11 октября 2024

БИЙНОНТИ ФАРНӔЙ ФИДИБӔСТӔ ДӔР ТУХГИН КӔНУЙ…

20.07.2021 | 15:41

Идарддӕр.

Райдайӕн 25-аг номери.

____________________

САКЪИТИ Эльбрус

__________________________

Нӕ рагфидтӕлтӕй нин байзадӕй мӕнӕ ауӕхӕн зундгин загъд: «Хуарз хӕдзарӕн – хуарз номхӕссӕн!..» Хӕдзарӕ хуарз уӕд фӕууй, ӕма си бийнонтӕ ӕнгомӕй, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ку фӕццӕрунцӕ. Нӕ рагфидтӕлтӕ ма хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Ӕ бийнонтӕ хӕларӕй кӕмӕн цӕрунцӕ, уомӕн ӕ хӕдзари бӕркад берӕ ‘й!..» Гъе уомӕ гӕсгӕ бийнонти цардарӕзт раги дзаманти хъӕбӕр бӕрзонд цӕстиварди адтӕй нӕ адӕммӕ, уотӕ ‘й нимадтонцӕ, ӕма еу бийнонтӕ дӕр ӕнӕгъӕнӕ гъӕубӕстӕн дӕр ӕнцӕ ӕ цӕсгон, е ‘гъдаудзийнади ӕвдесӕн.

Уогӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, цийфӕнди хуарз ӕргъауи дӕр еу гъолон фиртон разиннуй. Уотӕ ‘й адӕми цардарӕзти дӕр, ӕвӕдзи, еунӕг уӕхӕн синх дӕр нӕййес ӕма ӕведауцӕ бийнонтӕ кӕми нӕййес. Ӕма си уӕддӕр ести амӕлтти ку фӕййервӕзунцӕ, уӕд син еци хабар устур цийнаг исуй. Уой фӕдбӕл ес мӕнӕ ауӕхӕн таурӕхъ. Цӕветтонгӕ, еу бийнонтӕ сӕ цӕрӕн бунат раййивтонцӕ ӕндӕр рауӕнмӕ. Ӕма ци синхи ӕрцардӕнцӕ, уоми нӕлгоймӕгтӕ сӕ нӕуӕг синхони ӕнцад нӕбал уагътонцӕ:

– Дӕ нӕуӕг бунатӕн исковӕ – кувд искӕнӕ!.. Уотӕ амонуй ӕгъдау!..

Уӕд син сӕ нӕуӕг синхон, ӕхецӕй хъӕбӕр ниббоз уогӕй, уотӕ ку зӕгъидӕ:

– Кувд, кӕцӕй ралигъдтӕн, уоми искӕндзӕнӕнцӕ…

Ӕма уӕхӕн цаутӕ минкъий ӕрцӕуй нури доги?.. Гъулӕггагӕн, фӕстаг рӕстӕгути ивадӕй-иваддӕр кӕнуй, бийнонтӕ адӕми ‘хсӕн цӕргӕй, сӕ хуӕрзӕгъдаудзийнадӕбӕл ӕновудӕй ку архайдтонцӕ, еци фӕткӕ. Уотӕ дӕр зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма бийнонтӕ ӕма ӕхсӕнадӕ кӕрӕдземӕн еуцӕйбӕрцӕдӕр исӕцӕгӕлон ӕнцӕ, алкедӕр си хебарӕй кӕнуй ӕ хабӕрттӕ. Ӕма уӕхӕн уавӕри фӕстеугутӕ ба зӕранӕй уӕлдай неци хӕссунцӕ. Бийнонтӕй алкедӕр гъӕуама лӕдӕра, дзилли ‘хсӕн цӕргӕй ибӕл цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау бӕрнондзийнадӕ ӕвӕрд ес, уой. Мадта дзиллӕ дӕр гъӕуама ауодонцӕ алли хецӕн бийнонтӕбӕл дӕр, уомӕн ӕма си ка циуавӕр зундирахастбӕл хуӕст уа, уомӕй аразгӕ ‘й еумӕйаг цардиуагӕ.

ДЗИУАТИ Батрази конд хузæ «Фæззигон бæрæгбон».

