06 октября 2024

ТÆВДÆЙ УÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ!..

06.09.2022 | 17:03

Ӕнтæф рæстæгмæ еуæрдигæй имæ адæймаг æнгъæлмæ фæккæсуй, иннердигæй ба тæвдæ бæнттæ тæссаг æнцæ, се ’нæнездзийнадæ гъигæдард кæмæн æй, уонæн. Зæгъæн, сæкæрнезæй сæйгитæн, уомæн æма уæхæн рæстæг сæ организм косуй бустæги æндæрхузон. Уомæ гæсгæ сæкæрнезæй сæйгитæн ес, тæвдæ бæнтти сæхе куд гъæуама даронцæ, уæхæн сæрмагонд уагæвæрдтитæ.

Мадта цæмæй æнцæ тæвдæ бæнттæ уæлдай тæссагдæр сæкæрнезæй сæйгитæн? Организм æгæр ку истæвдæ уй, уæд хед æндæмæ нæбал фæццæуй, куд æнгъезуй, уотæ. Уой фудæй организм æнæ донæй райзайуй, æма сæкæри бæрцæ фæббæрзонддæр уй.

Уæхæн адæймаг æгæр ку хед кæна, уæд тæссаг æй, æ организм цæнхæ гъæуагæ ку исуа, уомæй дæр. Сæкæрнезæй сæйгитæн сæ бауæри цъарæ хормæ тагъддæр содзуй, хорæй сугъдтитæ расайунцæ нез «гипергликеми», уæдта ма тæссаг æнцæ, адæймагмæ ести инфекци бахаунæй дæр.

Организм донгъæуагæ æййафун ку райдайуй, уæд сæкæрнезæй сæйгæ хъæбæр æрлæмæгъ уй, æ сæр зелуй, адæймагæн æ зæрди куст æма æ уолæфт æмбæлгæ уагæбæл нæбал фæуунцæ, хæцъæфтæ ресунцæ, бауæр никъкъæдзтæ уй.

Тогдадзинтти незтæ дæр ма ке гъигæ дарунцæ, сæкæрнезæй уæхæн сæйгитæн тæссаг æй, сауæнгæ тæвди 26-32 градуси дæр.

Инсулин æма сæкæрнези нихмæ æндæр хуастæн дæр тæвдæ рæстæг сæ пайда фесафуй, адæймаг сæ, куд æнгъезуй, уотæ ку нæ дара, уæд. Сæкæри бæрцæ тоги ка баруй, еци прибор «глюкометр» дæр раст бæрæггæнæн нæбал æвдесдзæнæй, тæвдæ 30 градусемæй уæлдæр ку фæууа, уæд.

Уой зонгæй, тæвдæ рæстæг сæкæрнезæй сæйгитæй беретæ сæ хуастæ æма сæ барæнтæ сæ хæццæ нæ хæссунцæ, æма уой фудæй багъæуаги рæстæг хуасæ баниуазун кенæ сæкæри бæрцæ исбарун сæ бон нæ фæууй. Е, ке зæгъун æй гъæуй, сæйгитæн æй тæссаг.

Уæлдæфи температурæ бæрзонд кæнун куддæр райдайуй, уотæ сæкæрнезæй сæйгитæ:

– бони дæргъи гъæуама ахиддæр баронцæ сæкæри бæрцæ тоги, уæлдайдæр, физикон æгъдауæй сæ берæ æзмæлун ку гъæуа, уæд;

– ескумæ цæугæй, сæ хæццæ гъæуама уа, ехи минкъий къæрт исæвæрун кæми æнгъезуй, уæхæн сумкæ, æма уоми – гъæугæ хуастæ æма медицинон барæнтæ (айдагъдæр хуастæ куд нæ ниссæлонцæ, уотæ);

– гъæуама даронцæ ирд æма «уолæфгæ» ка кæнуй, уæхæн рæуæг хъумацæй конд уæледарæс;

– сæ къæхтæ гъæуама гъæуай кæнонцæ æма тæвдæ зæнхæбæл бæгъæнбадæй ма цæуонцæ;

– тæвдæ рæстæг физикон æгъдауæй берæ гъæуама ма косонцæ;

– гъæуама дон фулдæр ниуазонцæ, сæхе гъæуай кæнонцæ карз ниуæзтæй, уæдта, кофеин кæми ес, уæхæн ниуæзтæй.

Уæхе тæвдæй гъæуай кæнетæ æма æнæнез уотæ!

Медицинон профилактики

республикон центр