10 ноября 2024

ЗУНДИ ХÆЗНА ЗУНДГИН АДÆММÆ АГОРÆ!..

08.10.2022 | 14:11

Номдзуд рагонбердзейнаг зундилæг Эзопи финст æмбесæндтæй еуеми дзубанди цæуй, хуæрзæмбæлттæбæл ке нимадтонцæ, уæхæн дууæ лæхъуæней туххæй. Кæддæр етæ надбæл куд цудæнцæ, уотемæй æнай-æнойти сæ размæ фæцæй арс. Лæхъуæнтæй еу уайтæккæддæр бæласæмæ исбурдæй æма уой цъоппи æхе æрримахста. Иннемæн ба раледзуни фадуат нæ фæцæй æма зæнхæбæл фæддæлгоммæ æй, æхе мæрдæнгас ракодта. Арс имæ бацудæй, басмуститæ имæ кодта – лæхъуæн æ уолæфт бауорæдта, уомæн æма, дан, еци сирд мæрдтæмæ не ‘вналуй.

Арс рандæй. Бæласæбæл ка бадтæй, е æрхизтæй æма е  ‘мбали фæрсуй, арс дин дæ гъоси ци дзурдта, зæгъгæ. Лæг ин равардта дзуапп:

– Арс мин загъта: унгæги рæстæг, дан, дæ еунæгæй ка ниууадза, уæхæн æмбæлтти хæццæ балций ма цо…»

***

Аци æмбесонди гъуди – зæрдæдарæн кæбæл ес кенæ ба нæййес, е тæссаг уавæрти рабæрæг уй – æцæг ке ‘й, уой мах, Уæрæсей дзиллæ, нæхебæл дæр бавзурстан. Нæ фæрци ка исбайлæгъ æй æма нин сæ хæлардзийнадæй ка сомитæ кодта, етæ, нæ бæстæ еуцæйбæрцæдæр зинтæ æвзарун ку райдæдта, уæд ни фæлледзæги ‘нцæ, сауæнгæ ма нæбæл гадзирахаттæй дæр рацудæнцæ – абони нæмæ знаги цæстæй ка кæсуй, уони хъозæнттæ фестадæнцæ… Уогæ уони барæ ес, баруагæс уи уæд, цæйбæрцæдæр рæстæг рацæудзæнæй, æма сæ еци миутæбæл æрфæсмон кæндзæнæнцæ… Сæйрагдæр ба ‘й – цума, амæй фæстæмæ фæззундгиндæр уодзинан æцæг, æууæндун кæбæл æнгъезуй, уæхæн лимæнтæ æма æмдзæуинтæ  ‘взарунмæ?..

 

Марк Туллий Цицерон, рагонромаг политик, финсæг: «Куд арф æнцæ, уогæ ба æдулидзийнади уедæгтæ…»

Æма уотæ ке ‘й, е абони дæр æруагæс кæнуй, зæгъæн Украини нури бодзоти сæргъæн миутæй. Сæ æдулидзийнадæ ба е æй, æма кедæр ардудæй сæ бæстæ дæр æма сæ адæми дæр сæрисæфæнмæ тæрун ке байдæдтонцæ. Еци «раздзæугутæ» ма сæ кеми æрцæудзæнæнцæ, уобæл, æвæдзи, уоййасæбæл зæрдæдарæн нæййес, фал кæдимайди ба еци тæрегъæддаг бæсти дзиллæ æрæскъетиуонцæ æма си сæ ервæзунгæнæг рæстадæ фæууæлахез уидæ.

 

Пиндар, рагонбердзейнаг поэт: «Паддзахади æнæсæтгæ, федар бундор – рæстдзийнадæ…»

Уæрæсе ци сæрмагонд тугъдон операци æнхæст кæнуй, е дæр фиццагидæр рæстдзийнади сæрбæлтау æй, цæмæй уотемæй багъæуай кæна æ бундор, æ хуæдбарæдзийнадæ. Нæ Фидибæсти нæ уæхæн разæнгарддзийнадæ нæ цæуй знаггадæ нин хæссæг паддзахæдти зæрдæмæ, æма нæ нихмæ алли фудмиутæ аразунцæ. Фал, баруагæс си уæд, цийфæнди ку фæккæнонцæ, уæддæр мах уодзинан уæлахезон!

 

Плутарх, рагонбердзейнаг поэт æма историк: «Æхсарæ – уæлахези райдайæн…»

Аци загъди æцæгдзийнадæ бæлвурд æй, нæ фидтæлтæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг цæйбæрцæбæл агъазиау æхсарæ бавдистонцæ æма уæлахезонæй ниддæрæн кодтонцæ фашистон Германи æма уой хъозæнтти. Е бæлвурд æй, абони уæрæсейаг æфсæддонтæ Украини сæрмагонд тугъдон мадзали архайгæй цæйбæрцæбæл агъазиау æхсарæ  ‘вдесунцæ, уомæй дæр. Æма ни федарæй æруагæс кæнуй, етæ дæр æнæмæнгæ  уæлахезон ке уодзæнæнцæ, е. Мах ба син Хуцауæй корæн, цæмæй нæмæ сæрæгасæй исæздæхонцæ…