04 октября 2024

Ӕ НОМ НИН БАЙЗАДӔЙ СӔРУСТУР СИ УНӔН

30.12.2021 | 15:16

Зундгонд ахургонд, филологон наукити кандидат Хæмицати Тамарæ æ рæстæги хъæбæр æновудæй бакуста «Ирон адæмон исфæлдистадæ», зæгъгæ, проект исæнхæст кæнунбæл. Æ нисан ба адтæй – нæ номдзуд таурæхъгæнгутæй алке туххæй дæр æмхузонæй хецæн киунугутæ рауадзун, кæцитими адтайдæ таурæхъгæнæгæн æхе цардвæндаги туххæй дæр æрмæг æма, ци таурæхътæ кæнидæ, етæ дæр æмбургондæй. Уой фæрци дуйне рохс фæууидта номдзуд таурæхъгæнæг Уæдати Николайи фурт Губадий туххæй киунугæ дæр (2012 анзи). Уоми ес æ цардвæндаг æма рохсадон кусти туххæй уац, кæций ниффинста номдзуд ахургонд Дзагурти Губади. Уæдта ма киунугæмæ хаст æрцудæнцæ, Уæдай-фурт æ рæстæги ке кæнидæ, еци таурæхътæ æма æндæр исфæлдистадон æрмæгутæ. Абони уæ зонгæ кæнæн уонæй кæцидæрти хæццæ – мухур сæ кæнæн, киунуги куд æнцæ, уотемæй – сæ стилистикæ дæр æма ниффинсти хузæ нæ раййевгæй.

 

Адæмон исфæлдистадæ хуарз ка зудта, æновудæй æй ка æмбурд кодта, фал, гъулæггагæн, нæ дзиллæ ке феронх кодтонцæ, уонæй æй Уæдати Губади дæр. Æз 1905 анзæй фæстæмæ æмбурд кодтон адæмон исфæлдистади уадзимистæ иронау æма дигоронау. Агурдтон, хуарз сæ ка зудта, уæхæн адæймæгути. Æма мин 1924 анзи байамудтонцæ, уæди Ирон зилди (Осетинский округ), Лескени гъæуккаг Уæдати Губадий. Еци рæстæги кустон Ирон ахури хайади æма Хуæнхон-педагогон институти æма мин æгириддæр рæстæг нæ адтæй ескумæ цæунæн. Уæдай-фурти исхудтон Лескенæй Дзæуæгигъæумæ. Уæд æз цардтæн Ленини номбæл гъæунгæбæл, 28-аг хæдзари, æхсæзæймаг фатери. Ами мæмæ Губади фæцæй 1924 анзи майи мæйи еу къуæрей бæрцæ. Е мин еци рæстæги ракодта берæ таурæхътæ дигорон адæмон исфæлдистадæй, æз сæ ниффинстон æма сæ уой фæсте бахастон, «Ирон адæмон исфæлдистадæ», зæгъгæ, æмбурдгондмæ.

Уæдати Губади мин æхе туххæй куд радзурдта, уомæ гæсгæ е райгурдæй Дигоргоми, Донифарси гъæуи, мæгур хæдзари, сæ муггаг райдайуй, адæмон исфæлдистади æ кой кæмæн ес, уоци Тæрион Тулабегæй.

Донифарси Уæдати Губади кодта зæнхи куст, дардта фонс. Æригонæй ба ескæмæн косæг дæр уидæ. Фæстагмæ, æ хъаурити фæрци, цæргæ хæдзарæбæл æрцудæй нимад, фал косгутæ ба некæд дардта. (Ахургæнæг Гæмости Ибрагим куд дзурдта, уотемæй Уæдати Губади 1917 анзи размæ адтæй гъæздугбæл нимад, гъосингæнæн завод имæ адтæй æма, дан, имæ косгутæ дæр адтæй – Дз.Г.)