Гъе уомӕ гӕсгӕ райдӕдтан бийнонти туххӕй нӕ абони дзубанди дӕр. Райдӕдтан ӕй нӕ газети айразмӕ номери, ӕма ‘й уоми фӕккӕрон кодтан еу фидтӕлтиккон таурӕхъӕй. Зондзинайтӕ ‘й, рагон дзаманти бийнонтӕ цийфӕнди берӕ ку уиуонцӕ, уӕддӕр еу хӕдзари цӕриуонцӕ. Фурттӕ бийнонти гъуддаг ку бакӕниуонцӕ, уӕддӕр сӕ фидиуӕзӕгӕй нӕ рандӕ уиуонцӕ. Ци цӕуӕт син рантӕсидӕ, етӕ дӕр ӕнсувӕрти цард кодтонцӕ, айӕ мӕн фидӕ ‘й, зӕгъгӕ. Фал уотӕ дӕр рауайидӕ, ӕма сӕ уавӕртӕ ӕгӕр ку исунгӕг уиуонцӕ, уӕд син кӕрӕдземӕй ӕнӕ райуарӕн нӕбал уидӕ. Ӕма еу рӕстӕги гъуддаг исаразун ци ӕнсувӕрти багъудӕй, уонӕй еу бустӕги хуӕрзтӕй нӕ адтӕй. Ӕма иурсти хабӕрттӕ ку рахецӕн ӕнцӕ, уӕд еци ӕнсувӕри кӕстӕр биццеу, уой ку балӕдӕрдтӕй ӕма ин уой хӕццӕ цӕргӕ уодзӕнӕй, уӕд хӕкъурццӕй кӕугӕй уотӕ загъта: «Лӕгъуздӕр махмӕ ‘рхаудтӕй!..» Мӕгурӕг, е уотӕ ӕнгъалдта, ӕма ӕнӕуой мулкитӕ куд иурстонцӕ, ӕнсувӕрти дӕр гъӕуама уотӕ райурстайуонцӕ. Ӕма ‘й куд нӕ зудтайдӕ ка си циуавӕр ӕй, уой.

Нур, расагъӕс кӕнайтӕ, ӕ кӕстӕртӕ дӕр уоййасӕбӕл кӕмӕй исгъигӕ ‘нцӕ, ӕ лӕгъуздзийнади кой ӕргомӕй ка зӕгъуй, еци кӕстӕртӕ уӕхӕн фидӕй ци гъӕуама райсонцӕ? Хуцау ма зӕгъӕд, фал исонибони етӕ сӕхуӕдтӕ дӕр уӕхӕнттӕ нӕ исуодзӕнӕнцӕ? Ӕма еци «фиди» хузӕнттӕ нӕмӕ абони ба нӕййес? Ӕгӕрдӕр ма?.. Мӕстӕйдзаг си исунцӕ сӕ кӕстӕртӕ дӕр, уӕдта сӕ уоститӕ дӕр. Уой фӕдбӕл ӕй мӕнӕ аци таурӕхъ дӕр.

Уосӕ ӕ лӕгӕй нӕбал фӕразта: алли бон хӕдзарӕмӕ цудӕй расугӕй. Еу бон исамал кодта лалун. Ниддумдта ‘й ӕма ‘й хуссӕни ӕ фарсмӕ ӕрӕвардта. Лӕг сӕ хӕдзарӕмӕ ӕнафони ку ‘рбацудӕй ӕма уоси фарсмӕ гъӕццоли буни къуппӕй ку рауидта, уӕд ӕй цума арв ниццавта, уой хузӕн ниссах ӕй. Ӕбуалгъ гъудитӕй райдзаг ӕй ӕ сӕри зунд. Уайтӕккӕ раскъафта гъӕццол. Ӕма… Ӕ уоси фарсмӕ лалун ку рауидта, уӕд фӕккуддӕр ӕй.

– Айӕ ци ‘й? – не ‘ууӕндтӕй ӕнхӕстӕй ӕ цӕститӕбӕл.

