УÆРÆСЕ АБОНИ ДÆР ТУХГИН ÆЙ!.. ÆМА НИККИ ТУХГИНДÆР КÆНДЗÆНÆЙ!..
Уæхæн æй Уæрæсей Президент Владимир Путин æрæги Федералон Æмбурди ци Нистауæни хæццæ радзубанди кодта, уой сæйрагдæр гъуди. Нæ паддзахади разамонæг си бæстонæй æрдзубанди кодта нæ бæсти абони цардарæзти æхсæнадон-политикон, социалон-экономикон æма берæ æндæр ахсгиаг фарстати фæдбæл.
Æ радзубанди ба райдæдта, абони нæ бæстæн уæлдай сагъæссагдæр ци фарста ’й, уомæй:
– Нæ историон хе зæнхитæбæл цæрæг адæми багъæуай кæнуни, нæ бæсти æдасдзийнадæ исæнæмæнгæ кæнун, æма, Украини 2014 анзи фæффæлдæхти фæсте ци нацистон режим исæнтæстæй, уомæй ци тасдзийнадæ цудæй, уой фесафуни туххæй нæ анзи размæ багъудæй сæрмагонд тугъдон операци исаразун.
Сумах æй зонетæ, мах алцидæр бæргæ аразтан, цæмæй сабурдзийнади мадзæлтти фæрци еугур зиндзийнæдтæ райеуварс кæнæн, уæззау нихмæлæудæй æнæ буцæуæй рацæунæн. Фал нæ нихмæ архайгутæ нæ фæсаууон фуддæрагæн æндæр зундирахастбæл хуæст адтæнцæ, сæхе цæттæ кодтонцæ æндæр хузи. Нигулæйнаг политиктæ зæрдæ æвардтонцæ сабурдзийнадæй, фал куд уинæн, уотемæй сæхе гадзирахаттæй цæугутæй равдистонцæ.
Еугур фудракæндтитæмæ кастæнцæ уæлæнгай цæстингасæй, нæ уидтонцæ маруни политикон цаутæ, репресситæ. Нигулæйнаг бæстити академити националистон батальонти иуонгти ахур кодтонцæ, тохæндзаумау гъæуагæ сæ нæ уагътонцæ.
ХÆРАЙНАГÆН КУД ФУЛДÆР ГÆДЗÆ КÆНАЙ, УОТÆ ФУДАХЪÆЛДÆР КÆНУЙ…
Сæрмагонд тугъдон операций размæ Киев бадзурдтæ исаразта Нигулæни бæстити хæццæ, цæмæй син тугъдон хуæдтæхгутæ, ПВО-й фæрæзнитæ, æндæр уæззау техникæ æрветонцæ, уой туххæй. Фæндадтæй ма Киеви ядерон тохæндзаумау дæр райсун, гъуди ’й кæнун. Нæ бæсти арæнти рази Америки Еугонд Штаттæ æма Цæгататлантикон блок е ’фсæддон базитæ, сосæг биолабораторитæ, тагитæ æрæвардта, тугъдон архайди театрæн рагацау бундор æвардта, сæ дæлбарæуæвæг киеваг режим цæттæ кодтонцæ устур тугъдмæ.
Абони сæ архайдбæл сæттунцæ, æфсæрми нæ кæнунцæ, сæ гадзирахатдзийнадæй сæрустур æнцæ, Минскаг аразидзийнадæ, нормандиаг формат ба сæмæ дипломатон спектакли хузæн кæсуй. Донбасс арти ку иссугъдæй, Уæрæсе æ зæрдæ сабурдзийнадæбæл ку дардта, уæд етæ ба гъазтонцæ адæми цардæй.
* * *
Куд зонетæ, уотемæй евгъуд æноси 1930 æнзти дæр Нигулæн нацисттæн над байгон кодта Германий разамунди бунатмæ. Нур ба Украини гъавунцæ Уæрæсей нихмæ архайæг паддзахадæ исаразун. Еци фæндæн æ бундор æй евгъуди, XX æноси, нæуæгæй си неци ес. Нигулæн гъуддаги бацудæй, Украини Конституций нихмæ фæффæлдæхт исаразта. Украини Гæрзефтонг тухтæ æма Национ гвардий зæрдæмæ хъæбæр цæунцæ эсэсовон иуонгти шевронтæ. Дессаг æй, Нигулæни хецауадæ уони нæ лæдæрунцæ? Цума цæмæн? Уомæн æма син уæлдай нæй, Уæрæсей нихмæ ка тох кæнуй, е. Уæрæсейæгти нихмæ архайуни проект æй нæ бæсти нихмæ реваншистон политики еу хай.
