09 майя 2024

ЕРИСТÆ

05.08.2023 | 21:22

Райдæдта Еугуруæрæсеуон конкурс «Хуæздæр тургъæ. Хуæздæр хæдзарæ». Е арæзт цæуй дуккаг хатт. Уоми архайунæн курдиадæ бадæттæн ес 10 октябри уæнгæ. Конкурси уагæвæрдмæ гæсгæ ерис цæудзæнæй цуппар номинациеми: «Хуæздæр тургъæ» (аргъгонд цæудзæнæй, тургъи хуæрзвадуат æма ибæл цæргутæ куд архайунцæ); «Тæккæ лимæндæр хæдзарæ» (аргъгонд цæудзæнæй, æнæлухгонд фарстатæ еуварс кæнунбæл цæргутæ куд æмхузонæй æма зæрдиагæй архайунцæ); «Хуæздæр бацæуæн» (аргъгонд цæудзæнæй, æ исаййев кæнунбæл цæргутæ куд зæрдиагæй архайунцæ æма кусти хуæрзгъæдæдзийнадæ куд æй); «Тæккæ энергоахедгæдæр хæдзарæ» (аргъгонд цæуй, цæрæнуатон-коммуналон феддонтæ ци мадзæлттæмæ гæсгæ фæмминкъийдæр æнцæ).