11 октября 2024

РӔСТУОД АДӔЙМАГ ӔЙ, ДЗИЛЛИТӔ СИ БОЗ ӔНЦӔ!..

28.02.2022 | 15:52

Есенати Константини рагӕй зонун, уомӕ гӕсгӕ ба си мӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: кӕд аци дуйнебӕл еске рӕстзӕрдӕ ӕма кӕдзос цӕсгонӕй цӕруй, уӕд сӕ фиццӕгтӕй еу ӕй. Нӕ фидтӕлтӕ ауӕхӕн адӕймагӕй фӕззӕгъиуонцӕ: «Ӕууӕндӕн ибӕл ес, уомӕн ӕма ӕ рӕстдзийнадӕ бӕрӕг ӕй ӕ цардиуагӕй, е ’гъдауӕй!..»

Ӕцӕгӕйдӕр, адӕми ‘хсӕн ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ хабӕртти фӕдбӕл дзорунмӕ ӕгириддӕр тулаваст нӕй. Дзубандитӕй сӕ нӕ исдессаг кӕнуй, фал архайуй ӕ царди хабӕрттӕ уотӕ аразун, цӕмӕй маке рази уа къӕндзӕстуг, цӕмӕй ӕй макӕмӕй багъӕуа хатир корун…

Гъе уотемӕй аразуй ӕ карнӕ – нур дӕс ӕма цуппаринсӕй анзей дӕргъи. Уомӕ гӕсгӕ исберӕ ‘нцӕ, ӕ юбилейи фӕдбӕл ин ци зӕрдиаг арфитӕ ракодтонцӕ хеуӕнттӕ, зонгитӕ, ӕмгустгӕнгутӕ, уони хӕццӕ ба, ӕ рӕстӕги аллихузон незтӕй ке фӕййервӕзун кодта ӕма уой фӕрци абони царди райдзастдзийнӕдтӕй хайгин ка ‘й, еци сабийтӕ (уогӕ си беретӕ рабайлагъ ӕнцӕ), кӕмӕндӕрти ба сӕ ниййергутӕ. Ӕма ин е ӕхцӕуӕн ӕма зӕрдрохс куд нӕ уа! Раст зӕгъгӕй, еуцӕйбӕрцӕдӕр гъенцъун дӕр ракӕнуй, нуртӕккӕ ин е ‘нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ ӕ уарзон куст, куд ӕй фӕндуй, уотӕ ӕнхӕст кӕнуни равгӕ ке нӕййес, уомӕй. Фал уой хӕццӕ ба ин ӕнцондӕр ӕй уӕддӕр ӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма унаффӕ ке багъӕунцӕ, куд сӕйгити, уотӕ е ‘мгустгӕнгути дӕр.

Ӕ агъаз ба алкӕддӕр гъудӕй ӕма ма гъӕуй берети. Дохтири дӕсниадӕ уӕхӕн ӕй, ӕма ‘й кӕд байагордзӕнӕнцӕ ӕ кусти фӕдбӕл, уомӕн бӕлвурд рӕстӕг ӕма афонӕ нӕййес. Константин ӕхуӕдӕг куд фӕдздзоруй, уотемӕй ескӕми ести ӕгъдауи ку уидӕ ӕма ин финги уӕлгъос бадгӕ ку рауайидӕ, уӕд хестӕрӕй рагацау хатир ракоридӕ, гъома, ӕнай-ӕнойти мӕ телефон, миййаг, ку низзӕлланг кӕна, уӕд мин хатирӕй фӕууӕд – кустӕй мӕ ку агоронцӕ… Адӕмӕй ӕй беретӕ зонунцӕ, ӕма хабар лӕдӕрд фӕууидӕ, айдагъдӕр уотӕ бакӕниуонцӕ: «Еци еудадзуг ӕ кусти ӕй…»

Ӕма уомӕй раст фӕууиуонцӕ – ӕ кусти ин рӕстӕги бӕрцитӕ кенӕ «листӕг» гъуддӕгутӕ нӕ уидӕ, еугӕр дзубанди сувӕллӕнтти ӕнӕнездзийнадӕбӕл цудӕй, уӕд уой фӕдбӕл цидӕриддӕр гъӕуидӕ, уонӕй ин алцидӕр сӕйраг адтӕй.