* * *
Мах Украини адæми хæццæ нæ тох кæнæн, уотæ рауадæй, æма е æхуæдæг киеваг режими уацайраг иссæй. Адæми туххæй неке гъуди кодта, цæттæ сæ кодтонцæ марунмæ, уомæ ’рцудæнцæ, æма си æнæпайда æрмæг исаразтонцæ. Уой туххæй æнцон нæй дзорун, фал уавæр уæхæн æй.
Буцæутæ æма уонæми адæм ке исæфунцæ, уой туххæй бæрнондзийнадæ хауй нигулæйнаг разамундмæ. Киеваг режим дæр уой фуд æй. Украинаг адæм син æцæгæлон æнцæ.
* * *
Абони Украини фудбæлæхтæ ка аразуй, уонæн е фиццаг хатт нæй – уæхæн дудзæсгонæй сæхе бавдистонцæ Югославий, Ираки, Ливани, Сирий æма ма берæ æндæр рауæнти æверхъаудзийнæдтæ ку аразтонцæ, уæд дæр. Еци аллайагдзийнадæй сæхе некæдбал искæдзос кæндзæнæнцæ. Цæсгондзийнадæ, æууæнкæ, хуæрзæгъдау – аци алæмæти менеугутæ уонæмæ нимади дæр нæ ’нцæ.
* * *
Æма фудзæрдæ айдагъ æндæр бæстити адæмтæмæ нæ дарунцæ, фал сæхе адæмти дæр сæ фудæнхæдзийнадæй бæлахи æфтаунцæ. Гъулæггагæн, Нигулæни адæмæй беретæ нæ лæдæрунцæ уой, æма сæ раздзæугутæ сæ уодварни къурцдзæвæнмæ ке хонунцæ, уой. Уæлдайдæр ба сæ элитæн æ зунд фæццудæй. Мах ба гъæуама нæ цæуæти багъæуай кæнæн уонæй. Мах уой искæндзинан.
* * *
Уæрæсей адæмæн æнæгъæнæйдæр арфæ кæнун, сæ лæгдзийнади æма нифсдзийнади туххæй. Арфæ кæнун нæ бæгъатæртæн, Æфсад æма флоти æфсæддонтæн æма афицертæн, Уæрæсей Национ гвардий сæрмагонд службити, тухи структурити косгутæн, Донецкаг æма Луганскаг корпустæн, бархеуонтæн, патриоттæн, кæцитæ абони тох кæнунцæ тугъдон æфсæддон фæстауæрцон БАРС-и рæнгъити. Абони еугуремæн ранимайуни рæстæг дæр гъæуй, хатир корун уой туххæй. Ниййергутæн, бийнонтæн, нæ гъæуайгæнгути бийнонтæн, цæфти ка дзæбæх кæнуй, еци фельдшертæн, дохтиртæн, медицинон хуæртæн, æфсæнвæндаги косгутæн, фронтмæ ефтонгадæ ка ласуй, еци шофертæн, аразгутæн, цæрæнуæттæ, нæдтæ, граждайнаг объекттæ ка иснæуæг кæнуй, дууæ кезуемæй косæг гъæуайгæнæн заводти специалисттæн, инженертæн, бæсти гъæууонхæдзарадон æдасдзийнадæ ка аразуй, уонæн мæ сæрæй ниллæг ковун. Арфи аккаг æнцæ ахургæнгутæ, етæ Уæрæсей æригон фæлтæртæбæл зæрдиагæй ауодунцæ, бустæгидæр ба фронтмæ хæстæг бунæтти. Уæлдай зин æй, сæ цæуæт кæмæй фæгъгъудæй, еци ниййергутæн.