– Дӕ хуӕдӕййевӕг. Ци уӕлдай уи ес? Дӕу хузӕн хур-хур уӕддӕр нӕ кӕнуй…

Нӕ рагфидтӕлтӕй нӕмӕ ци зундамонӕн зӕгъдтитӕ ӕрбахъӕрттӕй, уонӕй еу ӕй: «Бийнонти кадӕ сӕмӕ ӕхе ӕгъдауӕй нӕ цӕуй, архайун ибӕл гъӕуй!..» Ӕма уой фӕдбӕл сӕйрагдӕр архайӕг исунцӕ, куд лӕг, уотӕ уосӕ дӕр – еугӕр нимад ӕнцӕ хӕдзари ӕмбарӕ сӕрбадӕнгӕнгутӕбӕл, уӕд гъӕуама ӕмхузӕн ихӕсгин уонцӕ бийнонти хуарздзийнадӕбӕл архайунӕй. Хуцау дӕр сӕ еумӕ хумӕтӕги нӕ исфӕлдиста, ӕма син еумӕйаг бийнонти хузи сӕ карнӕ ку исеу кӕнуй, уӕд гъӕуама ӕмзунд-ӕмвӕндӕй аразонцӕ сӕ еумӕйаг цардвӕндаги хабӕрттӕ, кӕрӕдзей лӕдӕронцӕ ӕма нимайуонцӕ, кӕрӕдземӕн бухсонцӕ… Уой фӕдбӕл дӕр уин ракӕндзинан мӕнӕ ауӕхӕн таурӕхъ:

Хуцау дуйнебӕл фиццаг лӕг Адами ку исфӕлдиста, уӕд ӕй дзенети дзӕхӕрай ӕрцӕрун кодта. Ӕхуӕдӕг уӕларвмӕ фӕттахтӕй. Адамӕн алцидӕр фагӕ ӕма уӕлдайгинтӕй адтӕй дзенети дзӕхӕрай, фал Адам мӕтъӕл кодта.

Еууӕхӕни Хуцау бабӕрӕг кодта Адами ӕма ‘й фӕрсуй:

– Дӕ цард дӕ зӕрдӕмӕ куд цӕуй, Адам?

– Ӕнкъард мин ӕй еунӕгӕй, – багъенцъун кодта Адам.

Хуцау Адами бафунӕй кодта, ӕ фӕрскъитӕй ин еу исласта ӕма си дуйнебӕл фиццаг силгоймаг Еви исаразта. Уӕдта Адами райгъал кодта ӕма сӕ еумӕ ниууагъта.

Рӕстӕг рацудӕй, ӕма Хуцау исфӕндӕ кодта: «Цӕуон ӕма мӕ исфӕлдист адӕймӕгути бабӕрӕг кӕнон».

Ӕртахтӕй зӕнхӕмӕ. Кӕсуй ӕма Адам тухст ӕма фӕлладӕй бадуй. Хуцауи ку рауидта, уӕд бацийнӕ кодта ӕма си коруй:

– Дӕ хуарзӕнхӕй, Евӕй мӕ фӕййервӕзун кӕнӕ, истухстӕн ӕ дзӕнгӕдайӕй, ӕ бостӕ ӕма тӕргӕйттӕй. Нӕ мӕ гъӕуй уӕхӕн ӕмбал. Еунӕгӕй мин хуӕздӕр адтӕй.

– Хуарз, – загъта Хуцау ӕма Еви ӕ хӕццӕ ракодта.

Рацудӕй еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг, ӕма бабӕй Хуцау зӕнхӕмӕ ӕртахтӕй. Адам дзенети дзӕхӕрай еу къуми мӕтъӕлӕй бабӕй бадуй.

– Дӕ цард куд цӕуй, Адам? – фӕрсуй ӕй Хуцау.

– Радтӕ мин фӕстӕмӕ Еви. Ӕ хӕццӕ мин зин цӕрӕн ӕй, фал ӕнӕ уомӕй дӕр нӕ фӕразун, – ӕфсӕрмигӕнгӕй загъта Адам.

Равардта Адамӕн Еви Хуцау. Ӕма абони дӕр ма лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзей хӕццӕ дӕр нӕ фӕразунцӕ, хецӕнтӕй дӕр нӕ бухсунцӕ.

Уогӕ силгоймагӕн ӕ зундгиндзийнадӕ уомӕй дӕр рабӕрӕг уй, ӕма лӕгӕй бухсагӕдӕр ӕма хебӕлхуӕцгӕдӕр ку разиннуй, уӕд. Кӕддӕр газеттӕй кӕцидӕри мухургонд ӕрцудӕй еу силгоймаги финстӕг: «Махӕн, ӕ кизгуттӕн, нӕ мадӕ уотӕ дзоридӕ:

«Бийнонти амонд, лӕг бустӕги цъамар ӕма расуггӕнагӕ ма уӕд, ӕндӕр ба уосӕй аразгӕ ‘й. Бийнонти царди зундгин е нӕй, ӕхе фӕндӕ ратӕрунбӕл ка ниддӕвдӕг уй, е нӕ, фал афойнадӕбӕл исарази унмӕ ка исарӕхсуй. Листӕг миути алкӕддӕр хатир кӕнетӕ. Листӕг миутӕ нӕ ‘нцӕ уой аккаг, цӕмӕй уони фӕдбӕл дзансахъ кӕнун райеудагъ уа…» Нӕ мадӕ нин хумӕтӕг ӕма зундгин фӕткитӕ уотид нӕ амудта, фал ӕхуӕдӕг дӕр уонӕмӕ гӕсгӕ цардӕй. Ӕма, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ, нӕ бийнонти цард адтӕй амондгун… Абони махӕй алкӕмӕн дӕр ес ӕхе бийнонтӕ, ӕхе цӕуӕт… Ӕма, нӕ мади амунддзийнӕдтӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн, уомӕ гӕсгӕ бийнонти амондӕй ӕнхӕст ан…»

Уогӕ ба уӕд силгоймӕгтӕ цӕйбӕрцӕбӕл хъаурӕгин разиндтӕнцӕ!..

Мӕйи размӕ, 22 июни ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей адӕмтӕ, уӕдта дуйней берӕ паддзахӕдтӕ, рӕстзӕрдӕ дзиллӕ хъӕбӕр хъонц кӕнгӕй, исбӕрӕг кодтонцӕ зӕрдӕбӕлдарӕн ӕма хъонци Бон – цуппаринсӕй анзей размӕ нӕ Райгурӕн бӕстӕмӕ гадзирахаттӕй ӕрбалӕбурдтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ. Райдӕдта Устур Фидибӕстон тугъд, нӕ бӕсти еугур адӕмтӕ дӕр еци еузӕрдиуонӕй исистадӕнцӕ ӕма рацудӕнцӕ цифуддӕр знаги нихмӕ тохмӕ. Еци ӕверхъау тугъд фӕццудӕй 1418 бони ӕма ӕхсӕви, ӕма ци фидбилизтӕ ӕрхаста нӕ адӕмӕн, уой уотид зӕгъунӕн дӕр гъӕугӕ дзурдтӕ хъӕбӕр зин иссерӕн ӕй, уӕдта сӕ, ӕвӕдзи, ергӕ дӕр неке искӕндзӕнӕй…

Еугӕр нӕ абони дзубанди бийнонти туххӕй ӕй, уӕд уой зӕгъун гъӕуй, ӕма еци тугъди ӕверхъаудзийнӕдти фудӕй цӕйбӕрцӕбӕл берӕ бийнонти амонд бастъалдӕй, цӕйбӕрцӕбӕл берӕ силгоймӕгтӕ исседзӕргӕстӕ ‘нцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл гъезӕмӕрттӕ бавзурстонцӕ етӕ ӕнӕ лӕгӕй сӕ бийнонти цардиуагӕ аразгӕй, сӕ седзӕр сабийти гъомбӕл кӕнгӕй, царди сӕ раст надмӕ ракӕнунбӕл архайгӕй. Уой фӕдбӕл нӕмӕ нӕ газети нури уӕнгӕ дӕр ӕрмӕгутӕ мухургонд цудӕй. Уӕдта ма идарддӕр дӕр цӕудзӕнӕй. Абони ба мухур кӕнӕн, Сохти Махар кӕддӕр ци уац ниффинста, уой – иссирдтан ӕй нӕ редакцион архиви.

Ӕркӕсӕн ӕма ӕргъуди кӕнӕн нӕ гъӕути седзӕргӕс силгоймӕгти, кӕцитӕн сӕ лӕгтӕ иснивонд кодтонцӕ се ‘ригон уодтӕ нӕ Фидибӕсти, нӕ адӕми сӕребари сӕрбӕлтау. Уонӕн сӕ фӕсте седзӕртӕй берӕ сувӕллӕнттӕ байзадӕй. Фал уӕддӕр сӕ мадтӕлтӕ нӕ фӕттарстӕнцӕ, еци седзӕргӕс силгоймӕгтӕ дессаги хъаурӕгин разиндтӕнцӕ, сӕ къохтӕ не ‘руагътонцӕ ӕма кустонцӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй, тухамӕлттӕй сӕ бӕдӕлтти ервӕзун кодтонцӕ. Еци, алцӕмӕй дӕр гъӕуагӕ рӕстӕгути, цит, сӕ бон ку нӕбал уидӕ сӕ седзӕрти хуӕруйнагӕй ӕфсадун, уӕд сӕ кӕрӕдзей хӕццӕ бамбурд уогӕй, кӕугӕ дӕр ракӕниуонцӕ. Уӕхӕн бийнонтӕ ӕз дӕр зудтон берӕ, куд нӕхе гъӕу Къора-Уорсдони, уотӕ иннӕ гъӕути дӕр. Нӕхе гъӕуи Битуйти Гӕбӕтий бийнойнаг Гиккӕ исгъомбӕл кодта ӕма уӕлдӕр ахурадӕ райстонцӕ ӕ фондз сувӕллони дӕр. Уӕхӕн бийнонтӕ берӕ ес. Уорсдони, Къорай, Хъармани, Синдзигъӕуи, сӕ еугурей ка фӕннимайдзӕнӕй.