Гъе уӕхӕн адӕймаг ӕй Есенати Тӕтӕрхъани фурт Константин – игъустгонд дохтир, нӕ республики сувӕллӕнтти хирургий бундорӕвӕрӕг, ӕцӕг ирон лӕг.

Сувӕллӕнтти дохтирбӕл уӕлдай бӕрнондзийнадӕ ӕвӕрд ке ес, уой лӕдӕрун кодта е ‘мкосгути алли нӕуӕг фӕлтӕрӕн дӕр – еуемӕй, сувӕллон алкӕд раст нӕ балӕдӕрун кӕндзӕнӕй, ци си ресуй, уой, иннемӕй ба ирӕзгӕ бауӕр ӕй, ӕма ин хуастӕ рафинсун кенӕ операци искӕнуни размӕ гъӕуй уӕлдай лӕмбунӕг рагъуди кӕнун, берӕ ӕнзти фӕсте е ’нӕнездзийнадӕбӕл куд фӕззиндзӕнӕнцӕ, уобӕл.

ЕСЕНАТИ Константин (галеуæрдигæй) е ‘мгустгæнгути хæццæ. Рахесæрдигæй фиццаг – æ цардæмбал Ларисæ).

Нури зундгонд дохтир кӕддӕр аци дӕсниадӕ цӕмӕн равзурста, уобӕл ӕй ку бафӕрсай, уӕд ӕвеппайди дзуапп нӕ ратдзӕнӕй. Дзоруйнӕгтӕ ба имӕ фагӕ ес. Фӕсмон нецӕбӕл кӕнуй, фал ӕй ӕ гъудитӕ ба рахӕссунцӕ ӕ сабийдогӕмӕ…

Сӕйгитӕгӕнагӕ сувӕллон адтӕй, ӕма ‘й ӕ мадӕ дохтиртӕмӕ ахид хаста. Фал етӕ сӕ къох ракъуӕриуонцӕ, ӕгӕр лӕмӕгъ ӕй, ӕма ибӕл незтӕ тухгин кӕндзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ. Фал сӕ зӕгъдтитӕ, Хуцауӕй арази, – нӕ фӕррӕстмӕ ’нцӕ – сувӕллон фӕййервазтӕй. Гъулӕггагӕн, еци амондӕй нӕ фӕххайгин ӕнцӕ Есенати Тӕтӕрхъан ӕма Марийӕн иннӕ ӕхсӕз сувӕллони. Уомӕ гӕсгӕ мадӕ ӕ фуртти исонибонбӕл сагъӕстӕ кӕнгӕй, ахид уотӕ бакӕнидӕ:

– Хъасболат ӕма Костяй исразӕнгард кӕнун гъӕуй дохтири дӕсниадӕ райсунбӕл, е ба ескӕд еске сӕйгӕ сувӕллӕнттӕн нифси хуасӕ фӕууонцӕ…

Цуппӕрдӕс сувӕллонемӕй царди надбӕл рацудӕнцӕ астемӕй, сӕ хестӕр Хъасболат адтӕй. Е уӕдмӕ дохтир иссӕй ӕма фӕнзуйнаг дӕнцӕн куд нӕ адтӕй ӕ астанздзуд ӕнсувӕр Константинӕн.

Ӕма 1950 анзи иссӕй уӕди Цӕгат Иристони паддзахадон медицинон институти студент. Фӕлварӕнтӕ куд равардта, уой абони ӕ медбилти ходгӕй ӕргъуди кӕнуй. Физикӕ, химийӕй хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнтӕ райста. Гъудӕй ма ‘й сочинени ниффинсун, ӕма равзурста: «Дохтир – Устур Фидибӕстон тугъди», зӕгъгӕ, сӕребарӕ темӕ.