Донифарси зилди (Донифарс, Лезгор, Къумбултæ) нимад лæг адтæй, устур аргъ ин кодтонцæ, куд æнæсайд, адæмуарзон, адæми интерестæ гъæуайгæнæг, адæмон исфæлдистадæ æмбурдгæнæг. Берæ хæттити ‘й Донифарси зилди равзариуонцæ еумæйаг старшинайæй, кæбæл æууæндиуонцæ, уæхæнæй, тæрхонгæнæгæй. Æма, адæми æууæнкæ некæд фæссайдта, алкæддæр си арази адтæнцæ.

Цал анзи ибæл цæуй, уой туххæй Уæдати Губади æхуæдæг уотæ загъта: «Шамиль Кæсæгмæ ку бампурста, уæд мæнбæл цудæй цуппар анзи». Æхе нимадмæ гæсгæ ибæл, 1924 анзи цудæй 83 анзи. Шамиль Кæсæгмæ бампурста 1846 анзи. Зæгъæн ес, æма Уæдай-фурт райгурдæй 1842 анзи.

Сувæллонæй фæстæмæ Уæдати Губади хæдзари, нихæси игъуста адæмон бæрæгбæнтти аргъæуттæ, таурæхътæ, æмбесæндтæ, ести рагон хабæрттæ… Æма сæ æ зæрдæбæл бадардта. Æ зæрдæмæ хæстæгдæр иста, Дзæгойти Дихо æма Дзирати Дзида-Хадзи ци таурæхътæ кæниуонцæ, уони.

Дзæгойти Дихо Мæхчески гъæуæй адтæй, хъæбæр берæ таурæхътæ зудта. Губади æ хæццæ фембæлидæ цийни дæр æма зиани дæр. Хæдзари дæр имæ ахид уидæ иуазæгуати, æма берæ фæдздзубанди кæниуонцæ. Дзæхойти Дихо, дан, рамардæй æхсæз анзей размæ (1918 анзи). Дзирати Дзида-Хадзи ба нæ таурæхъгæнæгæн æ гъæуккаг – донифарсаг – адтæй.

Губади уой туххæй зæгъуй: «Къорнати Бареги фæсте, дуккаг адæймаг адтæй Дигори, хецауади рази æ дзурд ка зæгъидæ». Е тухтæй баделиати нихмæ. Къорнати Бареги хæццæ паддзахи размæ æвардтонцæ фарстатæ, цæмæй баделиатæ сæ дæлбарæ ма бакæнонцæ саугосæг адæми. Уæдай-фурт цæй туххæй дзоруй, уой туххæй финст æй историон гæгъæдити, нуртæккæ сæ райстонцæ архивтæй, æма сæ Б.В.Скитский адæми рæнгъæмæ рахаста. Дзурд си цæуй, XIX æноси астæу ма ( уæд уæгъдæгонд æрцудæнцæ саугосгутæ) ке цудæй кълассон тугъд феодалтæ æма косæг адæми астæу.

Донифарсæй Уæдати Губади Лескенмæ ралигъдæй 1918 анзи – фондз анзей размæ.

Мæнæн уæхæн уавæртæ нæййес, æма бундорон дзубанди ракæнон Губадий æма æ таурæхъти туххæй, фал уæддæр цубурæй зæгъдзæнæн мæ гъуди:

