06 декабря 2024

ТУХСТ АДÆЙМАГ УРУНГÆЙ ИСДЗОРУЙ…

19.08.2022 | 14:58

Италий тæккæ хорадзастдæр сахар Милани æхсæнадон рауæнти тарæрфугæй фæззиннунбæл æвæрд ес тобæ. Юридикон æгъдауæй федаргонд фæткæ хъæбæр рагон æй, фæззиндтæй XIX æноси, сахари австрийæгтæ ку хецауеуæг кодтонцæ, уæд. Æма, зиани фæдбæл хъонцгæнгутæ кенæ сæйгитæй уæлдай, еугурейдæр ихæсгин кæнуй, цæмæй æнæмæнгæ идзулонцæ. Аци закъон ка фехала, етæ ба гъæуама иваргонд цæуонцæ. Раст зæгъгæй, уæхæнæй нерæнгæ нецима æрцудæй.

Аци æнахур хабар уомæ гæсгæ æримистан, æма нур, зæгъæн, уæхæн закъон махмæ дæр ку фæззиннидæ æма æнæгъæнæй дæр æнхæстгонд ку цæуидæ, уæд уæрæсейæгтæн, æвæдзи, сæ фулдæрей-фулдæр иваргонд цæуиуонцæ æма бæсти къазнамæ ба хъæбæр берæ æфтуйæгтæ цæуидæ. Уотæ цæмæн зæгъæн? Ракæсайтæ уæ алливарс æма си берæ фæууиндзинайтæ игъæлдзæгхуз адæм?.. Фулдæр – сагъæсхуз, мæтæйдзаг. Уомæн æма абони цардарæзти уавæртæ уоййасæбæл зæрдрохсгæнæг нæ ‘нцæ. Уæдта исонибони фæххуæздæр уодзæнæнцæ, зæгъгæ, дæр ни не ‘руагæс кæнуй.

Зæгъæн, дзиллон цæстингас æртасгутæ куд исбæрæг кодтонцæ, уотемæй æрфарст уæрæсейæгтæн æдеугурæй сæ 22 процентемæн сæ мизд син фагæ кæнуй æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæн. Етæ ‘нцæ информацион технологити специалисттæ, хомаг амалгæнæн къабази косгутæ, компанити уæлдæр менеджмент. Æрфарст адæмæн сæ 39 процентемæн, сæ сæйраг кусти ци улупа есунцæ, е нæ фагæ кæнуй бундорон хæрзтæн, 38 процентей загъдмæ гæсгæ ба тухамæлттæ кæнунцæ. Æхцайæй нæхъæртонтæ фулдæр æвзарунцæ хумæтæг косгутæ, медиктæ, культури къабази косгутæ… Уогæ аци номхигъд æгæр даргъ дæр ма рауайдзæнæй. Æрфарст адæмæн сæ 47% куд загътонцæ, уотемæй, ци æхца сæмæ æфтуйуй, уой фулдæр харз кæнунцæ хуæлцади продукттæбæл, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæбæл…

Нæкæси, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæбæл федунæй уæрæсейæгтæ ци ихæстæ дарунцæ, уони бæрцæ иссæй 804,5 миллиард соми. Цæй фудæй, е бæрæг æй – адæми дзиллон мæгурдзийнадæ. Никки: еци лæггæдти æргътæ æнæбауорамгæ ирæзунцæ, хæдзари гъæугæ дзаумæуттæ,  хуастæ æма цардиуагон техникæ хъазарæй-хъазардæр кæнунцæ…

Адæм сæ æгудзæгдзийнади фудæй æведауцæдзийнадæ дæр сæ сæрмæ хæсун байдайунцæ. Давун нæ адæммæ алкæддæр æгадæ миуæбæл нимад адтæй. Уой туххæй нæ рагфидтæлтæй нæмæ берæ зундгин зæгъдтитæ æрбахъæрттæй. Уонæй еу – «Давæггагæй раст лæг æхе нæ цуъумур кæнуй…» Фал уоййасæбæл тухст уавæри ку бафтуйа æма ин æндæр гæнæн ку нæбал уа…

Социалон хабæрттæмæ гæсгæ тукæнттæй дæвдтитæ фæффулдæр æнцæ 18% бæрцæ. Ахиддæр давунцæ кондитерон хуæруйнæгтæ (еугур дæвдтити 19%), къалбæстæ (16%), карз ниуæзтæ (14%), цихтитæ (13%).

