СÆ УОДИ ГЪАРДЗИЙНАДÆ ÆВÆРУНЦÆ СÆ КОНД ДАРÆСТИ
Хуарз æй зонæн, Устур Фидибæстон тугъди рæстæги фæсфронти мингай силгоймæгтæ гъар цъоппин цъиндатæ æма къохæрходтæ, æндæр дзаумæуттæ бони æма æхсæвигæнтти кодтонцæ æма сæ æрвистонцæ фронтмæ, уоми тохгæнæг советон æфсæддонтæн. Еци ахсгиаг гъуддаг бабæй нæуæгæй фæстæмæ æрæздæхун кодтонцæ аци рæстæгути цаутæ, æма бабæй æй æновудæй æнхæст кæнунцæ нæ фæлмæнзæрдæ силгоймæгтæ. Уой дæр – беретæ си архайунцæ сæхе хъæппæресæй.
Уонæй еу æй сурхдигойраг Гасинти-Таухъазахти Асæхмæти кизгæ Нинæ дæр. Цуппаринсæйанздзуд силгоймаг кæнуй цъоппин цъиндатæ æма æ къохвæллойни хæццæ ма си уæлæнхасæн байвæруй æ зæрди табедзæ дæр.
Нинæ еци куст кæнун райдæдта, фæсевæдмæ сæрмагонд æфсæддон операций архайунмæ фиццаг хатт куддæр фæдздзурдтонцæ, уæдæй фæстæмæ.
Райдайæни цъопп æхуæдæг бидта, фæстæдæр ба еци кустбæл фæццалх æй æ кизгæ дæр. Цъиндайаг æлвист хæлттæй æй афойнадæбæл ефтонг кæнуй Ирæфи райони территориалон æвзарæн къамиси сæрдар Тускъати-Гетъоти Цæрайи кизгæ Эльвирæ. Цубурдзурдæй, устур арфиаг куст æнхæстгонд цæуй Гасинти хæдзари.
– Тугъдонтæн мæ исконд цъиндати гъæуама айдагъ гъар ма уа, фал ма син æнцон æфсæрæн дæр уа, – зæгъуй Нинæ. – Уомæ гæсгæ ба цъинда гъæуама уа фадигъолæй дæс æма инсæй сантиметри уæлдæр, æ бун ба – лигъз.
Æ конд цъиндатæ айдагъ къахи гъарæн агъаз нæ ’нцæ, фал ма уолæфун кæнунцæ къахи бунтæ, уæрагæн хæссунцæ æхцæуæндзийнадæ.
Сæрмагонд æфсæддон операций архайунцæ Нинæн æ фурт – Дауит æма æ зæнæги зæнæг Диготи Хетæг. Нинæ уогæ айдагъ уони мæтæ нæ кæнуй, фал еугур тугъдонти мæтæ дæр. Раздæр син рарвиста дууинсæй фæлусти, фæстæдæр бабæй – фондз æма инсæй фæлусти. Уой уæлæнхасæн ма цалдæр жилетки дæр исбидта, уæдта син рарвиста фæрзеу дæр, тамакутæ дæр. Алли посылки дæр рарветуй финстæг æма си нæ тохгæнæг фæсевæдæн нифситæ æвæруй: махæй иронх ке нæ ’нцæ, сæ хъазауатон тох, сæ бæгъатæрдзийнадæй сæрустур ке ан, алкæддæр нæ зæрдитæ сæ хæццæ ке ’нцæ, уой туххæй.
Нинæ æ цард-цæрæнбонти дзæгъæлбадт некæд кодта. Кустуарзагæ силгоймаг дзæвгарæ рæстæгути фæккуста горцъетæ аразæн, фæстæдæр ба сæхе гъæуи хуйæн цехти. Æ цардæмбал Данели хæццæ исгъомбæл кодтонцæ æртæ фурти æма кизгæ. Нинæ æхуæдæг дæр исгъомбæл æй устур бийнонти ’хсæн. Æ фидæ Асæхмæт æма æ мадæ Махъоти Хадизæтæн адтæнцæ аст сувæллони. Æ уодуæлдай фæллойни фæрци ин лæвæрд æрцудæй «Фæллойни ветеран»-и æма «В.И. Ленинбæл 100 анзи исæнхæсти фæдбæл майдантæ.
