй бустӕги ӕдзӕллаг кизгӕ. Ӕма си алкедӕр ӕ цардӕмбали гъӕуама исхуарз кӕна.

Куд загътонцӕ, уотӕ бакодтонцӕ. Кизгӕ ци нецӕййаги хӕццӕ байеу ӕй, уой райдӕдта ахур кӕнун, адӕми ‘хсӕн хе дарун куд гъӕуй, хуарз ӕма лӕгъуз ци ‘нцӕ, уони ӕма берӕ ӕндӕр гъуддӕгутӕ ин амудта. Лӕги адӕм агорун байдӕдтонцӕ, ӕхсӕни гъуддӕгути унаффӕгӕнӕг иссӕй, цӕветтонгӕ, ӕ кадӕ хъӕбӕр исуӕлиау ӕй.

Ӕ кӕддӕри уарзон лӕхъуӕни карнӕ ба ӕндӕрхузи рауадӕй. Ке ракурдта, е разиндтӕй бустӕги цауд. Берӕ уарзта фунӕй кӕнун, хӕдзарӕ еудадзуг ӕнӕфснайд адтӕй, лӕг – ӕнӕгъудгонд: ӕ дарӕс – цъумур, ӕ къахидарӕс – фӕруакитӕ.

Лӕг фиццаг сабургай дзурдта, уайдзӕф кодта, фӕстагмӕ ба исӕзнӕт ӕй, загъд-замана исамайидӕ, фал уосӕ къӕрттӕй-цъола нӕ гӕлста. Лӕг мӕстӕй тъӕппитӕ хаудтӕй, фурмӕтӕй исуорс ӕй ӕ сӕр, адӕми ‘хсӕнмӕ нӕбал цудӕй, ӕхемӕ игъосунбӕл фӕцӕй… Цубурдзурдӕй, фенамонд ӕй…

Гуманитарон ӕма социалон ӕртасӕнти институти архиви фонди бакастӕн еу хабар: Дӕйигъӕуккаг кизгӕ киндзи ӕрцудӕй Гулий гъӕуи Кцойтӕмӕ. Еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте бийнонтӕ исфӕндӕ кодтонцӕ куройнӕ исаразун. Аразун ба ‘й райдӕдтонцӕ рагъбӕл. Еу бон, кӕстӕр биццеутӕй хӕдзари неке разиндтӕй, уомӕ гӕсгӕ ба киндзӕн рауадӕй хуӕруйнаг косгутӕн фӕххӕссун. Къумӕли дорин райста, уӕдта, ка ‘й зонуй, ци рагъуди кодта, ӕма ‘й фӕстӕмӕ ӕ бунати ӕрӕвардта.

Рагъмӕ иссудӕй. Тӕвдӕ бон адтӕй, ӕма куройнӕ аразгутӕ, киндзи рауингӕй, сӕ куст фӕууагътонцӕ. Ӕ хӕссуйнӕгтӕ ин райстонцӕ, райхалдтонцӕ сӕ, ӕма си дон ку нӕ фӕууидтонцӕ, уӕд батухстӕнцӕ:

– Дон не ‘схастай?

Киндзӕ дӕр, еци фарстамӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, ӕма ӕ кӕстӕр теуи гъоси (иннетӕмӕ уайсадгӕ кодта) бадзурдта:

– Ӕма кӕд ами дон нӕййес, уӕд куройнӕ цӕбӕл аразетӕ?..

Лӕгтӕ ӕ еци фарстамӕ гӕсгӕ кӕрӕдземӕ бакастӕнцӕ ӕма сӕ рӕдуд балӕдӕрдтӕнцӕ… Уӕдӕй фӕстӕмӕ байзадӕй ӕмбесонд: «Дӕйигъӕуккаг кизгуттӕ уӕлдай зундгин ӕнцӕ…»

Фал царди исконд уотӕ ‘й, ӕма хуарзи фарсмӕ лӕгъуз дӕр ес. Ӕдзӕллаг, зийнадӕгӕнагӕ силгоймагӕй уотӕ фӕззӕгъунцӕ: «Айӕ Рабурӕ ӕма Дӕргъцонги хуӕрӕ ку ‘й!..» Цӕветтонгӕ, еу кизгӕ киндзи рандӕй. Еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ӕ цӕгат ку бабӕрӕг кодта, уӕд ӕй ӕ мадӕ фӕрсуй:

– Цӕй, куд цӕрис?.. Бийнонти ‘рдигӕй ести гъигӕдард цӕуис?..

Ӕ кизгӕ ин дзуапп равардта:

– Цӕрун. Нецӕмӕй тухсун. Ӕцӕг сӕ къохмӕрзӕнтӕ сор некӕд фӕуунцӕ… Бийнонтӕ ба мӕ неци уоййасӕбӕл гъигӕ дарунцӕ: фурбоцӕй мӕ Рабурӕ ӕма Дӕргъцонг хонунцӕ.

Мадӕ ӕхе хуайунтӕбӕл фӕцӕй, мӕ сӕр мин куд фӕхходуйнаг кодтай, зӕгъгӕ:

– Сӕумӕй бийнонти фӕсте исистис, ӕма уомӕ гӕсгӕ дӕмӕ къохмӕрзӕн сорӕй нӕ хауй. Исистуни бӕсти бадгӕй ӕвналис, дӕ фазӕбӕл рабурис, гъе уомӕ гӕсгӕ дӕ исхудтонцӕ Рабурӕ ӕма Дӕргъцонг.

Ӕмбесӕндти тухӕ ӕма нисанеуӕг айдагъ цъухӕй дзоргӕ исфӕлдистади нӕ разиннуй, фал публицистикон уацти ӕма аййевадон литературон уадзимисти дӕр. Айдагъ Бритъиати Елбиздихъой уадзимисти иссерӕн ес дууӕсӕдӕ ӕмбесондемӕй фулдӕр. Хъӕбӕр гъӕздуг ӕнцӕ ӕмбесӕндтӕй Коцойти Арсени, Гӕдиати Секъай ӕма Цомахъи, Къубалти Александри, Мамсурати Дӕбей ӕма нӕ литератури иннӕ номдзуд финсгути уадзимистӕ дӕр. Мадта нӕмӕ нӕ маддӕлон ӕвзагбӕл ци мухури фӕрӕзнитӕ уагъд цӕуй, уонӕми дӕр ахид бакӕсӕн ес аллихузон ӕмбесӕндтӕ. Баруагӕс уи уӕд, е хъӕбӕр ахсгиаг ӕма гъӕугӕ фӕткӕ ‘й, уомӕн ӕма, нӕ фидтӕлтӕй нин уодварни хӕзнати хузи ци зӕгъдтитӕ байзадӕй, етӕ нин, нӕ абони цардарӕзти гъуддӕгутӕбӕл кутемӕй архайӕн, уомӕ гӕсгӕ ӕнцӕ кӕми зундамонӕг, кӕми уайдзӕфгӕнӕг, кӕми ба… Цард ӕй ӕмбесӕндти къӕбец, ӕма си зонун гъӕуй пайда кӕнун, уомӕн ӕма «Ӕмбесонд цӕмӕндӕриддӕр агъаз ӕй…»