Стур Дигори Хайманти Сергей тугъди размӕ куста колхози сӕрдарӕй. Тугъди райдайӕни рандӕ ‘й тохи будурмӕ ӕма уордигӕй нӕбал исӕздахтӕй. Ӕ хӕдзари ба байзадӕй мади хӕццӕ аст сувӕллони, ӕма сӕ мадӕ исхаста хъӕбӕр зинтӕй.

Хайманти ӕнсувӕртӕ ӕма хуӕртӕ сӕ еугур дӕр уӕлдӕр ахургонддзийнадӕ райстонцӕ: ка ахургӕнӕг иссӕй, ка – юрист, ка – аразӕг. Сӕ хестӕр Гермӕн ба иссӕй советон дзамани паддзахадон партион косӕг, адтӕй Ирӕфи райони партион комитети фиццаг секретарь. Зудтонцӕ ‘й, куд нӕ Иристони кадгиндӕр лӕгтӕй еу. Сӕ мадӕ фӕццардӕй берӕ, ӕвӕдзи, ӕ сувӕллӕнтти цийнӕй.

Уӕхӕн силгоймӕгтӕ Иристони зӕнхӕбӕл адтӕй хъӕбӕр берӕ. Етӕ сӕ хъаурӕй, сӕ нифсӕй, сӕ зундӕй нӕ бауагътонцӕ фӕккеун Иристони, сӕ муггӕгти фарнӕ, нӕ фегадӕ кодтонцӕ сӕ лӕгти рохс нӕмттӕ.

Гъулӕггагӕн, нӕдӕр паддзахади ‘рдигӕй, нӕдӕр ба ӕхсӕнади ‘рдигӕй уони агъазиауӕй-агъазиаудӕр хъиамӕттӕн гъӕугӕ аргъгонд нӕ цудӕй. Кӕд ӕма тугъди архайгутӕн уӕддӕр ести хузи кадӕгонд цудӕй, уӕддӕр Фидибӕсти сӕрбӕлтау ӕ цард ка иснивонд кодта ӕма уой фудӕй ка исседзӕргӕс ӕй, еци силгоймӕгти ба хузӕнон гъуди дӕр не ‘ркӕниуонцӕ. Е хъӕбӕр ӕнӕраст гъуддаг адтӕй!.. Зӕгъайтӕ, еци силгоймӕгтӕ фӕскъилдуни уогӕй, минкъийдӕр хъиамӕтгун адтӕнцӕ, минкъийдӕр ӕскъуӕлхтдзийнадӕ бавдистонцӕ, цӕмӕй Фидибӕсти фӕдздзурд «Алцидӕр – фронтӕн, алцидӕр уӕлахезӕн!..» уӕлдайгунтӕй ӕнхӕст кӕнунбӕл ӕвӕллайгӕй архайдтонцӕ. Уой хӕццӕ ба ма багъӕуай кодтонцӕ ӕма гъомбӕл кодтонцӕ сӕ кӕстӕрти – нӕ Райгурӕн бӕсти исонибон. Раст зӕгъгӕй, фӕстаг рӕстӕгути еци седзӕргӕстӕмӕ дӕр ауодундзийнади ӕргом ӕздахун байдӕдтонцӕ, фал ма си цардӕгасӕй цанӕбӕрӕг ес…

