11 октября 2024

НÆ КАДГИН БÆРÆГБОН ИСЦИТГИН КÆНÆН АККАГÆЙ

05.09.2023 | 16:21

Иннæ анз бæрæггонд цæудзæнæй нæ республики тæккæ сæйрагдæр бæрæгбæнттæй еу – 100 анзи æнхæст кæнуй Цæгат Иристони автономибæл. Аци цау цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй, уобæл дзорæг ба ’й е дæр, æма Уæрæсей Федераций Президент 2019 майи мæйи бафинста сæрмагонд Указ Федералон æмвæзадæбæл æй исбæрæг кæнуни туххæй. Еци гъуддаг исаразуни фæдбæл арæзт æрцудæнцæ куд федералон, уотæ нæхемæ республикон къуæрттæ.

Бæрæгбонмæ цæттæ кæнуни фарстатæбæл æрæги дзубанди цудæй, нæ республики Хецауади сæрдар Дзанайти Барис сæрмагондæй ци æмбурд исаразта, уоми.

Нисангонд цæуй берæ аллихузон цитгингæнæг мадзæлттæ, сæ сæйрагдæртæ ’нцæ цуппæрдæс – культурон æма рохситауæн цауей бæрæггæнæнтæ, форумтæ, зонадон литературæ æма æндæр полиграфион æрмæгутæ бацæттæ кæнун æма рауадзун…

Зингæ куст гъæуама арæзт æрцæуа культурон ахедундзийнадæ кæмæн ес, уонæми дæр æма æндæр культурон-рохсадон косæндæнттæ барæвдзæ кæнунбæл. Еци гъуддаг нуртæккæ æнхæстгонд дæр цæуй. Зæгъæн, фарæ райдæдтонцæ цалцæг кæнуни куститæ Хъæбæлоти Билари номхæссæг сувæллæнтти исфæлдистадон галауани – е дæр культурон бунтæмæ хаст цæуй. Юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæмæ  бахæсгæ ’й Алагири Музейон-паркон комплекс бацалцæг кæнуни туххæй гъæугæ куститæ дæр. Етæ кæмæн аразгæ ’нцæ, уонæн Дзанай-фурт байхæс кодта, цæмæй сæ еугурейдæр афойнадæбæл æма хуæрзгъæдæй исæнхæст кæнонцæ.

Куд нисангонд цæуй, уотемæй Цæгат Иристони автономий сæдæ анзей бæрæгбон 2024 анзи бæрæггонд цæудзæнæй федералон æмвæзади дæр. Уой нимайгæй, Дзанай-фурт загъта:

– Махæн е ахсгиаг цау æй, уомæ гæсгæ ба гъæуама уой фæрци байархайæн, нæ адæм, нæ историй, нæ  национ культурæ цæмæйдæриддæр гъæздуг æма гъомусгин ан, уой берæвæрсугдзийнадæ æнхæстæй æма ирдæй равдесунбæл. Еци нисанеуæгæй ба гъæуама еугур рагагъоммæ куститæ æнæзæрдæдзоргæй банхæст кæнæн. Никки – бæрæгбон исцитгин кæнуни фæдбæл нисангонд еугур гъуддæгутæ дæр бæрзонд æмвæзади айдагъ республики æма муниципалон искондти нæ, фал ма Мæску æма Петербурги, не ’мзæнхонтæ кæми цæрунцæ, еци регионти дæр исаразæн…

Нæ республики автономий юбилейи кадæн гъæуама ци зæрдæбæлдарæн æхца уагъд æрцæуа, уой æндаг бакаст, бæрæгбони нисантæ дæр исцæттæ ’нцæ, никки ба ма рауадздзæнæнцæ почти сæрмагонд маркæ дæр. Республики алли рауæнти арæзт æрцæудзæнæнцæ концерттæ, равдиститæ, конкурстæ, Цæгат Иристони социалон-экономикон, промышленнон æма инвестицион гъомусадæ æвдесæг мадзæлттæ. Мæскуй рацæудзæнæнцæ Цæгат Иристони аййевадæ æма культури бæнттæ.

Æмбурди ци дзубанди рауадæй, уой хатдзæгтæмæ гæсгæ юбилейи мадзæлтти пъланмæ хаст æрцудæнцæ æндæр фæндитæ дæр.

* * *

Нæ газети дæр цæунцæ æма идарддæр дæр цæудзæнæнцæ мухургонд сæрмагондæй æрмæгутæ Цæгат Иристони автономий 100 анзей фæдбæл. Абони дæр мухур кæнæн нæ республики зундгонд фæскомцæдесон-партион архайæг æма финсæг Бæдоати Хъазбеги имисуйнæгтæ (6-7-аг фæрстæбæл). Аци æрмæг уой туххæй равзурстан, æма нæ фæсевæд алкæддæр адтæнцæ хестæрти фæндитæ разæнгардæй æнхæстгæнгутæ, Райгурæн бæсти сæрбæлтау æновудæй архайгутæ. Абони дæр, нæ Фидибæстæн лæгæвзарæн бæнттæ ку ралæудтæй, уæддæр бабæй еугур гъуддæгути уæзæ етæ райстонцæ сæ усхъитæмæ. Уомæн ирд æвдесæн – куд уодуæлдайæй хъазауат кæнунцæ сæрмагонд æфсæддон операций. Уотæ рæстуодæй архайунцæ еугур иннæ арфиаг гъуддæгути дæр. Æма Бæдоати Хъазбег ци хабæрттæ æма цаути кой кæнуй æ имисуйнæгти, етæ дæр, махмæ гæсгæ, нифсдæттæг æма разæнгардгæнæг уодзæнæнцæ нæ нури æригæнттæн.

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