25 апреля 2024

ЗИНГИСЕРВӔЗТӔЙ БАГЪӔУАЙ КӔНУНӔН

29.03.2022 | 15:29

Цӕрӕнуати медӕгӕ зингисервӕзтитӕ, ахиддӕр си ка цӕруй, еци адӕми фудӕй ке рауайунцӕ, уой зонетӕ? Берӕ ӕнзти дӕргъи хъиамӕт кӕнгӕй, адӕм ке исамал кӕнунцӕ, арт еци есбойнадӕ ӕгъатирӕй искунӕг кӕнуй. Зингисервӕзт ке фудӕй рауайуй, еуӕй-еу хатт еци адӕймӕгутӕ дӕр арти амӕттаг фӕуунцӕ.

Аци анзи райдайӕнӕй нуриуӕнгӕ Дзӕуӕгигъӕуи рауадӕй 23 зингисервӕзти (сӕ фулдӕр хай – цӕрӕнуӕтти медӕгӕ). Зингисервӕзтити фудӕй еу адӕймаг гъигӕдард баййафта.

Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, зингисервӕзтитӕ цӕрӕнуӕтти ахиддӕр рауайунцӕ мӕнӕ ауӕхӕн ӕууӕлти фудӕй:

– ӕртхотӕгдони рази ке исӕвардтонцӕ, кенӕ зӕнхӕмӕ ӕдзӕллаг уагӕй ке ‘ргӕлстонцӕ, кенӕ ниуӕзтгун адӕймаги къохӕй ка ӕрхаудтӕй, тамакуй уӕхӕн ӕскъӕрнӕг;

– ӕвӕгӕсӕгӕй косгӕй ке ниууагътонцӕ, уӕхӕн электроприбортӕ;

– гъӕндзийнӕдти хӕццӕ электрон тухӕуадзӕн телтӕ;

– спичкитӕй сувӕллӕнтти гъазт;

– цардиуагон гази прибортӕй пайдакӕнуйнади фӕтки ихӕлд.

Уӕлдӕрамунд ӕууӕлтӕ нимайгӕй, Уӕрӕсей Ӕнӕнгъӕлӕги уавӕрти министради сӕйраг цӕгатиристойнаг управлени адӕмӕн фӕдзӕхсуй зингисервӕзти ӕдасдзийнади домӕнтӕ ӕнхӕст кӕнун, гъома:

– электрон тухӕ устур бӕрцӕй ка харз кӕнуй, уӕхӕн электроприбортӕ еци-еу рӕстӕг электрон тухӕдӕттӕн телти хӕццӕ ку байеу кӕнай, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма зингисервӕзт рауайдзӕнӕй. Заводи арӕзт гъӕуайгӕнӕнти бӕсти хеконд гъӕуайгӕнӕнтӕй («жучок»-тӕй) пайда кӕнун ӕгириддӕр не ‘нгъезуй, уомӕн ӕма хеконд гъӕуайгӕнӕнтӕй пайда кӕнуни фудӕй зингисервӕзтитӕ ахид рауайунцӕ:

– уӕ цӕрӕнуати уӕвӕг электрон тухӕуадзӕн телти уӕлцъарӕ, розеткитӕ ӕма цирагъ хуссунгӕнӕнтӕ кӕд гъӕндзийнӕдти хӕццӕ ‘нцӕ, уӕд сӕ баййевун кӕнетӕ электромонтерӕн;

– гази пецӕй пайда кӕнуни дзамани форточкӕ байгон кӕнун ма феронх кӕнетӕ, содзгӕ ка кӕнуй, еци гази пецтӕ ӕвӕгӕсӕгӕй ма ниууадзетӕ, уӕдта сӕмӕ сувӕллӕнтти ӕма аци пецӕй пайда кӕнун нӕзонӕг адӕймӕгути хӕстӕг ма бауадзетӕ;

– газ уадзуй ӕви нӕ, уой рабӕрӕг кӕнунӕн игон артӕй ма пайда кӕнетӕ (уотӕ бакӕнуни фудӕй исрӕмугъд рауайдзӕнӕй)! Аци гъуддаг банхӕст кӕнунӕн тӕккӕ хуӕздӕр ӕй сапойни финкӕй испайда кӕнун;

– тӕнгъӕдӕ гази хӕццӕ баллонӕй ӕдасӕй пайдакӕнуйнади фӕткӕ ӕнхӕст кӕнетӕ! Гази хӕццӕ баллӕнттӕ ӕфснайдӕй дарун гъӕуй бӕстихаййи ӕндегӕй ӕнӕсодзгӕ ӕрмӕгӕй арӕзт уӕлӕнхасӕн хатӕни уӕвӕг скъаппи медӕгӕ, бӕстихаймӕ бацӕуӕнӕй тӕккӕ минкъийдӕр 5 метремӕй ӕндӕдӕр рауӕн;

– косгӕ телевизор ӕвӕгӕсӕгӕй ма уадзетӕ, уӕдта ‘й сувӕллӕнтти бӕрни дӕр ма кӕнетӕ! Телеравдистмӕ бакасти фӕсте ‘й рахуссун кӕнетӕ ӕма вилкӕ штепселон розеткӕй рафтауетӕ;

– уазали ниссӕлӕг машинттӕ, механизмтӕ, донуадзӕн хӕтӕлтӕ ӕма ӕндӕр ефтонггӕрзтӕ гъар кӕнун гъӕуй айдагъдӕр тӕвдӕ донӕй, зменсӕ ӕма дони тӕфӕй. Аци гъуддаг банхӕст кӕнунӕн арт ӕма ӕхседӕрфтӕй пайда кӕнун нӕ гъӕуй;

– сувӕллӕнттӕ артӕй цӕмӕй ма гириз кӕнонцӕ, уой туххӕй, сувӕллон спичкитӕмӕ кӕми нӕ бахъӕрта, уӕхӕр рауӕнти сӕ гъӕуй римӕхсун, уӕдта сувӕллӕнтти еунӕгӕй, ӕнӕ хестӕр адӕймаги цӕстдардӕй цӕрӕнуати медӕгӕ уадзун не ‘нгъезуй.

Зингисервӕзт кӕд рауайа, уӕд ӕвӕстеуатӕй зингхуссунгӕнгутӕмӕ фӕдздзоретӕ ӕма ‘й  уӕ къохи бафтуйӕг фӕрӕзнитӕй хуссун кӕнун райдайетӕ, содзгӕ бӕстихаййӕй рагацау адӕми ӕдас рауӕнмӕ раййевгӕй.

Уӕрӕсей Федераций Ӕнӕнгъӕлӕги уавӕрти министради сӕйраг цӕгатиристойнаг управлений Дзӕуӕгигъӕуи цӕстдарӕн архайди ӕма фидбилизӕй бахезуни кусти хайадӕ.