Уой дӕр хумӕтӕги нӕ – хъӕбӕр ӕй фӕндӕ адтӕй ӕ хестӕр ӕнсувӕри хъисмӕти хабӕрттӕ ракӕнун. Ӕма куд дессаг ин бантӕстӕй Хъасболати сорӕт исфӕлдесун!.. Константин куд зӕгъуй, уотемӕй сочинений рӕдудтитӕ берӕ адтайдӕ, фал ӕ арф медесӕй къамиси иуонгти зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Уонӕй еу, институти проректор Отарати Ибрагим аци сочиненийӕй хецӕн скъуддзӕгтӕ равардта газет «Социалистическая Осетия»-йи. «Мӕнӕ ци искурдиадӕгин фӕсевӕд ӕрцӕуй Иристони кӕмттӕй!» – еци сӕрустурӕй загъта Ибрагим.

Уайтӕккӕ фӕттахтӕнцӕ студентти ахури бӕнттӕ. Ӕхсӕзӕймаг кӕронбӕттӕн къурси фӕстаг фӕлварӕнти размӕ алкедӕр ӕ фӕндӕ загъта ӕ федӕни кусти бунати туххӕй. Ӕригон дохтири Есенати Константини гъудитӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр баст адтӕнцӕ ӕ райгурӕн Хъахъхъӕдори хӕццӕ. Ӕ цӕститӕбӕл уадӕй, гъӕумӕ косунмӕ куд ниццӕудзӕнӕй, е.

Фал ӕ ахургӕнгутӕ уомӕн, куд сӕ хуӕздӕр студенттӕй еуемӕн, уотӕ ӕндӕр хъисмӕт ӕрцӕттӕ кодтонцӕ. Гъуддаг уой медӕгӕ адтӕй, ӕма Константин ахур кӕнгӕй фескъуӕлхтӕй – искодта еуӕндӕс ӕма инсӕй операций, ӕма ин еугурӕйдӕр фӕррӕстмӕ ‘нцӕ!

Ӕ фиццаг операци Есени-фуртӕй некӕд феронх уодзӕнӕй. Цуппӕрӕймаг къурси ӕй практикӕмӕ рарвистонцӕ Грознамӕ. Сӕйгӕдони хирургӕй куста немуцаг силгоймаг. Ӕвеппайди ку фӕссӕйгӕ ‘й, уӕд хирурги агъазгӕнӕг медицинон хуӕрӕ имӕ ӕ цӕстӕ дардта, уотемӕй операци искодта ӕ практикант. Уой туххӕй Константини грознайаг газети уацхӕссӕг ку рафӕрсӕ-бафӕрсӕ кодта, уӕд ин е ӕргомӕй «басастӕй»:

– Фӕлтӕрдгун хирурги архайдмӕ кӕсгӕй мӕмӕ операци кӕнун ӕнцон кастӕй. Фал кард мӕ къохмӕ ку райстон, уӕд ӕнай-ӕнойти рагъуди кодтон: «Мӕ рази ӕй, фӕййервӕзун кӕнун ке гъӕуй, цӕрун ке фӕндуй ӕма гъӕуама цӕргӕ ка кӕна, уӕхӕн адӕймаг». Ӕма фӕннифсгун дӕн. Фӕййагъаз мин ӕнцӕ, институти ци зонундзийнӕдтӕ райстон, етӕ дӕр. Фиццаг операци фӕррӕстмӕ ӕй. Иннӕ операцитӕ искодтон фӕлтӕрдгун хирургти цӕстдардӕй, ӕма мин мӕ архайдӕй аразийӕй байзадӕнцӕ.

Константин æма Ларисæ сæ цæуæти хæццæ. Рагон къарæ.

