07 декабря 2024

НÆ ФИДИБÆСТÆ ЕЦИ БОН ТУГЪДОН ФЕСТАДÆЙ…

23.06.2022 | 15:47

Хуцаубон адæймагæн зæрдтаг фæууй, уомæн æма æ фæллад исуадзунæн дæр, уæдта, косгæ бæнтти ’й кæмæ нæ фæййевдæлуй, æ цардиуаги еци гъуддæгутæ æхе фæндæмæ гæсгæ райаразунæн дæр ин фæззиннуй рæстæг æма равгæ… Еци бон, 1941 анзи 22 июни дæр хуцаубон адтæй, уой дæр дессаги райдзаст сæрдигон бон… Нæ агъазиау бæсти дзиллæ сæхе куд нæ цæттæ кодтайуонцæ райдзастæй æй рарветунмæ… Фал… Фæффудевгед æнцæ… Цъæх-цъæхид арвбæл сау-сауид мегътæ æнай-æнойти куд æрбамбурд унцæ æма дуйне куд нитталингæ кæнунцæ, уой хузæн еци бони райдзастдзийнадæ æрбасатар æй зæрдихалæн хабарæй: сæумицъæхæй нæ Фидибæстæмæ гадзирахаттæй æрбалæбурдтонцæ немуцаг-фашистон æрдонгтæ…

Еци бæнтти æригон финсæг Калоти Хазби финста:

«Карз тугъд райдæдта… Арви гъæри хузæн ниццæлхъ кодта тугъди фиццаг гæрах, арви хузæн нæргæ рацудæй хуæнхти æма будурти. Карз тугъд райдæдта… Баризтæй фатхъæдæ, баризтæй гъæди рæсугъд æхсин, сæбар-субур кодта æма æхе бауагъта кокка хæресбæл. Карз тугъд райдæдта… Базмалдæй деденæггун зад кæрдæг. Рацагъта æй рæсугъд къурфитæй сæумон æртæх, æрхъан æй зæнхæбæл, уæдта исистадæй æма нигулæнмæ ракъолæ ’й. Карз тугъд райдæдта… Дони сæрмæ ауигъд фæлми бунæй райгъустæй хъурдохæнгæнгæ уазал уолæн, æхе ниццæлхъ кодта дорти цæндитæбæл æма æртæхгай байеу æй иннæ уолæнти хæццæ…» – уотæ финста æригон искурдиадæгин финсæг Калоти Хазби…

Æма еци-еу бонбæл нæ Фидибæстæ æнæгъæнæй дæр тугъдон фестадæй… Æнæгъæнæ бæсти дзиллитæ æмзæрдæ-æмвæндæй исистадæнцæ цифуддæр знаги нихмæ тохмæ.

… Цалинмæ нæ Фидибæсти аллирауæнтæй тугъдонтæ тагъд кодтонцæ знаги нихмæ тохи æрлæуунмæ, уæдмæ ин фиццаг карз нихкъуæрд ба лæвардтонцæ, уæд нæ паддзахадон арæнтæ ка гъæуай кодта, еци сурхæфсæддонтæ, кæцитæ иссæнцæ Устур Фидибæстон тугъди фиццаг бæгъатæр хъазауатонтæ.

Уони туххæй берæ финст цудæй, цæуй æма ма, нæ зæрдæ дарæн, цæудзæнæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Нæ Райгурæн бæстæ гадзирахаттæй æрбалæборæг знагæй багъæуай кæнуни тугъдтити нæ бæсти иннæ адæмихæттити æмрæнгъæ архайдтонцæ Цæгат Иристони фурттæ дæр – æртæ мин адæймагемæй фулдæр. Тухгæнгути фиццаг цæф æхемæ райста Брести федар. Уой таурæгъон æскъуæлхтдзийнадæ иссæй евгъуд тугъди тæккæ намусгиндæр æвдесæнтæй еу. Еци-еу рæстæг тухгин тугъдтитæ ма кæд цудæнцæ Советон Цæдеси хорнигулæн арæнтæбæл иннæ рауæнти, уæддæр знагæн, е æнгъæл дæр ке нæ адтæй, уæхæн тæккæ тухгиндæр нихкъуæрд ба лæвардтонцæ Брести федар гъæуайгæнгутæ. Цитæ ба нæ кодта немуцаг-фашистон æрдонгти разамунд, фал æ бон неци адтæй, æнæбасæтгæ тухæй æрлæудтæй сæ надбæл аци цитадели æнæмæлгæ гарнизон, сæ размæцудæй сæ æруорæдта. Кæд æма уæдмæ иннæ рауæнтæй кæцидæртеми немуцаг æфсæддон хæйттæн бантæстæй нæ бæсти зæнхитæбæл медæмæ еуцæйбæрцæдæр бацæун, уæддæр Брести федарæн ба басæттæн нæ адтæй, еци нифсгунæй си игъустæй æма игъустæй: «Федар тох кæнуй!..»

Брести федари тох кодтонцæ 30 адæмихаттей минæваремæй фулдæр, уони хæццæ – Цæгат Иристони 500 фуртемæй фулдæр. Уонæй беретæ ами байзадæнцæ æностæмæ. Никки фулдæр ба си фæгъгъезæмарæ кодтонцæ фашистти дзæмбути.

