10 ноября 2024

ТУХСТ АДÆЙМАГБÆЛ «ДÆДÆЙ» ДÆР ФЕДАУЙ!..

07.10.2023 | 22:37

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Бон цæуй æма фарнæ хæссуй!..» Бæргæ уотæ ку уайдæ, фал царди æцæгдзийнадæ ба уæхæн æй, æма хаттæй-хатт фарни бæсти æрбахæссуй, нæ цард нин æнадæ ка кæнуй, уæхæн фæззиндтитæ дæр. Уомæ гæсгæ ба адæм берæ цæмæйдæрти тæрсун байдайунцæ. Æма æхсæнадон цæстдард бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон Центри æртасгутæ æрфарст исаразтонцæ, уæрæсейæгтæ уæддæр уæлдай хъæбæрдæр цæмæй тæрсунцæ, фулдæрæй-фулдæр сæ ци тухсун кæнуй. Куд рабæрæг æй, уотемæй æрфарсти архайæг адæймæгутæн сæ зингæ хай тæрсунцæ бактеритæ æма вирустæй (æртинсæй анземæй хестæр ка ’й, уонæн сæ 22%, 48-24-анздзудтæн ба сæ 2%). Сæ сувæллæнттæбæл ести фидбилиз æрцæунæй тæрсунцæ 25%, GOVID-и нæуæг фæззиндæй – 20%, террористон фудракæндтитæ ’рцæунæй 18%, раздæр ци æфстуæттæ райстонцæ, уони бафедунгъон нæ исунæй – 11%, æгустæй райзайунæй – 9%, продукттæ æма хуасти нæхъæртондзийнадæ исæвзурунæй – 8%, æрдзон фудбæлæхтæ ’рцæунæй – 7%. Кой ма цудæй, уæрæсейæгтæй кадæртæ цæмæй тæрсунцæ, æндæр уæхæн фæззиндтитæ æма фидбилизти фæдбæл дæр, ка си тæрсуй, уони бæрцæ ба ’й 3-6%.