  • æ характермæ гæсгæ Уæдати Губади адтæй сабур, хуæдзунд, курухон зæронд лæг. Дзубандигæнгæй гириз дæр ракæнидæ. Æхецæн аргъ кæнун дæр зудта. Æгириддæр некæд ахур кодта Губади æма нæ зудта уруссаг æвзаг, фал хуарз зудта балхъайраг æма гурдзиаг æвзæгтæ. Балхъайраг æвзаг базудта, Ассий гъæздугутæмæ фиййа– уæй, саугосæгæй ку куста, уæд;
  • Губадийæн е ‘ндаг бакаст, уæледарæс адтæнцæ хуæнхаг: рæстæмбес асæ, цубур уорс закъæ, æ цохъа – хеуафт, зæнгæйттæ ибæл, æ къæхтæбæл – хуæнхаг дзабуртæ, æ астæубæл – хумæтæг ронæ, ауигъд ибæл адтæй устур кард фестони. Æ ходæ ба адтæй фуси царæй конд. Æ къахдзæф – уæздан;
  • дигорон æвзаг Уæдати Губади хуарз зудта, хъæбæр рæсугъд дзурдта дигоронау. Æз, ку мин дзоридæ, уæд æ фæсте финсинæ, æма си мæхецæй еунæг дзурд дæр некæд бафтудтон. Бæрæг уидæ, ци мин дзоридæ, уой хуарз ке зонуй æма ‘й берæ хæттити ке дзурдта;
  • Уæдати Губадий æрмæгутæмæ гæсгæ базонæн ес, дигорон адæм куд цардæнцæ, уой, Дигорæ Уæрæсей хæццæ ку нæма байеу æй, уæд дигорон адæм куд цардæнцæ, уой. Еци рæстæги туххæй историон документтæ нæ байзадæй, уомæ гæсгæ ба адæмон исфæлдистади базонæн ес уæди рæстæги адæми туххæй. Губадий æрмæгутæмæ гæсгæ ба бæрæг æй, Дигоргоми феодалтæ куд фæззиндтæй, е. Уæдта ма базонæн ес, дигорон адæм сæ синхон адæмти хæццæ куд цардæнцæ, уой (гурдзиæгтæ, свантæ, балхъайрæгтæ, кæсгæнттæ).

Уæдати Губадий адæмон исфæлдистади æрмæгутæ федар кæнунцæ М. Горькийи дзурдтæ, гъома, дан, адæмон исфæлдистадæ фæрсæй-фарсмæ цæуй косæг адæми историй хæццæ, æнæ адæмон исфæлдистадæ нæ базондзæнæ æма нæ балæдæрдзæнæ косæг адæми истори. Уæлдай хъазардæр ба адæмон исфæлдистадæ æвдесæн æй, дигорон-ирон адæм, тæтæри, уæдта Тамерлани æрбампурсти фудæй ци фудтæ бавзурстонцæ, гъе уомæй;

  • æ Нарти кадæнгитæ æнцæ цæмæдессаг варианттæ, ес син устур нисанеуæг;
  • гъе уæхæн цæмæдессаг æнцæ æ легендитæ дæр;
  • уæлдайдæр ба, баханхæ кæнун гъæуй æ фиййæутти нимад, уой туххæй æз лæмбунæгдæр дзурдтон мæ мухургонд уаци 1925 анзи.

Кæронбæттæни ма мæ зæгъун фæндуй: Уæдати Губадий мæнмæ Дзæуæгъæумæ исласта Лескени авданзон скъолай директор Бердити Степани фурт Дудар, е мæн фæрци раййивта æ рахаст адæмон исфæлдистадæмæ æма, мæ курдиадæмæ гæсгæ, Чиколай ахурдзаути агъазæй æрæмбурд кодта еу-дууæ минемæ хæстæг æмбесæндтæ (уони туххæй дзордзæнæн иннæ æмбурдгонди).

Уæдати Губади дæр æхуæдæг адтæй пусулмон лæг æма æнхæст кодта еугур æгъдæуттæ дæр (кодта намаз, хуæруйнагæй дæр алли хуæруйнаг нæ хуардта). Уомæ гæсгæ ба, сахари ку адтæй, уæд ин хецæн хуæруйнаг кæнун гъудæй. Æ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй сæлдæг, æхуæдæг æй исхудта «сатæг хуæруйнаг». Ахид-еу дзурдта: «Еци сатæг хуæруйнагæй ма мæ фегъæстæ кæнетæ». Цæмæй ин æ зæрдæ естæмæй барохс кæнæн, уой туххæй Губадий Бердити Дудар фæххудта циркмæ. Æ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй цирки, уæлдайдæр ба, кизгæ ку рацудæй бæхбæл, уæд е. Е имæ хъæбæр дессаг фæккастæй, Бердити Дудари ма фæрсгæ дæр бакодта: «Æнгъæлдæн æма, бæхбæл ка бадуй, е силгоймаг æй?» Æма ин е ку загъта, æцæгæйдæр силгоймаг æй, зæгъгæ, уæд æ къохтæ хæрдмæ фæккодта æма бабæй загъта: «Астафир Аллах!»