Махмӕ гӕсгӕ, хъӕбӕр федауцӕ ӕма бафӕнзуйнаг гъуддаг исаразтонцӕ Кирови райони Ставд-Дорти дзиллӕ. Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохмӕ сӕ гъӕубӕстӕй ка рандӕ ‘й ӕма си Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау ӕ цард ка иснивонд кодта, уонӕн ами евгъуд ӕноси 90-аг ӕнзти ӕвӕрд ӕрцудӕй мемориалон циртдзӕвӕн, сӕ рохс нӕмттӕ си мраморон къӕйдортӕбӕл финст, уотемӕй. Ӕрӕги ба гъӕубӕсти хъӕппӕресӕй еци циртдзӕвӕни фарсмӕ цитгин уавӕри ӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ никкидӕр ма къӕйдортӕ, ӕ бийнонтӕй фӕххецӕн уогӕй, аци гъӕуӕй тугъдмӕ ка рандӕ ‘й, цифуддӕр знаги нихмӕ тохи си рӕстуодӕй ка фӕммард ӕй, уони бийнойнӕгти номхигъд сӕбӕл финст, уотемӕй. Еци ӕргъудидзийнадӕн хъӕбӕр устур ахедундзийнадӕ ес, уомӕн ӕма еци силгоймӕгтӕ дӕр, тугъди ӕверхъаудзийнӕдти фудӕй ка раседзӕргӕс ӕй, етӕ агъазиауӕй-агъазиаудӕр хъазауатондзийнадӕй фескъуӕлхтӕнцӕ, уӕди зинӕй-зиндӕр рӕстӕги фуддӕрӕй-фуддӕр уавӕрти сӕ цӕуӕт хуӕрзӕгъдауӕй исгъомбӕл кодтонцӕ, царди раст нӕдтӕмӕ сӕ ракодтонцӕ, арфиаг гъуддӕгутӕ аразунмӕ сӕ фӕндараст кодтонцӕ.

Ставддортӕгтӕ сӕ еци зӕрдтагон гъуддаг ке исаразтонцӕ, уой фӕдбӕл уотӕ зӕгъунцӕ, ӕма еци хъиамӕтгун силгоймӕгтӕ дӕр уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй, абони си не ‘хсӕн ка нӕбал ӕй, уони рохс нӕмттӕ имисӕн ӕма сӕ цитгин кӕнӕн, цардӕгас ма си ка ‘й, уони ба нӕ ауодундзийнадӕй рӕвдауӕн, сӕ рист зӕрдитӕ син рохсдзийнадӕй хайгин кӕнӕн. Е айдагъ уони хуарзӕн нӕ уодзӕнӕй, фал махӕн нӕхецӕн дӕр, фӕстугъд ци фӕлтӕртӕ исӕнтӕстӕнцӕ, уонӕн дӕр – нӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау ӕ уодӕй-уод ка кодта, уони цалинмӕ нимайӕн ӕма син ӕгъдау кӕнӕн, уӕдмӕ цардфӕлдесӕг нӕдтӕбӕл цӕугӕй рӕствӕндаг уодзинан, еуварсмӕ си нӕ радзӕгъӕлтӕ уодзинан, нӕ карни хабӕрттӕ нӕ зӕрди фӕндӕуагӕ бӕрӕг ӕма ӕнтӕстгин уодзӕнӕнцӕ, нӕ гъуддӕгутӕ – фӕнзуйнаг. Раст гъуди ӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕ дарӕн уобӕл, ӕма ставддортӕгти хъӕппӕрес бафӕнздзӕнӕнцӕ Цӕгат Иристони иннӕ рауӕнти дӕр.

 

САБИЙДОГӔ ГЪЕЗӔМАЙРАГ КӔМӔН АДТӔЙ, УОНИ УӔДДӔР АБОНИ ЦӔМӔННӔ БАРӔВДАУӔН

Тугъди ӕверхъаудзийнади фудӕй ци бийнонтӕ раседзӕр ӕнцӕ, уони туххӕй дзоргӕй ма нӕ фӕндуй еума фарстай кой искӕнун, растдӕр зӕгъгӕй ба, еу ӕнӕрастдзийнади туххӕй зӕгъун. Махмӕ гӕсгӕ, хестӕр фӕлтӕрӕй амонун некӕмӕн гъӕуй, кӕстӕртӕ ба ‘й уони имисуйнӕгтӕй зондзӕнӕнцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл зиндзийнӕдтӕ бавзурстонцӕ сӕ сабийдоги, мӕнӕ тугъди сувӕллӕнттӕ ке хонунцӕ, етӕ. Сабийӕй сӕ карӕмӕ гӕсгӕ ӕхсӕнади ‘рдигӕй гъӕуама ци рӕвдуддзийнадӕй хайгин адтайуонцӕ, уомӕй тугъди фудӕй бустӕги фенӕхай ӕнцӕ.