Еци хабӕрттӕ рауагъдонти куститӕмӕ ӕрветӕг къамиси иуонгтӕн радзурдта госпиталон хирургий кафедри сӕргълӕууӕг Гораций Шапиро.

Есени-фуртӕн къамиси номӕй «тӕрхон» рахаста профессор, еумӕйаг хирургий кафедри сӕргълӕууӕг (е ма республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министр дӕр ке адтӕй, уой лӕхъуӕн цӕмӕдӕр гӕсгӕ нӕ зудта) Тӕхъулти Тӕтӕрхъани фурт Урусхан.

Еци рӕстӕг нӕмӕ сувӕллӕнтти хирургий дӕснитӕ Ростовӕй хӕстӕгдӕр нӕ адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕвӕстеуатӕй уӕхӕн хайадӕ аразун гъудӕй нӕхемӕ сувӕллӕнтти сӕйгӕдони. Бӕрнон ихӕс ӕхемӕ гъӕуама райстайдӕ студент Есенати Константин.

Уотемӕй хъахъхъӕдойраг биццеу Есенати Константин иссӕй Иристони сувӕллӕнтти фиццаг хирург. 1956 анзи 1 июни косунмӕ рацудӕй, сентябри ба байгон ӕй сувӕллӕнтти сӕйгӕдони хирургион хайадӕ. Е официалон ӕгъдауӕй уотӕ нимад цӕуй. Уогӕ ба уомӕй раздӕр, 11 августи, ӕригон хирург Есенати Константин си искодта фиццаг операци сувӕллонӕн (хъӕрӕу хӕлорӕй). Гъе уотемӕй ӕригон дохтир нӕбал фӕккастӕй, ахури фӕсте ин ци бауолӕфуни фадуат адтӕй, уомӕ дӕр, ӕма косун райдӕдта.

Берӕ хуарз ахургӕнгутӕ адтӕй Есени-фуртӕн. Абони дӕр ма сӕ еци арфиагӕй имисуй – Толпарти Константин, Доййати Екатеринӕ, Дзилихти Иван, Василий Дибижев ӕма иннетӕй райста хирургӕн ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ берӕ менеугутӕ. Педиатрий дӕсниадӕ ба ин амудта профессор Ӕлбегати Дзерассӕ.

Уони хуарздзийнӕдтӕ Константин абони дӕр нӕ иронх кӕнуй, уомӕн ӕма ин сӕ алцилӕдӕрӕг цӕстингас устур агъаз фӕцӕй ӕ идарддӕри профессионалон ирӕзтӕн. Уӕди рӕстӕгути нӕ фагӕ кодта гъӕугӕ сӕрмагонд литературӕ, антибиотиктӕ дӕр уӕд фӕззиндтӕнцӕ ӕма сӕйгӕдонӕмӕ нӕма бахъӕрдтӕнцӕ, фал дохтиртӕ уӕддӕр сӕ куст аразтонцӕ, куд хуӕздӕр гӕнӕн адтӕй, уотӕ. Ӕригон дохтир ма фӕццалх ӕй наукон-зонадон кустбӕл дӕр. 1969 анзи каст фӕцӕй Ленингради педиатрион мединститути сувӕллӕнтти хирургий аспирантурӕ, багъӕуай кодта диссертаци, ӕма иссӕй медицинон наукити кандидат. Берӕ ӕнзти дӕргъи лекцитӕ фӕккастӕй Цӕгат Иристони медицинон академий. Е студенттӕй беретӕ усхъӕй-усхъӕмӕ фӕккустонцӕ сӕ ахургӕнӕги хӕццӕ.