Менеджертæ социалон хизæгти куд финсунцæ, уотемæй нуртæккæ давунцæ алцидæр, давунцæ фулдæрæй-фулдæр. Æма никки фуддæр уодзæнæй, социалон-экономикон уавæртæ нæмæ ку нæ фæххуæздæр уонцæ, уæд…

Гъо, адæми цардиуаги уавæртæ фæххуæздæр кæнуни фæдбæл нæмæ цидæртæ арæзт цæуй. Зæгъæн, Цæгат Иристони федаргонд æрцудæнцæ регионалон проектти 46 паспорти, кæцити фæрци гъæуама фæббæрзонддæр уа адæми царди хуæрзгъæдæдзийнадæ.

Уæхæн проекттæ ке ес, е бæргæ хуарз æй, фал сæ ахедундзийнадæ гъæуама уæхæн уа, цæмæй адæймагæн дæттонцæ равгитæ æхе хъаурæ æма арæхстдзийнади фæрци æ карни хабæрттæ аразунæн.

… Нæ рагфидтæлти зæгъдтитæй еу уæхæн æй: «Тухст адæймаг урунгæй исдзоруй…» Сæ дзурдмæ ин гъæуама ка байгъоса, е ба имæ ку нæ байгъоса, уæдта си æведауцæ миутæ дæр рауайуй. Дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæй беретæ æрæги куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй еу силгоймаг æ фуртингунæй сæ сахари мэрбæл фехста гъунахуæрд басмахъ. Æ маст ба уой фæдбæл адтæй, æма силгоймаг цæруй цæрунæн æвадуат хæдзари, зæрдæ ин бæргæ байвардтонцæ нæуæг цæрæнуат раттунæй, фал æй æртæ анзей дæргъи расайæ-басайæ кæнунцæ. Æма сахари мэрæн цæргути хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми æ зæрди ристæй бæргæ райдæдта дзорун мэр æма губернаторæн, фал, куд балæдæрдтæй, уотемæй етæ сæхе негъосæг искодтонцæ. Æма уæд силгоймаг нæбал ниббухстæй… Хуарз æма æ басмахъи фехст ин фæррæстмæ ‘й – уæди уæнгæ ин «нæййес-нæййес» ка кодта, етæ ин дуккаг бон райирдтонцæ заманай дууæуатон фатер…

Аци хабар уомæ гæсгæ нæ ракодтон, цæмæй ни алкедæр, æ гъуддæгутæ ин хецауеуæггæнгутæй ка нæ аразуй, уонæбæл сæ къахидарæс кенæ æндæр цидæртæ æхсонцæ. Гъæуама адæми ‘рдигæй дæр æма хецаудзийнади ‘рдигæй дæр кæрæдзей лæдæрундзийнадæ уа – корæг лæдæра, æ курдиадæ исаразунæн гæнæнтæ ес æви нæ, хецаудзийнади ‘рдигæй ба ин афойнадæбæл дзуапп лæвæрд æрцæуа, æ курдиадæ кæд æма кутемæйти æнхæстгонд æрцæудзæнæй, кæд  си неци рауайдзæнæй, уæдта ин лæдæрунгонд æрцæуа, цæй фудæй…

Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма нæ рæстзæрдæ дзилли æнæгъæнæй дæр фæндуй, цæмæй нæ цардарæзти фулдæр цæуа уæхæн хабæрттæ, кæцитæй нæ еугурдæр зæрдрохсдæр уодзинан, нæ алфамбулай еугурей цæсгæнттæ дæр рохсгонд уодзæнæнцæ цийнæ æма амондæй…