Тугъди ӕверхъаудзийнадӕ ӕхебӕл ка бавзурста, уонӕй еу – Бедойти Венерӕ. Кӕддӕр газеттӕй еуеми иской кодта ӕ сабийдоги гъезӕмӕртти туххӕй:

– Устур Фидибӕстон тугъди уӕззау синдзгун цалх ци сувӕллӕнтти зӕрдитӕбӕл разилдӕй, ӕнӕбӕрцӕ берӕ гъезӕмӕрттӕ ци сабийтӕ бавзурстонцӕ, стонг ӕма бӕгънӕг, бӕгъӕнбадӕй ка гъомбӕл кодта, сӕ ниййергутӕ уодӕгасӕй райервӕзун ӕнгъӕл кӕмӕн нӕбал адтӕнцӕ, ӕз уонӕй дӕн.

Тугъди райдайӕни мӕ фидӕ уайтӕкки ӕрлӕудтӕй Фидибӕстӕ гъӕуайгӕнӕг тугъдонти фарсмӕ. Байзадан нӕ мади евгед цуппаремӕй, еу иннемӕй минкъийдӕр ӕнагъон сабийтӕй, мӕхуӕдӕг сӕ еугурей кӕстӕр – 1,5-анздзудӕй. Мӕ фиди мадӕ адтӕй каргун. Хуӕртӕй еу берӕ нӕбал рацардӕй, рандӕй е ‘носон бунатмӕ.

Райдӕдтонцӕ зиндони бонтӕ. Нӕ мади лӕмӕгъ усхъитӕбӕл ӕруӕзӕ кодтонцӕ куд силгоймаги, уотӕ нӕлгоймаги сагъӕстӕ дӕр.

Тугъди рӕстӕги гъӕздугбӕл нимад адтӕй, ӕ тургъи сог кӕмӕн адтӕй ӕма сор къӕбӕр хуӕрунгъон ка адтӕй, еци хӕдзарӕ. Мӕ мадӕн уӕхӕн хуӕрзеуӕг ци Хуцауи хайӕй адтайдӕ? Фулдӕр стонгӕй ӕрвистан нӕ бонтӕ. Нӕ мадӕ гъӕдгӕрӕнтти ци листӕг согтӕ ӕрӕмбурд кӕнидӕ, етӕ пеци гӕгъӕдити хузӕн расодзиуонцӕ, фал уӕддӕр багъар уианӕ. Устур хуӕрзеуӕг – кӕд думгӕ ескӕд бӕласӕ рахъан кодтайдӕ, уӕд е. Ӕ къалеутӕ ӕнцондӕр лухгӕнӕн адтӕнцӕ.

Ӕмбесондӕн байзадӕй – уӕди рӕстӕги адӕми ӕновуддзийнадӕ, алцӕмӕй дӕр кӕрӕдземӕн фӕййагъаз кӕнун. Сӕйрагдӕр адтӕй зумӕги райервӕзун. Уалдзӕги фӕззиннидӕ хуӕрунӕн ка бӕзтӕй, уӕхӕн аллихузон зайӕгойтӕ, нӕ амондӕн, будурти етӕ ахид адтӕнцӕ.

Берӕ зинтӕ бавзурстан уӕди рӕстӕги. Ескӕд тугъдӕн дӕр ӕнӕ фӕууӕн нӕййес, фӕцӕй е дӕр. Райдӕдтонцӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ ӕздӕхун тугъдонтӕ. Уӕхӕн амондгун мӕ фидӕ нӕ фӕцӕй…

Еци рӕстӕгути уӕлдай зиндзийнӕдтӕ ӕвзурстонцӕ, сӕ фидӕ тугъдӕй кӕмӕн нӕбал исӕздахтӕй, еци бийнонтӕ. Фал цӕйбӕрцӕбӕл дессаг ӕй е, ӕма уӕхӕн тухст рӕстӕгути уӕхӕн бийнонти сабийтӕ уодӕй куд федар ӕма зӕрдӕй куд кӕдзос разиндтӕнцӕ. Разиндтӕй сӕмӕ хъаурӕ сӕ царди хабӕрттӕ федауцӕй аразунӕн, сӕ хъиамӕтгун седзӕргӕс мадтӕлтӕн гъӕйттӕй агъазгӕнӕг ӕма фӕххуӕцӕг унӕн. Ӕнӕ фидӕй ка гъомбӕл кодта, уони карнӕбӕл сагъӕсгӕнгӕй, зӕрдӕбӕл ӕрбалӕууй ӕмдзӕвгӕ «Безотцовщина» (ниффинста ‘й уруссаг поэт Василий Веркин).