– Æз загътайнæ, тугъд мах, ирæнтти къуари 125-аг фестæг полкки пулеметон роти æгудзæгæй не ’рæййафта нæ хæлардзийнади фæрци, – загъта Кокайти Дзамболат.

1941 анзи 21 июни æхсæвæри фæсте мах, фæскомцæдесон активистти, полкки хестæр пропагандист Четверяков ракодта Брестмæ афицерти Хæдзарæмæ. Уордигæй æрбаздахтан фæсæмбесæхсæвæ. Федарæй еуминкъий æндæдæр Буги билгæрон фегъустан дзубанди æма танкити рæхисти æзгули. Сурхæфсæддон Мудойти Мухтар гъуддаг балæдæрун кодта хестæр лейтенант Щукинæн.

Е цæхгæр загъта: «Ма тæрсетæ». Уæддæр цидæр бæлах лæдæргæй, Джелити Майрæни 3-аг пулеметон роти политикон разамонæги хуæдæййевæги хъæппæресæй мах сосæггай искодтан нæ дзаумæуттæ. Къуæрей размæ ба цæгатаг колдуæрттæмæ хæстæг Буги билгæрон иссирдтан хъалагъури мард. Æ тохæндзаумау ба ин фæххастонцæ. Цалдæр бони ахæстан дзурдхæсгути. 21 июни ба къазармамæ æрбацудæй авгæвæрæг, польшаг. Е загъта: «Цæмæн гъæуй æвгитæ æвæрун, кæд æма ахсæви алцидæр æрцæудзæнæй пурхæгонд. Æмбæлттæ, уæхе гъæуай кæнетæ. Исон уæбæл немуц æрбампурсдзæнæнцæ…» Махæй фунæй неке кодта. Дзурдтан сабургай иронау. Старшина дæр нæ фунæй кодта. Æвæдзи, лæдæрдтæй тасдзийнадæ.

– Арв бамбарзта тогсурх мегъæ, лæбурдта имæ сау хъуæцæ, – æ дзубанди идарддæр кодта Александр. – Уæлдæф байдзаг æй хъилмайæй, тахтæнцæ имæ агоридортæ, дортæ, зæнхи гæппæлтæ, калдæнцæ бæлæстæ, ихалдæнцæ хæдзæрттæ. Уотемæй мах исæмбалдан тугъдбæл…

Советон тугъдонти фулдæр хай еугæйттæй, уæдта къуæрттæй еци трагикон рæстæг кодтонцæ бæгъатæр тох. 197-аг фестæг полкки тугъдон Коцти И., зæгъæн, 21 июнæй 22 июнмæ æхсæвæ ци федæрттæ арæзт цудæнцæ, уони гъæуайгæнгæй, знаги æрбампурсти сахатти байахæста дот æма, уоми пулеметтæй æхсгæй, нæ бауагъта цæугæдон Санибæл нихмæлæугути æрбахезун. Æскъуæлхтдзийнадæ равдистонцæ болкъон Н. Дементьеви 99-аг фестæг дивизий тугъдонтæ Перемышбæл тохи. Уоми елхоттаг, танкити взводи командир лейтенант Габисати Дзанхот ниппурхæ кодта знаги æртæ танки.

Арæнбæл ма тугъд æрæййафтонцæ не ’мзæнхонтæй беретæ. Уони хæццæ адтæнцæ 200-аг фестæг полкки пулеметæй æхсæг Айларти Данел, фестæг взводи командир лейтенант Баликъоти Зикир, 13-аг æфсади 50-аг артиллерион полкки артдивизий комиссар Гæзæнти Адулгери, 359-аг артполкки дзармадзантæй æхсæг Гогати Сулейман, 75-аг фестæг полкки æхсæг взводи командир Хъæдохти Амурхан, 30-аг танкити бригади 30-аг хецæн дзармадзанæй æхсæг дивизиони артвзводи командир Хъаирти Хъудæберди, бастдзийнади сæрмагонд эскадрони взводи командир Хъибизти Андрей, взводи командир Махъоти Темурхъан, дзармадзанæй æхсæг Махъоти Азрат, кæстæр политразамонæг Фидарати Геуæрги, взводи командир Цæголти Хъазбег, фестæг взводи командир, лейтенант Цæрикъати Хусин, автоæрмæдзти хецау Цирихати Александр, взводи командир Чибити Хизир æма иннетæ.

Тухгæнгутæбæл арæнтæбæл фиццагидæр ка исæмбалдæй, уонæй уоми беретæ æностæмæ байзадæнцæ. 1941 анзи июни-июли бæгъатæрæй фæммард æнцæ Цæгат Иристонæй мин æма фондзсæдæ адæймагемæй фулдæр.

Тугъди фиццаг фараст бонемæ Цæгат Иристонæй фæммард æй 76 афицери, уонæй – дууæ болкъони, 40-гай æнзтæй сæбæл фулдæр нæма цудæй, иннетæ сæ еугур дæр – кæстæр æма хестæр лейтенанттæ, тугъди райдайæни анз раздæр училищетæ каст ка фæцæй, уæхæнттæ. Рохсаг уæнтæ. Сæ рохс нæмттæ адæмæй некæд феронх уодзæнæнцæ…

 

Хекъилати Маринæ