Уæдати Губадийæн æ бон ку нæбал адтæй сахари уавæрти цæрун, сæхемæ ‘й гъæумæ цæун фæндадтæй (28 майи 1924 анзи), уæд мин уотæ, гъома, нецибал зонун, зæгъгæ, уæдта ма ходгæй загъта: «Дзагуртæн æфсæнæй нивæ нæ рацудæй!» Уомæй уой зæгъунмæ гъавта, куд æй балæдæрдтæн, уомæ гæсгæ: æнтæститæ мин ес ахуради, киунугутæ кæсун…

Еузагъдæй, æ гъуди нæ муггаги туххæй загъта.

Уæдати Губади мин ци радзурдта 1924 анзи 21 майæй 28 маймæ, уони гъе уæд ниффинстон. Æртин æртæ анзи ку рацудæй, уæд еци æрмæгутæ фæстæмæ бакастæн, æма, цума, мæ рази цардæгас адтæй, уотæ мæмæ фæккастæй.

Нæ ‘й иронх кæнун æгириддæр. Рохсаг уо, Губади! Цалинмæ ма цæрон, уæдмæ дæ нæ феронх кæндзæнæн. Мæ зæрдæ дарун, фæстагонтæ дæ ескæд ке æримисдзæнæнцæ, æма дæ ном ке байзайдзæнæй уонæн сæрустур æма кадæн. Еума хатт ма дин, «рохсаг уо» зæгъун.

НОГЪАЙИ ХАНИ ГЪОНГÆС

Ногъайи ханмæ еу биццеу гъонгæс адтæй. Бонæ бæхи сæри хъаболамæ ку бахъæртидæ, уæд ибæл исбадидæ æма бон-сауизæрмæ фæккæуидæ. Фæккæуидæ, æ цæститæ ниррæсуиуонцæ, æма уотемæй фудхуз кодта.

Хан дес кодта:

– А Хуцау, а цæмæн уотæ фудхуз кæнуй?

Еу бон ба ‘ймæ æ фæсте еу лæхъуæн рарвиста:

– Фæййимæкæсæ, ци косуй, ци мурхуй?

‘Ма имæ фæккастæй, æма бæхи сæри хъаболæбæл ке кудтæй, уой изæрæй ханæн радзурдта. Изæрæй ку ‘рцудæй, уæдта ин хан загъта:

– Ци кæнис, еци сæри ‘стæгбæл цæмæн фæккæуис?

– Мæгур дæн æма ибæл фæккæун, – зæгъгæ, загъта.

– Цæй туххæй ибæл кудтæ, уой мин зæгъæ.

–  Бæхи алæппи сæри ‘стæг æй, мах Алæппи муггаг ан, æма ибæл уомæн кæун.

–  Бæхæн е ‘стæг ку фæсмæрис, уæд алæппæн ба е ‘гас нæ бафæсмæрдзæнæ?

–  Бафæсмæрдзæнæн.

–  Мадта цæуæн æма байагорæн, бæх алæпп кæми е, уой.

Рабадтæнцæ бæхтæбæл, сæ хæццæ æмбæлттæ дæр ма адтæй, æма бæхæргъæуттæбæл хæтун байдæдтонцæ æма некæми ирдтонцæ. Фæстаг бæхи къуармæ ба, Ногъайи бæхи æргъæуттæмæ ба, иссирдтонцæ:

– Гъе, аци бæхи къуари ес бæхтæ, – æма ниййахæстонцæ сæ фæсдзæбæхгондæй æртæ байраги. Æртæ дæр саутæ. Сæ еу дзæгъар, иннæ ба – уорскъах. Иннæ ба – æнæ уорс игъæстæ сау.