То не было руганью, бранью-хулою…

В том слове расхожем о безрадостном том,

Нам слышалось всякое – только не злое…

Нам слышалось горе,

И – горечь, и стон…

И вот лишь теперь в эту мудрую пору,

Наверно, как многим,

Открылось и мне,

Что было то слово еще и укором,

Да что так укором, – проклятьем войне…

 

Гъо, еци сабийти гъезӕмайраг карнӕ, ӕцӕгӕйдӕр, фуддӕрӕй-фуддӕр ӕлгъист ӕй, ӕнӕ фидӕй ке фудӕй райзадӕнцӕ еци тугъд. Уой хӕццӕ ба ма абони устур уайдзӕф хауй, сӕ седзӕрдзийнади уавӕр абони дӕр гъудигонд ке фудӕй нӕ цӕуй, уонӕмӕ.

Аци сабийти зиндзийнӕдти идзагӕй-идзагдӕр карнӕмӕ гӕсгӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕууй мӕнӕ ауӕхӕн цау. Цӕветтонгӕ, Уӕлахези Бони паради ветеранти ӕмрӕнгъӕ ‘рлӕудтӕй, ӕ карӕмӕ гӕсгӕ тугъди, гъай-гъайдӕр, ка нӕ адтайдӕ, уӕхӕн нӕлгоймаг. Паради цӕугутӕй, ӕ реубӕл берӕ тугъдон хуӕрзеугутӕ, уотемӕй ӕй еу уӕхӕн ку бафӕрсидӕ:

– Дугусси, ци ‘й, ду дӕр ветеран дӕ?

– Гъо, мӕ фиди хай, – дзуапп ин равардта еци нӕлгоймаг. – Мӕ фидӕ тугъди фӕммард ӕй, седзӕрӕй байзадтӕн, ӕстонгӕй ӕма бӕгънӕгӕй мин тугъди фудӕй цитӕ ба ‘взаргӕ нӕ рауадӕй… Ӕма уӕд цӕмӕннӕ уон тугъди ветеран?!

Еци нӕлгоймаги загъд, махмӕ гӕсгӕ, фагӕ ‘й, цӕмӕй «тугъди сувӕллӕнттӕ» дӕр паддзахади ‘рдигӕй ӕнхӕстӕй рӕвдудгонд цӕуонцӕ. Цӕмӕй кӕдӕй-уӕдӕй лухгонд ӕрцӕуа ӕнӕмӕнгӕ исаразуйнаг гъуддаг «Тугъди сувӕллӕнттӕ».

Ӕма абони ма си цардӕгас ка ‘й, уони уӕддӕр ести хузи барӕвдаун, ести агъаздзийнадӕй сӕмӕ фӕккӕсун цӕмӕннӕ ‘нгъезуй. Уобӕл хъӕбӕр рагӕй бӕргӕ цӕуй дзубанди, фал уӕддӕр паддзахади ‘рдигӕй сӕмӕ неци ӕргом ӕздӕхт цӕуй. Гъуддаг кӕмӕй аразгӕ ‘й, етӕ ци рӕуӕнттӕ ба нӕ райерунцӕ, цӕмӕй еци ӕнӕмӕнгӕ исаразуйнаг гъуддагӕй маци рауайа. Сӕ сӕйрагдӕр рӕуонӕ – паддзахадон къазнай уомӕн фӕрӕзнитӕ нӕ фагӕ кӕнуй. Уогӕ сӕхецӕн ба си ӕгӕрдӕр ма разиннуй – ӕма сӕ цӕуӕт цӕйбӕрцӕбӕл бонгин цард кӕнунцӕ, уой ба ни алкедӕр уинуй, уомӕн ӕма етӕ ӕнӕфсӕрмийӕй сӕнттадӕ кӕнунцӕ сӕ уавӕртӕ ӕма гӕнӕнтӕй. Тугъди рӕстӕги фулдӕр стонгӕй ӕма бӕгънӕгӕй ӕ сабийбонтӕ ка рарвиста, еци адӕймаг уӕхӕнтти бохъ цардиуагӕмӕ кӕсгӕй, ци гъӕуама кӕна, куд гъӕуама нӕ тингун кӕна?! Уобӕл ма, ӕвӕдзи, дзордзинан, ӕцӕг – фӕстӕдӕр.

 

(Уодзӕнӕй ма.)