АГЪАЗ – СÆРМАГОНД ТУГЪДОН ОПЕРАЦИЙ АРХАЙГУТÆН ÆМА СÆ БИЙНОНТÆН
Нæ ихæс æй сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнонтæн агъаз кæнун. Уонæй алкæмæн дæр уæлдай цæстингас дæттун гъæуй, кадæ æма ауодундзийнадæй хайгин гъæуама уонцæ. Сæ курдиæттæ гъæуама уайтæкки, æнæ рарвет-барветæй æнхæстгонд цæуонцæ. Гъæуама нæмæ фæззинна адресон фонд, е гъæуама хузæнон кæна медицинон, социалон, психологон агъази мадзæлттæ. Ка фæммард æй, уони бийнонтæмæ, ветерантæмæ гъæуама федаргонд уа социалон косæг, координатор. Уæрæсей æнхæстгонд цæунцæ Устур Фидибæстон тугъди, æндæр буцæути ветерантæн агъази мадзæлттæ, гъæуама адресон фонд исонибони еци ихæстæ æхемæ райса. Абони тугъдон служби зиндзийнæдтæ ’взарунцæ фæдздзурди адæм æма бархеуонтæ. Губернатортæ куд зæгъунцæ, уотемæй ефтонгади æма медицинон служби еугур фарстатæ нерæнгæ хузæнон лухгонд нæ цæунцæ.
* * *
Сæрмагонд операций архайгутæн, бархеуонтæн гъæуама лæвæрд цæуа фæлладуадзуни рæстæг, 14 бони æмгъудæй æхсæз мæйи еу хатт. Алли æфсæддонæн дæр гъæуама уа æ бийнонти бæрæг кæнуни фадуат.
* * *
Нигулæн нæ нихмæ айдагъ тугъдон информацион фронт нæ байгон кодта, фал ма экономикон гæрæнтæ дæр исæвардта. Фал æ къохи неци бафтудæй, æма нæ бафтуйдзæнæй. Гæрæнти хъæппæресгунтæ сæхе æфхуæрунцæ. Сæ бæстити исæхгæдтонцæ сæ кустуæттæй берети, сæхемæ энергетикон къурцдзæвæн райдæдта. Экономикон гæрæнтæ æвæргутæ нæ адæми бафхуæрунбæл архайдтонцæ, фал сæ фæндтæй неци рауадæй. Уæрæсейаг амалгъонадæ æ логистикæ иснæуæг кодта, бæрнон амалгъонти хæццæ бастдзийнæдтæ исфедар кодта. Уæхæнттæ дуйней берæ ’нцæ.
НÆ АБОНИ ЦАРДАРÆЗТИ ГЪУДДÆГУТÆ ÆНТÆСТГИНÆЙ АРАЗУНГЪОН АН АЛЦÆМÆЙДÆР
Граждайнаг промышленнон къабæзтæ фарæ фулдæр рауагътонцæ товартæ, гъæууонхæдзарадон къабази дæр продукци дууæ хатти фæффулдæр æй. Фæллойни базарадæ, раздæри хæццæ рабаргæй, æ уавæртæ фæппарахатдæр кодта.
* * *
Нæ размæ ци нисантæ фæззиннуй, айдагъ уони исæнхæст кæнунмæ исарæхсунбæл нæ цæуй дзубанди. Сæйрагдæр æй экономикæ нæуæг, уæлдæр бунатмæ ракæнун. Абони æрлæудтæй фадуæтти рæстæг. Ведомствити ’хсæн циуавæрфæнди æнæлæдæрундзийнадæ, нихмæлæуд райеуварс кæнун гъæуй. Алцидæр – гъуддагæн кæройнаг бæрæггæнæн бæрзонд кæнуни сæрбæлтау. Хецæн бийнонти кустуæттæ искæнун уæлахезбæл банимайгæ ’й. Алкедæр циуавæрдæр нисанбæл байархайдзæнæй æма си еумæйаг æнтæстдзийнадæ рауайдзæнæй.
* * *
Фиццагидæр бал нæмæ гъæуама фæззиннонцæ логистикон рахезæнтæ. Уæлдай æргом æздахдзинан дуйнеуон рахезæн Цæгат-Хонсармæ. Е нин Инди æма Пакистани хæццæ байгон кæндзæнæй гъуддаги æмгустади нæуæг маршруттæ. Сибир, Арктикæ æма Идард Искæсæни ирæзти нисантæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ. Иннæ анз федералон æма регионалон трассити 80 проценти хузæнонгонд æрцæудзæнæнцæ.
* * *
Æрдзон газ адæми цæрæн рауæнтæмæ лæвар уадзуни программæ æнхæстгонд цæуй идарддæр. Еци программæ уодзæнæй еудадзугон – сæ цæрæн хæдзарæмæ газ лæвар цæмæй бауадзонцæ, еци фарстай хæццæ адæмæн сæ бон кæдфæндидæр бахатун æй сæхе гъæугæ кустуатмæ.