Æрсæластонцæ æма уони дæр ниббастонцæ, æртæ нæлфуси дæр. Уони хастонцæ. Афæй сæ ку исхастонцæ, уæдта сæ нæлфустæй сæ еуей нивгарстонцæ. Е ‘стæги хъанз нæбал адтæй, фал сæ уæддæр ниууагътонцæ, бæхтæ бадунмæ нæма бæззунцæ, зæгъгæ.

Дуккаг анз ба дуккаг нæлфуси дæр нивгарстонцæ. Уæд дæр æмир нæма адтæй е ‘стæг.

Æртиккаг анзи бабæй инней нивгарстонцæ. Æ уæрагистæги хъанз нæбал адтæй, исæмир æй, содзийнæ дæр æй нæбал хизтæй.

– Гъенур исбæхтæ ‘нцæ, æма сæ æнгон кæнун гъæуй (Æнгон кæнун – еристæмæ бæхтæ цæттæ кæнун. – Дз.Г.) Афæй сæбæл æнгон кæнунæй бакустонцæ. Уæдта сæбæл еугæйттæй рабадтæнцæ, æма загъта:

–  Æллæх, æллæх, æнхæст бæхтæ иссæнцæ! Гъенур ба райсæ дæхуæдæг, – загъта ин хан.

–  На-а, нæ мæ гъæуй бæх барæуадзæ есунæй, дæхуæдæг рабадæ, дæ фуртæн дæр райсæ.

–  Райсæ, биццеу, – зæгъгæ, лæхъуæнæн барæ бауагъта хан.

–  Æз уорскъахи есун, – загъта хани фурт.

Хан ба дзæгъар райста. И сау бæх ба биццеуæн байзадæй.

Рабадтæнцæ æма ранæхстæр æнцæ. И надæн æ хъæбæр ка адтæй, уомæ гъавта ихуæрст лæппо, æма уобæл фæццудæнцæ, æма, уорскъах ка адтæй, е нистадæй.

Уæдта хорæрдæмæ æхе рахатта æма бабæй хорæрдæмæ цæун байдæдта, æма уæдта дзæгъар нистадæй.

– Нур и уорскъах цæмæн нистадæй, еу хаст ку адтæнцæ? – бафарста хан.

– Уорскъахæн æ сæфтæг тæнæг æй æма уомæн бафæлмæстæй.

–  Дзæгъар ба цæмæн нистадæй? – зæгъгæ, та ‘й бафарста.

–  Æ цар дæр тæнæг æй, е ‘стæг дæр тæнæг, æма имæ хори тæвдæ бахъæрттæй.

–  Хуарз, зæгъгæ, загъта. – Гъе, мадта дæ нур ба дæ хæдзарæмæ ку рауадзон, уæд над иссердзæнæ? – зæгъгæ, ‘й бафарста.

– Табуафси, иссердзæнæн. Аци бæхтæ кæцæй раластон, уонæмæ дæр алæпп муггаг нæййес уонæй æндæр, æма сæбæл федар хуæцæ, – уотæ ханæн разагъта и биццеу.

– Гъе мадта дæхуæдæг дæр ирайгæ уо æма фæндараст уо!

АХСАХЪ-ТЕМУРИ ТАУÆРÆХЪ

Ахсахъ-Темур биццеу адтæй æма дæркъгæс адтæй. Изæрæй ба æрцудæй æма биццеу бахъан æй, æма имæ æ фидæ дзоруй:

– Ци кæнис, биццеу, ести ди ресуй?

– Неци ми ресуй, фал ниффæлладтæн, аци бон еу дæркъæ мин… ледзгæ мин кодта æма мæ бафæллайун кодта.