– Хуцауæй мин ци ацъагъуæ лæвæрд ес, уомæй айдагъ мæхе нæ, фал ма си ескæмæн дæр хуæрзти гъæуама бацæуон, – зæгъуй Нинæ.
Берæ æнзти дæргъи ма дæ къохтæ фæрнæй фæддарæ, Нинæ!
* * *
Ку зæгъæн, «Алцидæр фронтæн», зæгъгæ, Устур Фидибæстон тугъд ку цудæй, уæд фронтæн агъаз кодтонцæ промышленнон кустуæтти æма колхозти фæллойнæгæнгути, рацæргæ адæймæгутæ, сабийтæ æма адæми еци еудзийнади фæрци нæ къохи бафтудæй Уæлахез.
Фæсфронти агъаз минкъийдæр нифс æма пайда нæ хæссуй, абони Донбасси зæнхæбæл сабурдзийнадæбæл ка тох кæнуй, еци тугъдонтæн. «Своих не бросаем!» – аци еугурадæмон фæдздзурд Цæгат Иристони цæргутæ сæ зæрдитæмæ хъæбæр райстонцæ. Сæрмагонд æфсæддон операци ку райдæдта, уæдæй нурмæ гуманитарон агъаз æрветунцæ нæ гъæутæ, кустуæттæ, хецæн адæймæгутæ: уæледарæс, цъоппин цъиндатæ, сонгун цирæгътæ, хуастæ æма бийæн æрмæг, сауæнгæ ма хе хæдзари конд цихтитæ, къеретæ, – нæ тугъдонти зæрдитæ ка барохс кæна æма сæ ка барæвдауа, уæхæн гъæугæ æма æхцæуæн лæвæрттæ.
Тугъдонтæн сæ царди уавæртæ минкъий фæррæуæгдæр кæнунæн Гизæли Бæрой-фурти номбæл санаторон скъола – интернати коллектив æрæги æхе харзæй æма ниййергути агъазæй балхæдта генератортæ. Кæми гъудæнцæ, уордæмæ сæ бахъæртун кодтонцæ 58-аг æфсади минæвæрттæ, уони хæццæ ба син бастдзийнадæ ес Татьянæ Днепропетровскаяйи фæрци. Абони е æй, Фидибæсти сæрбæлтау ка фæммард æй, уони номбæл æхсæнадон организаций республикон хайади сæрдар. Ахургæнæг Дадианти Неля æ хæццæ ку базонгæ æй, уæдæй абони уæнгæ Татьянæ скъолайæн агъаз кæнуй сæ патриотон-гъомбæладон кусти.
Санаторон скъолай ахургæнгутæ, сæ сæргъи директор Цгъойти Светланæ, уотемæй сæ хъауритæ байеу кодтонцæ æма бавналдтонцæ римæхсæн хизтæ бийунмæ. Етæ хъæбæр æхсицгæ гъæунцæ нæ тугъдонти, хуарз агъаз æнцæ сæ æдасдзийнадæн. Акъоппитæ, танкитæ нимбæрзунмæ, цæмæй сæ дронтæ ма уинонцæ. Уавæр лæдæргæй, силгоймæгтæ еци кустæн пайда кæнунцæ урокти ’хсæн сæ уæгъдæ рæстæгæй, мадта каникулти æма уолæфæн бæнтти дæр цæунцæ скъоламæ æма бабæй бавналунцæ сæ кустмæ.
Хизæ бийунæн кæд уæлдæр ахурадæ нæ гъæуй, уæддæр си гъæуй къохти арæхстдзийнадæ, уæдта бæлвурд домæнтæмæ гæсгæ бийун, уомæн ба гъæуй рæстæг. Хизбийгутæ Дзебисати Галинæ, Хъалæгати Зитæ, Касати Фатимæ, Бæрæзгати Мири баййафтан станоки уæлгъос косгæй. Се ’нгулдзити æзмæлдбæл цæстæ нæ хуæстæй.