Цийфӕнди сӕйгӕдони косгӕй дӕр Константин берӕ арфитӕй фӕххайгин уидӕ. Уӕлдай хъазардӕр ин уиуонцӕ, куд дохтир, уотӕ ӕ фиццаг къахдзӕфтӕ ку кодта, уӕд ибӕл базуртӕ ка басагъта, еци зӕрдиаг арфитӕ. Берӕ хӕттити фегъосидӕ арфитӕ, фал ин аллихатт дӕр нӕуӕг хузи ӕхцӕуӕндзийнадӕ раттиуонцӕ. Сувӕллонӕн уодӕнцойнӕ искӕнгӕй ӕма ниййергути цийни цӕстисугтӕ фӕууингӕй, дохтирӕй ӕрбайронх уиуонцӕ ӕ фӕллад ӕма е ‘нӕхуссӕг ӕхсӕвтӕ.

Фал мӕнӕ – мӕтъӕл гъудитӕ дӕр: «Аллихатт еухузон нӕ фӕррӕстмӕ уй хабар… Ӕма уӕд дохтир дзӕвгарӕ рӕстӕг ӕхемӕ нӕбал ӕрцӕуй. Лӕдӕрис ӕй, дӕу фуд си ӕгириддӕр ке неци адтӕй, уой, фал уӕддӕр дӕхе дӕмис…»

Сувæллæнтти дохтирæн æхцæуæн куд нæ уодзæнæй, ке дзæбæх кæнуй, еци сабийи æууæнкæ.

«Районтӕмӕ – ӕнтӕстгин хирургтӕ», зӕгъгӕ, седт еу рӕстӕги ку райгъустӕй, уӕд Есени-фурт дӕр рандӕй Ирӕфи ӕма Мӕхчески районтӕмӕ, уой фӕсте цубур рӕстӕг ракуста ӕфсӕнвӕндагон сӕйгӕдони ӕма вагӕнттӕ цалцӕггӕнӕн заводи травматологий. Ӕ «райгурӕн» хайадӕмӕ ку ’рбаздахтӕй, уӕд уой фӕдбӕл Цӕгат Иристони ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министради сӕйраг хирург Бесолти Вячеслав уотӕ финста: «1961 анзи Есенати Константин нӕуӕгӕй бабӕй косун райдӕдта Дзӕуӕгигъӕуи сувӕллӕнтти сӕйгӕдони хирургий хайади сӕргълӕууӕгӕй. Еци-еу рӕстӕг ӕнхӕст кодта республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министради сувӕллӕнтти ӕнӕштатон сӕйраг хирурги ихӕстӕ дӕр. Фиццагидӕр е райдӕдта сувӕллӕнтти ахургӕнӕндӕнтти профилактикон басгӕрститӕ кӕнун. Ӕ нисан адтӕй, сувӕллӕнттӕмӕ ӕрдзӕй рахӕсгӕ кенӕ сӕмӕ фӕззингӕ хирургион незтӕ ес ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнун. Е исаразта, хирургти агъаз ке гъудӕй, еци сувӕллӕнтти диспансеризаций фиццаг карточкитӕ… 1967 анзи фиццаг хатт Цӕгат Иристони сувӕллӕнтти дуккаг поликлиникӕмӕ ӕхемӕ хонун райдӕдта хирургий къабази гъӕндзийнади хӕццӕ сувӕллӕнтти. Аци куст кодта лӕвар, сӕйгӕдони ӕ косгӕ бон ку рахецӕн уидӕ, уӕд…»

Фӕндзӕймаг къурси студент уогӕй, мӕйи дӕргъи фондз-ӕхсӕз хаттемӕй фулдӕр ӕхсӕвӕ ӕ хӕдзарӕмӕ ка не ’фтуйидӕ, еци лӕхъуӕн нур бустӕгидӕр сӕйгӕдони «ӕрцардӕй», уомӕн ӕма ӕ агъаз берети гъудӕй – уӕхӕн хайӕдтӕ ӕндӕр некӕми адтӕй, ӕма сӕйгӕ сувӕллӕнтти Цӕгат Кавкази алли рауӕнтӕй ластонцӕ.

Хестæрæн æ зæрдрохс – æ кæстæри кæстæр.