* * *
Аци анзæй æ тухи цæуй цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради къабази цалцæги программæ. Æма æ райдайæн гъæуама уа гъомусгин, е æй ахсгиаг.
* * *
Райдæдта промышленнон ипотекæ дæттуни куст. Уæхæн кредитæн æ бæрцæ ’й 500 миллион сомей уæнгæ. Аци анзæй фæстæмæ æ тухи бацудæй промышленнон кластертæ аразуни нæуæг уагæвæрд. Æвæрд сæбæл ци хъалон ес, уомæн æ аргъ æй зингæ минкъийдæр. Нæ зæрдæ куд дарæн, уотемæй инвестицион бæрцæ гъæуама исуа 2 триллион соми. Нæ бæсти Хецауадæй корæг дæн, цæмæй еци куст фæттагъддæр кæнонцæ – нуртæккæ зæрдæмæдзæугæ финансон уавæртæ æнæ аразæн нæййес.
* * *
Финансон æгъдауæй Уæрæсе нуртæккæ æй тухгин, фæсарæйнаг æфстæутти гъæуагæ нæ ан, æхца корун нæ некæмæй гъæуй. Уæрæсейаг банктæ ’нцæ федар, косунцæ æнæкъулумпийæй æма хузæнон. Евгъуд анзи бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, банкти куст, еумæйагæй райсгæй, адтæй æфтуйæггин. Аци анзи дуккаг квартали бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ ба инфляци фæххæстæг уодзæнæй, нисан ин ке кодтонцæ, еци бæрæггæнæнтæмæ, гъома, 4 процентемæ. Е ба амонуй, кредит райсунæн æнцонвадуат уавæртæ ке уодзæнæй, уой.
* * *
Барвæндонæй пенсион æвæрæнтæ кæнунæн фæндон уайдæ фæдзæхстадон æхцай бæрцæ дууæ хатти фæффулдæр кæнун – 2 миллиард сомей уæнгæ. Уомæй уæлдай, адæми æндæр æвæрæнтæ дæр æнцæ багъæуайкæнуйнаг.
* * *
Хеамалгъонадæ ирдæй равдиста, раййевæ-баййевæ ка кæна, уæхæн уавæрти дæр æ бон косун æма архайун кæмæн æй, уой. Уомæ гæсгæ гъуддаги алли пайдахæссæг хъæппæресæн дæр гъæуама уа агъаз. Уой туххæй ба, мæ гъудимæ гæсгæ, нæуæгæй æркæсун гъæуй, экономикон ихалæн цаутæбæл дзубанди кæми цæуй, Уголовон кодекси еуæй-еу еци статьятæмæ. Ке зæгъун æй гъæуй, алци хатир кæнунæн, хеваст миутæн æруадзæн нæййес, фал амалгъонадæ æгæр тухсун кæнун – е дæр нæ бæззуй. Еци-еу рæстæг Хецауадæй корæг дæн, цæмæй Парламенти хæццæ еумæ бакосонцæ аци фарстай хæццæ баст экономики уавæр фæххуæздæр кæнуни уæлæнхасæн мадзæлттæбæл.
Бизнес гъæуама коса Уæрæсей фæзуатбæл – е æй бундорон закъон.
Уæрæсей Президент Владимир ПУТИНИ Нистауæн фегъосун кæнуни фæдбæл хунд æрцудæнцæ сæрмагонд тугъдон операций архайæг æфсæддонти агъазиау къуар дæр. Се ’хсæн адтæй не ’мзæнхон, Цæгат Иристони паддзахадон медицинон академий рауагъдон, медицинон служби лейтенант Мария МИРОШНИЧЕНКО. Операций архайуй æ тæккæ райдайæнæй фæстæмæ. Æма е ’хсаргин æскъуæлхтдзийнæдти туххæй медиктæй фиццаг хуарзæнхæгонд æрцудæй тугъдон хуæрзеуæгæй.