– ‘Ма ци фæцæй, фæддинлигъдæй?

– На, неци мин фæллигъдæй, æрæйтардтон.

– Рацæуай, фæмминæй уинун кæнай, маха ‘й нивгæрдæн, е исон бабæй ледзгæ кæндзæнæй.

Бацудæй æма ‘й бамудта, уæртæ еци дæркъæ, зæгъгæ, е ба дин – тæрхъос.

– Оххай, а хуарз нæ уодзæнæй, – зæгъгæ, æма ин æ фидæ æ зæнгæ басаста, æма фæкъкъулух æй.

Уотемæй ислæг æй. Æ нон Темур адтæй, уæдта Ахсахъ-Темур фæцæй, гъома: къулух Темур.

Лæгъуз кæнунбæл хаттæй æма алкæмæн дæр тухæ кодта.

Еу бон ба имæ æстонг бахъæрттæй, æма еу хæдзарæмæ бацудæй æма загъта:

–  Хуарз уосæ, æстонг дæн, æма мин ести ку бахуæрун кæнисæ.

–  Бахуæрун кæндзæнæн, – зæгъгæ, æма ин æхцинтæ-фингæ искодта æма ин ниввардта. Астæумæ нивналидæ Ахсахъ-Темур æма фингæн уордиги хуардта, кæрæнттæмæ ба ин не ‘вналдта.

–  Ци ‘й, мæ хор, Ахсахъ-Темури хуæрдтитæ ку кæнис?

–  Ахсахъ-Темур ба куд хуæруй?

– Ахсахъ-Темур ба кæронæй не ‘скъæфуй, фал астæуæй, æндæра гъæуи еугур хуæрд ку бакæндзæнæй. Астæуæй æскъæфуй, æма ‘й кæми куй афуй, кæми лæг, æндæра кæронæй ку æскъæфа, уæдта ‘й некебал раййафдзæнæй.

Гъе кæронæй æскъæфун Ахсахъ-Темур уæд байдæдта. Еу лæбурди ба Лæдæрти енцеги раскъафта. Етæ ба ‘й зæнхæбæл нæбал уагътонцæ æнцойнæ. Уæдта Ахсахъ-Темур искувта:

– Хуцау, атæ мæ зæнхæбæл нæбал ниууадздзæнæнцæ, æма арвбæл куд фестон!

Æма арвбæл исбадтæй.

Етæ дæр бабæй ракурдтонцæ æма етæ дæр бабæй арвбæл исбадтæнцæ.

Хуцау Лæдæрти фесунмæ зелунмæ фæккодта. Е еци еунæг рауæн истуй, етæ ба ибæл фесунмæ зелæн кæнунцæ. Уонæй уой астæу Ахсахъ-Темурæн дууæ урси зелæн кæнунцæ. Æхсæвæй-бонмæ фæххæтунцæ, бонивайæни ба ‘й бауинунцæ; бонивайæни ба син фæдздзæгъæл уй, æма бабæй фесунмæ рандæунцæ.

Лæдæртæ дæр фæсмæрæн, Ахсахъ-Темури дæр фæсмæрæн.

Æхсæуæ ба зæгъунцæ:

– Мах Ахсахъ-Темури фурттæ ан, зæгъгæ.

(Аци дзубанди фегъустон æхсæууон Царахати Хъургъохъæй).

ÆСТУР ДИГОРИ ТАУÆРÆХЪ

Рамбурд æнцæ Æстур Дигорæ Мадзасгæмæ, æстæри фæццæуæн, зæгъгæ, фонс кæнунмæ.

Хъайи-фурт Гегки сæ хуæздæр лæг фæрсаг адæмæй адтæй ‘ма загъта:

– Цæугæ кæнæн, Æстур Дигорæ, фал сау халон уæрццæ нæ ахæссуй. Цæргæсатæй нæ хæццæ еу лæг ку уайдæ!