Ӕвӕллайгӕ дохтири кустӕн уайтӕккӕ аргъ кӕнун райдӕдтонцӕ фӕсарӕнти дӕр. Еци хабар ибӕл исӕмбалдӕй, 1976 анзи идард Алжирмӕ косунмӕ ӕрвист ку ‘рцудӕй, уӕд. Кастӕй лекцитӕ, искодта берӕ операцитӕ. Разамунд лӕвардта резитанттӕн, гъома, дохтири диплом ка райста, фал ма ӕртӕ анзей дӕргъи хестӕрти цӕстдардӕй бакосун ке гъудӕй, еци райдайгӕ дохтиртӕн. Фӕлварӕнтӕ раттуни размӕ Есени-фурти студентти ӕрвистонцӕ Парижмӕ. Сӕ десӕн ма кӕрон кӕми адтӕй, зундгонд хирург Бернар Дюамель син ци документалон кинонивӕ равдиста, уомӕ ку бакастӕнцӕ, уӕд. Ӕвдистонцӕ Есенати Константин ци операци искодта, уой! Дюамель хъӕбӕр бацийнӕ кодта, устур аргъ кӕмӕн кӕнуй, еци хирурги гъомбӕлкӕнуйнӕгтӕ имӕ ке ӕрбафтудӕнцӕ, уобӕл ӕма не ’мзӕнхони ӕхемӕ зӕрдиагӕй худта. Фал политикон уавӕр уӕхӕн фембӕлд исаразуни фадуат нӕ лӕвардта.

1979 анзи фӕстӕмӕ исӕздахтӕй Цӕгат Иристонмӕ ӕма бабӕй ӕхе хайади косун райдӕдта. Ӕ бийнойнаг Ларисӕ (Хадиккати Ахтемури кизгӕ) дӕр берӕ ӕнзти дӕргъи сувӕллӕнтти дохтирӕй фӕккуста, уой фӕсте ба иссӕй рентгенолог. Исгъомбӕл кодтонцӕ дууӕ кизги ӕма биццеу, ӕма етӕ дӕр сӕ къахвӕдтӕбӕл рацудӕнцӕ. Мӕдинӕ ӕма Замирӕ дохтиртӕй косунцӕ Мӕскуй, Кермен райста ветеринари дӕсниадӕ. Базмалдӕй мадта кӕстӕрти кӕстӕрти «академи» дӕр – хъӕболи хъӕболтӕ дӕр! Есенати фӕрнӕйдзаг бийнонти хестӕртӕн уӕлдай цийни хуасӕ ӕй, уонӕй дӕр цалдӕремӕй дохтири цардвӕндаг ке равзурстонцӕ, е. Альберт – мануалон терапевт, Аланӕ – спортивон медицини специалист, хуӕрифурт Луизӕ – дӕндӕгути дохтир. Еци ӕма ӕндӕр фӕнзуйнаг менеугути туххӕй Есенати бийнонти дууӕ анзей размӕ банимадтонцӕ фӕндзӕймаг Еугуруӕрӕсеуон конкурси «Анзи хуӕздӕр бийнонтӕ»-йи уӕлахездзаубӕл номинаци «Уӕрӕсей сугъзӕрийнӕ бийнонтӕ»-йи ӕма нур сӕ цардвӕндаги туххӕй лӕмбунӕг дзубанди цӕуй Националон киунугӕ – анзфинсти, иннӕ 88 бийнонти ӕмрӕнгъӕ.

Амондгун адӕймаг ӕй нӕ уарзон дохтир Есенати Константин, уомӕн ӕма, ӕхе загъдау, кустмӕ зӕрдрохсӕй цӕуидӕ, хӕдзарӕмӕ ба тагъд кӕнидӕ. Тавӕд ӕй мадта, ниллӕг кӕнун ци ирӕзгӕ уодти арт нӕ бауагъта, е, ӕ дзилли хуарзӕнхӕй хайгин уӕд кӕддӕриддӕр!

 

ТЪЕХТИ Тамерлан