11 октября 2024

НÆ КÆСТÆРТÆ – НÆ ЗÆРДИРАЙ!..

31.05.2024 | 18:23

Дуйней æртинсæй паддзахадемæй фулдæреми сæрдæ райдайуй алæмæти зæрдæхцæуæн бæрæгбонæй – 1 июни бæрæггонд фæццæуй сувæллæнттæ гъæуай кæнуни Бон. Федарæй уотæ зæгъунгъон ан, æма дуйнебæл цидæриддæр бæрæгбæнттæ ес, уонæн е æй сæ тæккæ ахсгиагдæртæй еу. Куд æма кутемæй исæвзурдæй, ци æгъдæуттæ æма ин фæткитæ ниффедар æй, уой уин цубурæй уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан.

Сувæллæнттæ гъæуай кæнуни Бон иснисан кæнун æма ’й еугурдуйнеуон бæрæгбонбæл банимайуни туххæй унаффæ хаст æрцудæй 1949 анзи силгоймæгти Еугурдуйнеуон демократонфедераций конгресси. Уомæй сæ фæндадтæй, цæмæй зæнхи цъарæбæл еугур рауæнти дæр æнæмæнгæ арæзт цæуонцæ кæстæр фæлтæрæн  сабур доги амондгун æма нивгунæй гъомбæл кæнуни равгитæ æма фадуæттæ.

Бæрæгбони рæстæг ци игъæлдзæггæнæн мадзæлттæ арæзт æрцæуй, етæ баст фæуунцæ ирæзгæ фæлтæри царди хæццæ. Кæстæртæ сæхуæдтæ дæр сæ бæлдитæ æма мондæгтæ бавдесунцæ аллихузон фæрæзнити фæрци.

Уæлдай деси ба адæймаги æфтаунцæ, сувæллæнттæ тугъди æма фудракæндтити нихмæ ци тохгæнæг плакаттæ исаразунцæ, етæ. Деси ба уомæ гæсгæ æфтаунцæ, æма сабийтæ дæр ма се ’нагъон уодтæй ку лæдæрунцæ, тугъд ци тогниккалд  æма мæлæт хæссуй дзиллитæн, уой, уæд хестæртæн ба е уоййасæбæл æнæлæдæрд æй æма еудадзуг æверхъау хæлхъойтæ аразунцæ дуйней аллирауæнти, нæ ирæзгæ фæлтæрти сæ исонибони райдзастдзийнадæй фудевгед кæнунцæ. Куд хуарз уидæ, сабийти дзурдмæ  хестæртæ ахиддæр ку игъосиуонцæ, уæд. Хуарз уидæ, сабийтæ куд лæдæрунцæ, тугъд ци зæран хæссуй, уой, уотæ ’й хестæртæ дæр ку лæдæриуонцæ, уæд…

Сувæллæнттæ гъæуай кæнуни бæрæгбони рæстæг нæ бæсти еугур скъолати æма рæвдауæндæнтти арæзт æрцæунцæ аллихузон мадзæлттæ – спортивон еристæ, исфæлдистадон æркæститæ, викторинитæ æма æндæр уæхæн гъуддæгутæ.

Нæ цубур радзубандий кæронбæттæни ба нæ фæндуй зæгъун уотæ: «Уадзæ æма нæ нæ кæстæр фæлтæри хор æ фæлмæн тунтæй рæвдауа алкæддæр, цардгъон уонцæ, зæрдрохсæй æма амондгунæй ирæзонцæ!..»

Никки ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма аци бæрæгбон Цæгат Иристони уæлдай цитгинæй гъæуама бæрæггонд æрцæуа ахсгиаг историон цаумæ гæсгæ – дæс æма дууинсæй анзей размæ, 1974 анзи 1 июни Дзæуæгигъæуи игонгонд æрцудæй нæуæгдзаути республикон Галауан. Уой фæдбæл абони мухур кæнæн Гуцмæзти Алли имисуйнæгтæ – е Галауанæн сауæнгæ æ байгон кæнунæй фæстæмæ берæ æнзти дæргъи адтæй æ разамонæг. Æрмæг кæсетæ 3-аг фарсбæл.