«Ци кæнæн, куд кæнæн?» – сагъæс кодтонцæ ‘ма загътонцæ:

– Хъарабугъатæй хонæн, æма сабатизæртæ ес, ма уонæй нæ раевдæлдзæнæнцæ. Таймазтæ ба уæллагкоймаг галау лæхлæбæз æнцæ. Хъантемуртæй лæг нæ ку уайдæ, – зæгъгæ, ‘ма Хъантемурти Туалтай фурт Мазухъ-æлдарæн нæуæгхунд уосæ адтæй ‘ма нæ фæццæудзæнæй.

Хъайи-фурт Гегки загъта:

– Æрæйхондзæнæн, фæццæудзæнæй. Баимæцудæй ‘ма ин загъта:

– Æстур Дигорæ Мадзасгæмæ æрæмбурд æнцæ, сау Геземæ æстæри цæунцæ æма де ‘ной нæ комунцæ.

Загъта е ба:

– Фæццæуни равгæ дæр мæмæ нæййес, топпи хуаллагæй дæр рæвдзæ нæ дæн.

– Етæ рæуонæн нæ бæззунцæ, уони дууети дæр иссердзинан.

Уони дууети дæр ин æррæвдзæ кодта, ‘ма ранæхстæр æнцæ. Бахизтæнцæ Гезей æфцæгбæл æма еу рауæн æхсæвеуат æркодтонцæ. Æхсæвеуати ба ниххустæнцæ. Мазухъ-æлдар æма Хъайи-фурт ба бадунцæ æма дзубанди кæнунцæ.

Æфцæгбæл ку бахизтæнцæ, уæдта сæ гезейаг цауæйнæнттæ фæййидтонцæ. Æрсæмæгъузтæнцæ, æма дууей бадгæ фæййидтонцæ. Гурдзиаг цауæйнæнттæй ба еу адтæй Гурдзий æлдар Ахалбеда.

Е ‘мбалæн загъта:

– Саг æхсон æви нарддæр хуййи æхсон? Е ба загъта:

– Хуй нард ку уа, уæддæр саг хуæздæр æй. Фæййæхста, ‘ма Хъантемури-фурт Мазухъ-æлдар фæммард æй.

Гегки загъта:

– Нур гузавæй нецибал æрцæудзæнæй. Æз цæун фæдеси, фал ма мæ бахезетæ ами.

Æма сæ æздахун нæ рауагъта ‘ма сæ уоми фæууагъта. Къасарай комбæл Уæллаг Ирæбæл рацудæй æма загъта:

– Геземæ бацудан æма сæ тъасхæй иссирдтан, æма ма нæ адæм гъæуй, æма лæг ка ‘й, е рацæуæд, æма æртæрæн Гезей.

Еци дзубандитæй, Дигорæй дæр, Ирæй дæр ка адтæй, уони рамбурд кодта, æма бабæй Гезей æфцæгбæл рахизтæнцæ.

Загъта:

– Æз цæун æма гæни дзæхæрай мæсуги размæ мæхе баримæхсдзæнæн. Сумах ба, хор ку ‘рбакæса, уæд уæхе æрбавдесетæ изолæй, уæдта фæстæмæ уæхе æрбаесдзинайтæ аууонмæ. Мæсуги къæразгæй æхсдзæнæй, æма ку расидзæ кæнайтæ, уæдта зæгъдзæнæй: «Гъи, нæ раздæхдзинайтæ, Дигорæ!» – уотæ æхебæл банвæрсдзæнæй. Мæсуги къæразгæй ку ракæса, уæд ин æз дæр, кæд Хуцау зæгъа, уæд еу ести бакæндзæнæн.

И аууон ку фæцæнцæ, уæдта, расææздахтон, зæгъгæ, мæсуги къæразгæй ракастæй, æма ‘й мæсуги бунæй исæхста, æма къæразгæй мæсуги бунмæ рахаудтæй. Æ гъос æма ин æ мухур (æнгулдзæ) æрбавгарста æма æрбахъæрттæй е ‘мбæлттæмæ.