НÆ ТОХИ НИСАН ÆЙ – УÆРÆСЕЙÆН ГЪÆУАМА УА ГЪОМУСГИН УНИ БАРÆ
Нæ национ экономикæ 90-аг æнзти е ’ргом раздахта Нигулæнмæ. Фæсарæйнаг паддзахæдтæ Уæрæсемæ кастæнцæ, хомаг райсунæй уæлдай æндæр ка нецæмæн бæззуй, уæхæн бæсти цæстæй. Уæхæн цæстингас фехалунæн мах багъудæй берæ æнзтæ. Æма еци гъуддаги нæ къохи бафтудæнцæ хуарз æма бæлвурд æййивддзийнæдтæ. Гъо, фал нæ бизнес ци уавæрти ирæзтæй æма парахат кодта. Технологитæ – Нигулæни, финансон базарадæ – Нигулæни. Мадта æхцатæ дæр – уордæмæ. Фæстаг цаутæ нин ирдæй равдистонцæ – æвæлмон цард кæнунæн Нигулæн ка равзурста, етæ сайди фæцæнцæ. Æма уой ка нæ балæдæрдтæй æма æ исонибони цард фæсарæнти хæццæ ка баста, уонæн фæсарæн сæ цар растъигъта.
* * *
Уæхæн адæймæгутæ Нигулæнæн алкæддæр уодзæнæнцæ æцæгæлойнаг, æма сæ уоми æгириддæр неке нецæмæ дардзæнæй. Алкæддæр си уодзæнæнцæ дуккаг сорт. Фал ма сæ ес равзаруни барæ – сæхе бæсти косун. Алкедæр си гъæуама балæдæра – фæрнуг цардæн æ ратæдзæнтæ гъæуама уонцæ айдагъдæр ами, Уæрæсей. Æма уæд нæ къохи бафтуйдзæнæй исаразун, æхуæдæг æхе дарунгъон ка уа, уæхæн федар æма хъаурæгин экономикæ.
* * *
Евгъуди ниууадзетæ, кæми æй, уоми, мабал ибæл хуæцетæ æма уин Нигулæни ци æхцатæ байзадæй, уони ратонунбæл мабал архайетæ. Берети уи зонун лæгæй-лæгмæ æма ми æруагæс кæнуй, уæ хъаурæ, уæ гъомус берæ ’й. Райдайетæ нæуæг бизнес, уæ инвестицитæ Уæрæсей ’рдæмæ раздахетæ, æма уотемæй уе ’хцатæбæл дæр бафтуйдзæнæй, адæми ’хсæн дæр уæ кадæ уодзæнæй бæрзонд. Уæрæсе æй хуæдхуз цивилизаци. Уомæй нæхе иннетæй бæрзонддæр не ’вæрæн, фал е æй нæхе цивилизаци, ниууагътонцæ нин æй нæ фидтæлтæ, æма е æй ахсгиаг. Не ’мбæлтти хæццæ никки федардæр кæндзинан нæ бастдзийнæдтæ. Фал, еугуремæй фиццаг, æууæнддзинан нæхе хъаурæбæл, нæхе гъомусбæл. Мах зонæн хæларæй цæрун, нæ дзурдæн ан хецау, некæд неке зæрдихудти бацæудзинан æма фæййагъази рæстæг еци агъазмæ алкæддæр цæттæ аН.
* * *
Еци гъуддагæн æ ахсгиагдæр рахуæцæнтæй еу æй нæхе культурæ ирæзун кæнун. Уæлдæр ахургæнæндæнтти культури къурсити æмвæзадæ гъæудзæнæй никки фæббæрзонддæр кæнун. Нæ фæсевæд æнцæ рæсугъд, искурдиадæгин, нæ бæсти хуарзбонæн лæггадæ кæнунмæ ’нцæ цæттæ. Уæхæн æригæнтти туххæй исаразтан конкурс «Уæрæсей раздзæуæг». Донбасс æма Новороссийски ка райгурдæй, етæ гъæуама исуонцæ еци регионтæн сæ рохс федæни сæйраг æнцойнæ. Æма мæ дзурд уонæмæ ’й – Уæрæсе уæбæл æ зæрдæ хъæбæр даруй.
* * *
Фæндон хæссун – Донецки æма Лугански адæмон республики, Херсони æма Запорожьей облæстти, 2007 анзи кæрони сувæллæнттæ кæмæн райгурдæй, еци бийнонтæн ниййерæги капитал дæттун. Уæхæн агъаз æ рæстæги бакодтан Хъирим æма Севастополæн дæр. Евгъуд анзæй фæстæмæ, дууæ æма уомæй фулдæр сувæллони кæмæн ес, еци бийнонтæн, сæ цæруни уавæртæ фæххуæздæр кæнуни фæндæ ку искæнонцæ, уæд уæгъдæгонд цæунцæ цæрæн хæдзарæ рауæйæ кæнуни туххæй хъалон федунæй.
