ВАКЦИНАЦИ ЦÆУЙ ÆНÆКЪУЛУМПИЙÆЙ
Нæ республики коронавируси нихмæ мадзæлттæ æнхæст кæнуни фæдбæл куст куд цæуй, вакцинаци ка искодта, етæ сæхе куд æнкъарунцæ æма ма медицинон къабази архайди хæццæ баст æндæр фарстатæ бæлвурд базонуни туххæй, республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæ фембалдæнцæ Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Годжицати Тамерлани хæццæ.
Æ радзубандий е куд загъта, уотемæй нæ республикæ райста дууæфазон вакцини 13262 дози. Абони уæнгæ Цæгат Иристони вакцинаци искодтонцæ 9947 адæймаги. Етæ ‘нцæ, æ фиццаг фазæ ка искодта æма медицинон регистри номхигъди ка ‘й, етæ. Аци ахсгиаг гъуддаг райдайæни нæ республики зинтæй цудæй, уомæн æма адæм нæ зудтонцæ, циуавæр вакцинæ ‘й, циуавæр фæстеугутæ расайдзæнæй, уой æма тарстæнцæ. Фал арфæ кæнæн нæ медицинон косгутæн æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæн сæ рохситауæн архайди, адæммæ раст æма гъæугæ информаци æвæстеуатæй ке хъæртун кæнунцæ, уой туххæй. Нæ еугуремæн дæр афонæ ‘й балæдæрун, вакцинаци нæ еумæйаг пайдайæн ке æй, нæхе дæр æма, нæ алфамбулай ка æй, уони дæр хуæцгæ незæй багъæуай кæнуни ахсгиаг мадзал.
Гъулæггагæн, интернети алли фæрæзнитæй хæлеугонд цæуй æнæраст, адæми сæри зунд усхъуммитæгæнæг хабæрттæ. Еци миутæ зæранхæссæг кæд æнцæ, уæддæр адæм, куд уинæн, уотемæй æвдесунцæ гъæугæ æнæууæнкæдзийнадæ аци гъуддагмæ. Фæстаг рæстæг адæм фулдæр æма растдæр информаци ке базудтонцæ, уомæ гæсгæ се ‘ргом фулдæрæй-фулдæр æздахунцæ вакцинаций гъуддагмæ, сæхе зæрдтæй аразийæй цæунцæ медицинон уагæдæнттæмæ.
– Мах нæ куст аразæн бæлвурд æма æргомæй, – баханхæ кодта министр. – Сосæггагæй нæмæ неци ес. Нæ республики цæргутæй вакцинаци ка искодта, етæ еугурæйдæр сæхе лæдæрунцæ хуарз.
Вакцинацигæнæн къæбинеттæ ци медицинон уагæдæнтти ‘нцæ, уоми косунцæ дæсни æма сæрмагондæй цæттæгонд специалисттæ. Нæ программæ уотæ арæзт æй, æма фиццагидæр гъæуама дохтир адæймаги фæууина, исбара ин æ бауæри тæвдæ, тоги æлхъивдадæ, исбæрæг кæна, ести незтæ имæ ес æви нæййес. Айдагъдæр еци хабæрттæ исбæлвурд кæнгæй ес искæнæн фиццаг вакцинаци.
Уой фæсте алли адæймагæн дæр исаразæн электронон бонуг, уоми аллибон сæхуæдтæ бæрæг кæнунцæ, сæхе куд лæдæрунцæ, уой. Еудадзуг сæмæ дохтирти ’рдигæй ес гъæугæ цæстдард.
Æ радзубандий кæронбæттæни ба ма Годжицай-фурт сæрмагондæй баханхæ кодта:
– Цæмæй не ‘хсæн коллективон иммунитет фæззинна, уой туххæй гъæуама вакцинаци искæнонцæ адæми 60 проценти.
Министри еци загъдбæл, махмæ гæсгæ, алкедæр ни лæмбунæг расагъæс кæнæд æма гъæугæ хатдзæгтæ æхецæн искæнæд, æхе, æма, æ алфамбулай ка æй, уони хуарзæн гъæугæ унаффæ рахæссæд.