Дзебисати Галини хæццæ æз дæр равзурстон хизæ бийун æма ’й балæдæрдтæн, аци кусти устур арæхстгин æма къæрцгъос ун ке гъæуй, уой.
Фиццаг хизæ силгоймæгтæ бидтонцæ дууæ къуæрей дæргъи, фал кустбæл ку фæццалх æнцæ, уæд дууæ бонемæ дæр рабийунцæ хизæ (4х7 метри). Нуриуæнгæ бал тугъдонтæн рарвистонцæ æстдæс хизи. Бийунцæ æй цалдæр хузи хъумæцтæй, зумæги ба ма сæмæ бафтудтонцæ уорс, уалдзæгмæ ба сæбæл æфтаудзæнæнцæ кæрдæгхуз уадздзæгтæ. Уони сæхуæдтæ лух кæнунцæ хъумацæй. Цæмæй куст æнæкъулумпийæй цæуа, уомæ Агънати Регинæ алкæд æ цæстæ даруй.
Сæрмагонд æфсæддон операций архайæг тугъдонтæн агъаз кæнуни фæдбæл Хуæнхон паддзахадон аграрон университети косæг Бикъойти Дианæ ци хъæппæрес равдиста, уоми æ фарсмæ ’рбалæудтæнцæ е ’мгустгæнгутæ Хъулати Бэллæ, Моурати Розæ, Дриати Лейлæ, Дзусати Каринæ, Бичегкути Дианæ æма иннетæ.
Силгоймæгтæ сæ кустæй хъæбæр арази ’нцæ, телеуинунади хизæй æмбæрзт акъоппитæ æма техникæ ку фæууинунцæ, уæд си, кæд мах къохвæллойнæ дæр ес, зæгъгæ, бацийнæ кæнунцæ.
– Ахид Интернети хизæгæй дæр райсæн информаци, ка ци гъæуагæ ’й, æма сæмæ нæ бон цæмæй æй фæккæсун. Æма бабæй уæд нæхуæдтæ дæр æмбурд кæнæн фæрæзнитæ, нæ ахурдзаути ниййергутæ дæр нæмæ фæккæсунцæ. Уонæн мæ фæндуй уæлдай арфитæ ракæнун. Агъазмæ ку фæдздзорæн, уæд нæ косæнуати къохбакæнæн дæр нæбал фæууй, сауæнгæ цæхгунти уæнгæ дæр нæмæ ’рбахæссунцæ. Скъолай рауагъдон Дзуццати Азæмæти къахидарæс гъæуй, зæгъгæ, уой ку базудтонцæ, уæд æхца рамбурд кодтонцæ æма цубур рæстæгмæ Азæмæтмæ æ берцитæ бахъæрттæнцæ, – зæгъуй Цгъойти Светланæ.
Сæрмагонд æфсæддон операций архайунцæ сæ гъомбæлгæнуйнæгти ниййергутæ, сæ рауагъдонтæ æма гизæйлаг лæхъуæнтæ. Хецæн си неке кæнунцæ. Гъулæггагæн, се ’хсæн ес ка фæммард æй, уæхæнттæ. Сæ кой кæнгæй, Светланæ æ цæстисугтæ нæ бауорæдта. Скъолай æдзард рауагъдонти номбæл æвæрд æрцудæй къæйдорæй номерæн фæйнæг…
Силгоймæгти фарсмæ аци гъæугæ кусти ’рбалæуунцæ Гизæли фæсевæд, æхсæнадон змæлд «Ирон зеу»-æй, Сланти Ибрагим, Дзуццати Алан æма иннетæ. Етæ бунатмæ бахъæртун кæнунцæ скъолай номæй гуманитарон агъаз. Вазуггин ихæс сæхемæ растаунæн æма хуæрзеугути туххæй ке нæ райстонцæ, уой бæлвурдæй ес зæгъæн. Аци хъæппæрес цæуй зæрдæй æма нæ бæсти хæццæ еудзийнадæй.
МАМИАТИ Лолитæ