СОЦИАЛОН КЪАБАЗИ НÆМÆ АЛЦИДÆР ГЪÆУАМА АРÆЗТ ЦÆУА АДÆМИ НИВÆН
Уæрæсейаг бийнонти нивæбæл цард æма сæ фæрнугадæ, уой хæццæ бастæй ба – демографион уавæр – комкоммæ аразгæ ’нцæ, социалон къабазæ ци уавæри æй, уомæй. Социалон нисанеуæги национ проекттæ æнхæст кæнунæн 2024 анзмæ ци хæрзтæ æвæрд æрцудæй, уони райсун регионтæн сæ бон æй нуртæккæ дæр. Æцæг, кæмæ си цæйбæрцæ ’рхауа, уæхæн цæстæй кæсгæ нæй. Е уæлдай ахсгиаг æй æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фиццаградон агъаз райаразуни гъуддаги. Хецауадæ æма регионти разамонгутæй корæг дæн – сæйраг æй, дзуаппон гæгъæдити ци нимæдзтæ байамонайтæ, уони нæ, фал медицинон лæггади хуæрзгъæдæдзийнадæ цæстæ куд уина, уой.
ФУДЗÆРДИУАГÆЙ ИННЕТИ АХЪЕЛÆГÆН ÆХЕБÆЛ ÆРЦÆУНЦÆ Æ КÆЛÆНТÆ
Америки Еугонд Штатти хæццæ нæ рахастдзийнæдтæ бустæгидæр ихæлд æрцудæнцæ, æма е æнæгъæнæйдæр уонæн сæхе фуд æй. Сæхуæдтæ нин ци фудмиутæ аразунцæ, уой хæццæ ба ма нихмæ ахъелунцæ сæ хъозæнтти.
Уой фæдбæл мæ бон æй берæ дæнцитæ æрхæссун. Фал зæгъдзæнæн еу фарстай туххæй. Аци анз феврали Цæгататлантикон альянс Уæрæсейæй байагурдта, цæмæй нæуæгæй раздæхæн стратегион тохæнгæрзти туххæй бардзурдмæ æма син нæ ядерон гъæуайгæнæн объекттæ бæрæг кæнуни барæ раттæн. Ци æй е? Æдулити театр, æндæр ма син ци схонæн ес?
Нæ стратегион авиаций базитæ ниццæвунбæл Киеви режим ке архайуй, уоми фудгин ке æй Нигулæн, уой зонæн. Еци гъуддаги син НАТО-й специалисттæ агъаз ке кæнунцæ, е дæр сосæггаг нæй. Нур ба ма сæ æрфæндæ адтæй нæ гъæуайгæнæн объекттæмæ дæр инспекций цæун? Нури уавæртæ нимайгæй, е æй æдулити фæндæ.
ЦИУАВÆРФÆНДИ ÆВЗЕДÆНТÆН ДÆР ДЗУАПП РАДТУНМÆ УÆРÆСЕ ÆЙ ЦÆТТÆ
Нæуæг ядерон тохæнгарзи фæлварæнтæмæ нæ бæсти гъæуайкæнуйнади министрадæ гъæуама цæттæ уа. Ядерон тохæнгарзæй мах фиццаг испайда кæнæн, уомæ æгириддæр нæ тундзæн. Фал Еугонд Штаттæ уæхæн фæлварæнтæ ку исаразонцæ, уæд гъæуама уомæ уæн цæттæ.
* * *
Циуавæрфæнди æртхъерæнтæн дæр дзуапп раттунмæ Уæрæсе æй цæттæ. Уомæн æма мах ан еу бæстæ, еу адæм. Нæхебæл æма нæ хъауритæбæл æууæндæн, æма ’й зонæн – рæстдзийнадæ ’й нæ фарс.
* * *
Редакцийæй. Владимир Путин æ Нистауæни политикон, социалон-экономикон æма культурон къабæзти ци берæ фарстати туххæй дзурдта, уонæн сæ ахсгиагдзийнадæ гæсгæ агъазиау ке æй, уомæ гæсгæ сæбæл нæ газети идарддæр номерти дæр дзордзинан, бæлвурд æрмæгутæ мухур кæнгæй.