Уой ку фæййидтонцæ, уæдта æрбагур-гур ластонцæ æфсад Геземæ. Ниссæмпурстонцæ æма, кæмæй тарстæнцæ, уони ба цæгъдгæ никкодтонцæ.

Æрсæтардтонцæ Æстур-Дигорæмæ. Сæ ес-сæ бесæй ци фæразтонцæ, уой дæр рахастонцæ.

Мазухъ-æлдари фидæмæ Гегки кæугæ бацудæй, æ къохæй лæхъуæн æма кизгæбæл хуæстæй, уотемæй.

– Кæд естæмæн исбæзтайтæ, уæд уе ‘рцæун хуарз; кæд нецæмæн исбæзтайтæ, уæдта уæ не ‘рцæун хуæздæр адтайдæ, – загъта Мазухъ-æлдари фидæ Туалта.

– Дæу фесафтан, фал уонæн ба, нæ бон ци адтæй, уой бакодтан.

– Сумах ходуйнагæй кæд не ‘рцудайтæ, уæд е хуарз, уомæн ба æ адзал адтæй, ‘ма рамардæй.

И лæги гьос æма ин мухур дæр бавдиста:

– Нæ марæги рамардтан, иннети ба æртардтан. Æрсæмæцудæй æма сæ æ адæмæй дæр, Гезетæй дæр фæууидта.

– Арфæ уин кæнун, уой тог дæр ка райста, фонсиконд дæр ка фæккодта. Мæ мардбæл мæ зæрдæ нæбал ресуй, фал уи корун, æма мæ хатир фæууинетæ; коргæ ба уæ уотемæй кæнун, æма, мулкæй ке ‘рхастайтæ, етæ фæххаир уæнтæ, адæми ба рауадзетæ.

Адæм ба загътонцæ:

– Æллæх, æллæх, дæ тæрхонбæл хъæбæр арази ан. Дууæ гъуддагемæй дин барæ дæттæн: басæиуарæн æма лæгæй хай искæндзинан, дæуæн ба дууæ хаййи. Кæд дæ фæндуй, уæдта сæ еугурæй рауадздзинан.

– Корун, æма сæ мæ хатирæй рауадзетæ!

Уадзунбæл ку исарази æнцæ, уæд Гегки загъта:

– Сау Гезе, сумахæн барæ дæттæн: кæд Хъантемуртæн фæдгæ кæндзинайтæ, уæд уæ рауадздзинан; кæд уæ фæндуй, уæдта уæ лæггай байуардзинан.

– Гъай-гьай, арази ан! Кæндзинан, сумах нæбæл ке ‘вæретæ, еци фæдгæ.

Расæуагътонцæ, æма рандæнцæ æма фæдгæ кодтонцæ Гезе Хъантемуртæн.

Уалдæнги Гезетæй еу хæдзарæ Рагъимæ фæллигъдæй. Хъантемурти Хъарадзау фæдгæ есунмæ бацудæй æма:

– Еци хæдзарæ кæми ‘й?

– Е ба Рагъимæ фæллигъдæй.

Е ба бацардæй Запарати цори. Хъантемурти Хъарадзау ниццудæй æма æ фæдгæ агурдта. Запаратæ ба загътонцæ:

– Нæ ратдзинан ардиги фæдгæ.

Уотемæй син хъаугъа раеудагъ æй, æма фæххилæнцæ. Тухæ кæнун ин ку райдæдтонцæ, уæдта кард фелваста, еуей цæвон, зæгъгæ, æма кард тугургъæдæбæл рауадæй. Тугургъæдæ дæр фæккарста, уæдта, ке цавта, уой бæрзæй дæр рахаун кодта.

Зарæй уотæ ‘й нур:

Гезе æрæги уалæнгæ дæр ма, цалдæнги паддзах истухгин æй, фæдгæ кодтонцæ Хъантемуртæн.